Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы хъӕуы, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдайӕ архайӕм?

Цы хъӕуы, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдайӕ архайӕм?

«Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд» (МАТФ. 16:24).

1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи равдыста, удуӕлдайдзинад цы у, уый?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔ хуыздӕр ничи равдыста, удуӕлдайдзинад цы у, уый. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ, йӕхицӕн ӕнцондӕр ӕмӕ хуыздӕр куыд уыдаид, ууыл нӕ архайдта. Уый алкӕддӕр ӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон (Иоан. 5:30). Йесо йӕ мӕлӕты онг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад, кӕд ӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл амӕлын бахъуыд, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, цыфӕнды уавӕры дӕр удуӕлдайдзинад равдисынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Фил. 2:8).

2. Нӕ бон куыд у удуӕлдайӕ архайын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

2 Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ удуӕлдайӕ архайӕм. Удуӕлдай адӕймаг кӕй ис схонӕн? Иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уый. Хиуарзон адӕймагӕй та уый зӕгъӕн ӕппындӕр нӕй. (Бакӕс Матфейы 16:24.) Удуӕлдай куы уӕм, уӕд фылдӕр нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ иннӕтыл (Фил. 2:3, 4). Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ӕнӕ уыцы миниуӕгӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕн нӕй. Цӕуылнӕ? Удуӕлдайӕ архайынмӕ нӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад, ӕмӕ уарзондзинад та у, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты базонӕн кӕмӕй ис, уыцы миниуӕг (Иоан. 13:34, 35). Ӕгас зӕххыл дӕр нын ис бирӕ удуӕлдай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм, уый фӕрцы цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын!

3. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нӕ удуӕлдайдзинад ӕрмынӕг уа?

 3 Фӕлӕ нын ис ахӕм знаг, ӕмӕ йӕ бон у, ӕмбаргӕ дӕр ӕй ма бакӕнӕм, афтӕмӕй нын нӕ удуӕлдайдзинад ӕрмынӕг кӕна. Уыцы знаг у хиуарзондзинад. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Адам ӕмӕ Евӕ хиуарзондзинад куыд равдыстой, уый. Евӕйы бафӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы хуызӕн суыдаид, ӕмӕ уыцы хиуарзон фӕндыл ацыд. Адамы та Йегъовӕйы хорзӕх ссарынӕй тынгдӕр фӕндыд йӕ бинойнаджы зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ уый дӕр дзурӕг уыд хиуарзондзинадыл (Райд. 3:5, 6). Хӕйрӕгӕн бантыст, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕг Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтаиккой, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр архайы, цӕмӕй адӕм сӕ хиуарзон фӕндтыл цӕуой. Уыцы мадзалы фӕрцы ма Чырыстийы дӕр хъавыд фӕрӕдийын кӕнынмӕ (Матф. 4:1–9). Абон дӕр Хӕйрӕг адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй хиуарзон уой, ӕмӕ сын уыцы зондахаст бирӕ хъуыддӕгты рабӕрӕг вӕййы. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд ныл ацы дунейы зонд фӕзындзӕн ӕмӕ мах дӕр хиуарзон суыдзыстӕм (Еф. 2:2).

4. а) Нӕ хиуарзон фӕндтӕй фервӕзын ныртӕккӕ нӕ бон у? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Хиуарзондзинад абарӕн ис згӕимӕ. Ӕфсӕйнаг дзаума ӕддейӕ куы уа ӕмӕ йыл къӕвда куы уара, уӕд ыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ згӕ схӕца. Ӕфсӕйнаг дзаумайыл згӕ кӕй фӕзынд, уый куы ницӕмӕ ӕрдарай, уӕд тӕссаг у, згӕ йӕ бынтондӕр куы бахӕра. Махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕм хиуарзон фӕндтӕ кӕй фӕзыны, уымӕй фервӕзын ныртӕккӕ нӕ бон нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ семӕ тох кӕнӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд тӕссаг у, нӕ удуӕлдайдзинад кӕй ӕрмынӕг уыдзӕн, уымӕй (1 Кор. 9:26, 27). Нӕ бон куыд у базонын, хиуарзон фӕндтӕ нӕм ис ӕви нӕ, уый? Ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ноджы удуӕлдайдӕрӕй архайӕм?

