Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

Пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

«Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын» (ПС. 147:1).

1, 2. а) Бирӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй искӕмӕн куы фӕдзурӕм кӕнӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзыны? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

БИРӔ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй искӕмӕн куы фӕдзурӕм кӕнӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уыцы адӕймаг ноджы адджындӕр свӕййы. Афтӕ у хабар Йегъовӕ Хуыцауимӕ дӕр. Давид фыййау куы уыд, уӕд-иу ӕхсӕвыгон арӕх касти стъалытӕй йедзаг арвмӕ ӕмӕ сын сӕ диссаджы Сфӕлдисӕгыл хъуыды кодта. Давид ныффыста: «Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай? Ӕмӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?» (Пс. 8:3, 4). Апостол Павел дӕр фыста, Хуыцау куыд кадджын у, уый тыххӕй. Павел бамбарын кодта, Йегъовӕмӕ сӕрст чырыстӕтты тыххӕй цы фӕнд уыд, уый куыд диссаджы хуызы ӕххӕст кодта. Ӕмӕ стӕй ныффыста: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ!» (Ром. 11:17–26, 33).

2 Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ фӕдзурӕм Йегъовӕйы тыххӕй. Ӕмӕ йӕм ӕрмӕст уый фӕрцы дӕр ӕввахсдӕр кӕнӕм. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ зӕгъынц, Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр архайын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр кӕй бауарзтой. Кӕд пионерӕй лӕггад кӕныс кӕнӕ уыцы нысанмӕ тырныс, уӕд ахъуыды кӕн, пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаг Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр куыд баввахс вӕййы, ууыл. Кӕд пионер дӕ, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы арфӕйаг хъуыддаг дарддӕр дӕр аразон?» Кӕд нырма пионер нӕ дӕ, уӕд та ахъуыды кӕн: «Цы мӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайон?» Цӕй ӕмӕ уал аныхас кӕнӕм, пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ куыд ӕввахсдӕр кӕнӕм, ууыл.

ПИОНЕРТӔЙ ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХСДӔР КУЫД КӔНӔМ

3. Хуыцауы Паддзахад фидӕны цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?

3 Хуыцауы Паддзахад фидӕны цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййӕм. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ арӕхдӕр кӕцы стихтӕ фӕкӕсыс? Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц Псалом 37:10, 11; Данел 2:44; Иоанны 5:28, 29 кӕнӕ Раргомад 21:3, 4. Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл иннӕтимӕ цал хатты аныхас кӕнӕм, уал хатты нӕхи зӕрдыл дӕр ӕрлӕууын кӕнӕм, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» нӕ рӕдау Хуыцауӕй кӕй цӕуы. Ӕмӕ нын уый тыххӕй ноджы адджындӕр свӕййы (Иак. 1:17).

4. Иннӕтӕн хъусын кӕнгӕйӕ Хуыцауы хӕларзӕрдӕдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын цӕмӕн райдайӕм?

4 Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй куыд ӕнамонд сты, уый уынгӕйӕ рӕстдзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Ацы дунейы адӕмӕн царды хорз разамынд кӕй нӕй, уый тыххӕй ӕцӕг ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын не сты. Сӕ фылдӕр мӕт кӕнынц, фидӕны цы уыдзӕн, ууыл, ӕмӕ сӕ ницы ныфс ис. Цӕмӕн цӕрынц, уый дӕр нӕ зонынц. Йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр Фыстад ӕвзӕр зонынц. Уыцы адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты сты рагон Ниневийы цӕрджыты хуызӕн. (Бакӕс Ионӕйы 4:11.) Ӕмӕ цас фылдӕр фӕхъусын кӕнӕм, уыйас хуыздӕр фӕуынӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон Йегъовӕйы адӕмӕй куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый (Ис. 65:13). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕрмӕст йӕ адӕмыл нӕ тыхсы. Уый алы адӕймагӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй удӕнцой ссара ӕмӕ йын фидар ныфс уа. Ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ куыд хӕларзӕрдӕ у, уый (Рарг. 22:17).

5. Адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ зындзинӕдтӕм цы цӕстӕй фӕкӕсӕм?

