Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, ӕнусты Паддзахӕн!

Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, ӕнусты Паддзахӕн!

«Ӕнусты Паддзахӕн... уӕд кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ!» (1 ТИМ. 1:17).

1, 2. а) Чи у «ӕнусты Паддзах» ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Йегъовӕ нӕ Паддзах уа, уый нӕ цӕмӕн фӕнды?

СОБХУЗӔ ДЫККАГ Свазиленды паддзах уыд 61 азы бӕрц. Адӕймаг паддзахы бынаты уыйбӕрц рӕстӕг уа, уый диссаг у. Фӕлӕ ис ахӕм паддзах, ӕмӕ бирӕ фылдӕр рӕстӕг у хицау, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй уӕлдай йӕ цард цыбыр нӕу. Библи йӕ хоны «ӕнусты Паддзах» (1 Тим. 1:17). Псаломзарӕггӕнӕг уыцы Хицауы схуыдта йӕ номӕй: «Йегъовӕ у Паддзах ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Пс. 10:16).

2 Хуыцау уыйбӕрц рӕстӕг кӕй у Паддзах, уый тыххӕй йӕ хицаудзинад иу адӕймаджы хицаудзинадимӕ дӕр нӕй абарӕн. Фӕлӕ, Йегъовӕ нӕ Хицау уа, уый нӕ уымӕн фӕнды, ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, йӕ паддзахы бартӕй куыд пайда кӕны, уый. Рагон Израилы 40 азы дӕргъы паддзах чи уыд, уый Хуыцауы скадджын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт. Йегъовӕ йӕ паддзахбадӕн ӕрфидар кодта уӕлӕрвты. Уый у паддзах ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕппӕтыл дӕр» (Пс. 103:8, 19). Йегъовӕ махӕн ӕрмӕст нӕ Паддзах нӕу, фӕлӕ ма нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕр. Цымӕ уый цавӕр хъуыддӕгтӕй равдыста? Ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ бартӕй куыд пайда кӕны? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм.

ӔНУСТЫ ПАДДЗАХӔН ӔГАС ДУН-ДУНЕЙЫ ИС СТЫР БИНОНТӔ

3. Йегъовӕйӕн Дун-дунейы цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕй фыццаг чи уыд? Хуыцау ма ноджыдӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ «фырттӕ» кӕй схуыдта?

3 Йегъовӕ йӕ фыццаг Фырты куы сфӕлдыста, уӕд ыл куыд тынг цин кодтаид! Хуыцау ӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. Уый йӕ уарзта, фыд йӕ хъӕбулы куыд фӕуарзы, афтӕ ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй йемӕ иумӕ мингай ӕххӕст зӕдты сфӕлдыстаид. Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ Йесойӕн дӕр уыцы хъуыддаг хаста стыр циндзинад (Кол. 1:15–17). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй зӕдтӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц. Йегъовӕ сын ахӕм кад скодта, ӕмӕ сӕ схуыдта йӕ «фырттӕ». Уыдон се ’ппӕт дӕр сты, Йегъовӕйӕн Дун-дунейы цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕй (Пс. 103:20–22; Иов 38:7).

4. Адӕм Йегъовӕйы стыр бинонтӕй куыд систы?

4 Йегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уый фӕстӕ йӕ бинонтӕм ноджыдӕр бафтыд. Зӕххӕй диссаджы рӕсугъд хӕдзар куы скодта, уӕд сфӕлдыста фыццаг адӕймаг Адамы, скодта йӕ йӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:26–28). Йегъовӕ Адамӕн йе Сфӕлдисӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Адам йӕ коммӕ кастаид. Фӕлӕ ма Йегъовӕ Адамӕн уыд йӕ уарзӕгой Фыд дӕр, ӕмӕ йын цы амындтӕ лӕвӕрдта, уыдон ын лӕвӕрдта фӕлмӕнӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ нӕ бастой. (Бакӕс Райдиан 2:15–17.)

5. Хуыцау цы сарӕзта, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид?

