Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Библи у ӕппӕты зындгонддӕр чиныг зӕххы цъарыл. Цӕмӕн? Иу уымӕн, ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон сты ӕнцонӕмбарӕн. Библийы фыст ис, ӕцӕгдӕр чи цард, уыцы адӕймӕгты тыххӕй: сӕ царды хабӕрттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтой ӕви нӕ ӕмӕ сӕм Хуыцау цы цӕстӕй каст. Уыдӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Фыст сты хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй. Уымӕ гӕсгӕ сӕ адӕм алы ран дӕр ӕмӕ алы рӕстӕджыты дӕр хорз ӕмбӕрстой. Библи тӕлмацгонд ӕрцыд сӕдӕгай ӕвзӕгтӕм ӕмӕ йӕ бирӕтӕн сӕ бон у сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын. Уымӕй уӕлдай, Библийы уынаффӕтӕ алкӕддӕр стыр ӕххуыс уыдысты, йӕ царды сӕ чи пайда кодта, уыдонӕн.

Уымӕй ахсджиагдӕр та у, Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕй у. Библи нын ӕргом кӕны Хуыцауы ном, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ, зӕхх ӕмӕ адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уыцы фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Дзырд ма дзы цӕуы, ӕнӕхъӕн дунемӕ дӕр чи хауы, уыцы фарстайыл – хорздзинад ӕмӕ фыддзинады ’хсӕн тох кӕй цӕуы ӕмӕ хорздзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Иннӕтӕ Библийӕ цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, адӕймаг уыдонмӕ куы нӕ фӕхъусы, афтӕмӕй йӕ куы фӕкӕсы, уӕд Хуыцауыл баууӕнды ӕмӕ йын фидӕнӕй ныфс фӕзыны.

Библийы бакӕсӕн ис, ӕндӕр чингуыты кӕй нӕй ссарӕн, ахӕм хабӕртты тыххӕй. Зӕгъӕм, базонӕн дзы ис раст дзуапп ахӕм фарстатӕн:

  • адӕм куыд фӕзындысты ӕмӕ цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

  • Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

  • Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзта?

  • Зӕхмӕ ӕмӕ адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Цӕй уӕдӕ, дарддӕр цы статьятӕ ис, уыдонмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, ацы фарстатӕн Библийы цавӕр дзуапп ис, уый.