Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»

«Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»

«Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (МАТФ. 28:20).

1. а) Цыбыртӕй радзур мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас. ӕ) Йесо уыцы фӕсномыг ныхас куыд бамбарын кодта?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ уӕларвон Паддзахады тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонӕй иу у мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй. Зӕхкусӕг йӕ хуымы байтыдта мӕнӕу, фӕлӕ стӕй знаг мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта. Хӕмпӕлгӕрдӕг афтӕ сбирӕ, ӕмӕ дзы мӕнӕу нал зынди. Фӕлӕ зӕхкусӕг йӕ цагъартӕн загъта, зӕгъгӕ, «уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой». Хуымгӕрдӕн афон хӕмпӕлгӕрдӕг басыгътой, мӕнӕу та бафснайдтой. Йесо уыцы фӕсномыг ныхас йӕхӕдӕг бамбарын кодта. (Бакӕс Матфейы 13:24–30, 37–43.) Уыцы фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн? (Кӕс схемӕ «Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг».)

2. а) Зӕхкусӕгӕн йӕ хуымы цы хабӕрттӕ цыди, уыдон цы ӕвдисынц? ӕ) Ацы статьяйы сӕйраджыдӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Зӕхкусӕгӕн йӕ хуымы цы хабӕрттӕ цыди, уыдон ӕвдисынц, Йесо ӕппӕт адӕмӕй куыд ӕмӕ кӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕн, мӕнӕуы къордмӕ чи хауы, уыдоны, ома, йӕ Паддзахады йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕтты. Мӕнӕу тауыны хъуыддаг райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Ӕфснайд та фӕуыдзӕн, сӕрст чырыстӕттӕй ма ацы дунейы кӕрон зӕххыл чи уа, уыдоныл фӕстаг мыхуыр куы сӕвӕрой ӕмӕ уый фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ӕрцӕуой, уӕд (Матф. 24:31; Рарг. 7:1–4). Адӕймагӕн хохы цъуппыл лӕугӕйӕ йӕ бон вӕййы ком ӕнӕхъӕнӕй дӕр фенын. Ӕмӕ раст афтӕ махӕн дӕр ацы фӕсномыг ныхасы фӕрцы нӕ бон у нӕ цӕст ахӕссын, иу-2 000 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоныл. Уыцы фӕсномыг ныхасы дзырд цӕуы Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хабӕрттыл: тауыны афоныл, мыггӕгтӕ рӕзыны афоныл ӕмӕ хуымгӕрдӕн афоныл. Ацы статьяйы сӕйраджыдӕр аныхас кӕндзыстӕм хуымгӕрдӕн афоныл *.

ЙЕСО СӔМ ЙӔ ХЪУС ДАРЫ

3. а) Фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ хабӕрттӕ куыд цыдысты? ӕ) Матфейы 13:28 стихмӕ гӕсгӕ хицауы цӕмӕй бафарстой ӕмӕ чи? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

3 Нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы райдианы «сзади хӕмпӕлгӕрдӕг», ома фӕзындысты мӕнг чырыстӕттӕ (Матф. 13:26). Цыппӕрӕм ӕнусмӕ мӕнг чырыстӕттӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕ фылдӕр систы. Йесойы фӕсномыг ныхас куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд уым цагъартӕ хуымы хицауӕй бар ракуырдтой, цӕмӕй хӕмпӕлгӕрдӕг стыдтаиккой * (Матф. 13:28). Ӕмӕ сын хицау цы загъта?

4. а) Хуымы Хицауы, ома Йесойы, дзуаппӕй цы рабӕрӕг? ӕ) Мӕнӕуы къордмӕ чи хауы, уыдон бӕрӕг дарын кӕд райдыдтой?

