Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы ӕвӕрд фыййӕуттӕм хъусут

Йегъовӕйы ӕвӕрд фыййӕуттӕм хъусут

«Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 ПЕТ. 2:21).

1, 2. а) Фыстӕн хорз фыййау куы вӕййы, уӕд уый дзугыл куыд фӕзыны? ӕ) Йесойы рӕстӕджы адӕмӕй бирӕтӕ ӕнӕфыййау фысты хуызӕн цӕмӕн уыдысты?

ФЫСТӔН хорз фыййау куы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд вӕййынц хӕрзхаст ӕмӕ сын тӕссаг ницӕмӕй вӕййы. Фыстӕм зилын куыд хъӕуы, уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис: «Фыййау йӕ фыстӕм, хизынмӕ сӕ цы акӕны, уымӕй уӕлдай йӕ хъус куы нӕ фӕдары, уӕд ын цалдӕр азмӕ ӕрлӕмӕгъ вӕййынц ӕмӕ сыл алыхуызон низтӕ схӕцы». Фӕлӕ фыййау йӕ дзугмӕ хорз куы кӕса, уӕд фыстӕ иууылдӕр уыдзысты хӕрзхаст.

2 Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис ӕмбырдӕй дӕр. Чырыстон фыййӕуттӕ, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы фыстӕй алкӕцымӕ дӕр хорз куы кӕсой, уӕд уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр хорзырдӕм фӕзындзӕн. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, иухатт Йесо адӕмӕн куыд фӕтӕригъӕд кодта, «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» кӕй уыдысты, уый фенгӕйӕ (Матф. 9:36). Ахӕм уавӕры цӕмӕн уыдысты? Уымӕн ӕмӕ сын Хуыцауы Закъон чи хъуамӕ амыдтаид, уыдон уыдысты дурзӕрдӕ, бирӕ цыдӕртӕ сӕ домдтой ӕмӕ сын цы амыдтой, уый сӕхӕдӕг не ’ххӕст кодтой. Уыцы разамонджытӕ адӕмыл ӕппындӕр нӕ тыхстысты, ӕмӕ сын ӕххуыс нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сыл «стыр уӕргътӕ» сӕвӕрдтой (Матф. 23:4).

3. Ӕмбырды фыййӕуттӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

3 Уӕдӕ абон ӕмбырды фыййӕуттыл ис стыр хӕс. Уыдон кӕсынц Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фыстӕм. Уыцы фыстӕ Йесойӕн, «хорз фыййауӕн», афтӕ зынаргъ сты, ӕмӕ сӕ сӕрвӕлтау йӕ цард дӕр радта – йӕ «зынаргъ тугӕй» сӕ балхӕдта (Иоан. 10:11; 1 Кор. 6:20; 1 Пет. 1:18, 19). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарой, ӕрмӕстдӕр ӕххуысгӕнджытӕ кӕй сты, уый ӕмӕ хъуамӕ хъусой «фыстӕн се стыр фыййау» Йесо Чырыстийы разамындмӕ (Дзут. 13:20).

4. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Уӕдӕ ӕмбырды фыййӕуттӕ Хуыцауы дзугмӕ куыд хъуамӕ кӕсой? Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, «разамынд уын чи дӕтты, уыдоны... коммӕ кӕсут», зӕгъгӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгты та фӕдзӕхсы, цӕмӕй «Хуыцауы бынтӕн сӕхи хицау ма кӕной» (Дзут. 13:17; бакӕс 1 Петры 5:2, 3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у дзугӕн разамынд дӕтгӕйӕ ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын? Ӕндӕр ныхӕстӕй, сӕ бон куыд у фыстӕм афтӕ кӕсын, цӕмӕй сын Хуыцау цы бартӕ радта, уыдоны сӕрты ма хизой?

ЙӔ ХЪӔБЫСЫ СӔ ХӔСДЗӔН

5. Исайы 40:11 фыст ныхӕстӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

5 Пехуымпар Исай Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн. Ногзӕддаг фысты сындӕггай скъӕрдзӕн» (Ис. 40:11). Ацы ныхӕстӕй зыны, Йегъовӕ куыд тыхсы, ӕмбырды лӕмӕгъ чи у ӕмӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр кӕй хъӕуы, уыдоныл. Фыййау фӕзоны, йӕ фыстӕй алкӕцы дӕр цы хъуаг у, уый ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕны. Афтӕ Йегъовӕ дӕр зоны, ӕмбырды алчидӕр цы хъуаг у, уый ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй батыхсы. Фыййау ноггуырд уӕрыччы йӕ хъӕбысы куыд фӕхӕссы, афтӕ нӕ Йегъовӕ дӕр, нӕ «тӕригъӕдгӕнаг Фыд», зындзинӕдты рӕстӕг, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ хъӕбысы фӕхӕссы. Карз фӕлварӕны куы бахауӕм кӕнӕ ӕндӕр исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын удӕнцой ратты (2 Кор. 1:3, 4).

