Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?»

«Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?»

«Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (МАТФ. 24:3).

1. Апостолтау мах дӕр цы фӕнды зонын?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔН зӕххыл йӕ лӕггад кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг фӕндыд базонын, фидӕны сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ ма йӕ мӕлӕтмӕ цалдӕр боны куы хъуыди, уӕд ӕй йӕ апостолтӕй цыппар бафарстой: «Кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй... ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матф. 24:3; Мар. 13:3). Ӕмӕ сын Йесо бӕстон радзырдта, фидӕны цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй. Уӕд цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон фыст сты Матфейы чиныджы 24 ӕмӕ 25 сӕрты. Уыцы ныхӕстӕ махӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты, уымӕн ӕмӕ мах дӕр тынг фӕнды зонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый.

2. а) Бирӕ азты дӕргъы нӕ цы фӕндыд бамбарын? ӕ) Цавӕр ӕртӕ фарстамӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иртӕстой, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый. Фӕндыд сӕ бамбарын, Йесойы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕй ӕххуыс куырдтой. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: «стыр бӕллӕх» кӕд райдайдзӕн? Адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл Йесо тӕрхон кӕд рахӕсдзӕн? Йесо кӕд «ӕрцӕудзӕн»? (Матф. 24:21, 42; 25:31–33).

СТЫР БӔЛЛӔХ КӔД РАЙДАЙДЗӔН?

3. Раздӕр куыд хъуыды кодтам, стыр бӕллӕх кӕд райдыдта ӕмӕ цас ахӕсдзӕн, уый фӕдыл?

3 Дзӕвгар рӕстӕг афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ стыр бӕллӕх райдыдта 1914 азы, Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд. Стӕй ма афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ, 1918 азы хӕст кӕй фӕци, уымӕй Йегъовӕ «фӕцыбыр кодта уыцы бонтӕ», цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕн фадат уыдаид хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр фехъусын кӕнынӕн (Матф. 24:21, 22). Ӕмӕ куыддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ уыдаид, афтӕ хъуамӕ Хӕйрӕджы дуне сӕфт ӕрцыдаид. Уӕдӕ, куыд хъуыды кодтам, афтӕмӕй стыр бӕллӕх дих кодта ӕртӕ хайыл: фыццаг – йӕ райдиан (1914–1918), дыккаг – Йегъовӕ йӕ куы ӕрурӕдта, уыцы рӕстӕг (1918 азӕй фӕстӕмӕ) ӕмӕ ӕртыккаг та – Армагеддон.

4. Йесойы пехуымпарады тыххӕй фӕстӕдӕр цы бамбӕрстам?

4 Стӕй бамбӕрстам, Йесойы пехуымпарадӕй кӕцыдӕр хай дыууӕ хатты кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид (Матф. 24:4–22). Фыццаг хатт хъуамӕ сӕххӕст уыдаид нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Иудейӕйы, дыккаг хатт та – нӕ рӕстӕджы ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уыцы хабар кӕй бамбӕрстам, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕцыдӕр ахуырӕдтӕ дӕр бахъуыди фӕбӕлвырддӕр кӕнын *.

5. а) Цавӕр уӕззау рӕстӕг райдыдта 1914 азы? ӕ) Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы та «тухитӕ» кӕцы азты уыдысты?

5 Бамбӕрстам ма уый дӕр, ӕмӕ стыр бӕллӕх 1914 азы кӕй нӕ райдыдта. Цӕмӕн ӕрцыдыстӕм ахӕм хъуыдымӕ? Уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ стыр бӕллӕх хъуамӕ райдайа, адӕмтӕ кӕрӕдзиимӕ куы схӕцой, уӕд нӕ, фӕлӕ мӕнг динты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд. Уӕдӕ 1914 азы цы хабӕрттӕ райдыдтой цӕуын, уыдон стыр бӕллӕхы райдиан нӕ уыдысты. Уыдон уыдысты «тухиты... райдиан» (Матф. 24:8). Уыцы «тухитӕ» ис абарӕн, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы н. э. 33 азӕй н. э. 66 азмӕ цы хабӕрттӕ цыди, уыдонимӕ.