4 Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы кой кӕнгӕйӕ загъта: «Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ фыццаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ зӕххыл алкӕддӕр уыди, Йесо мӕнӕуимӕ кӕй абарста, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Ахӕм хатдзӕг скӕнӕн уымӕн ис, ӕмӕ фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Уӕдӕ Йесо мӕнӕуы къорд, ома сӕрст чырыстӕтты, хъуамӕ хъахъхъӕдтаид суанг кӕроны рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ уӕд мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй, ома мӕнг чырыстӕттӕй, кӕй нал зынди, уымӕ гӕсгӕ бӕлвырд нӕ зонӕм, уыцы ӕнусты дӕргъы мӕнӕуы къордмӕ чи хауд, уый. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр хуымгӕрдӕн афонӕй иу-30 азы раздӕр мӕнӕу бӕрӕг дарын райдыдта. Куыд?

ФИДИУӔГ «ФӔНДАГ АСЫГЪДӔГ КОДТА»

5. Малахийы пехуымпарад фыццаг ӕнусы куыд сӕххӕст?

5 Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уымӕй цалдӕр ӕнусы раздӕр Йегъовӕ Малахийӕн ныффыссын кодта пехуымпарад. Ӕмӕ, Йесойы фӕсномыг ныхас цы хабӕрттӕм амоны, уыдонӕй кӕцыдӕрты кой ис уыцы пехуымпарады дӕр. (Бакӕс Малахийы 3:1–4.) Аргъауӕг Иоанн разынд, фӕндаг чи асыгъдӕг кодта, уыцы фидиуӕг (Матф. 11:10, 11). Уый ӕрцыд н. э. 29 азы – Израилы адӕмӕн тӕрхон кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид хаст, уымӕ бирӕ куы нал хъуыди, уӕд. Дыккаг фидиуӕг та, кӕнӕ «минӕвар», уыди Йесо Чырысти. Уый Иерусалимы кувӕндон дыууӕ хатты ссыгъдӕг кодта: фыццаг хатт – йӕ лӕггады райдианы, дыккаг хатт та – йӕ лӕггады кӕрон (Матф. 21:12, 13; Иоан. 2:14–17). Уӕдӕ Йесо кувӕндон сыгъдӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд уыцы хабар ахаста цасдӕр рӕстӕг.

6. а) Малахийы пехуымпарад ноджы стырдӕр хъуыддаджы куыд сӕххӕст? ӕ) Йесо ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм кӕд ӕркаст ӕмӕ уыцы хабар цас ахаста? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

6 Малахийы пехуымпарад ноджы стырдӕр хъуыддаджы та куыд сӕххӕст? 1914 азмӕ ма цалдӕр дӕсазы куы хъуыди, уӕд Чарлз Тейз Рассел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой, Аргъауӕг Иоанн цы хъуыддаг арӕзта, уый хуызӕн ахсджиаг хъуыддаг аразын. Фӕндыд сӕ бамбарын, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый, ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг иртӕстой. Уыдон (уӕд хуындысты Библииртасджытӕ) адӕмӕн ӕмбарын кодтой, Чырыстийы нывонд ӕцӕгӕй цӕуыл дзурӕг у, зындоны тыххӕй ахуырад мӕнг ахуырад кӕй у ӕмӕ 1914 азы адӕмтӕн сӕ рӕстӕг кӕй фӕуыдзӕн, уыдӕттӕ. Фӕлӕ ма уыцы рӕстӕг зӕххыл уыди, йӕхи чырыстон чи хуыдта, бирӕ ӕндӕр ахӕм динтӕ дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕрд тынг ахсджиаг фарста: уыцы динтӕй мӕнӕуы къордмӕ кӕцы хауы? Цӕмӕй уый рабӕрӕг уыдаид, уый тыххӕй Йесо 1914 азы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм ӕркаст ӕмӕ йӕ сыгъдӕг кӕнын райдыдта. Ӕмӕ уыцы хабар ахаста цасдӕр рӕстӕг – 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг *.

ЙЕСО ӔНӔУЫНГӔ КУВӔНДОНМӔ ӔРКАСТ ӔМӔ ЙӔ ССЫГЪДӔГ КОДТА

7. Йесо 1914 азы ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ куы ’ркаст, уӕд цы федта?

