Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОНӔН НИЦЫУАЛ НЫФС ИС?

Адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр агуырдтой хос мӕлӕты ныхмӕ

Адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр агуырдтой хос мӕлӕты ныхмӕ

ИМПЕРАТОР ЦИНЬ ШИ ХУАН

НОГ ЗӔХХЫТӔ СГАРӔГ ПОНСЕ ДЕ ЛЕОН

Мӕлӕт у нӕ цыфыддӕр знаг. Ӕмӕ адӕймаг цынӕ фӕаразы, цӕмӕй ма амӕла! Нӕ зынаргъ адӕмӕй исчи куы амӕлы, уӕд нӕ нӕ фӕуырны. Кӕнӕ та цалынмӕ ӕрыгон вӕййӕм ӕмӕ нӕ хъару нырма нӕхимӕ вӕййы, уӕдмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын мӕлӕт нӕ дуар никуы ӕрбахойдзӕн – уымӕй нӕхи фӕсайӕм, нӕ бон кӕдмӕ вӕййы, уӕдмӕ.

Ӕнӕмӕлгӕ цардыл рагон фараонтау ӕдзух чи хъуыды кодта, ахӕм адӕм бирӕ нӕ уыд. Фараонтӕ-иу сӕхи цард дӕр, стӕй сӕ лӕггадгӕнджытӕй мингӕйтты цард дӕр, нӕ бавгъау кодтой, цӕмӕй мӕлӕтыл фӕтых уыдаиккой. Цы пирамидӕтӕ арӕзтой, уыдон дзурӕг сты, мӕлын сӕ кӕй нӕ фӕндыд, фӕлӕ сӕ бӕллицӕй кӕй ницы рауад, ууыл.

Китайаг императортӕ дӕр бӕллыдысты ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ. Уыдон та мӕлӕтыл цавӕрдӕр ӕвдадзы хосы фӕрцы фӕуӕлахиз кӕнынмӕ хъавыдысты. Император Цинь Ши Хуан йӕ алхимиктӕй домдта, цӕмӕй ӕрхъуыды кодтаиккой, мӕлӕтӕй сӕ чи бахъахъхъӕдтаид, ахӕм хос. Фӕлӕ сӕ хостӕй бирӕты уыди джынасу (уырыссагау «ртуть»), ӕмӕ уый та туг хъӕстӕ кӕны. Цинь Ши Хуан йӕхӕдӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хостӕй кӕцыдӕрӕй амард.

Нӕ эрӕйы 16 ӕнусы ног зӕххытӕ сгарӕг Испанийӕ Хуан Понсе де Леон науыл Пуэрто-Рикойӕ араст ӕвзонгдзинады суадон агурӕг. Йӕ балцы рӕстӕг ссардта ног зӕхх – Флоридӕ (Америкӕйы Иугонд Штаттӕ). Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ Хуан Понсе де Леон амард, йӕ адӕмимӕ Америкӕйы бынӕттон цӕрджытимӕ куы схӕцыд, уӕд. Ӕмӕ ӕвзонгдзинады суадон афтӕ дӕр никуы ничи ссардта.

Фараонты, императорты ӕмӕ ног зӕххытӕ сгарджыты фӕндыд, цӕмӕй мӕлӕтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Ӕмӕ нӕм кӕд, уый тыххӕй цытӕ арӕзтой, уыдӕттӕ худӕг кӕсынц, уӕддӕр сӕ фӕнд кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы? Ӕнустӕм цӕрын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, нӕй, кӕд ыл алчи нӕ сӕтты, уӕддӕр.

ИСКУЫ ӔНӔМӔЛГӔ ДУНЕ УЫДЗӔН?

Мӕлын нӕ цӕуылнӕ фӕнды? Уый нын ӕмбарын кӕны Библи. Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы * тыххӕй дзы фыст ис: «Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Екклесиаст 3:11). Нӕ диссаджы рӕсугъд зӕххыл нӕ цӕрын фӕнды 80 азы бӕрц нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм (Псалом 90:10). Уый у нӕ зӕрдӕйы бӕллиц.

Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты «ӕнусон цард» цӕмӕн нывӕрдта? Ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ фыдӕнхъӕл фӕкӕна? Уымӕн гӕнӕн нӕй. Уый нӕ, фӕлӕ ма нын Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн. Уый тыххӕй, стӕй ӕнусон царды тыххӕй Библийы бирӕ рӕтты ис фыст. Ӕмӕ нын уымӕй ныфс ӕвӕры Хуыцау. (Кӕс рамкӕ  «Мӕлӕт нал уыдзӕн».)

Чырысти бӕлвырдӕй загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мӕлӕты ныхмӕ дзӕгъӕлы тох кӕнӕм. Фӕлӕ Йесо фидарӕй загъта, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕрцы кӕй ис гӕнӕн, цӕмӕй адӕм мауал мӕлой.

^ 9 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.