5 Зӕххон паддзӕхтӕй бирӕтӕй уӕлдай, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты нымайы йӕ бинонтыл. Уый сыл афтӕ тынг ӕууӕнды, ӕмӕ сын цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ӕхсызгонӕй сӕ бар бакӕны. Зӕгъӕм, Адамӕн цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр йӕ бар бакодта ӕмӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй сын нӕмттӕ радтаид. Уый уыд ӕхсызгон ӕмӕ цымыдисаг куыст (Райд. 1:26; 2:19, 20). Хуыцау адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕхӕдӕг не сфӕлдыста. Уый Адамӕн скодта, йемӕ чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххӕст сылгоймаджы, Евӕйы (Райд. 2:21, 22). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй цот уагътаиккой ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх байдзаг кодтаиккой. Диссаджы уавӕрты цӕргӕйӕ, Адам ӕмӕ Евӕ ӕппынфӕстаг ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой. Ӕмӕ уӕд адӕм уӕларвон зӕдтимӕ иумӕ уыдаиккой Йегъовӕйы бинонтӕй ӕмӕ йын ӕнустӕм лӕггад кодтаиккой. Цӕй диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ каст! Уымӕй ирдӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у.

ХУЫЦАУЫ ФЫРТТӔЙ ЧИДӔРТӔ ЙӔ ХИЦАУДЗИНАДЫ НЫХМӔ РАЦЫДЫСТЫ

6. а) Хуыцауы бинонтӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ куыд рацыдысты? ӕ) Йегъовӕйӕн йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ уыд, ӕмӕ хицауы бартӕ йӕ къухы нал уыдысты?

6 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уыдаид. Уыдон ацыдысты Хӕйрӕджы зондыл, Хуыцауы уӕларвон фырттӕй чи уыд ӕмӕ йӕ ныхмӕ чи сси, уый зондыл (Райд. 3:1–6). Уыцы хъуыддаг сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр ӕрхаста маст, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт (Райд. 3:16–19; Ром. 5:12). Хуыцауӕн зӕххыл коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ нал уыд. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ бартыл йӕ къух систа ӕмӕ зӕххӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн сӕ хицау нал уыд? Ӕппындӕр нӕ! Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта, ӕмӕ сын цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхӕн мауал уыдаид, уый тыххӕй дзӕнӕтмӕ бахизӕны херувимты хъахъхъӕнджытӕй сӕвӕрдта. Афтӕмӕй Хуыцау равдыста, хицауы бартӕ йӕ къухы кӕй сты (Райд. 3:23, 24). Фӕлӕ ма уыцы иу рӕстӕг Хуыцау равдыста, уарзӕгой Фыд кӕй у, уый дӕр. Фидарӕй загъта, йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн – зӕдтӕ ӕмӕ йын адӕм иу стыр бинонтау иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Адамы байзӕддӕгтӕй сӕ иу Хӕйрӕджы кӕй фесафдзӕн ӕмӕ, Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уымӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. (Бакӕс Райдиан 3:15.)

7, 8. а) Нойы заман зӕххыл цы уавӕр уыд? ӕ) Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кодтаид ӕмӕ адӕмы бахъахъхъӕдтаид?

7 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ-иу адӕмӕй кӕйдӕрты, зӕгъӕм, Авелы ӕмӕ Енохы, бафӕндыди, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Паддзахыл нӕ нымадтой. Нойы заманмӕ зӕхх «фыдмитӕй байдзаг» (Райд. 6:11). Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕххы хъуыддӕгтыл йӕ бар нал цыд? Уый тыххӕй Библийы цы ис фыст?