7 Йесо ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ куы ’ркаст, уӕд цы федта? Федта Библииртасджыты гыццыл къорд, 30 азӕй фылдӕр йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ исбон хъусын кӕнынӕн чи не ’вгъау кодта, уыдоны *. Кӕд уыцы мӕнӕу бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр разынд хӕрзхъӕд ӕмӕ Хӕйрӕджы тыд хӕмпӕлгӕрдӕджы бын нӕ фӕци. Уый Йесойӕн ӕмӕ зӕдтӕн цӕй стыр цины хос уыдаид! Фӕлӕ «Левийы фыртты», ома сӕрст чырыстӕтты, уӕддӕр хъуыди «ссыгъдӕг кӕнын» (Мал. 3:2, 3; 1 Пет. 4:17). Цымӕ цӕмӕн?

8. 1914 азы фӕстӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

8 1914 азы кӕрон Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕн сӕ ныфс асаст, уӕлӕрвтӕм ист кӕй не ’рцыдысты, уый тыххӕй. 1915 ӕмӕ 1916 азты та, адӕм сӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг иу гыццыл ныкъкъуылымпы. Уавӕр фӕфыддӕр, 1916 азы октябры мӕйы ӕфсымӕр Рассел куы амард, уӕд – уыцы хабары фӕстӕ организацийӕн йӕхи мидӕг дӕр иутӕ иннӕты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады авд директорӕй цыппар не сразы сты, цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уыимӕ – уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ организацийӕн ныр разамынд хъуамӕ лӕвӕрдтаид ӕфсымӕр Рутерфорд. Уыдон архайдтой, цӕмӕй иннӕты дӕр ӕфсымӕрты ныхмӕ скодтаиккой, фӕлӕ сӕ 1917 азы августы мӕйы Вефилӕй арвыстой. Уӕдӕ Йесо ӕнӕуынгӕ кувӕндон ӕцӕгдӕр сыгъдӕг кодта! Стӕй ма Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ, адӕмӕй тӕрсын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй сӕ лӕггад ныууагътой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ фылдӕр, Йесо сӕ кӕй сыгъдӕг кодта, уый ныхмӕ не ’рлӕууыдысты ӕмӕ сӕ фӕивын цы хъуыди, уыдӕттӕ фӕивтой. Гъемӕ сӕ Йесо дӕр банымадта мӕнӕуыл, ома ӕцӕг чырыстӕттыл. Библииртасджытӕй чырыстоны ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кодта, уыдоныл та, стӕй, иннӕ чырыстон динты чи уыд, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр йӕ къух систа (Мал. 3:5; 2 Тим. 2:19). Уый фӕстӕ та цы ’рцыд? Уый базондзыстӕм, ногӕй та мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд.

ХУЫМГӔРДӔН АФОН ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ЦӔУЫ?

9, 10. а) Хуымгӕрдӕн афоны тыххӕй ныртӕккӕ цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм? ӕ) Хуымгӕрдӕн афон цавӕр хъуыддагӕй райдыдта?

9 «Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон»,– загъта Йесо (Матф. 13:39). Уыцы хуымгӕрдӕн афон райдыдта 1914 азы. Мах ӕркӕсдзыстӕм, Йесо уыцы рӕстӕджы кой кӕнгӕйӕ цы хъуыддӕгты тыххӕй загъта, уыдонӕй фондзмӕ.

10 Фыццаг: хӕмпӕлгӕрдӕг ӕрӕмбырд кӕндзысты. Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕн афон... хуымгӕрдджытӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕрӕмбырд уал кӕнут хӕмпӕлгӕрдӕг, куыристӕ дзы скӕнут“». 1914 азы фӕстӕ зӕдтӕ райдыдтой, Йесо хӕмпӕлгӕрдӕгыл кӕй банымадта, уыцы мӕнг чырыстӕтты «ӕмбырд кӕнын» – «паддзахады фырттӕй» сӕ хицӕн кӕнын райдыдтой (Матф. 13:30, 38, 41).

11. Абоны онг ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй уӕлдайдӕр цавӕр хъуыддагӕй хицӕн кӕнынц?

