Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнӕуырнӕг хиуӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм

Ӕнӕуырнӕг хиуӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм

«АЦУ уӕхимӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕн ӕппӕт дӕр радзур – Йегъовӕ дын цы хорздзинад ракодта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый»,– загъта Йесо Чырысти иу нӕлгоймагӕн. Уыцы рӕстӕг Йесо, ӕвӕццӕгӕн, уыди Гадарӕмӕ хӕстӕг, Галилейӕйы денджызӕн хуссар-скӕсӕнырдыгӕй, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ кӕмӕн загъта, уыцы нӕлгоймаджы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуӕг суыдаид. Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, хорз кӕй зыдта, адӕймаг куыд конд у, уый – исты цымыдисаг кӕнӕ ахсджиаг хабар куы базоны, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ хиуӕттӕн дӕр радзура (Мар. 5:19).

Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр адӕммӕ уыцы миниуӕг арӕх вӕййы фенӕн, кӕд иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм афтӕ тынг нӕ вӕййы бӕрӕг, уӕддӕр. Уӕдӕ адӕймаг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайы, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ ног дины тыххӕй йӕ хиуӕттӕн дӕр радзура. Фӕлӕ уый куыд хъуамӕ араза? Йӕ бон куыд у, йӕ хиуӕттӕй ӕндӕр диныл хӕст чи у кӕнӕ Хуыцау бынтондӕр кӕй нӕ уырны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын? Библийы уый фӕдыл ис, стыр ӕххуыс ын чи фӕуыдзӕн, ахӕм уынаффӕ.

«МАХ ССАРДТАМ МЕССИЙӔЙЫ»

Фыццаг ӕнусы, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый чи бамбӕрста, уыдонӕй сӕ иу уыд Андрей. Цымӕ уыцы хабар ӕвӕстиатӕй кӕмӕн радзырдта? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «фыццаг йе ’фсымӕр Симоны бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: „Мах ссардтам Мессийӕйы“ (грекъагау „Чырысти“)». Андрей йе ’фсымӕр Петры Йесомӕ акодта, ӕмӕ уый фӕрцы Петрӕн дӕр фадат фӕзынд, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинаг суыдаид (Иоан. 1:35–42).

Уыцы хабарӕй ӕхсӕз азы фӕстӕ, Петр Иоппийы куы уыд, уӕд ӕм иу ӕфсӕддон хицау, Корнилий, йӕ адӕмы ӕрбарвыста ӕмӕ йӕ сӕхимӕ фӕхуыдта. Уыцы хицау цард, Иоппийӕ цӕгатырдыгӕй чи уыд, уыцы горӕт Кесарийы. Петр Корнилийы хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд дзы кӕй ӕрбаййӕфта? Библийы кӕсӕм: «Корнилий... йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕртты фӕхуыдта ӕмӕ сӕм [ома Петрмӕ ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдонмӕ] ӕнхъӕлмӕ касти». Уӕдӕ Корнилийы фӕрцы йӕ хиуӕттӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Петрмӕ байхъуыстаиккой ӕмӕ аскъуыддзаг кодтаиккой,  дарддӕр сӕ цард куыд араздзысты, уый (Хъуыд. 10:22–33).

Андрей ӕмӕ Корнилий сӕ хиуӕттыл куыд тыхстысты, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уыдон афтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, мӕ хиуӕттӕ сӕхӕдӕг дӕр рӕстдзинад исты хуызты базондзысты. Андрей Петры йӕхӕдӕг базонгӕ кодта Йесоимӕ. Корнилий та алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йӕ хиуӕттӕ дӕр йемӕ иумӕ Петрмӕ байхъуыстаиккой. Фӕлӕ Андрей ӕмӕ Корнилий сӕ хиуӕттӕн тыхӕй ницы аразын кодтой, стӕй хинӕй дӕр нӕ архайдтой, цӕмӕй Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хорз уаид, мах дӕр сӕ куы бафӕзмиккам. Нӕ бон у, ӕмӕ-иу нӕ хиуӕттӕн Библийӕ цалдӕр хъуыдыйы зӕгъӕм кӕнӕ та-иу ӕндӕр фадӕттӕ ссарӕм, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базоной ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕй дӕр искӕимӕ базонгӕ уой. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, уый бар сын кӕй ис, цӕмӕй сӕ цард, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ тыхӕй ницы аразын кӕндзыстӕм. Нӕ хиуӕттӕн баххуыс кӕнын нӕ бон куыд у, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, Германийы чи цӕры, иу ахӕм бинонты, Юрген ӕмӕ Петрӕйы, хабармӕ.

Петрӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ донаргъуыд райста. Йӕ цардӕмбал Юрген уыди ӕфсады афицер. Петрӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, уый фыццаг рӕстӕг Юргены зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый кӕй амонынц. Уый дӕр йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта, ӕмӕ ныр у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг. Цымӕ йӕхӕдӕг та цы зӕгъы, ӕндӕр диныл хӕст чи у, уыцы хиуӕттӕн баххуыс кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй?