8 Библийы фыст ис, Йегъовӕ Нойӕн кӕй бахӕс кодта стыр нау саразын, стӕй йын бӕстон кӕй бамбарын кодта, куыд аразгӕ у, уый. Уыцы науы фӕрцы фервӕзтаиккой Ной дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр. Хуыцау йӕ зӕххон бинонты се ’ппӕты дӕр кӕй уарзта, уый равдыста, Нойы «рӕстдзинад хъусынгӕнӕгӕй» кӕй сӕвӕрдта, уымӕй (2 Пет. 2:5). Фидарӕй ис зӕгъӕн, Ной адӕмӕн хъаймӕты тыххӕй кӕй хъусын кодта ӕмӕ сын кӕй дзырдта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Фӕлӕ йӕм хъусӕг нӕ уыд. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕсазты дӕргъы цардысты фыддзинад ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йедзаг дунейы. Фӕлӕ Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыцы аст иузӕрдион адӕймаджы хъахъхъӕдта ӕмӕ сын арфӕ кодта. Зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауагъта, уымӕй равдыста, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы адӕмыл дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕг зӕдтыл дӕр йӕ бар кӕй цӕуы, уый (Райд. 7:17–24).

Йегъовӕ йӕ паддзахы бартыл йӕ къух никуы систа (кӕс 6, 8, 10, 12, 17 абзацтӕ)

ЙЕГЪОВӔ ПАДДЗАХ УЫД ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ ФӔСТӔ ДӔР

9. Доны хъаймӕты фӕстӕ Йегъовӕ адӕмӕн цавӕр фадат радта?

9 Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ доны хъаймӕты фӕстӕ науӕй куы рахызтысты ӕмӕ сыгъдӕг уӕлдӕфӕй куы сулӕфыдысты, уӕд сӕ зӕрдӕты Йегъовӕйӕн куыннӕ арфӕ кодтаиккой, кӕй сыл тыхсти ӕмӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Куыддӕр науӕй рахызтысты, афтӕ Ной сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхаста. Хуыцау Нойӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн раарфӕ кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, «цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ (Райд. 8:20–9:1). Адӕмӕн та ногӕй фадат фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кодтаиккой ӕмӕ зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кодтаиккой.

10. а) Доны хъаймӕты фӕстӕ адӕм Йегъовӕйы ныхмӕ кӕм ӕмӕ куыд рацыдысты? ӕ) Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст уыдаид?

10 Фӕлӕ Доны хъаймӕт ӕнӕххӕстдзинадӕн кӕрон не скодта, стӕй Хӕйрӕг ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ дӕр адӕмы дарддӕр дӕр ӕвзӕр зондыл арӕзтой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та адӕм сӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ рацыдысты. Уыдонӕй сӕ иу уыд Нойы фыртӕн йӕ фырты фырт Нимрод. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Нимрод уыд «тыхджын цуанон, уый цыди Йегъовӕйы ныхмӕ». Нимрод сарӕзта стыр горӕттӕ, зӕгъӕм, Вавилон, ӕмӕ «Сеннаары зӕххыл» йӕхи паддзахӕй сӕвӕрдта (Райд. 10:8–12). Цымӕ уыцы уавӕры ӕнусты Паддзах Йегъовӕ цы сарӕзта? Уыцы змӕнтӕг паддзах ын йӕ фӕнд фехалынмӕ кӕй хъавыд, уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Йегъовӕ адӕмӕн се ’взаг схӕццӕ кодта, ӕмӕ уый тыххӕй, Нимроды зондыл чи ацыд, уыдон «ӕгас зӕххы цъарыл» ныппырх сты. Ӕмӕ-иу кӕм ӕрцардысты, уым-иу дарддӕр дӕр сӕ мӕнг дины хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕхицӕн адӕмӕй искӕй хицауӕй сӕвӕрдтой (Райд. 11:1–9).

11. Йегъовӕ куыд равдыста, йӕ хӕлар Авраамыл иузӕрдион кӕй уыд, уый?

