Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!

Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!

«Дӕ намысимӕ тындз уӕлахизмӕ» (ПС. 45:4).

1, 2. 45-ӕм псаломы фыст хабӕрттӕ цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?

КАДДЖЫН паддзах ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл йӕ бӕхыл размӕ бырсы, цӕмӕй йе знӕгты фесафа. Ӕмӕ сыл йӕ фӕстаг тохы куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ын уыдзӕн чындзӕхсӕв йӕ рӕсугъд усагимӕ. Уыцы паддзахы хъуыды кӕндзысты ӕмӕ кадджын кӕндзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ. Ацы хабӕртты кой цӕуы 45-ӕм псаломы.

2 Фӕлӕ уыцы псаломы цы фыст ис, уый ӕнӕуи рӕсугъд таурӕгъ нӕу. Цы хабӕртты кой дзы цӕуы, уыдон махмӕ дӕр хауынц – нӕ абоны цард дӕр ӕмӕ нӕ фидӕн дӕр уыдоныл баст сты. Цӕй уӕдӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм уыцы псаломмӕ.

«МӔ ЗӔРДӔ МЫН ССЫГЪТА АРФӔЙАГ НЫХАС»

3, 4. а) Псаломзарӕггӕнӕг кӕй кой кодта, уыцы «арфӕйаг ныхас» цы у ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ куыд агайы? ӕ) «Паддзахы тыххӕй» цавӕр хабар хъусын кӕнӕм? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «не ’взаг фестад дӕсны писыры фыссӕнгарз»?

3 Бакӕс Псалом 45:1. Псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕ чи бацагайдта, уыцы «арфӕйаг ныхас» у паддзахы тыххӕй. Уыцы ныхас ын йӕ «зӕрдӕ ссыгъта» ӕмӕ «йе ’взаг фестад дӕсны писыры фыссӕнгарз».

4 Махӕн уый цӕуыл дзурӕг у? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар у, нӕ зӕрдӕ нын чи агайы, ахӕм «арфӕйаг ныхас». Уыцы хабар уӕлдай «арфӕйаг» сси 1914 азы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы хабар, фидӕны чи райдайдзӕн архайын, уыцы Паддзахады тыххӕй нал у, фӕлӕ, ныртӕккӕ уӕлӕрвты чи архайы, уыцы хицауады тыххӕй. Уый у, «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр... ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы хорз хабар (Матф. 24:14). Цымӕ махӕй дӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар нӕ зӕрдӕтӕ «ссыгъта»? Уыцы хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм? Псаломзарӕггӕнӕгау мах дӕр, «цы аразӕм, уый аразӕм паддзахы тыххӕй», нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй. Мах хъусын кӕнӕм, Чырысти уӕлӕрвты кӕй сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Уымӕй уӕлдай ма алкӕй дӕр – хицӕутты дӕр ӕмӕ ӕнӕуи адӕмы дӕр – разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй сӕхи йӕ дӕлбар бакӕной (Пс. 2:1, 2, 4–12). Ӕмӕ, уацамынды ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхасӕй кӕй фӕпайда кӕнӕм, уый тыххӕй махӕй дӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ «не ’взаг фестад дӕсны писыры фыссӕнгарз».

Мах зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм хорз хабар нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй

ПАДДЗАХЫ «ӔВЗАГӔЙ ЦЫ НЫХӔСТӔ ЦӔУЫ, УЫДОН» СТЫ ӔХСЫЗГОН

5. а) Йесойы «рӕсугъд» цӕмӕн уыд схонӕн? ӕ) Йесо цавӕр «ӕхсызгон ныхӕстӕ» кодта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

5 Бакӕс Псалом 45:2. Йесойы ӕддаг бакаст цавӕр уыд, уый тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй. Ӕххӕст нӕлгоймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, рӕсугъд кӕй уыд. Фӕлӕ йӕ рӕсугъддзинад сӕйраджыдӕр уый мидӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр ницӕмӕй уыд. Уымӕй уӕлдай ма Библийы кӕсӕм, Йесо кӕй кодта «ӕхсызгон ныхӕстӕ» – хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Лук. 4:22; Иоан. 7:46). Цымӕ мах дӕр архайӕм, цӕмӕй уацамынды Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ, адӕмы зӕрдӕтӕ чи бацагайа, ахӕм ныхӕстӕ дзурӕм? (Кол. 4:6).

6. Хуыцау Йесойӕн «ӕнустӕм» куыд раарфӕ кодта?

6 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ арфӕ кодта. Йесо йӕ цард нывондӕн куы ’рхаста, уый фӕстӕ дӕр ӕй Хуыцау схорзӕхджын кодта. Апостол Павел Йесойы тыххӕй ныффыста: «Адӕймаг куы уыди, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ сси коммӕгӕс, коммӕгӕс мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номы раз алчидӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа – уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон,– ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн» (Фил. 2:8–11). Йегъовӕ Йесойы кӕй райгас кодта ӕмӕ йын ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй радта, уымӕй йын «ӕнустӕм» раарфӕ кодта (Ром. 6:9).

ПАДДЗАХ «ЙЕ ’МБӔЛТТӔЙ» УӔЛДӔР ӔВӔРД ӔРЦЫД

7. Хуыцау Йесойы «йе ’мбӕлттӕй уӕлдай... цины сойӕ» кӕй байсӕрста, уый куыд ӕмбаргӕ у?

7 Бакӕс Псалом 45:6, 7. Йесо рӕстдзинад тынг кӕй уарзы ӕмӕ, йӕ Фыды ном цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ йӕ Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта. Хуыцау ӕй «йе ’мбӕлттӕй уӕлдай», ома, Давиды байзӕддӕгтӕй Иудӕйы паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонӕй уӕлдай, «цины сойӕ» байсӕрста. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Фыццаджыдӕр, Йесойы Йегъовӕ йӕхӕдӕг байсӕрста. Стӕй ма йӕ Йегъовӕ байсӕрста, кӕнӕ сӕвӕрдта, Паддзахӕй дӕр ӕмӕ Хистӕр сауджынӕй дӕр (Пс. 2:2; Дзут. 5:5, 6). Уымӕй уӕлдай ма йӕ Хуыцау байсӕрста сойӕ нӕ, фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ Йесо Паддзах у уӕлӕрвты, зӕххыл нӕ, фӕлӕ.

8. «Хуыцау йӕхӕдӕг у [Йесойы] паддзахбадӕн», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, Йесо алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн?

8 Йегъовӕ йӕ Фыртӕн уӕлӕрвты паддзахы бартӕ радта 1914 азы. Йесойӕн йӕ «паддзахы лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн. Йесо Паддзах уа, уый бар ын уымӕн ис, ӕмӕ «Хуыцау йӕхӕдӕг у йӕ паддзахбадӕн», ома йӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг сӕвӕрдта Паддзахӕй. Уымӕй уӕлдай ма Йесойы паддзахбадӕн уыдзӕн «ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Уӕдӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзахы дӕлбар кӕй стӕм, уымӕй сӕрыстыр куыннӕ хъуамӕ уӕм!

ПАДДЗАХ ЙӔ ХЪАМА «ЙӔ АСТӔУЫЛ ӔРБАБАСТА»

9, 10. а) Чырысти йӕ хъама йӕ астӕуыл кӕд ӕрбабаста ӕмӕ дзы куыд спайда кодта? ӕ) Чырысти ма йӕ хъамайӕ фидӕны куыд спайда кӕндзӕн?

9 Бакӕс Псалом 45:3. Йегъовӕ йе ’вӕрд Паддзахӕн загъта, дӕ хъама дӕ астӕуыл ӕрбабӕтт, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй Йегъовӕ Йесойӕн уый бар радта, цӕмӕй, Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдонимӕ схӕца ӕмӕ сӕ фесафа (Пс. 110:2). Чырысти хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах кӕй у, стӕй йе знӕгтыл ӕнӕмӕнг кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ йӕ псаломзарӕггӕнӕг схуыдта «тыхджынгуырд». Йесо йӕ хъама йӕ астӕуыл ӕрбабаста 1914 азы, ӕмӕ уыцы аз Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтыл фӕуӕлахиз – уӕлӕрвтӕй сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста (Рарг. 12:7–9).

10 Фӕлӕ уый уыди ӕрмӕстдӕр йӕ фыццаг уӕлахиз. Чырысти йе знӕгтыл нырма хъуамӕ кӕронмӕ «фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 6:2). Йегъовӕ сфӕнд кодта Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесафын, стӕй ма афтӕ дӕр бакӕнын, цӕмӕй Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ ӕвзӕр зондыл макӕйуал аразой. Фыццаг уал сӕфт ӕрцӕудзӕн Стыр Вавилон, ома мӕнг динтӕ иууылдӕр. Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ уыцы «хӕтаг сылгоймаг» сӕфт ӕрцӕудзӕн дунейы хицӕутты къухӕй (Рарг. 17:16, 17). Уый фӕстӕ Чырысти кӕрон скӕндзӕн, Хӕйрӕджы дунейы цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдонӕн. Ӕппынфӕстаг Йесо Хӕйрӕгыл ӕмӕ дӕлимонтыл кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн – дӕлдзӕхмӕ сӕ ныппардзӕн. Ӕмӕ йӕ Библи «дӕлдзӕхы зӕд» дӕр уымӕ гӕсгӕ хоны (Рарг. 9:1, 11; 20:1–3). Ӕркӕсӕм-ма, 45-ӕм псаломы ацы диссаджы хабӕртты тыххӕй цы ис фыст, уымӕ.

ПАДДЗАХ РАЦЫД «ӔЦӔГДЗИНАДЫ... НОМЫЛ»

11. Чырысти «ӕцӕгдзинады... номыл» кӕй рацыд, уый цӕуыл дзурӕг у?

11 Бакӕс Псалом 45:4. Паддзахӕн йӕ тох уый номыл нӕу, цӕмӕй зӕххытӕ бацахса ӕмӕ адӕмы йӕ дӕлбар бакӕна. Уый тох кӕны «ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл». Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, ӕмӕ Чырысти сӕйраджыдӕр уыцы «ӕцӕгдзинады... номыл» тох кӕны. Хуыцауӕн ахӕм бар кӕй ис, уый Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы «ӕцӕгдзинад» дзырддаг кӕнынц дӕлимонтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр. Фӕлӕ ныр ӕрцыд уыцы рӕстӕг, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах сбӕлвырд кӕна, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа.

12. Паддзах «сӕрныллӕгдзинады... номыл» кӕй рацыд, уый цӕуыл у?

12 Паддзах ма рацыд «сӕрныллӕгдзинады... номыл» дӕр. Чырысти йӕхӕдӕг дӕр у сӕрныллӕг ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕсы (Ис. 50:4, 5; Иоан. 5:19). Ӕмӕ йӕхи йӕ дӕлбар чи бакодта, уыдон дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмой ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйӕн коммӕгӕс уой. Хуыцау цы ног дуне скӕндзӕн, уым ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕмӕн уыдзӕн цӕрыны бар (Зах. 14:16, 17).

13. Цӕуыл дзурӕг у, Чырысти «рӕстдзинады номыл» кӕй рацыд, уый?

13 Чырысти ма ноджыдӕр рацыд «рӕстдзинады номыл». Уыцы рӕстдзинад у Хуыцауы рӕстдзинад, ома, Йегъовӕ хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый (Ром. 3:21; Дык. з. 32:4). Пехуымпар Исай Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй ныффыста: «Паддзах архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Ис. 32:1). Йесо йӕ хицаудзинады рӕстӕджы скӕндзӕн, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхх» (2 Пет. 3:13). Уыцы ног дунейы цӕрӕг адӕмӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕйы раст закъӕттӕ ӕххӕст кӕна (Ис. 11:1–5).

ПАДДЗАХ АРАЗЫ, «АДӔЙМАГЫЛ ТАС ЧИ ’ФТАУЫ, АХӔМ ХЪУЫДДӔГТӔ»

14. Чырыстийы рахиз къух, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» сараздзӕн, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Кӕс нывмӕ 3 фарсыл.)

14 Псаломзарӕггӕнӕг загъта, Паддзах йӕ астӕуыл хъама кӕй ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕй рацӕудзӕн (Пс. 45:3). Стӕй уыцы хъама йӕ рахиз къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ хӕцын райдайдзӕн. Уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг мӕнӕ цы пехуымпар-ныхас загъта: «Дӕ рахиз къух равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» (Пс. 45:4). Йесо Чырысти Армагеддоны рӕстӕг Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕнынмӕ куы рацӕуа, уӕд сараздзӕн, йе знӕгтыл тас чи бафтаудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Чырысти Хӕйрӕджы дуне куыд фесафдзӕн, уый мах бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ дара ӕмӕ йӕхи йе ’вӕрд Паддзахы дӕлбар чи нӕ бакӕна, уыдон фыртӕссӕй нырриздзысты. (Бакӕс Псалом 2:11, 12.) Йесо фӕстаг бонты кой кӕнгӕйӕ загъта: «Адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕмӕ уӕд фендзысты Адӕймаджы Фырты мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Лук. 21:26, 27).

15, 16. Чырысти тохмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыцы «ӕфсӕдты» чи уыдзӕн?