6. Стыр бӕллӕх цавӕр хабарӕй райдайдзӕн?

6 Стыр бӕллӕх кӕй райдыдта, уый цӕмӕй базондзыстӕм? Йесо уый тыххӕй афтӕ загъта: «Пехуымпар Данел куыд дзырдта, афтӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад сыгъдӕг бынаты лӕугӕ куы фенат,– ацы ныхӕстӕ чи кӕса, уый-иу ӕй бамбарӕд,– уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм» (Матф. 24:15, 16). Ацы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты н. э. 66 азы. Уӕд Ромы ӕфсад («ӕлгъагдзинад») рацыд Иерусалимы ныхмӕ ӕмӕ райдыдта кувӕндон (дзуттӕгты цӕсты сыгъдӕг чи уыд, уыцы бынат) пырх кӕнын. Дыккаг хатт та ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты ӕгас зӕххыл дӕр. Иугонд Нациты Организаци (абон «ӕлгъагдзинад» цы у, уый) рацӕудзӕн чырыстон динты ныхмӕ (уыцы динтыл хӕст адӕм сыгъдӕгыл кӕй нымайынц, уыдоны ныхмӕ) ӕмӕ Стыр Вавилоны иннӕ хӕйтты ныхмӕ дӕр. Уыцы хабары кой ма ис Раргомады 17:16–18 дӕр. Гъе уый уыдзӕн стыр бӕллӕхы райдиан.

7. а) Фыццаг ӕнусы Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕ куыд фервӕзтысты? ӕ) Фидӕны та хабар куыд уыдзӕн?

7 Йесо ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, «фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ». Уыцы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты н. э. 66 азы, Ромы ӕфсад Иерусалимӕй сӕхи куы айстой, уӕд. Ӕмӕ уӕд, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы чи уыд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ уырдыгӕй алыгъдысты, цӕмӕй «фервӕзтаиккой». (Бакӕс Матфейы 24:22; Мал. 3:17.) Ӕрцӕуинаг стыр бӕллӕхы рӕстӕджы та хабар куыд уыдзӕн? Иугонд Нациты Организаци мӕнг динты ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд Йегъовӕ уыцы хабар «фӕцыбыр кӕндзӕн», ома раст дин мӕнг динтимӕ иумӕ фесафын нӕ бауадздзӕн. Хуыцау йӕ адӕмы бахъахъхъӕндзӕн.

8. а) Стыр бӕллӕхӕн йӕ фыццаг хайы фӕстӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? ӕ) Цы ис зӕгъӕн, 144 минӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг кӕд райсдзысты, уый тыххӕй? (Кӕс фиппаинаг.)

 8 Стыр бӕллӕхӕн йӕ фыццаг хайы фӕстӕ та цы уыдзӕн? Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, цалынмӕ Армагеддон райдайа, уӕдмӕ ма цасдӕр рӕстӕг цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн. Цавӕр хабӕрттӕ? Уый базонӕн ис Йезекилы 38:14–16 ӕмӕ Матфейы 24:29–31. (Бакӕс сӕ.) * Уый фӕстӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм Армагеддон – стыр бӕллӕх кӕмӕй фӕуыдзӕн, уыцы хабар. Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы цы «стыр бӕллӕх» уыд, уый та фӕци, н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд (Мал. 4:1). Уӕдӕ стыр бӕллӕх Армагеддоны хӕстӕй кӕй фӕуыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый «уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм» хабар (Матф. 24:21). Уый фӕстӕ ралӕудзӕн Чырыстийы миназон хицаудзинад.

9. Йесо стыр бӕллӕхы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый Йегъовӕйы адӕмӕн ныфсы хос цӕмӕн у?

9 Йесо стыр бӕллӕхы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый нын у ныфсы хос. Цӕмӕн? Уыцы пехуымпарад нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕджы цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйы адӕм фервӕздзысты (Рарг. 7:9, 14). Уымӕй уӕлдай, Армагеддоны Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном срухс кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый дӕр у цины хос (Пс. 83:18; Йез. 38:23).

АДӔМӔЙ «ФЫС» ЧИ У ӔМӔ «СӔГЪ» ЧИ У, УЫЙ ФӔДЫЛ ЙЕСО ТӔРХОН КӔД РАХӔСДЗӔН?

10. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас цы рӕстӕгмӕ хауы, уый тыххӕй раздӕр куыд хъуыды кодтам?

10 Йесо йӕ пехуымпарады фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый та цы рӕстӕгмӕ хауы? (Матф. 25:31–46). Раздӕр мах афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ, адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл сын Йесо 1914 азӕй фӕстӕмӕ кӕй тӕрхон кӕны ӕмӕ уыцы хабар суанг фӕстаг бонты кӕронмӕ кӕй ахӕсдзӕн. Стӕй ма афтӕ дӕр хъуыды кодтам, ӕмӕ, хорз хабарыл чи нӕ баууӕнда ӕмӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ чи амӕла, уыдон нымад ӕрцӕудзысты сӕгътыл ӕмӕ сын райгасы ныфс нӕ уыдзӕн.

11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо 1914 азы кӕй нӕ райдыдта тӕрхон хӕссын, «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл?

11 Фӕлӕ 1995 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ногӕй ӕвзӕрст цыдысты Матфейы 25:31 ныхӕстӕ, «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл», зӕгъгӕ. Фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, кӕд Йесо 1914 азы Хуыцауы Паддзахады Паддзах сси, уӕддӕр «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» Тӕрхонгӕнӕгӕй уӕд нӕма ныллӕууыд (Матф. 25:32; абар Данелы 7:13). Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы та Йесо сӕйраджыдӕр ӕвдыст у Тӕрхонгӕнӕгӕй. (Бакӕс Матфейы 25:31–34, 41, 46.) Уӕдӕ кӕд Йесо 1914 азы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕгӕй нӕма ныллӕууыд, уӕд, адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл тӕрхон хӕссын дӕр уыцы аз нӕ райдыдта *. Ӕмӕ уӕдӕ уыцы хъуыддаг аразын кӕд райдайдзӕн?

12. а) Йесо ӕппӕт адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ кӕд бавналдзӕн? ӕ) Матфейы 24:30, 31 ӕмӕ Матфейы 25:31–33, 46 стихты цавӕр хабӕртты кой ис?

 12 Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕй зыны, ӕппӕт адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ кӕй бавналдзӕн, мӕнг динтӕ сӕфт куы ӕрцӕуой, уый фӕстӕ. Уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдонӕй кӕцыдӕрты кой ис Матфейы 24:30, 31 стихты, ӕмӕ ууыл дзырд цыди  8-ӕм абзацы. Уыцы стихтӕ кӕсгӕйӕ бафиппайдзынӕ, Йесо уым цы хабӕртты кой кӕны, ахӕм хабӕртты кой ма кӕй кӕны фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы дӕр. Зӕгъӕм: Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн стыр кадимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ; ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты; фыстыл кӕй банымайа, уыдон «сӕ сӕртыл схӕцдзысты», уымӕн ӕмӕ зондзысты, «ӕнустӕм [кӕй] цӕрдзысты» *. Сӕгътыл нымад чи ӕрцӕуа, уыдон та «сӕ риу ныххойдзысты», уымӕн ӕмӕ бамбардзысты, «ӕнустӕм [кӕй] фесӕфдзысты», уый (Матф. 25:31–33, 46).

13. а) Адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл Йесо тӕрхон кӕд рахӕсдзӕн? ӕ) Хабар афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

13 Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг у нӕ бон скӕнын? Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл Йесо тӕрхон рахӕсдзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг. Стӕй Армагеддоны, сӕгътыл нымад чи ӕрцӕуа, уыцы адӕм «ӕнустӕм фесӕфдзысты». Хабар афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Хъуамӕ ӕмбарӕм, нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый. Цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ адӕмӕн ис рӕстӕг, цӕмӕй сӕ зондахаст аивой ӕмӕ, «цардмӕ цы фӕндаг кӕны», уыцы «нарӕг фӕндагыл» цӕуын райдайой (Матф. 7:13, 14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон дӕр адӕмӕй иутӕ фысау сабыр разынынц, иннӕтӕ та – сӕгъау хивӕнд. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый кӕронмӕ ӕрмӕстдӕр стыр бӕллӕхы рӕстӕг сбӕлвырд уыдзӕн. Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм – афтӕмӕй сын фадат уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады хабармӕ байхъусынӕн ӕмӕ йыл баууӕндынӕн.

Цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ адӕмӕн ис рӕстӕг сӕ зондахаст аивынӕн (кӕс 13 абзац)

ЙЕСО КӔД ӔРЦӔУДЗӔН?

14, 15. Цавӕр цыппар стихы амонынц Чырыстийы фидӕны ӕрцыдмӕ, ома Тӕрхонгӕнӕгӕй куы ныллӕууа, уыцы рӕстӕгмӕ?

14 Йесойы пехуымпарады ма ноджыдӕр цы ахсджиаг хабӕртты кой ис, уыдоны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Цы рӕстӕгмӕ хауынц, уый дӕр, мыййаг, ныр ӕндӕрхуызон ӕмбарын нӕ хъӕуы? Дзуапп базондзыстӕм пехуымпарадӕн йӕхицӕй. Цӕй ӕмӕ йӕм ӕркӕсӕм.

15 Матфейы 24:29–25:46 стихты Йесо сӕйраджыдӕр дзуры, ацы фӕстаг бонты дӕргъы ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. Уыцы стихты Йесо йе ’рцыды кой кӕм кӕны, уым аст хатты ӕмбӕлы грекъаг дзырд э́рхомай. Зӕгъӕм, стыр бӕллӕхы кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Фендзысты Адӕймаджы Фырты... мигътыл... ӕрцӕйцӕугӕ»; «уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут»; «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы та Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт... кадджын цыд... ӕркӕндзӕн» (Матф. 24:30, 42, 44; 25:31). Ацы стихтӕй алкӕцыйы дӕр Чырыстийы ӕрцыд хауы фидӕнмӕ, ома Тӕрхонгӕнӕгӕй куы ныллӕууа, уыцы рӕстӕгмӕ. Йесойы ӕрцыды кой ма ноджыдӕр кӕцы цыппар стихы ис?

16. Йесойы ӕрцыды кой ма ноджыдӕр кӕцы стихты ис?

16 Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй загъта: «Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд». Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо загъта: «Цалынмӕ уыдон [сой] ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ». Талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым та загъта: «Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт». Ӕмӕ ма уыцы фӕсномыг ныхасы дарддӕр ис хицауы ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, дам, ме ’хца «фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ... райстаин» (Матф. 24:46; 25:10, 19, 27) *. Цымӕ ацы цыппар стихмӕ гӕсгӕ та йе ’рцыд цы рӕстӕгмӕ хауы?

17. Матфейы 24:46 цы ӕрцыды кой ис, уый фӕдыл нӕ литературӕйы раздӕр цы фыстам?

17 Ацы цыппар стихы тыххӕй раздӕр нӕ литературӕйы фыстам, зӕгъгӕ, уыдон амонынц, Йесо 1918 азы кӕй ӕрцыд, уымӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм, Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй цы загъта, уый. (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Ныронг 46-ӕм стих афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, ацы ран хицауы ӕрцыд амоны, Йесо 1918 азы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ уавӕрмӕ ӕркӕсынмӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ. Стӕй ма афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ хицау цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар кӕй бакодта 1919 азы (Мал. 3:1). Фӕлӕ Йесойы пехуымпарадмӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр куы ӕркастыстӕм, уӕд рабӕрӕг, кӕцыдӕр ныхӕстӕ дзы цы рӕстӕгмӕ амонынц, уый бынтон раст кӕй не ’мбӕрстам. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

18. Йесойы пехуымпарадмӕ ӕнӕхъӕнӕй куы ’ркӕсӕм, уӕд йе ’рцыды тыххӕй цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн?