5 Адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ зындзинӕдты тыххӕй нӕхимӕ нӕ ныхъхъусӕм. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Тришӕ, йӕхицӕй зоны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Тришӕ радзырдта: «Мӕ царды ӕппӕты тынгдӕр кӕй тыххӕй фӕмаст кодтон, уыцы хабӕрттӕй иу уыд, мӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый». Иубон Тришӕ тынг ӕнкъард уыди ӕмӕ хъуыды кодта, абон никуыдӕм ацӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ацыди, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы ӕртӕ сывӕллонмӕ. Уыцы сывӕллӕттӕ тынг ӕвзӕр уавӕрты хъомыл кодтой. Сӕ фыд сӕ ныууагъта, сӕ хистӕр ӕфсымӕр та сӕ тынг ӕфхӕрдта. Тришӕ зӕгъы: «Уыцы сывӕллӕттӕ цытӕ ’взӕрстой, уыимӕ абаргӕйӕ мӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕ мӕстытӕ ницы уыдысты. Библи-иу куы ахуыр кодтам, уӕд-иу сӕ гыццыл цӕстытӕ ӕрттивын райдыдтой. Фырцинӕй-иу ныкъкъӕл-къӕл кодтой. Уыцы сывӕллӕттӕ мын уыдысты Йегъовӕйы лӕвар, уӕлдайдӕр та уыцы бон».

6, 7. а) Библийы ахуырӕдтӕ иннӕтӕн кӕй амонӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны? ӕ) Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон сӕ цард куыд ивынц, уый уынгӕйӕ Хуыцауы стыр зонды тыххӕй цы фӕхъуыды кӕнӕм?

6 Библийы ахуырӕдтӕ иннӕтӕн кӕй амонӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ, цы амыдтой, уый сӕхӕдӕг не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ уыдоны тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Искӕй ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ ахуыр кӕныс?» (Ром. 2:21). Куыд тынг хицӕн кӕнынц уыцы дзуттӕгтӕй, абон пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон! Пионертӕн вӕййы бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕной рӕстдзинад базонынӕн ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Ӕмӕ цӕмӕй ӕнтыстджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ алы ахуырмӕ дӕр сӕхи цӕттӕ кӕной ӕмӕ-иу хатгай та, цавӕрдӕр фарстатӕн дзуапп ссарыны тыххӕй, фылдӕр ӕрмӕг дӕр бацагурой. Нӕ хо Жанин лӕггад кӕны пионерӕй, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Рӕстдзинад искӕмӕн куы фембарын кӕнын, уӕд мӕхи зӕрдӕ ӕмӕ зондмӕ дӕр тынгдӕр бахъары. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ уырнындзинад ӕдзухдӕр фидардӕр кӕны».

7 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон рӕстдзинады фӕрцы сӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд ивынц, уый уынгӕйӕ Хуыцауы стыр зондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм (Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ уый фӕрцы нӕхи дӕр ноджы тынгдӕр фӕфӕнды Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Иу пионер, Адрианнӕ, афтӕ зӕгъы: «Адӕм сӕ зӕрдӕ сӕхи зондыл куы фӕдарынц, уӕд сӕ цард арӕх бынтон схӕццӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйы зондмӕ хъусын куы райдайынц, уӕд сӕ цард дӕр уайтагъд хуыздӕрырдӕм ивын райдайы». Не ’фсымӕр Фил дӕр зӕгъы: «Адӕймагӕн арӕх йӕхи хъарутӕй нӕ фӕуайы йӕ цард аивын, фӕлӕ йын Йегъовӕйы фӕрцы уыцы хъуыддаг бантысы».

8. Уацамынды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕй вӕййӕм, уый ныл куыд фӕзыны?