11 Ӕмбырд кӕныны хъуыддаг дарддӕр куыд цыд, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр зынди, мӕнӕуы къорд ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы къорд кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый (Рарг. 18:1, 4). 1919 азмӕ рабӕрӕг, Стыр Вавилонӕн йе сӕфт кӕй ӕрцыд – ӕцӕг чырыстӕттӕ йӕ дзӕмбытӕй ссӕрибар сты. Цымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй уӕлдайдӕр цавӕр хъуыддагӕй хицӕн кодтой? Хъусын кӕныны хъуыддагӕй. Библииртасджыты организацийӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн се ’ргом здахын райдыдтой, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй алы чырыстон дӕр хорз хабар хъусын кӕна. Зӕгъӕм, 1919 азы мыхуыры рауагътой трактат, «Ацы куыст кӕй бар ис?», зӕгъгӕ. Уыцы трактат сӕрст чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕной. Фыст дзы уыд: «Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕм тынг бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ уый у Хицауы куыст, ӕмӕ нын уый хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй уыцы куыст бакӕнӕм. Дӕумӕ ӕрхауд ахӕм кад, цӕмӕй дзы ды дӕр архайай». Цымӕ Библииртасджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? 1922 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ Библииртасджытӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдтой хъусын кӕнын. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддаг сси, уыцы иузӕрдион чырыстӕтты-иу кӕмӕй базыдтой, ахӕм хъуыддаг. Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр.

12. Мӕнӕу ӕфснайд кӕдӕй фӕстӕмӕ цӕуы?

12 Дыккаг: мӕнӕу бафснайдзысты. Йесо йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕу бафснайут мӕ хордоны» (Матф. 13:30). 1919 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ «ӕфснайд цӕуынц», Йесо кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы ӕмбырдмӕ. Ацы дунейы кӕрон ма сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи уа, уыдон кӕронмӕ «ӕфснайд ӕрцӕудзысты», сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд (Дан. 7:18, 22, 27).

13. Раргомады 18:7 стихмӕ гӕсгӕ, чырыстон динтӕ ӕмӕ иннӕ мӕнг динтӕ кӕмӕй ӕвдыст сты, уыцы хӕтаг сылгоймаг, кӕнӕ Стыр Вавилон, абон йӕхи куыд дары?

13 Ӕртыккаг: сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн. Зӕдтӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй куыристӕ куы скӕной, уӕд цы ӕрцӕудзӕн? Йесо хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ кӕй абарста, уыдон уӕд цы уавӕры уыдзысты, уый тыххӕй загъта: «Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын [комк. «дӕндӕгты къӕс-къӕс»]» (Матф. 13:42). Цымӕ уыцы хабар ныртӕккӕ цӕуы? Нӕ. Чырыстон динтӕ сты, Раргомады 18 сӕры хӕтаг сылгоймагӕй ӕвдыст чи сты, уыцы мӕнг динтӕй. Ӕмӕ уыцы хӕтаг сылгоймаг та ныр дӕр ма йӕхицӕй афтӕ дзуры: «Ӕз бадын паддзахау, идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст никуы фендзынӕн» (Рарг. 18:7). Ӕцӕгдӕр, чырыстон динтӕ сӕхи тынг барджынтыл нымайынц. Суанг ма ууыл дӕр архайынц, цӕмӕй «паддзахау» дунейы хицӕуттыл сӕ бар цӕуа. Уӕдӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы къордмӕ чи хауы, уыдон абон кӕугӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссынц. Фӕлӕ тагъд уавӕр цӕхгӕр фӕивдзӕн.

Чырыстон динтӕн хицӕуттимӕ цы ӕнгом бастдзинад ис, уымӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн (кӕс 13 абзац)

14. а) Мӕнг динтыл хӕст адӕмӕн сӕ «дӕндӕгты къӕс-къӕс» кӕд цӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Матфейы 13:42 ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый Псаломы 112:10 стихмӕ гӕсгӕ раст цӕмӕн у? (Кӕс фиппаинаг.)