15 Паддзах «тых ӕмӕ стыр кадимӕ» Хуыцауы знӕгты фесафынмӕ куыд рацӕудзӕн, уый тыххӕй Раргомады чиныджы фыст ис: «Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй. [...] Йӕ фӕдыл цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ урс бӕхтыл. Сӕ уӕлӕ уыди урс, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс. Йӕ дзыхӕй цӕуы даргъ цыргъ хъама, цӕмӕй дзы адӕмты ныццӕгъда. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир» (Рарг. 19:11, 14, 15).

16 Чырысти тохмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыцы уӕларвон «ӕфсӕдты» чи уыдзӕн? Йесо йӕ хъама йӕ къухмӕ фыццаг хатт куы райста ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй куы ӕрӕппӕрста, уӕд йемӕ уыдысты «йӕ зӕдтӕ» (Рарг. 12:7–9). Уӕдӕ раст уыдзӕн зӕгъын, ӕмӕ Армагеддоны хӕсты дӕр зӕдтӕ уыдзысты Чырыстийы ӕфсады. Цымӕ ма дзы уыдонӕй уӕлдай исчи уыдзӕн? Йесо йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн,– мӕн мӕ Фыд куыд сӕвӕрдта, афтӕ,– ӕмӕ сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй здахдзӕн, ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты» (Рарг. 2:26, 27). Уӕдӕ Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ уӕлӕрвты сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд уыдон дӕр уыдзысты йӕ уӕларвон ӕфсады. Йесо адӕмты «ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй [куы] здаха» ӕмӕ, «адӕймаджы тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ» куы араза, уӕд 144 мины уыдзысты йӕ фарсмӕ.

ПАДДЗАХ ЙЕ ЗНӔГТЫЛ КӔРОНМӔ ФӔУӔЛАХИЗ

17. а) Чырысти урс бӕхыл кӕй рацыд, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Хъама ӕмӕ ӕрдын цӕмӕ амонынц?

17 Бакӕс Псалом 45:5. Паддзах рацыд урс бӕхыл. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы хӕст у Хуыцауы фӕндӕй ӕмӕ йӕ цӕсты у раст (Рарг. 6:2; 19:11). Хъамайӕ уӕлдай ма Чырыстимӕ ис ӕрдын дӕр. Библийы кӕсӕм: «Акастӕн, ӕмӕ федтон урс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕ уыди ӕрдын. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа». Хъама дӕр ӕмӕ ӕрдын дӕр амонынц, Йесо йе знӕгты кӕй фӕрцы фесафдзӕн, уыцы мадзӕлттӕм.

Мӕргътӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной (кӕс 18 абзац)

18. Чырысти йӕ «цыргъ фаттӕй» куы спайда кӕна, уӕд цы ’рцӕудзӕн?

18 Псаломзарӕггӕнӕг ма Паддзахы тыххӕй ныффыста ахӕм пехуымпар-ныхас дӕр: «Дӕ цыргъ фаттӕ ахизынц паддзахы знӕгты зӕрдӕйы, адӕмтӕ дӕ разы хауынц». Уыцы тох уыдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Йеремийы пехуымпарады фыст ис: «Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ» (Йер. 25:33). Уыцы хабары тыххӕй ма ӕндӕр пехуымпарады фыст ис: «Федтон ма иу зӕды хуры астӕу лӕугӕ. Уый ныхъхъӕр кодта, арвы бӕрзӕндты чи тӕхы, уыцы мӕргътӕм се ’ппӕтмӕ дӕр: „Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр ӕхсӕвӕрмӕ, ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсады сӕргълӕуджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт адӕмы мӕрдтӕ: сӕрибарты ӕмӕ цагъарты, хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты“» (Рарг. 19:17, 18).

19. Чырысти уӕлахизмӕ куыд «атындздзӕн» ӕмӕ куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?

19 Чырысти Хӕйрӕджы фыддунейӕн кӕрон куы скӕна, уӕд «йӕ намысимӕ атындздзӕн уӕлахизмӕ» (Пс. 45:4). Йесо фӕуӕлахиз уыдзӕн Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтыл – дӕлдзӕхмӕ сӕ ныппардзӕн, ӕмӕ уым уыдзысты, цалынмӕ мин азы дӕргъы Паддзах уа, уӕдмӕ (Рарг. 20:2, 3). Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ мардӕй уӕлдай нӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ бон никӕмӕнуал уыдзӕн зиан хӕссын. Зӕххыл цӕрӕг адӕмы ницыуал хъыгдардзӕн алы хъуыддаджы дӕр Паддзахы коммӕ кӕсын. Ӕмӕ сын уый уыдзӕн цины хос. Фӕлӕ цалынмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суа, уӕдмӕ ма адӕм Паддзах Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонимӕ цин кӕндзысты ӕндӕр хабарыл дӕр. Уыцы хабарыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.