8 Уацамынды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕй вӕййӕм, уый нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы (Ӕмб. 13:20). Пионертӕ уацамынды бирӕ рӕстӕг ӕрвитынц иннӕ хъусынгӕнджытимӕ. Ӕмӕ сын уый фӕрцы фылдӕр фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уой» (Ром. 1:12; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:17). Иу пионер, Лисӕ, зӕгъы: «Кӕимӕ кусын, уыдон ӕрмӕст ууыл архайынц, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уой, стӕй ӕдзухдӕр кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнынц. Алы бон дӕр бар-ӕнӕбары фӕхъусын, иннӕты кой куыд кӕнынц ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй куыд дзурынц, уый. Цыфӕнды дӕр сараздзысты, цӕмӕй се ’ппӕты разӕй фӕуой. Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый тыххӕй мӕ хатгай хынджылӕг дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ уацамынды мӕ ныфсыл ныфс бафты, уымӕн ӕмӕ ме ’мчырыстӕттимӕ вӕййын. Ӕмӕ изӕрӕй хӕдзармӕ куы ’рбацӕуын, уӕд мӕнӕй амондджындӕр нӕ вӕййы, цыфӕнды фӕллад ма уон, уӕддӕр».

9. Бинонтӕ иумӕ пионертӕй куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд сыл уый куыд фӕзыны?

9 Бинонтӕ иумӕ пионертӕй куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд ӕнгомдӕр фӕкӕнынц (Еккл. 4:12). Йӕ лӕгимӕ иумӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Мадлен, зӕгъы: «Мӕ сӕрыхицауимӕ фӕныхас кӕнӕм, хъусын кӕнгӕйӕ ныл цы цаутӕ ӕрцыд, ууыл, стӕй ма, Библийы цы бакастыстӕм, уымӕй уацамынды куыд ис спайда кӕнӕн, ууыл дӕр. Пионертӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы азӕй-азмӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм». Тришӕ дӕр афтӕ зӕгъы: «Нӕ дыууӕ дӕр архайӕм, цӕмӕй хӕстӕ ма исӕм, ӕмӕ нӕм ӕхцайы тыххӕй ныхас никуы рауайы. Нӕ лӕггады графиктӕ сты иухуызон, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы адӕммӕ ногӕй иумӕ цӕуын ӕмӕ Библийы ахуыртӕ дӕр иумӕ уадзын. Афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр ӕнгомдӕр кӕнӕм».

Пионерӕй лӕггад кӕнын у циндзинады хос (кӕс 9 абзац)

10. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕйрагыл куы фӕнымайӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый куы фӕуынӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?

10 Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕйрагыл куы фӕнымайӕм, стӕй нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый куы фӕуынӕм, уӕд ыл нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дарын райдайӕм. Ӕмӕ уый ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕхицӕй зонынц. Фӕлӕ ма пионертӕ ӕмбарынц уый дӕр, ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын сӕ бон кӕй бауыдзӕн, сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарой, ӕрмӕстдӕр уӕд. (Бакӕс Матфейы 6:30–34.) Иу ӕфсымӕр, йӕ ном Курт, ӕмӕ йӕ бинойнаг лӕггад кӕнынц пионертӕй, стӕй ма Курт районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг дӕр у. Ӕмӕ йын иухатт бахӕс кодтой, дыууӕ сахаты ӕмӕ ӕрдӕг кӕмӕ хъуыди цӕуын, иу ахӕм ӕмбырд бабӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ, сӕ машинӕйы цы бензин уыд, уый сын ӕрмӕст иуырдӕм сфаг уыдаид, ӕмӕ Куртӕн та мызд иннӕ къуырийӕ раздӕр нӕ бафыстаиккой. Курт зӕгъы: «Хъуыдытӕ кӕнын райдыдтон, кӕй сразы дӕн, уымӕй раст бакодтон ӕви нӕ». Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бинойнагимӕ иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой, кӕй ацӕудзысты. Уыдон фидарӕй ӕууӕндыдысты, Хуыцау сыл кӕй батыхсдзӕн. Ӕмӕ куыддӕр хъуамӕ ацыдаиккой, афтӕ сӕм иу хо телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ сын афтӕ, иу лӕвар, дам, уын хъуамӕ скӕнон. Уый уыд, сӕ фӕндагӕн сын цас нӕ фаг кодта, растдӕр уыйбӕрц ӕхца. Курт зӕгъы: «Ахӕм хабӕрттӕ дыл арӕх куы цӕуа, уӕд ӕй куыннӕ бамбардзынӕ, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕны».

11. Пионертӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

11 Ӕцӕгдӕр, пионертӕ арӕх фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн цас фылдӕр лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕм цас ӕввахсдӕр кӕнӕм, уыйас фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм (Дык. з. 28:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пионерӕй лӕггад кӕнын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр хызт нӕу, не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй ӕмӕ ацы фыддунейы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй. Алыхуызон зындзинӕдты тыххӕй иуӕй-иу пионерты бахъӕуы сӕ лӕггад рӕстӕгмӕ ныууадзын. Фӕлӕ арӕх уыцы зындзинӕдты сӕрты вӕййы ахизӕн. Кӕнӕ та нӕ бон вӕййы афтӕ архайын, цӕмӕй нын ахӕм зындзинӕдтӕ ӕппындӕр ма фӕзына. Цы баххуыс кӕндзӕн пионертӕн дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн?

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ДАРДДӔР ДӔР ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНАЙ

12, 13. а) Пионерӕн йӕ сахӕтты нысан йӕ къухы куы нӕ ӕфта, уӕд ӕй цы хъӕуы бакӕнын? ӕ) Библи алы бон дӕр кӕсынӕн, иртасынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 Пионертӕн сӕ фылдӕрӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы. Алцӕуыл дӕр аххӕссын зын вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын (1 Кор. 14:33, 40). Пионерӕн йӕ сахӕтты нысан йӕ къухы куы нӕ ӕфта, уӕд ӕй, чи зоны, хъӕуа ахъуыды кӕнын, йӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы (Еф. 5:15, 16). Зӕгъӕм, йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Улӕфтыл ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг нӕ хардз кӕнын? Мӕ куысты графикы мӕ ницы хъӕуы фӕивын?» Ӕвӕццӕгӕн нӕ алчидӕр зоны, куыд ӕнцонтӕй рауайы афтӕ, ӕмӕ, цы спълан кодтай, уый бӕсты ӕндӕр цыдӕртӕ аразын райдайай. Уӕдӕ пионерты хъӕуы ӕдзухдӕр кӕсын, сӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы, уымӕ, ӕмӕ-иу сӕ кӕд исты фӕивын хъӕуа, уӕд-иу ӕй хъуамӕ фӕивой.

13 Пионерӕн йӕ графикы хъуамӕ уа бӕлвырд рӕстӕг, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕса, иртаса йӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕна. Хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй нын, ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ зынаргъ рӕстӕг ма давой (Фил. 1:10). Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм ахӕм уавӕр: пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕр ӕнӕхъӕн бон уыд уацамынды. Хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд уыцы изӕр фӕнд кодта йӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркаст йӕ почтӕмӕ. Стӕй йӕ компьютер баиу кодта, ӕмӕ йӕм Интернеты уылты цы писмотӕ ӕрбарвыстой, уыдон дӕр бакаст ӕмӕ сын дзуаппытӕ ныффыста. Уый фӕстӕ ма иу сайт байгом кодта, цӕмӕй федтаид, цы дзаума балхӕнынмӕ хъавыд, уымӕн йӕ аргъ ӕрхауд ӕви нӕ. Ӕмӕ дыууӕ сахаты куыд атахтысты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. Афтӕмӕй та, уыцы изӕр ӕй цы фӕндыд бацӕттӕ кӕнын, уымӕ кӕсгӕ дӕр нӕма ’ркодта. Уыцы уавӕрыл ӕй ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Зӕгъӕм, цӕмӕй спортсмен бирӕ азты дӕргъы ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕхиуыл куса. Ӕмӕ раст афтӕ пионер дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕна ӕмӕ уый фӕрцы йӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтауа, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕна (1 Тим. 4:16).

14, 15. а) Пионерты хуымӕтӕг цард кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Пионер зындзинӕдтыл куы сӕмбӕла, уӕд куыд хъуамӕ бакӕна?