Юрген дзуры: «Хъуамӕ нӕ хиуӕттӕн ӕдзух нӕ дины кой ма кӕнӕм, стӕй сӕ тагъд кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Науӕд сын рӕстдзинад бынтондӕр фенад уыдзӕн. Хуыздӕр уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу сын исты цымыдисаг хъуыдытӕ куы дзуриккам ӕмӕ-иу семӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕниккам. Хорз ма уаид, куы сӕ зонгӕ кӕниккам, сӕ карӕн чи у ӕмӕ, уыдон цы уарзынц, уый чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын».

«Хъуамӕ нӕ хиуӕттӕн ӕдзух нӕ дины кой ма кӕнӕм, стӕй сӕ тагъд кӕнын дӕр нӕ хъӕуы» (Юрген)

Апостол Петр ӕмӕ Корнилийы хиуӕттӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айстой. Фыццаг ӕнусы чи цард ӕмӕ хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕты та бахъуыд фылдӕр рӕстӕг, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууыдаиккой.

ЙЕСОЙЫ ӔФСЫМӔРТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?

Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ыл йӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ баууӕндыдысты. Зӕгъӕм, апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты йе ’мхӕрӕфырттӕ, сӕ мад Саломи та – Йесойӕн йӕ мады хо. Библийы афтӕ кӕй тыххӕй ис фыст, «Йесойӕн ӕмӕ йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой», зӕгъгӕ, уыцы сылгоймӕгтӕй сӕ иу, ӕвӕццӕгӕн, уыд Саломи дӕр (Лук. 8:1–3).

Фӕлӕ Йесойыл йӕ хиуӕттӕ се ’ппӕт уайтагъд нӕ баууӕндыдысты. Зӕгъӕм, Йесойы аргъуыдӕй иу азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд иухатт иу хӕдзары дуне адӕм ӕрӕмбырд, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой. Фӕлӕ «йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕм ӕрцыдысты, йӕ сӕрызонд фӕцыди ӕмӕ йӕ ракӕнӕм, зӕгъгӕ». Цасдӕры фӕстӕ Йесойы ӕфсымӕртӕ, дарддӕр йӕ фӕндаг кӕдӕм акӕндзӕн, ууыл йемӕ куы ныхас кодтой, уӕд сын бӕлвырд дзуапп нӕ радта. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йыл «йе ’фсымӕртӕ не ’ууӕндыдысты» (Мар. 3:21; Иоан. 7:5).

Йесо йӕ хиуӕттӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Афтӕ дзы кӕй загътой, йӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сӕм нӕ фӕхӕрам. Куы йӕ амардтой ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ йе ’фсымӕр Иаковмӕ фӕзынд ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хиуӕттӕн ноджыдӕр иу фадат радта, цӕмӕй йыл баууӕндыдаиккой. Уый фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, Иаков дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ дӕр  бамбӕрстой, Йесо ӕцӕгдӕр Мессийӕ кӕй у. Ӕмӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уыдон дӕр уым уыдысты ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй сыгъдӕг тых уыдоныл дӕр ӕрцыд. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Иаков дӕр ӕмӕ Йесойы иннӕ ӕфсымӕр Иудӕ дӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 1:12–14; 2:1–4; 1 Кор. 15:7).

ИУӔЙ-ИУТЫ ФӔХЪӔУЫ ФЫЛДӔР РӔСТӔГ

«Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ нысан йӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъӕуы фӕразондзинад, фӕразондзинад ӕмӕ ма ноджыдӕр фӕразондзинад» (Росвитӕ)

Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр нӕ хиуӕттӕй кӕйдӕрты дзӕвгар рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй царды фӕндагыл слӕууой. Цӕвиттонӕн райсӕм, кӕддӕр католикон диныл хӕст чи уыд, иу ахӕм хойы, Росвитӕйы. 1978 азы йӕ цардӕмбал донаргъуыд райста ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Росвитӕ йӕ диныл ӕнувыд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фыццаг рӕстӕг йӕ лӕджы ныхмӕ цыди. Фӕлӕ бирӕ азты фӕстӕ Росвитӕ фӕфӕлмӕндӕр ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рӕстдзинад кӕй амонынц. Ӕмӕ 2003 азы йӕхӕдӕг дӕр донаргъуыд райста. Цымӕ йӕ хъуыды цӕй фӕрцы фӕивта? Йӕ лӕджы ныхмӕ-иу куы цыди, уӕд-иу ӕм уый нӕ мӕсты кодта, фӕлӕ-иу архайдта, цӕмӕй йӕ бинойнаг йӕхӕдӕг йӕ хъуыды фӕивтаид. Росвитӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ нысан йӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъӕуы фӕразондзинад, фӕразондзинад ӕмӕ ма ноджыдӕр фӕразондзинад».