6. Ӕмбырды фыййӕуттӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?

6 Нӕ уӕларвон Фыд ӕмбырды фыййӕуттӕн фӕзминаг у. Уыдон дӕр хъуамӕ зоной, сӕ фыстӕ цы хъуаг сты, уый. Хистӕр нӕлгоймаг куы зона, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕд сын куыд баххуыс кӕнын хъӕуы, уый дӕр зондзӕн (Ӕмб. 27:23). Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг ссара, цӕмӕй-иу семӕ аныхас кӕна. Хистӕр нӕлгоймаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй нӕ фӕдомы, цӕмӕй йын сӕ царды тыххӕй алцыдӕр дзурой. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕмбырды цы фены ӕмӕ цы фехъусы, уымӕ йӕ хъус ӕрдары ӕмӕ «лӕмӕгътӕн» баххуыс кӕны (Хъуыд. 20:35; 1 Фес. 4:11).

7. а) Йезекил ӕмӕ Йеремийы рӕстӕджы Хуыцауы адӕм цы уавӕры уыдысты? ӕ) Хуыцау мӕнгард фыййӕуттӕн кӕй бауайдзӕф кодта, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

7 Ӕркӕсӕм-ма, Йезекил ӕмӕ Йеремийы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыд, уымӕ. Йегъовӕ, йӕ адӕмӕн фыййӕуттӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыстӕм ӕппындӕр нӕ кастысты. Фыййау дзугмӕ йӕ хъус куы нӕ фӕдары, уӕд фыстӕ ныппырх вӕййынц ӕмӕ хъӕддаг сырдты амӕттаг фӕвӕййынц. Уыцы мӕнгард фыййӕуттӕ дӕр Хуыцауы дзуг нӕ, фӕлӕ «сӕхи хызтой», ома ӕрмӕст сӕхи пайдайыл хъуыды кодтой (Йез. 34:7–10; Йер. 23:1). Йегъовӕ сын цы ныхӕстӕй бауайдзӕф кодта, уыдон ахӕссӕн ис чырыстон динты разамонджытӕм дӕр. Фӕлӕ уыцы ныхӕстыл ахъуыды кӕнын хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр. Уыдон хъуамӕ Йегъовӕйы фысты уарзой ӕмӕ сӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсой.

«ӔЗ УЫН РАВДЫСТОН, КУЫД ХЪУАМӔ КӔНАТ, УЫЙ»

8. Йесо куыд равдыста, раст чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн зонд амонын куыд хъӕуы, уый?

8 Иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕмбырды чидӕртӕ кӕронмӕ нӕ фембарынц, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Чидӕртӕ та хатт цавӕрдӕр уынаффӕ Библимӕ гӕсгӕ нӕ рахӕссынц. Кӕмӕндӕрты та сӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг вӕййынц, ӕмӕ нырма фӕлтӕрд чырыстӕттӕ не сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм хабӕрттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Уыдон хъуамӕ Йесойау фӕразон уой. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ арӕх быцӕу кодтой, Хуыцауы Паддзахады сӕ уӕлдӕр чи хъуамӕ уа, ууыл. Ӕмӕ-иу сӕм уый мӕсты кӕнын нӕ райдыдта, фӕлӕ-иу сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой (Лук. 9:46–48; 22:24–27). Сӕ къӕхтӕ сын куы ныхсадта, уӕд сын хъуыддагӕй равдыста, ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад цы у, уый. Ӕмӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ афтӕ сӕрныллӕг уой. (Бакӕс Иоанны 13:12–15; 1 Пет. 2:21.)

9. Йесо йӕ апостолтӕн цы бамбарын кодта?

9 Апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн иухатт сӕхи куыд равдыстой, уымӕй бӕрӕг у, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ, Хуыцауы дзугӕн фыййау чи у, уый йын хицау дӕр у. Уыдон сӕхицӕн Хуыцауы Паддзахады агуырдтой кадджын бынӕттӕ. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах зонут, ацы дунейы хицӕуттӕ сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц. Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг» (Матф. 20:25, 26). Иаковы ӕмӕ Иоанны фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕн хицау уыдаиккой, ӕмӕ сӕ уыцы ӕвзӕр фӕнд хъуыди сӕ зӕрдӕйӕ стонын.

