Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Иоанны 11:35 стихмӕ гӕсгӕ, Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ цӕмӕн ӕркалдысты, Лазӕры куы райгас кодта, уый размӕ?

Кӕй уарзӕм, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд фӕкӕуӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ мысдзыстӕм. Кӕд Йесо Лазӕры уарзта, уӕддӕр, Лазӕр кӕй амард, уый тыххӕй не ’ркалдысты йӕ цӕссыгтӕ. Иоанны Евангелийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо скуыдта, Лазӕры бинонтӕн ӕмӕ ’мбӕлттӕн кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй (Иоан. 11:36).

Лазӕр рынчын кӕй у, уый Йесойӕн куы фӕхабар кодтой, уӕд ӕм уыцы тӕккӕ нӕ ацыд, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Иоанны 11:6 стихы фыст ис: «Лазӕр рынчын у, уый [Йесо] куы фехъуыста, уӕд ма дыууӕ боны баззад, кӕм уыди, уым». Цымӕ цӕмӕн бафӕстиат? Бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй. Йесо загъта: «Ацы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ у Хуыцауы кадӕн, цӕмӕй уый фӕрцы скадджын уа Хуыцауы Фырт» (Иоан. 11:4). Уӕдӕ Чырыстийы фӕндыд, цӕмӕй Лазӕры мӕлӕты фӕрцы Хуыцауы скадджын кодтаид. Куыд? Хъуамӕ стыр диссаг сарӕзтаид – йе ’мбалы райгас кодтаид.

Йесо Лазӕры мӕлӕты тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд фӕкӕны, уыимӕ. Ӕмӕ сын афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон» (Иоан. 11:11). Йесойӕн Лазӕры райгас кӕнын, ныййарӕг йӕ сывӕллоны куыд райхъал кӕна, уымӕй уӕлдай нӕ уыд. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Лазӕры мӕлӕтыл маст кӕнын нӕ хъуыд.

Уӕдӕ цымӕ Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ цӕмӕн ӕркалдысты? Дзуапп базондзыстӕм контекстӕй. Йесо Лазӕры хо Марийӕйы ӕмӕ иннӕты кӕугӕ куы федта, уӕд «йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард». Адӕм куыд маст кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ Йесойӕн «йӕ зӕрдӕ суынгӕг». Ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ дӕр уый тыххӕй ӕркалдысты. Тынг зын ын уыд, йӕ уарзон ӕмбӕлттӕ куыд хъыг кодтой, уымӕ кӕсын (Иоан. 11:33, 35).

Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йесомӕ уыцы тых кӕй ис, цӕмӕй нын чи амард, уыдоны ног дунейы райгас кӕна ӕмӕ сӕ сӕ низтӕй фервӕзын кӕна. Стӕй ма бӕрӕг у, йӕ хиуӕттӕй чидӕр кӕмӕн фӕхъуыд, уыдоны рыст кӕй ӕмбары. Ацы хабарӕй ма ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ йӕ хионы мӕлӕтыл чи хъыг кӕны, уыдонӕн тӕригъӕд кӕнын кӕй хъуамӕ зонӕм.

Йесо, Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн, уый кӕд зыдта, уӕддӕр йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты, уымӕн ӕмӕ йе ’мбӕлтты тынг уарзта ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Мах дӕр тӕригъӕд кӕнын куы зонӕм, уӕд, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕудзыстӕм» (Ром. 12:15). Адӕймаг искӕй мӕлӕтыл куы фӕхъыг кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ йӕ нӕ уырны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Уӕдӕ йӕ хион кӕмӕн амард, уыдоны хъыгыл куыд хъыг кӕнын хъӕуы, уымӕй нын Йесо у фӕзминаг – Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн, уый кӕд зыдта, уӕддӕр иннӕтӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты.