Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Паддзахы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты!

Паддзахы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты!

ХАБАР ӕрцыд 1936 азы августы Свазиленды, паддзахы галуан кӕм уыд, уым. Роберт ӕмӕ Джордж Низбет ӕрбацыдысты, рупор кӕуыл уыд, ахӕм машинӕйыл ӕмӕ сӕвӕрдтой пластинкӕтӕ музыкӕимӕ ӕмӕ ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстимӕ. Паддзах Собхузӕ Дыккагӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. «Фӕлӕ стӕй гыццыл фӕтыхстыстӕм,– загъта Джордж,– уымӕн ӕмӕ йӕ бафӕндыд балхӕнын нӕ граммофон, нӕ пластинкӕтӕ ӕмӕ нӕ рупор!»

Роберт ын хатыркурӕгау загъта, уӕййаг кӕй не сты, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕндӕр кӕйдӕр сты. Уӕд паддзахы бафӕндыд базонын, сӕ хицау чи у, уый.

Роберт ын загъта: «Сӕ хицау у ӕндӕр Паддзах». Собхузӕ йӕ бафарста, уыцы паддзах чи у, зӕгъгӕ. «Уый у Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады Паддзах»,– дзуапп ын радта Роберт.

«О, уый кадджын Паддзах у»,– загъта Собхузӕ. Бӕрӕг уыди, тынг ын кӕй кад кӕны. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Йӕ исбонӕй йын ӕз ницӕмӕ бавналдзынӕн».

Роберт ныффыста: «Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, куы йӕ бамбӕрстон, паддзах Собхузӕ цавӕр адӕймаг у, уый. Сыгъдӕг дзырдта англисаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ ныхасӕй бӕрӕг уыд, сӕрбӕрзонд адӕймаг кӕй нӕу. Фӕлӕ уыд хуымӕтӕг ӕмӕ ӕргомдзырд адӕймаг. Йӕ кабинеты йемӕ фӕбадтӕн 45 минуты бӕрц. Джордж та уыцы рӕстӕг ӕддейӕ музыкӕимӕ пластинкӕтӕ ӕвӕрдта».

«Уыцы бон ма,– загъта Роберт,– бацыдыстӕм Свазиленды Националон Скъоламӕ, ӕмӕ ныл уым цы цымыдисаг хабар ӕрцыд, ахӕм никуы. Хъусын кодтам директорӕн, ӕмӕ нӕм уый дӕр зӕрдиагӕй байхъуыста. Граммофоны кой йын куы скодтам, зӕгъгӕ, нӕ бон у ӕгас скъолайӕн дӕр нӕ пластинкӕтӕ ацӕгъдын, уӕд зӕрдиагӕй сразы ӕмӕ сӕдӕ ахуыргӕнинаджы бӕрц ӕддейӕ кӕрдӕгыл ӕрбадын кодта, цӕмӕй байхъуыстаиккой. Загътой нын, уыцы скъолайы лӕппутӕ кӕй ахуыр кӕнынц зӕххы куыст, хъӕддӕсны ӕмӕ амайыны куыст, стӕй англисаг ӕвзаг ӕмӕ арифметикӕ. Чызджытӕн та амыдтой, куыд хъӕуы рынчынтӕм зилын, хӕдзары куыстытӕ кӕнын ӕмӕ ма царды чи бахъӕуы, ӕндӕр ахӕм куыстытӕ дӕр». Уыцы скъола скодта паддзахӕн йӕ фыдымад.

1936 азы Свазиленды скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ байхъуыстой раныхасмӕ

Паддзах Собхузӕимӕ ма пионертӕ 1933 азы дӕр ныхас кодтой, ӕмӕ сӕм ӕхсызгонӕй байхъуыста. Иухатт ма суанг ӕрӕмбырд кодта йӕ 100 хъахъхъӕнӕджы, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фыст кӕм уыд, уыцы пластинкӕмӕ байхъуыстаиккой. Паддзах ма заказ дӕр скодта, цӕмӕй йын нӕ журналтӕ хӕссӕм ӕмӕ-иу нӕ литературӕ дӕр айста. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ йӕм уыйбӕрц публикацитӕ ӕрӕмбырд, ӕмӕ йын дзы рауад ӕнӕхъӕн библиотекӕ! Уымӕй уӕлдай ма нын Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Британийы колониалон хицауад нӕ литературӕ сӕрибарӕй кӕсыны ӕмӕ парахат кӕныны бар куы нал лӕвӕрдта, уӕд паддзах йӕ библиотекӕ бахъахъхъӕдта.

Паддзах Собхузӕ Дыккаг-иу уый фӕстӕ дӕр Ӕвдисӕнты суазӕг кодта йӕ галуаны, Лобамбӕйы, ӕмӕ ма-иу сауджынтӕм дӕр фӕдзырдта, цӕмӕй-иу уыдон дӕр сӕ раныхӕстӕм байхъуыстаиккой. Бынӕттон Ӕвдисӕн Хэлви Машази Матфейы 23 сӕр куы ӕмбарын кодта, уӕд сауджынтӕй чидӕртӕ сӕ бынӕттӕй мӕстыйӕ фӕгӕппытӕ ластой ӕмӕ йӕ тыхӕй йӕ бынаты бадын кодтой. Фӕлӕ сӕ паддзах баурӕдта ӕмӕ ӕфсымӕр Машазийӕн загъта, цӕмӕй дарддӕр дзура. Уымӕй уӕлдай ма паддзах хъусджытӕн загъта, цӕмӕй, ӕфсымӕр йӕ раныхасы цы стихты кой скӕна, уыдон иууылдӕр сӕхимӕ ныффыссой!

Ӕндӕр хатт сӕм раныхасимӕ ӕрбацыд, пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр. Раныхасы фӕстӕ цыппар сауджыны сӕ хӕдӕтты хъуыртӕ фӕстӕрдӕм азылдтой ӕмӕ загътой: «Мах сауджынтӕ нал стӕм – ныр стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Уый фӕстӕ уыцы пионеры бафарстой, паддзахмӕ чи ис, ахӕм чингуытӕ дӕм нал ис, зӕгъгӕ.

1930 азтӕй суанг йӕ мӕлӕтмӕ 1982 азы паддзах Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн аргъ кодта ӕмӕ никӕмӕн лӕвӕрдта уый бар, цӕмӕй сӕ бафхӕрдтаиккой, Свазиленды дины ӕгъдӕуттӕ кӕй не ’ххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ дзы Ӕвдисӕнтӕ дӕр бузныг уыдысты ӕмӕ куы амард, уӕд ыл тынг фӕмаст кодтой.

2013 азы райдианы Свазиленды уыди 3 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Ацы бӕстӕйы цӕры 1 000 000 адӕймагӕй гыццыл фылдӕр, ӕмӕ дзы иу хъусынгӕнӕгмӕ хауы 384 адӕймаджы. 2012 азы 90 ӕмбырды лӕггад кодта 260 пионерӕй фылдӕр ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 7 496 адӕймаджы. Бӕрӕг у, нырма дзы бирӕтӕ рӕстдзинады фӕндагыл кӕй слӕудзысты. Дзырд дӕр ыл нӕй, 1930 азты Ӕвдисӕнтӕ Свазиленды рӕстдзинадӕн хорз бындур кӕй ӕрӕвӕрдтой. (Нӕ архивтӕй Африкӕйы.)