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ СБӔЛВЫРД КӔН, ХИУАРЗОН ФӔНДТӔ ДӔМ ИС ӔВИ НӔ

5. а) Библи кӕсӕнимӕ цӕмӕн ис абарӕн? (Кӕс нывмӕ 7 фарсыл.) ӕ) Хиуарзон фӕндтӕ нӕм ис ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕныныл куы архайӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

5 Адӕймаг йӕхимӕ кӕсӕнмӕ куыд бакӕсы, цӕмӕй йӕхи бадзӕбӕхтӕ кӕна, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у Библийы фӕрцы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ дзы исты хъӕндзинӕдтӕ куы фенӕм, уӕд сӕ сраст кӕнын. (Бакӕс Иаковы 1:22–25.) Фӕлӕ адӕймагӕн кӕсӕн йе ’ддаг бакаст фӕрӕсугъддӕр кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн, раст дзы куы пайда кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, дӕхимӕ кӕсӕнмӕ иу каст куы бакӕнай, уӕд, чи зоны, ма бафиппайай, гыццыл чи у, фӕлӕ афтӕ уадзӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъӕндзинад. Кӕсӕн гыццыл куы фӕзилай, уӕд та дзы, гӕнӕн ис, дӕхи нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕй фенай. Раст афтӕ, цӕмӕй нӕ хъӕндзинӕдтӕ, зӕгъӕм, хиуарзондзинад, Библийы фӕрцы сбӕлвырд кӕнӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уӕлӕнгӕйтты кӕнӕ искӕй хъӕндзинӕдтӕ феныны тыххӕй ма кӕсӕм.

6. Хуыцауы Ныхасы ӕнаипп закъон иртасынӕй уӕлдай ма цы хъуамӕ аразӕм?

6 Гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕса, фӕлӕ уӕддӕр ма бафиппайа, йӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕ кӕй фӕзынд, уый. Афтӕ цӕмӕн вӕййы? Иаков йӕ цӕвиттоны ской кодта, «кӕсӕнмӕ йӕхимӕ чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы» тыххӕй. Ацы ран цы грекъаг мивдисӕгӕй спайда кодта, уый нысан кӕны лӕмбынӕг иртасын. Уӕдӕ уыцы адӕймаг кӕсӕнмӕ йӕхимӕ лӕмбынӕг каст. Фӕлӕ уӕддӕр цыдӕр раст нӕ сарӕзта. Цымӕ цы? Иаков дарддӕр ныффыста: «Иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтагъд ӕрбайрох, цыхуызӕн у, уый». Кӕд уыцы адӕймаг кӕсӕны йӕхи федта, уӕддӕр аразгӕ ницы скодта. Ӕнтыстджын адӕймаг та «ӕнаипп закъон» ӕрмӕст иртасгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма йыл фидар дӕр хӕцы. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы Ныхасы ӕнаипп закъон нӕ рох кӕны, фӕлӕ йӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕны. Ӕмӕ Йесо дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут» (Иоан. 8:31).

7. Нӕ бон куыд у Библийы фӕрцы сбӕлвырд кӕнын, хиуарзон фӕндтӕ нӕм ис ӕви нӕ?

7 Уӕдӕ цӕмӕй хиуарзон фӕндтимӕ ӕнтыстджынӕй тох кӕнай, уый тыххӕй дӕ фыццаджыдӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕсын. Уый фӕрцы-иу дӕ бон уыдзӕн фенын, цавӕр хъуыддӕгты дӕ хъӕуы дӕхи фӕивын. Фӕлӕ-иу  ууыл ма ӕрлӕуу. Фылдӕр ӕрмӕг-иу бацагур ӕмӕ-иу афтӕмӕй дӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр ныккӕс. Библийы исты хабар куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ. Ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕз та цы сарӕзтаин ахӕм уавӕры? Раст куыд у, афтӕ бакодтаин?» Ӕппӕты ахсджиагдӕр та, цы бакӕсыс, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд-иу уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕн (Матф. 7:24, 25). Ӕркӕсӕм паддзах Саулы ӕмӕ апостол Петры хабӕрттӕм ӕмӕ фенӕм, уыцы дыууӕ адӕймаджы цӕвиттонтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдайӕ архайӕм.

САУЛЫ ХАБАР ДЫН УӔД ЗОНДЗОНӔН

8. Саул паддзах куы сси, уӕд цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?

