Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔНУТ

Хуыцауы зӕрдӕ ма риссын кӕнӕм, фӕлӕ йын ӕй рухс кӕнӕм

Хуыцауы зӕрдӕ ма риссын кӕнӕм, фӕлӕ йын ӕй рухс кӕнӕм

Искуы дын исчи дӕ зӕрдӕ афтӕ фӕриссын кодта, ӕмӕ куыдтай?~ * Ӕвӕццӕгӕн нӕ алчидӕр уыд ахӕм уавӕры. Фӕлӕ хатт, чи зоны, фӕкӕуӕм, чидӕр нӕ ӕвзӕр цыдӕртӕ кӕй фӕдзырдта, уый тыххӕй. Нӕ зӕрдӕ фӕриссы, нӕ?~ Хуыцауӕн дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссы, мӕнг ныхӕстӕ дзы куы фӕкӕнынц, уӕд. Ацы хъуыддагыл-ма аныхас кӕнӕм ӕмӕ базонӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕйы маст ма уадзӕм, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

Библийы фыст ис, Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдонӕй йын чидӕртӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодтой. Йӕ зӕрдӕйы-иу ын маст бауагътой! Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ нын цы фӕзӕгъы, уый куы нӕ фӕаразӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ куыд фӕриссын кӕнӕм, уымӕ.

Йегъовӕ зӕххыл цы дыууӕ адӕймаджы сфӕлдыста, уыдон ын стыр маст бавзарын кодтой. Хуыцау уыдоны ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты, «Едемы цӕхӕрадоны». Чи уыдысты уыцы дыууӕ адӕймаджы?~ О, фыццаг уыди Адам, иннӕ та Евӕ. Цӕй ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ куыд фӕриссын кодтой, уый.

Йегъовӕ сӕ уыцы цӕхӕрадоны куы ӕрцӕрын кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй йӕм зылдаиккой. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй цот уагътаиккой ӕмӕ уыцы цӕхӕрадоны иумӕ ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ сын цалынмӕ сывӕллӕттӕ нӕ райгуырд, уӕдмӕ ӕрцыд иу ӕвзӕр хабар. Цы ӕрцыд, уый зоныс?~ Иу зӕд Евӕйы, уый фӕстӕ та Адамы Хуыцауы ныхмӕ рацӕуын кодта. Базонӕм-ма, хабар куыд уыд, уый.

Зӕд афтӕ сарӕзта, цыма калмӕн йӕ бон адӕймагау дзурын у. Евӕ зыдта, калм дзургӕ кӕй нӕ кӕны. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты, зӕгъгӕ, «Хуыцауы хуызӕн» суыдзынӕ. Ӕмӕ уӕд бакодта, калм ын цы загъта, уый. Зоныс, цы йын загъта?~

Евӕ бахордта, Йегъовӕ Адамӕн афтӕ кӕмӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ, уыцы бӕласы дыргътӕй. Хуыцау цалынмӕ Евӕйы не сфӕлдыста, уӕдмӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ».

Евӕ уый зыдта. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы бӕласмӕ каст, ӕмӕ федта, «бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды... Гъемӕ дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта». Уый фӕстӕ дзы йӕ лӕгӕн дӕр радта ӕмӕ дзы «уый дӕр бахордта». Цымӕ Адам афтӕ цӕмӕн бакодта?~ Уымӕн ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйӕ тынгдӕр уарзта. Тынгдӕр ӕй фӕндыд Хуыцауы зӕрдӕ нӕ, фӕлӕ Евӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕндӕр искӕй коммӕ кӕсынӕй тынгдӕр хъӕуы!

Хъуыды ма кӕныс, Евӕимӕ чи ныхас кодта, уыцы калмы? Куклайы бӕсты исчи куыд дзура, уыйау калмы бӕсты дӕр чидӕр дзырдта. Цымӕ чи?~ Уый уыд, «Хӕйрӕг... чи хуыйны... уыцы рагон калм».

Дӕ бон Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын куыд у, уый зоныс?~ Алы хатт дӕр йӕ коммӕ кӕсыныл архай. Сайтан афтӕ зӕгъы, ӕмӕ кӕмӕнфӕнды дӕр цыфӕнды дӕр саразын кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын». Сайтан Йегъовӕйӕн фидистӕ кӕны, ома йыл худы. Афтӕ зӕгъы, ӕмӕ йӕ бон у алкӕй дӕр Йегъовӕйӕ адард кӕнын. Уӕдӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕс, лӕггад ын кӕн, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕн! Уый тыххӕй, дӕ бон цы у, уый араздзынӕ?~

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд, ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.