Моникӕ донаргъуыд райста 1974 азы, дӕс азы фӕстӕ та йӕ дыууӕ фырты дӕр систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Кӕд йӕ цардӕмбал Ганс сӕ ныхмӕ никуы цыди, уӕддӕр донаргъуыд райста ӕрмӕстдӕр 2006 азы. Уыцы бинонтӕ мӕнӕ цы зӕгъынц: «Хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уай ӕмӕ дӕ исчи кӕнӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу хъуамӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты ма ахизай». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моникӕйы ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты ӕдзухдӕр хъуыди архайын, цӕмӕй Ганс, кӕй йӕ уарзынц, ууыл ма дызӕрдыг кодтаид. Стӕй сӕ фидар ныфс уыди, иу бон сӕ фыд рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзӕн.

РӔСТДЗИНАДЫ ДОН СЫН ХЪУАМӔ ХӔССА УДӔНЦОЙ

Иухатт Йесо рӕстдзинад абарста, ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм донимӕ (Иоан. 4:13, 14). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ хиуӕттӕ дӕр уыцы сыгъдӕг доны фӕрцы удӕнцой ссарой. Фӕлӕ-иу сыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстдзинады дон уыцы иу калд нӕ ныккӕндзыстӕм, ома-иу сын иу хаттӕн бирӕ цыдӕртӕ нӕ радзурдзыстӕм. Рӕстдзинад сын удӕнцой ӕрхӕсдзӕн ӕви сын фенад уыдзӕн, уый баст у, куыд сын ӕй ӕмбарын кӕнӕм, ууыл. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕны» ӕмӕ «зондджын адӕймаджы зӕрдӕйӕ цӕуы ӕмбаргӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ ныхасы ис стырдӕр тых» (Ӕмб. 15:28; 16:23). Нӕ бон куыд у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын?

Зӕгъӕм, сылгоймаджы фӕнды, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕнды, уый йӕ цардӕмбалӕн бамбарын кӕна. «Дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх [куы] ахъуыды кӕна», уӕд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ нӕ кӕндзӕн. Хъуамӕ йӕхи афтӕ ма дара, цыма уымӕй растдӕр ничи у. Стӕй лӕгмӕ афтӕ дӕр хъуамӕ ма фӕкӕса, ӕмӕ дзы йӕ бинойнаг йӕхи уӕлдӕр ӕвӕры. Цы зӕгъдзӕн, ууыл рагацау куы ахъуыды кӕна, уӕд йӕ ныхас йӕ сӕрыхицауӕн уыдзӕн ӕхсызгон ӕмӕ се ’хсӕн уыдзӕн фарн. Хорз уаид, ахӕм рӕстӕг куы равзарид, ӕмӕ йӕ цардӕмбал фӕллад куы нӕ уа ӕмӕ йӕм дзурын куы цӕуа. Стӕй хъуамӕ ахъуыды кӕна: зӕрдиагдӕрӕй цӕуыл фӕныхас кӕны кӕнӕ цы фӕкӕсы? Цы йӕ цымыдис кӕны: наукӕ, политикӕ ӕви спорт? Йӕ бон куыд у афтӕ бацархайын, ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы Библийы тыххӕй фылдӕр базонын дӕр куыд бафӕнда ӕмӕ йӕ йӕ ныхӕстӕй хъыг дӕр куыд ма фӕкӕна? Ацы хъуыддӕгтыл рагацау куы ахъуыды кӕна, уӕд ын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбаргӕ ныхас кӕна ӕмӕ зондӕй архайа.

Дӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ бацагайыны тыххӕй ӕрмӕст уый фаг нӕу, ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ семӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй аныхас кӕнай. Нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ бӕлвырд кӕнӕм нӕ хорз уагахастӕй.

НӔ ХОРЗ УАГАХАСТ НЫН УЫНӔНТ

«Кӕмфӕнды ма уай, цыфӕнды ма аразай, уӕддӕр архай Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ,– дзуры, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Юрген.– Дӕ бинонтӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты, кӕд уый тыххӕй ӕргом ма дзурой, уӕддӕр». Ганс та донаргъуыд райста, йӕ бинойнаг рӕстдзинад куы базыдта, уымӕй иу-30 азы фӕстӕ, ӕмӕ уый дӕр мӕнӕ цы зӕгъы: «Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстонмӕ кӕсгӕйӕ йӕ бинонтӕ уыной, рӕстдзинад ӕй хуыздӕрырдӕм кӕй ивы». Нӕ хиуӕттӕ хъуамӕ уый уыной, ӕмӕ кӕд нӕ дины тыххӕй иннӕтӕй хицӕн кӕнӕм, уӕддӕр ныл уый хорзырдӕм кӕй фӕзыны, ӕвзӕрырдӕм нӕ, фӕлӕ.

«Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстонмӕ кӕсгӕйӕ йӕ бинонтӕ уыной, рӕстдзинад ӕй хуыздӕрырдӕм кӕй ивы» (Ганс)

Апостол Петр, сӕ лӕгтӕ рӕстдзинады кӕмӕн не сты, уыцы чырыстон сылгоймӕгтӕн радта хорз уынаффӕ: «Уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый  уынгӕйӕ. Уӕ фидауц дзыккуты быд, сызгъӕринтӕ кӕнӕ уӕлӕдарӕс ма уӕд, фӕлӕ, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый – Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды ӕнӕсӕфгӕ рӕсугъд дарӕс» (1 Пет. 3:1–4).

Петр афтӕмӕй бамбарын кодта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ усы хорз уагахасты руаджы лӕг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа. Нӕ хо Кристӕ дӕр Петры уынаффӕ йӕ зӕрдыл дары. 1972 азы донаргъуыд куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайы, цӕмӕй йӕ цардӕмбалы зӕрдӕ йӕ уагахасты фӕрцы бацагайа. Кӕд йӕ цардӕмбал иуафон Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта, уӕддӕр рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста. Хаттӕй-хатт ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуы, стӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр хорз зонгӕ у. Ӕмӕ йын уыдон дӕр аргъ кӕнынц ӕмӕ ӕмбарынц, йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, дарддӕр куыд кӕндзӕн, уый. Цымӕ Кристӕ цы аразы, цӕмӕй йӕ цардӕмбалы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссара?

Кристӕ зӕгъы: «Ӕз ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй мын Йегъовӕ цы фӕндаг амоны, ууыл цӕуон. Фӕлӕ ууыл дӕр архайын, цӕмӕй мӕ цардӕмбал „ӕнӕ ныхӕстӕй“, мӕ уаг ӕмӕ ме ’гъдауы фӕрцы, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айса. Исты мын куы фӕзӕгъы ӕмӕ уый Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ вӕййы, уӕд, уый куыд фӕфӕнды, афтӕ бакӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр ӕмбарын, ӕмӕ, куыд кӕндзӕн, уый йӕхи хъуыддаг у, ӕмӕ алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодтон».

Кристӕйы хабарӕй бӕрӕг у, адӕймаг ӕмбаргӕйӕ архайа, уый тынг ахсджиаг кӕй у. Кристӕ Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр архайы, зӕгъӕм, алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуы ӕмӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны. Фӕлӕ дзы рох нӕу, йӕ цардӕмбалӕн дӕр-иу рӕстӕг кӕй хъуамӕ ссара ӕмӕ-иу хъуыддагӕй кӕй хъуамӕ равдиса, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы. Йӕ бинонтӕ ӕнӕуырнӕг кӕмӕн сты, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъӕуы ӕмбаргӕйӕ архайын. «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон»,– дзуры Библи. Уӕдӕ не ’нӕуырнӕг бинонтимӕ, уӕлдайдӕр та нӕ цардӕмбӕлттимӕ, нӕ рӕстӕг ӕрвитӕм, уымӕн дӕр ис йӕхи афон. Семӕ рӕстӕг куы фервитӕм, уӕд нын фадат вӕййы кӕрӕдзиимӕ аныхас кӕнынӕн. Ӕмӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ афтӕ ничи фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, никӕй хъӕуын ӕмӕ мӕ ничи уарзы (Еккл. 3:1).

ДӔ НЫФС МАКУЫ АСӔТТӔД

Не ’фсымӕр Хольгерӕн йӕ фыд донаргъуыд райста, йӕ бинонтӕй иннӕтӕ донаргъуыд куы райстой, уымӕй 20 азы фӕстӕ. Хольгер дзуры: «Нӕ бинонтӕй ӕнӕуырнӕг чи у, уый хъуамӕ уына, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ хъуамӕ зона, Хуыцаумӕ уый тыххӕй дӕр кӕй фӕкувӕм». Кристӕ загъта: «Фидар ныфс мӕ ис, мӕ цардӕмбал ӕппынфӕстаг рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн». Уӕдӕ нӕ хъуамӕ фидар ныфс уа, нӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон дӕр рӕстдзинад кӕй базондзысты, ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа, цы зӕрдӕ сӕм дарӕм, уымӕй.

Махӕн нӕ нысан у, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ хӕларӕй цӕрӕм, стӕй, раст фӕндагыл кӕй цӕуӕм, уый бамбарынӕн сын баххуыс кӕнӕм ӕмӕ сын Библийы фыст хабары фӕрцы сӕ зӕрдӕ бацагайӕм. Ӕмӕ нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» архайӕм (1 Пет. 3:15).