8 Израилы паддзах Саулы хабарӕй бӕрӕг у, адӕймаг хиуарзон куы свӕййы, уӕд ӕм удуӕлдайдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал вӕййы. Саул паддзах куы сси, уӕд уыди бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг (1 Сам. 9:21). Зӕгъӕм, израилӕгтӕй чидӕртӕ, Саулӕн Хуыцауӕй цы бартӕ уыд лӕвӕрд, уыдоны ныхмӕ куы дзырдтой, уӕд сӕ Саул нӕ бафхӕрдта, кӕд ын уый бар уыд, уӕддӕр (1 Сам. 10:27). Стӕй ма паддзах Саул Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ байхъуыста ӕмӕ израилӕгты аммонӕгты ныхмӕ тохмӕ акодта. Ӕмӕ куы фӕуӕлахиз сты, уӕд сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ загъта, уый сӕ къухы Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бафтыд (1 Сам. 11:6, 11–13).

9. Саул хиуарзон куыд сси?

9 Фӕстӕдӕр Саул йӕ зӕрдӕйы бынат скодта хиуарзондзинад ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинадӕн. Уый уыд, ӕфсӕйнагыл згӕ куыд фӕзыны, афтӕ. Саул амаликӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕд ын Йегъовӕйы коммӕ кӕсынӕй ахсджиагдӕр сси, йӕхи цы фӕндыд, уый. Хуыцау ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй амаликӕгты исбон сӕфты хай бакодтаид, фӕлӕ дзы уӕддӕр йӕ фырзыдӕй йӕхицӕн цыдӕртӕ ныууагъта. Стӕй йӕ зӕрдӕ афтӕ схъал, ӕмӕ ма йӕхицӕн кады цырт дӕр сӕвӕрдта (1 Сам. 15:3, 9, 12). Пехуымпар Самуил ын загъта, Йегъовӕ йӕм кӕй смӕсты. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци, Хуыцау мын цы бахӕс кодта, уый сарӕзтон, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та уыцы хӕс кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кодта. Раст цы нӕ сарӕзта, уый та иннӕты аххос фӕкодта (1 Сам. 15:16–21). Саул ахӕм сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый тыххӕй фылдӕр хъуыды кодта, иннӕты цӕсты йӕ кад куыд ма ӕрхаудаид, ууыл, Хуыцауы хорзӕх куыд ссардтаид, ууыл нӕ, фӕлӕ (1 Сам. 15:30). Саулы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсӕм ӕмӕ нӕ удуӕлдайдзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзӕм?

10, 11. а) Удуӕлдайдзинады тыххӕй Саулы хабарӕй цы ис базонӕн? ӕ) Цӕмӕй Саулау нӕхицӕй хъал ма суӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

10 Фыццаджыдӕр нын Саулы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕхицӕй хъуамӕ ӕгӕр ныфсджын ма уӕм, стӕй афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иугӕр ныронг удуӕлдайӕ архайдтам, уӕд дарддӕр дӕр афтӕ уыдзӕн (1 Тим. 4:10). Саул дӕр райдианы хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ зӕрдӕйы фӕзынд хиуарзон фӕндтӕ, ӕмӕ ууыл нӕ бацархайдта, цӕмӕй сӕ бындзарӕй стыдтаид. Ӕппынфӕстаг ыл Йегъовӕ йӕ къух систа, йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй.

11 Дыккаджы та, хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нын хорз цы уайы, уый уынӕм, фӕхуыздӕр кӕнын нӕ цы хъӕуы, уый та ницӕмӕ дарӕм. Уӕд уыдзыстӕм ахӕм адӕймаджы хуызӕн, ӕмӕ йӕхимӕ кӕсӕнмӕ кӕсы ӕмӕ йӕ ног дзаумӕттӕм кӕсынӕй не ’фсӕды, йӕ цӕсгом чъизи кӕй у, уый та нӕ уыны. Кӕд Саулау нӕхицӕй хъал не стӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, Саулы уавӕрмӕ нӕ чи ӕркӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕй. Исчи нын уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу хъуамӕ Саулау нӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ йе та иннӕты аххосджын кӕнынмӕ ма фӕуӕм. Хуыздӕр уыдзӕн, уыцы уынаффӕмӕ-иу зӕрдиагӕй куы байхъусӕм. (Бакӕс Псалом 141:5.)

12. Исты уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын удуӕлдайдзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?

