Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у нӕ Дарӕг ӕмӕ нӕ Хъахъхъӕнӕг

Йегъовӕ у нӕ Дарӕг ӕмӕ нӕ Хъахъхъӕнӕг

«Кӕй мӕ бауарзта, уый тыххӕй йӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ном базыдта» (ПС. 91:14).

1, 2. Цы уавӕрты схъомыл стӕм, стӕй, рӕстдзинад куыд базыдтам, уымӕй кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнӕм?

ЙЕГЪОВӔ у бинонты царды бындурӕвӕрӕг (Еф. 3:14, 15). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, иу бинонтӕй чи вӕййы, суанг уыдонӕн дӕр сӕ миниуджытӕ ӕмӕ сӕ уавӕртӕ иухуызон нӕ вӕййынц. Чидӕртӕ, цалынмӕ нӕ сыстыр сты, уӕдмӕ цардысты сӕ ныййарджытимӕ. Кӕмӕндӕрты та, нырма гыццыл уыдысты, афтӕмӕй сӕ ныййарджытӕ цавӕрдӕр низ кӕнӕ бӕллӕхы аххосӕй амардысты. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ, сӕ ныййарджытӕ чи сты, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц.

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй куы зӕгъӕм, уӕд уыдон се ’ппӕт дӕр сты Хуыцауы стыр бинонтӕй. Фӕлӕ рӕстдзинад иухуызон нӕ базыдтой. Махӕй чидӕртӕ рӕстдзинад зонынц гыццылӕй фӕстӕмӕ, нӕ ныййарджытӕ нын Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ зӕрдӕйы арф кӕй нывӕрдтой, уый фӕрцы (Дык. з. 6:6, 7). Мингӕйттӕ та нӕ рӕстдзинад базыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй нын чидӕр хорз хабар кӕй радзырдта, уый фӕрцы (Ром. 10:13–15; 1 Тим. 2:3, 4).

3. Не ’ппӕтмӕ дӕр иухуызонӕй цы ис?

3 Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр не ’ппӕтмӕ дӕр иухуызонӕй цыдӕр ис. Адам Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй нӕ алчидӕр йӕ туджы рахаста ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕд, стӕй мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм (Ром. 5:12). Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хонӕм «нӕ Фыд». Зӕгъӕм, раджы заманты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмӕн сӕ бон уыди зӕгъын: «О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд» (Ис. 64:8). Стӕй ма Йесо дӕр, кувын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд фыццаг загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9).

4, 5. Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Нӕ уӕларвон Фыдыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кӕй фӕкувӕм, уый тыххӕй ныл тыхсы ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Псаломзарӕггӕнӕджы уылты Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕй тыххӕй дӕр загъта: «Кӕй мӕ бауарзта, уый тыххӕй йӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ном базыдта» (Пс. 91:14). Нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ нӕ не знӕгтӕй ирвӕзын кӕны ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны, цӕмӕй нӕ зӕххы цъарӕй ма фесафой.

5 Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды ноджы тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй аныхас кӕнӕм ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл: 1) нӕ уӕларвон Фыд у нӕ Дарӕг; 2) Йегъовӕ у нӕ Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ 3) Хуыцау у нӕ хуыздӕр Хӕлар. Хорз уаид, ацы статья ӕвзаргӕйӕ куы ахъуыды кӕниккам, нӕ уӕларвон Фыдимӕ цас ӕнгом стӕм ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у кадджын кӕнын, ууыл. Стӕй ма хорз уаид нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕмӕ ӕввахс чи у, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр (Иак. 4:8).

ЙЕГЪОВӔ У НӔ ДАРӔГ

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый» Йегъовӕйӕ цӕуы?

6 Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта... уыцы Фыдӕй» (Иак. 1:17). Цард йӕхӕдӕг дӕр у Йегъовӕйы диссаджы лӕвар (Пс. 36:9). Ӕмӕ нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд абон дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, ӕмӕ ног дунейы та ӕнустӕм цӕрдзыстӕм (Ӕмб. 10:22; 2 Пет. 3:13). Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, кӕд ӕмӕ Адамы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын стӕм ӕмӕ нӕм уый тыххӕй мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

7. Хуыцау цы сарӕзта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм?

7 Йегъовӕ нӕ Дарӕг кӕй у, ома ныл кӕй тыхсы, уый тынг бирӕ хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг. Зӕгъӕм, йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна, цы мӕгуырау уавӕры стӕм, уымӕй. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Адамы аххосӕй не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст (Ром. 3:23). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ уарзы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ радта фадат, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоан. 4:9, 10).

