Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, «байзӕддаг» йӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн. Уыцы байзӕддаджы фӕрцы «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» хъуамӕ арфӕгонд ӕрцыдаиккой (Райдиан 22:18). Фӕстӕдӕр Авраамы фырты фырт Иаков ацыд Египетмӕ, ӕмӕ уый хӕдзарвӕндагӕй равзӕрдысты Израилы адӕм.

Фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ ма Египеты куы уыдысты, уӕд сӕ фараон йӕхицӕн цагъартӕ скодта, цалынмӕ Хуыцау йӕ пехуымпар Моисейы нӕ арвыста, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй нӕ ракодта, уӕдмӕ. Куыд сӕ ракодта, уый та стыр диссаг уыд – Сырх денджызы дӕттӕ адих кодта ӕмӕ израилӕгтӕ сур зӕххыл ахызтысты. Уый фӕстӕ сын Хуыцау радта закъӕттӕ, уыимӕ Дӕс фӕдзӕхсты, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цардаиккой ӕмӕ ӕдас уыдаиккой. Уыцы закъӕтты уыд бӕлвырд амындтӕ, цӕмӕй сын Хуыцау сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид, уый тыххӕй сӕ цавӕр нывӕндтӕ хӕссын хъуыд, уый фӕдыл. Хуыцауы фӕндӕй Моисей израилӕгтӕн загъта, Хуыцау сӕм ӕндӕр пехуымпары кӕй рарвитдзӕн. Уыцы пехуымпар хъуамӕ уыдаид зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг».

Уымӕй 400 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд Хуыцау паддзах Давидӕн загъта, Едемы цӕхӕрадоны цы «байзӕддаджы» кой кодта, уый кӕй суыдзӕн, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахады Паддзах. Уый хъуамӕ уыдаид Мессийӕ – Хуыцау адӕмы кӕй уылты хъуамӕ фервӕзын кодтаид ӕмӕ ногӕй зӕххӕй дзӕнӕт чи хъуамӕ сарӕзтаид, уый.

Давиды ӕмӕ иннӕ пехуымпарты уылты Хуыцау фылдӕр хабӕрттӕ ӕргом кодта Мессийӕйы тыххӕй. Уыдон дзырдтой, сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕмӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд ӕххормагдзинадӕн, хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕмӕ хӕстытӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр кӕрӕдзиимӕ ӕмӕ ма суанг сырдтимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзысты. Хуыцауы никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм рынчын ӕмӕ хъизӕмар кӕной ӕмӕ мӕлой, ӕмӕ уыдӕттӕн тагъд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, чи амард, уыдон дӕр райгас уыдзысты.

Хуыцау пехуымпар Михейы уылты загъта, Мессийӕ Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн, пехуымпар Данелы уылты та загъта, фӕстӕдӕр ӕй кӕй амардзысты. Фӕлӕ йӕ Хуыцау хъуамӕ райгас кодтаид ӕмӕ йӕ уӕларвон паддзахӕй сӕвӕрдтаид. Данел ма загъта, йӕ сӕргъы Мессийӕ кӕмӕн уыдзӕн, уыцы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн, йӕхӕдӕг та ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Цымӕ Мессийӕ ӕцӕгдӕр ӕрцыд?

(Ацы хабӕрттӕ фыст сты Райдианы 22–50 сӕрты, стӕй ма Рацыды, Дыккаг закъоны, 2 Самуилы, Псаломты, Исайы, Данелы, Михейы, Захарийы 9:9.)