12 Фӕлӕ исты уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд та? Саулы нӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕты цӕсты йӕ кад ӕрхаудаид, ӕмӕ уый тыххӕй  нал бацархайдта, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссардтаид. Фӕлӕ мах удуӕлдай куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ тӕригъӕд раргом кӕнын ӕмӕ ӕххуыс ракурын, кӕд нӕм тынг худинаг кӕса, уӕддӕр (Ӕмб. 28:13; Иак. 5:14–16). Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры хабармӕ. 12 азы йыл куы цыд, уӕд порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр ӕмӕ йӕм дӕс азӕй фылдӕр сусӕгӕй фӕкаст. Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Цы арӕзтон, уый мын мӕ бинойнагӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзурын тынг зын уыд. Фӕлӕ сын ӕй стӕй уӕддӕр радзырдтон. Ӕмӕ мын ныр афтӕ ӕнцон у, раст цыма ме ’ккойӕ стыр уаргъ ахауд. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕй нал дӕн, уый ме ’мбӕлттӕ куы базыдтой, уӕд сӕ кӕмӕндӕрты уый тынг зын уыд, раст сӕ цыма фыдӕнхъӕл фӕкодтон. Фӕлӕ йӕ ӕз зонын, ныр Йегъовӕ мӕ лӕггадӕй тынгдӕр райгонд кӕй у. Ӕмӕ Хуыцау хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый та у ӕппӕты ахсджиагдӕр».

ПЕТР ЙӔ ХИУАРЗОНДЗИНАДЫЛ ФӔУӔЛАХИЗ

13, 14. Петрмӕ-иу хиуарзон фӕндтӕ кӕй фӕзынд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Апостол Петр уыди удуӕлдай адӕймаг, ӕмӕ уый бӕрӕг уыд, Йесо йӕ куы ахуыр кодта, уыцы рӕстӕг дӕр (Лук. 5:3–11). Фӕлӕ йӕ уӕд дӕр хъуыди хиуарзон фӕндтимӕ тох кӕнын. Зӕгъӕм, иухатт апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн Йесомӕ куы бахатыдысты, цӕмӕй сӕ Хуыцауы Паддзахады йӕ фӕйнӕфарс кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕна, уӕд сӕм Петр смӕсты. Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы бынӕттӕй иуы йӕхӕдӕг хъуамӕ бада, уымӕн ӕмӕ йын уый размӕ Йесо загъта, йӕ бар ын ахсджиаг хъуыддаг кӕй бакӕндзӕн (Матф. 16:18, 19). Фӕлӕ Йесо Иаковы ӕмӕ Иоанны, стӕй Петры ӕмӕ иннӕ апостолты дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй хиуарзон ма уой ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕхи хицау ма кӕной (Мар. 10:35–45).

14 Кӕд сын Йесо зонд бацамыдта, уӕддӕр-иу Петрмӕ уый фӕстӕ дӕр хиуарзон фӕндтӕ фӕзынд. Йесо апостолтӕн куы загъта, цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ кӕй ныууадздзысты, уӕд Петр загъта, иннӕтӕй уӕлдай йыл уый йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзӕн. Афтӕмӕй Петр йӕхи иннӕ апостолтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта (Матф. 26:31–33). Фӕлӕ йӕхицӕй афтӕ ныфсджын дзӕгъӕлы уыд. Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Петр сарӕзта, удуӕлдайдзинадыл дзурӕг чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг – йӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75).

15. Петры хабар нын ныфсы хос цӕмӕн у?

 15 Кӕд-иу Петр йӕ хиуарзон фӕндтыл алы хатт нӕ фӕтых, уӕддӕр нын йӕ хабар у ныфсы хос. Петр йӕхӕдӕг дӕр кӕй архайдта ӕмӕ йын Хуыцау дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы ӕппынфӕстаг йӕ хиуарзондзинадыл фӕуӕлахиз, ӕмӕ сахуыр йӕхиуыл хӕцын, стӕй иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзын дӕр (Гал. 5:22, 23). Уый размӕ-иу цы уавӕрты фӕрӕдыд, уыдонӕй зындӕр уавӕрты-иу фӕразон разынд. Зӕгъӕм, апостол Павел ын иннӕты раз куы бауайдзӕф кодта, уӕд уыцы уайдзӕфмӕ раст цӕстӕй ракаст ӕмӕ уымӕй сӕрныллӕгдзинад равдыста (Гал. 2:11–14). Ӕмӕ уыцы хабары фӕстӕ дӕр Павелмӕ нӕ мӕсты кодта, зӕгъгӕ мӕ иннӕты цӕсты куыд бафтыдта. Петр дарддӕр дӕр Павелы хуыдта, «нӕ уарзон ӕфсымӕр», зӕгъгӕ (2 Пет. 3:15). Петры цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдайӕ архайӕм.