11 Доны хъаймӕты фӕстӕ бирӕтӕ куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн, фӕлӕ уӕддӕр, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ахӕм иузӕрдион адӕймӕгтӕ дӕр уыди. Сӕ иу уыд Авраам. Авраам Хуыцауы ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ Уры йӕ хорз цард ныууагъта ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы цатырты фӕцард (Райд. 11:31; Дзут. 11:8, 9). Авраам цыди иу ранӕй иннӕ ранмӕ. Арӕх-иу йӕ алыварс цардысты алыхуызон паддзӕхтӕ, ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕй бирӕтӕ цардысты къултӕй ӕхгӕд горӕтты. Фӕлӕ Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уый тыххӕй Авраамы ӕмӕ йӕ бинонты хъахъхъӕдта. Уый фӕдыл псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой, фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта: „Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм, мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут“» (Пс. 105:13–15). Йегъовӕ йӕ хӕлар Авраамыл иузӕрдион уыд, ӕмӕ йын уый тыххӕй зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕуӕй рацӕудзӕн паддзӕхтӕ» (Райд. 17:6; Иак. 2:23).

12. Йегъовӕ куыд равдыста, Египетыл дӕр йӕ бар кӕй цӕуы, уый? Уыцы хабар йе ’взӕрст адӕмӕн хорзӕй цы ’рхаста?

12 Йегъовӕ Авраамы фырт Исахъӕн ӕмӕ Авраамы фырты фырт Иаковӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕй паддзӕхтӕ кӕй рацӕудзӕн (Райд. 26:3–5; 35:11). Фӕлӕ уыцы ныхас куы нӕма сӕххӕст, уӕд Иаковы байзӕддӕгтӕ Египеты систы цагъартӕ. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодта ӕмӕ йӕ паддзахы бартыл йӕ къух систа? Ницы хуызы! Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕ равдыста, стыр хъаруйы хицау кӕй у ӕмӕ йӕ бар ӕнӕсӕттон фараоныл дӕр кӕй цӕуы. Израилӕгтӕ Йегъовӕйыл баууӕндыдысты, ӕмӕ сӕ диссаджы хуызы ссӕрибар кодта – Сырх денджызыл сӕ ахизын кодта. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ уыцы рӕстӕг дӕр уыди Дун-дунейы хицау. Ӕмӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йе стыр хъаруйы фӕрцы йӕ адӕмы бахъахъхъӕдта. (Бакӕс Рацыд 14:13, 14.)

ЙЕГЪОВӔ ССИ ИЗРАИЛЫ ПАДДЗАХ

13, 14. а) Израилӕгтӕ сӕ кады зарӕджы Йегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй цавӕр ныхӕстӕ загътой? ӕ) Хуыцау Давидӕн паддзахады фӕдыл зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

13 Куыддӕр Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта, афтӕ йын уыдон кады зарӕг ныззарыдысты. Уыцы зарӕг фыст ис Рацыды чиныджы 15-ӕм сӕры, ӕмӕ дзы 18-ӕм стихы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ уыдзӕн паддзах ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ сси ног адӕмы Паддзах – израилӕгты Паддзах (Дык. з. 33:5). Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ израилӕгтӕ, Йегъовӕ се ’нӕуынгӕ Паддзах кӕй уыд, уымӕй разы нал уыдысты. Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй иу-400 азы фӕстӕ Хуыцауӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй сын паддзахӕй адӕймаджы сӕвӕрдтаид, мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕм куыд уыд, афтӕ (1 Сам. 8:5). Фӕлӕ Йегъовӕ уӕд дӕр уыд Паддзах, ӕмӕ уый рабӕрӕг Израилы дыккаг паддзах Давиды хицаудзинады рӕстӕджы.