8, 9. Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый Авраам ӕмӕ Исахъы хабарӕй куыд рабӕрӕг? (Кӕс нывмӕ 16 фарсыл.)

8 Н. э. размӕ 1893 азмӕ ’ввахс цы хабар ӕрцыд, уый амыдта, Йегъовӕ йе стыр уарзондзинадмӕ гӕсгӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕнусон цард цӕй фӕрцы ратдзӕн, уымӕ. Дзуттӕгтӕм 11:17–19 уыцы хабары тыххӕй фыст ис: «Авраам фӕлвӕрд куы цыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы нывондӕн ӕрхаста – о, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл чи цин кодта, уыцы адӕймаг цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ, кӕд ӕмӕ йын афтӕ загъд уыд, „дӕ байзӕддаг“ кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ уый афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди, цыма йын мӕрдтӕй раздӕхт, ӕмӕ уыцы хабарӕн ис фӕсномыг хъуыды». Авраам цӕттӕ уыд йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Ӕмӕ раст афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ Фырт Йесо Чырыстийы адӕмы тыххӕй нӕ бавгъау кодта. (Бакӕс Иоанны 3:16, 36.)

9 Исахъ уый куы бамбӕрста, ӕмӕ йӕ йӕ фыд нывондӕн нал ӕрхӕсдзӕн, уӕд куыннӕ цин кодтаид! Авраам йӕ фырты бӕсты Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхаста, уым хӕстӕг ран пыхсыты чи стыхст, уыцы фыр. Йегъовӕ хабар афтӕ кӕй рауайын кодта, уый тыххӕй дзы Исахъ бузныг куыннӕ уыдаид (Райд. 22:10–13). Уӕдӕ диссаг нӕу, Авраам уыцы бынат «Йегъовӕ-Ире» кӕй схуыдта, ома «Йегъовӕ ратдзӕн» (Райд. 22:14, фип.).

ХУЫЦАУИМӔ БАФИДАУЫНЫ ФАДАТ

10, 11. «Фидауынгӕнӕн куыстӕн» разамынд чи дӕтты ӕмӕ куыд?

10 Абон мах нӕ Дарӕг Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕй хайджын стӕм, Йесо Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй радта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Павел дӕр уый ӕмбӕрста, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Мах... афтӕ хъуыды кӕнӕм: иу адӕймаг амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр амардысты. Ӕмӕ уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:14, 15).

11 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы уарзтой, ӕмӕ сӕ ахӕм кады аккаг кӕй скодта, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой, уый тыххӕй дзы бузныг уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой «фидауынгӕнӕн куыстмӕ» – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ. Уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидыдтаиккой, йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккой ӕмӕ ӕппынфӕстаг та суыдаиккой йӕ уӕларвон фырттӕ. Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ уыцы «фидауынгӕнӕн куыст» кӕнынц абон дӕр. Уыдон сты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ, ӕмӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы йӕ организацимӕ ӕрбакӕны, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ свӕййынц. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:18–20; Иоан. 6:44; Хъуыд. 13:48.)

12, 13. Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

12 Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕ бузныг сты, сӕ Дарӕг кӕй у, уый тыххӕй. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнынц хъусын кӕныны хъуыддаджы. Уацамынды мах фӕпайда кӕнӕм Библийӕ, ӕмӕ уый дӕр у Йегъовӕйы диссаджы лӕвӕрттӕй сӕ иу (2 Тим. 3:16, 17). Хъусын кӕнгӕйӕ Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй кӕй фӕпайда кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕнусон цардӕй схайджын уой. Нӕ лӕггады ма нын стыр ӕххуыс у Йегъовӕйы лӕвӕрттӕй ноджыдӕр иу – йӕ сыгъдӕг тых (Зах. 4:6; Лук. 11:13). Хъусын кӕныны хъуыддаджы нын куыд бирӕ ӕнтысы, уый бӕрӕг у, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» цы хабӕрттӕ фыст вӕййы, уыдонӕй. Цӕй стыр кад у уыцы хъуыддаджы архайын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Дарӕджы кадджын кӕнын!

13 Хуыцау нӕ уыйбӕрц хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын кодта, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Уацамынды, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй Йегъовӕ уына, йӕ хорздзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕн? Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй хуыздӕр хъусын кӕнон ӕмӕ мын фылдӕр ӕнтыса?» Хуыцауӕй йӕ диссаджы хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ батыхсдзӕн, цӕмӕй нын алкӕддӕр уа, цардӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:25–33). Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр фӕнды ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11).