Петрӕн куы бауайдзӕф кодтой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Мах дӕр афтӕ бакӕниккам? (кӕс 15 абзац)

16. Зын уавӕрты нӕ бон куыд у удуӕлдайдзинад ӕвдисын?

16 Ды та зын уавӕрты куыд бакӕныс? Петры ӕмӕ иннӕ апостолты, кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй куы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ куы фӕнадтой, уӕд уыдон цин кодтой, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл» (Хъуыд. 5:41). Ды дӕр искуы ӕфхӕрд куы баййафай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, ахӕм уавӕрты дӕ бон кӕй у Петры бафӕзмын ӕмӕ Йесойау удуӕлдайӕ архайын. (Бакӕс 1 Петры 2:20, 21.) Ӕфхӕрдмӕ ахӕм цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын истӕй тыххӕй зонд куы бацамоной, уӕд. Хъыг-иу сӕм ма фӕу, фӕлӕ-иу Петры бафӕзм (Еккл. 7:9).

17, 18. а) Нӕ разы цавӕрдӕр нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ нӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын? ӕ) Кӕд нӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕ бафиппайдтам, уӕд нӕ бон цы у саразын?

17 Петры цӕвиттон ма дын баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕ разы исты нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд дӕр. Чи зоны, уыцы нысӕнттӕм тырнгӕйӕ удуӕлдайӕ архайыс. Фӕлӕ къӕрцхъус у, цӕмӕй сӕм уый тыххӕй ма тырнай, ӕмӕ кадмӕ бӕллыс. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Цӕмӕн мӕ фӕнды мӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕнын кӕнӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын? Мыййаг, ӕз дӕр Иаков ӕмӕ Иоаннау уымӕ бӕллын, цӕмӕй мын иннӕты цӕсты фылдӕр кад уа кӕнӕ мын фылдӕр бартӕ фӕзына?»

18 Кӕд дӕ зӕрдӕйы хиуарзон фӕндтӕ бафиппайдтай, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ зондахаст сраст кӕнынӕн. Ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй дӕхицӕн кад ма агурай, фӕлӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнай (Пс. 86:11). Дӕ бон ма у, иннӕты цӕсты афтӕ тынг чи нӕ хауы, ахӕм хъуыддӕгтӕм тырнын дӕр. Зӕгъӕм, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй дын кӕд искӕцы дӕ удыхъӕды фидар кӕнын зын у, уӕд уыцы миниуӕгыл фылдӕр бакус. Кӕнӕ та кӕд ӕмбырдмӕ дӕхи алы хатт бӕстон бацӕттӕ кӕныс, фӕлӕ Паддзахады зал ӕфснайын нӕ уарзыс, уӕд дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй Ромӕгтӕм 12:16 фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайай. (Бакӕс ӕй.)

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ныфс ма асӕтта, Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ-иу нӕхимӕ исты хъӕндзинӕдтӕ куы фенӕм, уӕд?

19 Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсӕм ӕмӕ-иу дзы исты хъӕндзинӕдтӕ, зӕгъӕм, хиуарзондзинад, куы бафиппайӕм, уӕд, чи зоны, нӕ ныфс асӕтта. Кӕд дӕуӕн дӕр афтӕ вӕййы, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Иаков кӕй кой кодта, уыцы ӕнтыстджын адӕймаджы цӕвиттон. Уыцы адӕймаг йӕхимӕ цы хъӕндзинӕдтӕ федта, уыдон тагъд сраст кодта ӕви нӕ, уый тыххӕй Иаков ницы загъта. Стӕй афтӕ дӕр нӕ загъта, ӕмӕ йӕ бон баци йӕ хъӕндзинӕдтӕ се ’ппӕт дӕр сраст кӕнын. Фӕлӕ Иаков загъта, уыцы адӕймаг ӕнаипп закъоныл фидар кӕй хӕцыд (Иак. 1:25). Кӕсӕны цы федта, уый дзы нӕ ферох, ӕмӕ бацархайдта йӕхи фӕхуыздӕр кӕныныл. Уӕдӕ ды дӕр дӕхимӕ раст цӕстӕй кӕс ӕмӕ ма рох кӕн, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм. (Бакӕс Екклесиаст 7:20.) Дарддӕр дӕр «ӕнаипп закъон» лӕмбынӕг иртас ӕмӕ архай, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдай уай. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнгдӕр ӕххуыс кӕндзӕн, де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хотӕн куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ. Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куы архайай ӕмӕ удуӕлдай куы уай, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ.