Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...

Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй тыхджынтӕ лӕмӕгъты ӕфхӕрой?

Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй тыхджынтӕ лӕмӕгъты ӕфхӕрой?

Тыхджын адӕймаг-иу лӕмӕгъы куыд бафхӕрдта, ахӕм хабӕрттӕ Библийы бирӕ ис. Уыдонӕй иу у Навуфейы хабар *. Нӕ эрӕйы размӕ дӕсӕм ӕнусы Израилы паддзах Ахав йӕ ус Йезавелӕн уый бар радта, цӕмӕй Навуфейы ӕмӕ йын йӕ фыртты амардтаид, ӕмӕ афтӕмӕй Навуфейы сӕнӕфсирдон йӕхи бауыдаид (1 Паддзӕхты 21:1–16; 2 Паддзӕхты 9:26). Хуыцау цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Ахав йӕ барты руаджы кӕйдӕрты бабын кодтаид?

Хуыцауӕн «йӕ бон сайын... нӕу» (Титмӕ 1:2)

Уымӕн иу ахсджиаг аххосаг у уый, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон сайын нӕу (Титмӕ 1:2). Фӕлӕ уый, чидӕр кӕйдӕр кӕй ӕфхӕры, уымӕ цы бар дары? Ӕппӕты райдианы Хуыцау адӕмы бафӕдзӕхста, йӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕм Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ иу адӕймаг дӕр мӕлӕтӕй хызт нӕу. Зӕххыл фыццаг адӕймаг амард, тыхджынӕн лӕмӕгъыл йӕ бар кӕй цыд, уый аххосӕй – Каин амардта йе ’фсымӕр Авелы (Райдиан 2:16, 17; 4:8).

Уӕдӕй нырмӕ адӕм куыд цӕрынц, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Хуыцау йӕ адӕмӕн, израилӕгтӕн, рагацау загъта, сӕ паддзӕхтӕ сӕ кӕй ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ уӕд Хуыцаумӕ кӕй дзыназдзысты (1 Самуилы 8:11–18). Суанг ма зондджын паддзах Соломон дӕр адӕмӕн стыр хъалонтӕ фидын кодта (1 Паддзӕхты 11:43; 12:3, 4). Ахавы хуызӕн ӕвзӕр паддзӕхтӕ та адӕмӕн ноджы фыддӕр уыдысты. Ахъуыды-ма кӕнӕм: цымӕ Хуыцау, бартӕ кӕй къухы ис, уыдоны иннӕты ӕфхӕрын куы нӕ уагътаид, уӕд йӕ ныхас нӕ фӕсайдтаид?

«Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9)

Хъуамӕ нӕ уый дӕр рох ма уа, Хӕйрӕг афтӕ кӕй зӕгъы, ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн ӕрмӕст сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц (Иов 1:9, 10; 2:4). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты куы хъахъхъӕнид, цӕмӕй сӕ ӕппындӕр мачи ӕфхӕра, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уаид, ӕмӕ Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта? Ӕмӕ Хуыцау ӕппындӕр куы никӕй уадзид ӕфхӕрын, уӕд цымӕ ноджы тынгдӕр нӕ саид? Хуыцау алкӕй дӕр фыдбылызӕй куы хъахъхъӕнид, уӕд бирӕтӕ хъуыды кӕниккой, ӕмӕ адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй дӕр сӕ бон цӕрын у. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы уый фӕдыл бынтон ӕндӕр цыдӕр ис фыст – адӕймагӕн йӕ бон нӕу йӕхицӕн разамынд дӕттын (Йереми 10:23). Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, ӕрмӕстдӕр уӕд нал уыдзӕн фыддзинад.

Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иутӕ иннӕты кӕй ӕфхӕрынц, уый ныр Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу? Афтӕ кӕй нӕу, уый бӕрӕг у дыууӕ хъуыддагӕй. Фыццаг, Хуыцау нын ӕфхӕрды тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ӕмбарын кӕны. Зӕгъӕм, йӕ Ныхасы лыстӕг хабӕртты онг фыст ис, Йезавел Навуфейы ныхмӕ цы фыдвӕнд скодта, уый тыххӕй. Библийӕ нӕ бон у базонын, ахӕм фыдхъуыддӕгтӕ кӕй цӕуынц цавӕрдӕр тыхджын хицауы фӕндӕй. Уыцы хицауы нӕ фӕнды, цӕмӕй, чи у, уый исчи базона (Иоанны 14:30; 2 Коринфӕгтӕм 11:14). Библи нын ӕргом кӕны, уый кӕй у Сайтан Хӕйрӕг. Хуыцау нын, ӕфхӕрд ӕмӕ фыддзинад цы сты ӕмӕ кӕмӕй цӕуынц, уый кӕй ӕргом кӕны, уый фӕрцы нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕ кӕнынӕй нӕхи хизӕм. Афтӕмӕй нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй ӕнусон цардӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм.

Дыккаг, Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ничи никӕйуал ӕфхӕрдзӕн. Ахав ӕмӕ Йезавелӕн – стӕй ма ноджы бирӕ кӕмӕндӕрты дӕр – сӕ фыдми куыд раргом кодта, куыд сын стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ куыд бафхӕрдта, уый нын фидар ныфс дӕтты, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ фыдгӕнджыты иууылдӕр кӕй фесафдзӕн (Псалом 52:1–5). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ныфс ӕвӕры, фыддзинады аххосӕй цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уыдӕттӕ тагъд хъуыды дӕр кӕй ничиуал ӕркӕндзӕн *. Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Навуфей ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕнустӕм цӕрдзысты, иунӕг хӕрам хъуыддаг дӕр кӕм нал уыдзӕн, уыцы зӕххыл (Псалом 37:34).

^ 3 абз. Кӕс ацы журналы статья, «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», зӕгъгӕ.

^ 8 абз. Кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 11 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.