10. Йесо хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Павел уыцы хъуыддаджы фӕзминаг цӕмӕн у?

10 Йесойы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр дзугӕн уой, йӕхӕдӕг ын куыд уыд, афтӕ. Уыдон хъуамӕ дзугӕн сӕхи хицау ма кӕной, фӕлӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕной. Апостол Павел дӕр Йесойау сӕрныллӕг уыд, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы загъта, уымӕй: «Сымах ӕй зонут, Азимӕ цы бон ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уе ’хсӕн куыд цардтӕн, уый. Хуыцауӕн цагъарау лӕггад кодтон тынг сӕрныллӕгӕй». Павелы фӕндыд, цӕмӕй уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс кодтаиккой. Уый загъта: «Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ лӕмӕгътӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнат» (Хъуыд. 20:18, 19, 35). Павел коринфӕгтӕм ныффыста, йӕхи сӕ уырнындзинадӕн хицау кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ кӕй у се ’мкусӕг, цӕмӕй сын сӕ циныл цин ӕфтауа (2 Кор. 1:24). Павел куыд сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кодта, уымӕй абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн у фӕзминаг.

«ФИДАР ХӔЦУТ, ӔУУӔНДӔН КӔУЫЛ ИС, УЫЦЫ НЫХАСЫЛ»

11, 12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕфсымӕртӕн уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕнын?

11 Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ «иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕца, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл», ома йӕ уынаффӕтӕ хъуамӕ алкӕддӕр уой Библимӕ гӕсгӕ (Тит. 1:9). Стӕй уынаффӕ хъуамӕ дӕтта «фӕлмӕнӕй» (Гал. 6:1). Хорз хистӕр нӕлгоймаг йе ’мчырыстӕттӕн тыхӕй ницы аразын кӕндзӕн, фӕлӕ архайдзӕн, сӕ зӕрдӕ сын куыд бацагайа, ууыл. Зӕгъӕм, хо кӕнӕ ӕфсымӕры исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймаг йемӕ иумӕ аныхас кӕндзӕн Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдыл, стӕй, уыцы хъуыддаджы фӕдыл нӕ литературӕйы цы ӕрмӕг ис, ууыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма йӕ баразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕна, афтӕ кӕнӕ афтӕ куы бакӕна, уӕд уый, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн. Хистӕр нӕлгоймаг ма йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы разамынд ракурын куыд ахсджиаг у, уый дӕр (Ӕмб. 3:5, 6). Уыдӕттыл куы аныхас кӕной, уӕд уый фӕстӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕр уынаффӕ йӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕсса (Ром. 14:1–4).

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд дӕттын сӕ бон у ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасӕй. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Библийӕ арӕхстджынӕй пайда кӕной ӕмӕ-иу уынаффӕ дӕтгӕйӕ дзурой сӕхи хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ, Библийы цы фыст ис, уый. Афтӕ куы кӕной, уӕд сын Хуыцау цы бартӕ радта, уыдоны сӕрты никуы ахиздзысты. Хъуамӕ макуы рох кӕной, сӕхи дзуг нӕ, фӕлӕ Хуыцауы дзуг кӕй хизынц ӕмӕ ӕппынфӕстаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алчидӕр, цы уынаффӕтӕ хӕссы, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы раз йӕхӕдӕг кӕй ратдзӕн дзуапп (Гал. 6:5, 7, 8).

«ДЗУГӔН ФӔЗМИНАГ УТ»

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕн (кӕс 13 абзац)

13, 14. Хистӕр нӕлгоймаг дзугӕн фӕзминаг цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уа?

13 Апостол Петр хистӕр нӕлгоймӕгты куы бафӕдзӕхста, «Хуыцауы бынтӕн уӕхи хицау ма кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй «дзугӕн фӕзминаг уой» (1 Пет. 5:3). Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг дзугӕн фӕзминаг у? Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймагмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма уыцы миниуджытӕй дыууӕмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ «уа уӕззау зонды хицау», ома хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбара ӕмӕ сӕ йӕ царды пайда кӕнын дӕр зона. Уӕззау зонды хицау чи у, уый зын уавӕры куы бахауы, уӕд не стыхсы ӕмӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕны. Дыккаг та уый, ӕмӕ ӕфсымӕр хъуамӕ «йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ уа хорз сӕрыхицау ӕмӕ фыд, «уымӕн ӕмӕ йӕхи бинонтӕн чи нӕ зоны уынаффӕ кӕнын, уый Хуыцауы ӕмбырдӕн цы хъуамӕ баххуыс кӕна?» (1 Тим. 3:1, 2, 4, 5). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймагмӕ ахӕм миниуджытӕ куы уыной, уӕд ыл ӕууӕнддзысты.