14 Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы мӕнг динтӕ иууылдӕр сӕфт куы ӕрцӕуой, уӕд уыцы динтыл хӕст адӕм сӕ сӕр ӕфснайынмӕ фӕуыдзысты (Лук. 23:30; Рарг. 6:15–17). Фӕлӕ сын фервӕзӕн кӕй нӕй, уый куы бамбарой, уӕд иуӕй сӕ кӕуын цӕудзӕн, иннӕмӕй та фырмӕстӕй цӕудзӕн сӕ «дӕндӕгты къӕс-къӕс». Чырысти стыр бӕллӕхы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕг уыдон «ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты» * (Матф. 24:30; Рарг. 1:7).

15. Хӕмпӕлгӕрдӕгӕн цы бакӕндзысты ӕмӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн?

15 Цыппӕрӕм: судзгӕ пецы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Хӕмпӕлгӕрдӕджы куыристӕ цы фӕуыдзысты? Зӕдтӕ сӕ «судзгӕ пецы баппардзысты» (Матф. 13:42). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фесӕфдзысты, ницыуал сӕ баззайдзӕн. Уӕдӕ мӕнг динтыл хӕст адӕм сӕфт ӕрцӕудзысты стыр бӕллӕхӕн йӕ фӕстаг хайы рӕстӕджы – Армагеддоны (Мал. 4:1).

16, 17. а) Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы фӕстагмӕ цавӕр хабары кой ракодта? ӕ) Уыцы хабар нырма разӕй кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм?

16 Фӕндзӕм: тӕмӕнтӕ калдзысты. Йесо йӕ пехуымпарады кӕронбӕттӕны загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (Матф. 13:43). Ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ кӕм сӕххӕст уыдзысты? Уыцы хабар нырма разӕй ис. Йесо, ныртӕккӕ зӕххыл цы цӕуы, уый кой нӕ кодта, фӕлӕ, фидӕны уӕлӕрвты цы хабар ӕрцӕудзӕн, уый кой *. Ӕркӕсӕм, ахӕм хатдзӕг цӕмӕ гӕсгӕ ис скӕнӕн, уыцы дыууӕ бӕлвырдгӕнӕнмӕ.

17 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Йесо загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ... тӕмӕнтӕ калдзысты». Дзырд «уӕд», ӕвӕццӕгӕн, амоны, Йесо уый хӕдразмӕ цы хабары кой скодта, уымӕ, ома хӕмпӕлгӕрдӕг судзгӕ пецы кӕй баппардзысты, уымӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн стыр бӕллӕхӕн йӕ фӕстаг хайы рӕстӕджы. Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр «тӕмӕнтӕ калдзысты» растдӕр уӕд. Ныр та ӕркӕсӕм, уыцы хабар кӕм уыдзӕн, уымӕ. Йесо загъта, зӕгъгӕ, рӕстгӕнджытӕ «тӕмӕнтӕ калдзысты... паддзахады». Уый цӕуыл дзурӕг у? Стыр бӕллӕхы фыццаг хай куы фӕуа, уыцы рӕстӕг ма иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи уа, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр уӕдмӕ фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд, Йесо йӕ пехуымпарады куыд загъта, афтӕмӕй, уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты (Матф. 24:31). Ӕмӕ уым, «сӕ Фыды паддзахады», тӕмӕнтӕ калдзысты. Армагеддоны хӕдфӕстӕ та «Уӕрыккӕн», ома Йесойӕн, ӕмӕ йӕ «усагӕн», ома сӕрст чырыстӕттӕн, уыдзӕн «чындзӕхсӕв» (Рарг. 19:6–9).

ЦЫ ПАЙДА НЫН ХӔССЫ

18, 19. Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас кӕй ӕмбарӕм, уый махӕй алкӕмӕн дӕр цы пайда у?

