Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ: УЫЙБӔРЦ ХЪИЗӔМӔРТТӔ ЦӔМӔН ИС? КӔРОН СЫН КӔД ӔРЦӔУДЗӔН?

Бирӕ ӕнаххос адӕмы цард аскъуыд

Бирӕ ӕнаххос адӕмы цард аскъуыд

Ноелле уыд тынг хорз сывӕллон ӕмӕ уарзта ныв кӕнын. Иухатт иу сӕрдыгон изӕр сӕ хӕдзары чъылдыммӕ ацыд ӕмӕ сӕ бассейны ныххауд, ӕмӕ амард. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ йыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид цыппар азы.

Шарлотт, Даниэль, Оливия, Джозефин... Адон сты, 2012 азы 14 декабры штат Коннектикуты (АИШ) иу лӕппу скъолайы цы 26 адӕймаджы фехста, уыдонӕй цалдӕры нӕмттӕ. 20 скъоладзауы дзы уыдысты 6–7-аздзыдтӕ. Зианы раныхасы Америкӕйы президент Обамӕ сывӕллӕтты нӕмттӕ ранымадта ӕмӕ загъта: «Ацы бӕллӕхтӕн кӕрон скӕнын хъӕуы».

18-аздзыд чызг, Бано, зӕгъгӕ, 1996 азы йӕ бинонтимӕ Иракӕй Норвегимӕ цӕрынмӕ ацыд. Фӕлӕ 2011 азы 22 июлы иу экстремист кӕй амардта, уыцы 77 адӕймаджы ’хсӕн уыд Бано дӕр. Чи сӕ амардта, уый йӕхицӕй ӕппӕлӕгау загъта: «Хатыр курын... фылдӕр адӕм кӕй нӕ амардтон».

Бирӕ ахӕм зӕрдӕхалӕн хабӕрттӕ цӕуы ӕнӕхъӕн зӕххы цъарыл. Цас рыст ӕмӕ маст ӕрхастой адӕмӕн фыдбылызтӕ, фыдракӕндтӕ, хӕстытӕ, терроризм, ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕндӕр фыдхъуыддӕгтӕ! Цал ӕнаххос адӕймаджы цард аскъуыд ӕмӕ ӕнӕхъуаджы кӕй бафхӕрдтой, уыцы адӕм цас сты!

Иуӕй-иутӕ Хуыцауы аххосджын кӕнынц. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Сфӕлдисӕг адӕмыл ӕппындӕр нӕ тыхсы. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕ уыны, фӕлӕ ӕппындӕр ницы аразы, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймагыл цы ӕрцӕудзӕн, уый йӕ ныхыл вӕййы фыст. Ацы фарстайы фӕдыл адӕммӕ бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис. Уӕдӕ йын цымӕ раст дзуапп ссарӕн кӕм ис? Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы фарстатӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уый базондзыстӕм иннӕ статьяйы.