14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзминаг сты, хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй дӕр. Ацы хъуыддаджы сын Йесо ныууагъта хорз цӕвиттон. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ын сӕйрагдӕр уыди хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр бацамыдта, уыцы хъуыддаг куыд хъуамӕ аразой, уый (Мар. 1:38; Лук. 8:1). Абон дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн тынг ӕхсызгон вӕййы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ иумӕ уацамынды цӕуын – фӕуынынц, куыд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, уый, стӕй сахуыр вӕййынц хуыздӕр хъусын кӕнын дӕр. Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕддӕр хъусын кӕнынӕн сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц. Ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕвӕййы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма ӕфсымӕртӕн фӕзминаг сты, ӕмбырды фембӕлдтӕм сӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кӕнынц ӕмӕ дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттынц, уымӕй дӕр. Стӕй иннӕ хъуыддӕгты дӕр зӕрдиагӕй фӕархайынц, зӕгъӕм, Паддзахады зал бафснайын кӕнӕ йӕм базилын куы фӕхъӕуы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕууынц (Еф. 5:15, 16; бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7).

Цӕстдарджытӕ фӕзминаг сты хъусын кӕныны хъуыддаджы (кӕс 14 абзац)

«ЛӔМӔГЪТЫ ФИДАР КӔНУТ»

15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕмӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕной?

15 Хорз фыййау уайтагъд баххуыс кӕны, чи фӕсахъат кӕнӕ чи фӕрынчын, ахӕм фысӕн. Ӕмӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ ӕвӕстиатӕй баххуыс кӕной, ӕмбырдӕй уӕззау уавӕры чи бахауд, уыдонӕн, стӕй, йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыдонӕн дӕр. Ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонмӕ фӕхъӕуы ӕнӕуи хъуыддӕгты фӕкӕсын. Фӕлӕ сӕ уӕлдай тынгдӕр та фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ Библийы фӕрцы бафидар кӕной ӕмӕ сӕ ныфс бауадзой (1 Фес. 5:14). Ӕрыгӕтты дӕр фӕхъӕуы цавӕрдӕр зындзинӕдтимӕ тох кӕнын, зӕгъӕм, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдоны» ныхмӕ фидар лӕууын (2 Тим. 2:22). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕна, цӕмӕй зона, чи сӕ цы уавӕры ис, уый, ӕмӕ-иу сӕ Библийы фӕрцы ныфс бауадза. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн афоныл куы баххуыс кӕной, уӕд сӕ бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзысты.

16. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, йӕ уырнындзинад тӕссаг уавӕры кӕмӕн ис, уымӕн?

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн цӕйдӕр тыххӕй тӕссаг у, Йегъовӕйы хӕлар куы нал уа, уымӕй. Уӕд та куыд кӕнгӕ у? Библийы фысджытӕй сӕ иу, Иаков, загъта: «Исчи уӕ рынчын у? Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иак. 5:14, 15). Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм адӕймаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕм йӕхӕдӕг куы нӕ «фӕдзура», уӕддӕр ын хъуамӕ ӕвӕстиатӕй баххуыс кӕной, куыддӕр ын йӕ уавӕры тыххӕй базоной, афтӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу се ’фсымӕрты тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ семӕ иумӕ дӕр куы кувой ӕмӕ-иу бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ куы балӕууой, уӕд сын ныфс ӕмӕ цины хос уыдзысты. (Бакӕс Исайы 32:1, 2.)

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «стыр фыййауы» кӕй фӕзмынц, уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр куыд фӕзыны?

17 Чырыстон ӕмбырды фыййӕуттӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй сын Йегъовӕйы организацийы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ фӕзмой «стыр фыййауы», Йесо Чырыстийы. Уыцы бӕрнон ӕфсымӕртӕ Хуыцауы дзугмӕ сӕ хъус дарынц, ӕмӕ уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты фидар ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Уӕдӕ куыд бузныг стӕм нӕ уарзӕгой фыййӕуттӕй ӕмӕ нӕ кадджын Фыййауӕй, Йегъовӕйӕ!