18 Ацы фӕсномыг ныхасы фӕрцы мах нӕ цӕст ахастам ахсджиаг хабӕрттыл. Уый нын пайда хӕссы ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаджыдӕр, уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ ныронг фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый. Хуыцау «быхсы... йӕ маст ныккалинаг кӕуыл у... уыцы мигӕнӕнтӕн», цӕмӕй бацӕттӕ кӕна, «фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтӕ», ома мӕнӕуы къорд * (Ром. 9:22–24). Дыккаджы та, уыцы фӕсномыг ныхас нӕ стыр ныфс уадзы. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ карзӕй-карздӕр тох кӕндзысты, фӕлӕ ныл уӕддӕр «нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты». (Бакӕс Йеремийы 1:19.) Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ мӕнӕуы къорд ӕнусты дӕргъы куыд хъахъхъӕдта, афтӕ мах дӕр Йесойы ӕмӕ зӕдты уылты «алы бон дӕр» хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн немӕ (Матф. 28:20).

19 Ӕртыккаджы та, Йесойы фӕсномыг ныхасы фӕрцы зонӕм, мӕнӕуы къордмӕ чи хауы, уый. Ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис дзуапп базонӕн, Йесо фӕстаг бонты кой кӕнгӕйӕ цы фарста радта, уымӕн: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?» (Матф. 24:45). Иннӕ дыууӕ статьяйы ацы фарстайӕн базондзыстӕм бӕлвырд дзуапп.

 

^ 2 абз. 2 абзац: Ацы фӕсномыг ныхасы иннӕ хабӕрттӕ цӕмӕ амонынц, уый цӕмӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай, уый тыххӕй бакӕс 2010 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья «Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты», 19–21 фӕрстӕ, 1–9 абзацтӕ.

^ 3 абз. 3 абзац: Ацы ран цагъартӕ Йесойы апостолтӕм нӕ амонынц, уымӕн ӕмӕ уыдон раджы амардысты. Стӕй, зӕххыл ма сӕрст чырыстӕттӕй чи ис, уыдонмӕ дӕр нӕ амонынц, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕвдыст сты мӕнӕуӕй. Уӕдӕ цагъартӕ амонынц зӕдтӕм. Йесо ацы фӕсномыг ныхасы фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг загъта, хӕмпӕлгӕрдӕг чи ӕмбырд кӕны, уыдон зӕдтӕ кӕй сты (Матф. 13:39).

^ 6 абз. 6 абзац: Ацы хабар раздӕр ӕндӕрхуызон ӕмбарын кодтам. Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Йесо ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм ӕркаст ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кодта 1918 азы.

^ 7 абз. 7 абзац: 1910 азӕй 1914 азмӕ Библииртасджытӕ апарахат кодтой 4 000 000 чиныджы бӕрц ӕмӕ 200 000 000 трактатӕй фылдӕр.

^ 14 абз. 14 абзац: Матфейы 13:42 стих раздӕр ӕндӕрхуызон ӕмбарын кодтам. Нӕ литературӕйы фыстам, зӕгъгӕ, мӕнг чырыстӕттӕн «сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс» бирӕ азты дӕргъы цӕуы, ӕмӕ сӕ хабар афтӕ уымӕн у, ӕмӕ «паддзахады фырттӕ» ӕргом кӕнынц, мӕнг чырыстӕттӕ «Фыдбылызы фырттӕ» кӕй сты (Матф. 13:38). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы дзырдбаст «дӕндӕгты къӕс-къӕс» ӕмбӕлы, сӕфт чи ӕрцӕудзӕн, уыдоны кой кӕм ис, уым (Пс. 112:10).

^ 16 абз. 16 абзац: Данелы 12:3 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕмбаргӕ чи у, уыдон [сӕрст чырыстӕттӕ] арвы рухсау ӕрттивдзысты». Сӕрст чырыстӕттӕ цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ архайынц хъусын кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ афтӕмӕй арвы рухсау ӕрттивынц. Фӕлӕ Матфейы 13:43 стих та амоны, сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон Паддзахады тӕмӕнтӕ куы калой, уыцы рӕстӕгмӕ. Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ дыууӕ стихы дӕр амонынц иу цӕмӕдӕр – хъусын кӕныны хъуыддагмӕ.

^ 18 абз. 18 абзац: Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 288, 289 фӕрстӕ.