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ у йӕ адӕмы Ирвӕзынгӕнӕг?

14 Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Ӕз... дӕн ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаг. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ рох нӕ дӕн. Ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (Пс. 40:17). Йегъовӕ йӕ адӕмы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ирвӕзын кодта, зӕгъӕм-иу се знӕгтӕ сӕ фӕдыл куы зылдысты ӕмӕ-иу сӕ карзӕй куы ’фхӕрдтой, уӕд. Ахӕм зын рӕстӕджыты Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

ЙЕГЪОВӔ У НӔ ХЪАХЪХЪӔНӔГ

15. Ӕрхӕсс цӕвиттон, уарзӕгой фыд йӕ хъӕбулы куыд фӕхъахъхъӕны, уымӕн.

15 Уарзӕгой фыд ӕрмӕст ууыл нӕ фӕмӕт кӕны, цӕмӕй йӕ сывӕллӕтты фӕдара, фӕлӕ ма сӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр фӕкӕны. Истӕмӕй сын тӕссаг куы вӕййы, уӕд сӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны. Иу ӕфсымӕр хъуыды кӕны, гыццылӕй йыл цы хабар ӕрцыд, уый. Йӕ фыдимӕ уацамынды фӕстӕ хӕдзармӕ фӕцӕйцыдысты, ӕмӕ фӕндагыл иу ран хъуамӕ доны сӕрты ахызтаиккой. Фӕлӕ уыцы райсом тыхджын къӕвда кӕй уыди, уый тыххӕй суадон абухгӕ цӕугӕдон фестад. Доны сӕрты ахизынӕн уыд ӕрмӕстдӕр иу мадзал – иу стыр дурӕй иннӕмӕ гӕпп кӕнын. Лӕппу йӕ фыды разӕй агӕпп кодта, фӕлӕ иу ран йӕ къах фӕбырыд, ӕмӕ доны ныххауди. Лӕппу дыууӕ хатты доны бын фӕци, фӕлӕ йын йӕ фыд йӕ цонг ацахста ӕмӕ йӕ донӕй сласта. Куыд амондджын уыд уыцы лӕппу, йӕ фыд ӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд мах дӕр абухгӕ дӕттӕй ирвӕзын кӕны – хъахъхъӕны нӕ, ацы фыддунейы нын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй, стӕй ацы дунейы хицауӕй, Хӕйрӕгӕй. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хъахъхъӕнӕг нӕй (Матф. 6:13; 1 Иоан. 5:19).

16, 17. Израилӕгтӕ амаликӕгтимӕ куы хӕцыдысты, уӕд сын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта ӕмӕ сӕ куыд бахъахъхъӕдта?

16 Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уый хорз зыны, н. э. размӕ 1513 азы чи ’рцыд, уыцы хабарӕй. Уӕдмӕ Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ, Сырх денджызыл куы хызтысты, уӕд сӕ диссаджы хуызы бахъахъхъӕдта. Уый фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдырыл Синайы хохы ’рдӕм араст сты, ӕмӕ Рефидиммӕ бахӕццӕ сты.

17 Райдианы 3:15 фыст пехуымпарад уӕд кӕй нӕма сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг куыннӕ архайдтаид израилӕгты фесафыныл. Уыцы рӕстӕг афтӕ зынди, цыма сын ӕххуысгӕнӕг нӕй. Ӕмӕ цӕмӕй Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй спайда кодта амаликӕгтӕй, Хуыцауы адӕмы знӕгтӕй (Ным. 24:20). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕдта Йесо Навин, Моисей, Аарон ӕмӕ Хуры уылты. Йесо Навин амаликӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ Хур уыдысты уым хӕстӕг ран, къуыппыл. Моисей-иу йӕ къухтыл хӕрдмӕ куы схӕцыд, уӕд-иу израилӕгтӕ уӕлахиз кодтой. Ӕппынфӕстаг йӕ къухтӕ куы ныууӕззау сты, уӕд ын сыл Аарон ӕмӕ Хур хӕцыдысты. Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕдта, уый фӕрцы «Йесо фӕуӕлахиз амаликӕгтыл ӕмӕ семӕ чи уыди, уыдоныл» (Рац. 17:8–13). Уый фӕстӕ Моисей уыцы ран скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта «Йегъовӕ-Нисси», дзуттагау нысан кӕны «Йегъовӕ у мӕ нысан [цӕджындз]». (Бакӕс Рацыд 17:14, 15; фип.)