14 Ӕнтыстджын пионертӕ архайынц, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кӕной. Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕ разӕнгард кодта (Матф. 6:22). Уый йӕхӕдӕг дӕр хуымӕтӕг цард кодта, цӕмӕй йе ’ргом иууылдӕр йӕ лӕггадмӕ аздӕхтаид. Иухатт Йесо загъта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, ӕмӕ мӕргътӕн – ахстӕттӕ, Адӕймаджы Фыртӕн та, йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Матф. 8:20). Йесойы чи фӕзмы, уыцы пионертӕ сӕ зӕрдыл дарынц уый, ӕмӕ сӕм цас фылдӕр дзауматӕ уа, уыйас фылдӕр сӕм кӕй хъӕудзӕн зилын кӕнӕ сӕ ногтӕй ивын.

15 Пионертӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ахӕм кадджын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй иннӕтӕй хуыздӕр сты. Уыдон ӕмбарынц, пионертӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй у. Уӕдӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дара (Фил. 4:13). Зындзинӕдтӕ дӕр сын куыннӕ уыдзӕн (Пс. 34:19). Фӕлӕ-иу сыл куы сӕмбӕлой, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъд сӕ лӕггад ма ныууадзой. Хъуамӕ-иу Йегъовӕйӕ зонд курой ӕмӕ-иу ын фадат раттой, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. (Бакӕс Псалом 37:5.) Ӕмӕ сыл сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд куыд тыхсы ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕны, уый куы уыной, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзысты (Ис. 41:10).

ДӔ БОН У ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН?

16. Кӕд дӕ пионерӕй лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд цы хъуамӕ саразай?

16 Кӕд дӕу дӕр фӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын ӕмӕ, пионертӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, уыдон банкъарын, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув (1 Иоан. 5:14, 15). Аныхас кӕн пионертимӕ. Дӕ разы сӕвӕр, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Раст афтӕ бакодтой иу бинонтӕ, Кит ӕмӕ Эрикӕ. Сӕ дыууӕ дӕр куыстой ӕнӕхъӕн бон. Сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та балхӕдтой хӕдзар ӕмӕ ног машинӕ. Кит ӕмӕ Эрикӕ зӕгъынц: «Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы амондджын уыдзыстӕм. Фӕлӕ фӕрӕдыдыстӕм». Цасдӕры фӕстӕ Кит йӕ куыст фесӕфта, ӕмӕ уӕд райдыдта ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы уыцы рӕстӕджы тыххӕй: «Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй куы лӕггад кодтон, уӕд та ногӕй бамбӕрстон, уацамынд адӕймагӕн стыр циндзинад кӕй хӕссы». Кит ӕмӕ Эрикӕ балымӕн сты, пионертӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм бинонтимӕ. Ӕмӕ уыцы бинонты фӕрцы бамбӕрстой, адӕймаг хуымӕтӕг цард куы фӕкӕны ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг куы фӕлӕггад кӕны, уӕд амондджын кӕй вӕййы. Цымӕ уӕд Кит ӕмӕ Эрикӕ куыд бакодтой? Сӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, гӕххӕттыл сӕ ныффыстой ӕмӕ йӕ холодильникыл бакодтой. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ сӕ къухы куыд ӕфтыдысты, афтӕ-иу сӕ гӕххӕттыл фӕнысан кодтой. Цасдӕры фӕстӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын.

17. Пионерӕй лӕггад кӕнын дӕ бон у ӕви нӕ, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын хорз цӕмӕн уаид?

17 Дӕ бон у пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нырма дӕ бон нӕу, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архай ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн. Хуыцаумӕ скув ӕмӕ дӕ уавӕртыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Уӕд ӕй, чи зоны, фенай, цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы саразай, уӕд дӕ бон кӕй бауыдзӕн пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнай, уӕддӕр, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ цы циндзинад исдзынӕ, уый бирӕ фылдӕр уыдзӕн. Адӕймаг Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы цас фылдӕр фӕархайы ӕмӕ иннӕтӕн цас фылдӕр феххуыс кӕны, уыйас амондджындӕр вӕййы. Ӕмӕ ды дӕр уый банкъардзынӕ (Матф. 6:33). Стӕй ма дын Йегъовӕйыл хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ дзурынӕн дӕр фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ дӕр тынгдӕр рухс кӕндзынӕ.