18 Матфейы 24:46 размӕ цы стихтӕ ис, уыдоны дзырд «ӕрцӕуын» алы ран дӕр амоны, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕджы тӕрхон рахӕссынмӕ ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ (Матф. 24:30, 42, 44). Стӕй,  12-ӕм абзацӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй, Матфейы 25:31 стихы Йесо цы хабары кой кӕны, уый дӕр хауы фидӕны тӕрхоны рӕстӕгмӕ. Уӕдӕ раст уыдзӕн афтӕ зӕгъын, ӕмӕ Матфейы 24:46, 47 цӕй кой ис, ома, Йесо кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уый ӕууӕнкджын цагъары бар кӕй бакӕндзӕн, уый дӕр хауы фидӕнмӕ, ома стыр бӕллӕхы рӕстӕгмӕ *. Иудзырдӕй, Йесойы пехуымпарадмӕ ӕнӕхъӕнӕй куы ’ркӕсӕм, уӕд бӕлвырд у: йе ’рцыды кой дзы цы аст стихы ис, уыдонӕй алкӕцы дӕр амоны фидӕнмӕ, стыр бӕллӕхы рӕстӕджы Тӕрхонгӕнӕгӕй куы ныллӕууа, уымӕ.

19. Ацы статьяйы ӕндӕрхуызон цавӕр хабӕрттӕ бамбарын кодтам? Иннӕ статьятӕй дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

19 Уӕдӕ цы базыдтам, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Мах ӕркастыстӕм, статьяйы райдианы цы ӕртӕ фарстайы уыд, уыдонмӕ ӕмӕ равзӕрстам ӕртӕ ахсджиаг хабары. Фыццаг: стыр бӕллӕх 1914 азы нӕ райдыдта, фӕлӕ райдайдзӕн, Иугонд Нациты Организаци Стыр Вавилоны ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд. Дыккаг: адӕмӕй «фыс» чи у ӕмӕ «сӕгъ» чи у, уый фӕдыл Йесо 1914 азы нӕ райдыдта тӕрхон хӕссын. Уыцы хъуыддаг аразын райдайдзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕджы. Ӕртыккаг: Йесо ӕууӕнкджын цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар 1919 азы нӕ бакодта, фӕлӕ йын сӕ йӕ бар бакӕндзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕджы. Уӕдӕ уыцы ӕртӕ хабары хауынц фидӕнмӕ – стыр бӕллӕхы рӕстӕгмӕ. Ацы хабӕрттӕ ныртӕккӕ афтӕ кӕй ӕмбарӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры ӕндӕр фарстатӕ дӕр: цымӕ, Йесо ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым ма ноджыдӕр цӕмӕдӕрты хъӕуы ногӕй ӕркӕсын? Стӕй ма Йесойы иннӕ фӕсномыг ныхӕстӕй ацы фӕстаг бонты чи ӕххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьятӕй.

 

^ 4 абз. 4 абзац: Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс «Сторожевая башня» 1994 азы 15 февралы номыр, 8–21 фӕрстӕ, ӕмӕ 1999 азы 1 майы номыр, 8–20 фӕрстӕ.

^ 8 абз. 8 абзац: Ацы стихты цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй иу у «ӕвзӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын» (Матф. 24:31). Уӕдӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, стыр бӕллӕхы фыццаг хайы фӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи уа, уыдон иууылдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕларвон цардмӕ райгас уыдзысты, цалынмӕ Армагеддоны хӕст нӕ райдайа, уӕдмӕ. Ацы хабар раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, уый тыххӕй кӕс 1990 азы 15 августы «Сторожевая башня», статья «Вопросы читателей», 30 фарс.

^ 11 абз. 11 абзац: Кӕс 1995 азы 15 октябры «Сторожевая башня», 18–28 фӕрстӕ.

^ 12 абз. 12 абзац: Кӕс, ацы хабары кой ма кӕм цӕуы, уыцы стих – Лукайы 21:28.

^ 16 абз. 16 абзац: Ацы абзацы цы цыппар стихы ӕвзӕрст цӕуы, уыдоны «ӕрӕййафын», «ӕрбахӕццӕ уын» ӕмӕ «фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын»-ӕй тӕлмац ӕрцыд грекъаг мивдисӕг э́рхомай, ома «ӕрцӕуын».

^ 18 абз. 18 абзац: Куыд базыдтам, афтӕмӕй, Матфейы 24:46 «ӕрӕййафын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый арӕзт у, Матфейы 24:30, 42, 44 «ӕрцӕуын»-ӕй чи ӕрцыд тӕлмац, уыцы грекъаг мивдисӕгӕй.