14 Давид бадзырды чырын Иерусалиммӕ куы ’рбахаста, уӕд адӕм иууылдӕр цин кодтой. Уыцы рӕстӕг левиттӕ Йегъовӕйӕн зарыдысты кады зарӕг, ӕмӕ уыцы зарӕджы ис цымыдисаг ныхӕстӕ: «Адӕмты ’хсӕн дзурӕнт: „Йегъовӕ сси паддзах!“» (1 Аз. 16:31). Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ ӕнусты Паддзах у, уӕд ма уыцы рӕстӕг Паддзах куыд сси? Йегъовӕ Паддзах свӕййы, кӕцыдӕр рӕстӕг кӕнӕ цавӕрдӕр уавӕры йӕ бартӕй куы спайда кӕны йе та, йӕ номӕй чи архайа, ахӕм искӕй куы сӕвӕры, уӕд. Йегъовӕ Паддзах куыд свӕййы, уый ӕмбарын тынг ахсджиаг у. Давид ма ӕгас куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ паддзахад ӕнустӕм кӕй лӕудзӕн ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕуӕй чи рацӕуа, уый, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн» (2 Сам. 7:12, 13). Уыцы ныхас сӕххӕст, 1 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд – уыцы рӕстӕджы фӕзынд Давиды «байзӕддаг». Цымӕ уый чи разынд ӕмӕ Паддзах кӕд сси?

ЙЕГЪОВӔ СӔВӔРДТА НОГ ПАДДЗАХЫ

15, 16. а) Йегъовӕ Йесойы кӕд байсӕрста, цӕмӕй Паддзах суыдаид? ӕ) Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цавӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта?

15 Н. э. 29 азы Аргъауӕг Иоанн райдыдта хъусын кӕнын, «уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ (Матф. 3:2). Иоанн Йесойӕн донаргъуыд куы радта, уӕд Йегъовӕ Йесойы йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, ӕмӕ уый сси Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фидӕны Паддзах. Йегъовӕ Йесойы куыд уарзта, уый равдыста мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17).

16 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ Фыды кадджын кодта (Иоан. 17:4). Фыццаджыдӕр, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта (Лук. 4:43). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ма уыцы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй кувын дӕр бафӕдзӕхста (Матф. 6:10). Йесо Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йӕ ныхмӕлӕуджытӕн афтӕ зӕгъын: «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис» (Лук. 17:21). Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр та Йесо йӕ апостолтимӕ скодта «бадзырд паддзахады тыххӕй». Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ Хуыцауы Паддзахады йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты. (Бакӕс Лукайы 22:28–30.)

17. Н. э. 33 азы Йесо йӕ паддзахы бартӕй пайда кӕнын куыд райдыдта, фӕлӕ йӕ цӕмӕ хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

17 Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕд хъуамӕ суыдаид? Уайтагъд нӕ. Паддзахады бадзырд куы скодта, уый фӕстӕ йӕ иннӕ бон амардтой, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ныппырх сты (Иоан. 16:32). Фӕлӕ, раздӕр куыд уыд, афтӕ уӕд дӕр Йегъовӕйӕн уавӕрыл йӕ бар цыди. Ӕртыккаг бон Йегъовӕ йӕ Фырты райгас кодта. Ӕмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесо райдыдта йӕ паддзахы бартӕй пайда кӕнын – чырыстон ӕмбырдӕн разамынд дӕттын райдыдта (Кол. 1:13). Фӕлӕ уӕддӕр Йесойы, зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы, хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ йӕ бар ӕгас зӕххыл дӕр нӕ цыдаид, уӕдмӕ. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ» (Пс. 110:1).

ЛӔГГАД КӔНУТ ӔНУСТЫ ПАДДЗАХӔН!

18, 19. а) Не ’ппӕты дӕр цы фӕнды? ӕ) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

18 Миназты дӕргъы зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ цыдысты. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ паддзахы бартыл йӕ къух никуы систа, алкӕуыл дӕр ӕмӕ-иу алцӕуыл дӕр йӕ бар цыди. Стӕй, уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Ной, Авраам ӕмӕ Давиды, хъахъхъӕдта ӕмӕ сыл тыхсти. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй куыннӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Паддзахмӕ хъусӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм!

19 Фӕлӕ ныр ӕвзӕры ахӕм фарстатӕ: нӕ рӕстӕджы та Йегъовӕ Паддзах куыд сси? Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый? Йе ’ххӕст фырттӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм? Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый цӕуыл дзурӕг у? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.