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ АДӔМЫ ХӔЙРӔДЖЫ ДЗӔМБЫТӔЙ ИРВӔЗЫН КӔНЫ

18, 19. Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд хъахъхъӕны?

18 Йегъовӕ хъахъхъӕны, чи йӕ уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны. Израилӕгтӕ Рефидимы сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куыд дардтой, афтӕ мах дӕр, знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл фӕдарӕм. Хӕйрӕг нӕ рӕстӕджы дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыд Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы фесафынмӕ, фӕлӕ-иу сӕ Хуыцау бахъахъхъӕдта. Зӕгъӕм, не ’фсымӕрты-иу карзӕй ӕфхӕрдтой, политикӕйы кӕй нӕ архайдтой ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ истой, уый тыххӕй, фӕлӕ-иу сӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта. Ахӕм хабӕрттӕ-иу арӕх ӕрцыд нацистты рӕстӕджы Германийы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Хуыцауӕн-иу йӕ адӕмы фӕдыл куы зылдысты, уӕд-иу сӕ куыд хъахъхъӕдта, уый тыххӕй ис базонӕн не ’мчырыстӕтты биографитӕй ӕмӕ «Ӕрвылазон чиныджы» фыст хабӕрттӕй. Уыцы хабӕрттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (Пс. 91:2).

Йегъовӕ нын не ’мчырыстӕтты уылты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл зын рӕстӕджы иузӕрдион уӕм (кӕс 18–20 абзацтӕ)

19 Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты, стӕй, йӕ организаци цы литературӕ уадзы, уый уылты дӕтты уынаффӕтӕ, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы дӕр хъахъхъӕны. Ахъуыды-ма кӕн, фӕстаг азты нын уыцы уынаффӕтӕ цы пайда фесты, ууыл. Ацы дуне арфӕй-арфдӕр ныгъуылы ӕнӕгъдау митӕ, фыднозт ӕмӕ порнографийы цъымарайы. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ ахӕм тӕссаг хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы ӕмӕ нын бӕлвырд уынаффӕтӕ дӕр дӕтты. Зӕгъӕм, фӕстаг рӕстӕг нӕ нӕ уӕларвон Фыд фӕдзӕхсы, цӕмӕй, Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ, нӕхи хизӕм «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй» * (1 Кор. 15:33).

20. Йегъовӕ нӕ ӕмбырды уылты куыд хъахъхъӕны ӕмӕ нын разамынд куыд дӕтты?

20 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм? Алы хъуыддаджы дӕр, уый нын куыд амоны, афтӕ куы архайӕм (Ис. 54:13). Хуыцау нӕ хъахъхъӕны, стӕй нын разамынд дӕтты ӕмбырды уылты, ӕмӕ нын дзы уымӕ гӕсгӕ у ӕдас. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын Библийы фӕрцы ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ нын уынаффӕтӕ дӕттынц (Гал. 6:1). Уыцы ӕфсымӕртӕ сты Йегъовӕйы «лӕвӕрттӕ», уымӕн ӕмӕ нӕ уыдоны уылты Хуыцау рӕвдауы ӕмӕ нӕ йӕ уарзтӕй тавы (Еф. 4:7, 8). Уӕдӕ-иу нын уыцы ӕфсымӕртӕ уынаффӕ куы раттой, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ-иу сӕм байхъусӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн (Дзут. 13:17).

21. а) Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа? ӕ) Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

21 Цӕй уӕдӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ хъусӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы цардыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм. Йесо «мӕлӕты онг дӕр» Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ уый схорзӕхджын кодта (Фил. 2:5–11). Ӕмӕ мах дӕр Йесойау нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Цӕй ӕмӕ не скаст алкӕддӕр уӕд нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, нӕ Дарӕг ӕмӕ нӕ Хъахъхъӕнӕгмӕ. Ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕныны кад нӕм кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй стӕм тынг амондджын! Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ нӕ хуыздӕр Хӕлар та цы хуызы у? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы. Ӕмӕ дзы цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ Хуыцау Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм.

^ 19 абз. Уый фӕдыл уынаффӕтӕ ссарӕн ис ацы статъяты: «Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй архай», 2011 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 3–5 фӕрстӕ; «Дӕхи хиз Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй!» ӕмӕ «Фидар лӕуу ӕмӕ ма бахау Хӕйрӕджы къӕппӕджыты!», 2012 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 20–29 фӕрстӕ.