Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

«Адӕймаг бирӕ дӕр куы фӕцӕра, уӕддӕр хъуамӕ алы боныл дӕр цин кӕна» (ЕККЛ. 11:8).

1. Йегъовӕ нӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, цӕмӕй амондджын уӕм?

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хайджын кӕны бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Цард нын кӕй радта, ӕрмӕст уый дӕр арфӕдзинад у. Ӕмӕ нӕ раст динмӕ кӕй ӕрбакодта, уый фӕрцы йӕ нӕ бон у нӕ цардӕй кадджын кӕнын (Пс. 144:15; Иоан. 6:44). Йегъовӕ ма нын ӕвдисы, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр ӕнӕфӕцудгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Йер. 31:3; 2 Кор. 4:16). Стӕй ма, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ныр дӕр цӕрӕм дзӕнӕты – парахатӕй нын ис уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ нын ӕгас зӕххыл та ис, уарзондзинады тӕгтӕй кӕимӕ стӕм баст, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уымӕй уӕлдай ма зонӕм, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

2. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты цӕимӕ фӕхъӕуы тох кӕнын?

2 Кӕд Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, уӕддӕр сӕ кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕ сӕхицӕй нӕ рухс кӕны, ӕмӕ сӕ уыцы ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ фӕхъӕуы тох кӕнын. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ лӕггад Йегъовӕйы цӕсты ницы сты. Ахӕм хъуыдытӕ уӕгъд кӕй нӕ уадзынц, уыдонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ, адӕймаг «алы боныл дӕр цин кӕна», уый гӕнӕн нӕй. Сӕ царды бонтӕ сын тар бонтӕй уӕлдай не сты (Еккл. 11:8).

3. Адӕймагмӕ ныфссӕттӕг хъуыдытӕ цӕй тыххӕй фӕзыны?

 3 Ахӕм ныфссӕттӕг хъуыдытӕ адӕймагмӕ фӕзыны, цӕмӕйдӕр куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, цавӕрдӕр низӕй куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йыл азтӕ сӕ уӕз куы ӕруадзынц, уӕд (Пс. 71:9; Ӕмб. 13:12; Еккл. 7:7). Рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ зӕрдӕ мӕнгард у, ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд куы уа, уӕддӕр ныл, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ худа (Йер. 17:9; 1 Иоан. 3:20). Уымӕй уӕлдай ма Хӕйрӕг дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕны. Ӕмӕ йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон дӕр нын, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъарой, кӕддӕр Елифаз кӕй загъта, уыцы хъуыды, Хуыцауы цӕсты ницы стӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыды Иовы рӕстӕджы куыд уыди мӕнг, афтӕ у абон дӕр (Иов 4:18, 19).

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры, «саудалынг комы дӕр куы цӕуой», уӕд дӕр семӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 23:4). Йегъовӕ нын цы мадзӕлтты фӕрцы ӕххуыс кӕны, уыдонӕй иу у йӕ Ныхас Библи. Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уый фӕрцы «ис фидӕрттӕ басӕттӕн». Ӕмӕ уыцы «фидӕрттӕм» хауынц, адӕймагмӕ цы ныфссӕттӕг хъуыдытӕ фӕзыны, уыдон дӕр (2 Кор. 10:4, 5). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библи нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа. Уый дӕхицӕн дӕр стыр пайда фӕуыдзӕн ӕмӕ ма дӕ бон уыдзӕн иннӕты фидар кӕнын дӕр.

БИБЛИ ДЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДӔ ЦИНДЗИНАД МА ӔРМЫНӔГ УА?

5. Цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа, уый тыххӕй нын цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн?

5 Апостол Павел рагон Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа. Уый сын загъта: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ» (2 Кор. 13:5). Павел цы «уырнындзинады» кой кодта, уый амоны Библийы ахуырӕдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Кӕд нӕ цард уыцы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ аразӕм ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ дӕр ууыл дзурӕг сты, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ «уырнындзинады фидар стӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст нӕ уыдзӕн, Библийӕ цыдӕртӕ куы ’ххӕст кӕнӕм, цыдӕртӕ та – нӕ. Мах хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм, Библи нын цыдӕриддӕр дзуры, уый (Иак. 2:10, 11).

6. «Уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ», уый бамбарыны тыххӕй нӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ныккӕсӕм? (Кӕс нывмӕ 12 фарсыл.)

6 Чи зоны дӕ нӕ фӕнды дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕлдайдӕр та кӕд афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ дзы хорзӕй ницы фендзынӕ, уӕд. Фӕлӕ нӕхӕдӕг нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй сӕйрагдӕр у, Йегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый, уымӕн ӕмӕ нӕ уый хуыздӕр зоны (Ис. 55:8, 9). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм уый тыххӕй нӕ кӕсы, цӕмӕй сын уайдзӕф кӕна, фӕлӕ-иу сын цӕмӕй сӕ хорз миниуджытӕ фена ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕна. «Уырнындзинады фидар дӕ ӕви нӕ», уый бамбарыны тыххӕй дӕ зӕрдӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы куы ныккӕсай, уӕд дӕхимӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын райдайдзынӕ. Ӕмӕ уӕд афтӕ нал хъуыды кӕндзынӕ, Хуыцауы цӕсты ницы дӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Библийы цы ныфсдӕттӕг хъуыды ис, уый – Йегъовӕ дын тынг аргъ кӕны. Уый фӕрцы дӕ зӕрдӕмӕ рухс бакӕлдзӕн, мӕнӕ рудзынджы ӕмбӕрзӕнтӕ куы байгом кӕнынц, уӕд талынг уатмӕ хуры рухс куыд ӕрбакӕлы, афтӕ.

7. Библийы цы иузӕрдион адӕймӕгты кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?

7 Нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн иу хорз мадзал у, Библийы цы иузӕрдион адӕймӕгты кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл ахъуыды кӕнын. Сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сын се ’нкъарӕнтӕ абар дӕхи уавӕртӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтимӕ, ӕмӕ ахъуыды кӕн, ды та уыдоны бынаты куыд бакодтаис. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ ахӕм адӕймаджы цӕвиттонмӕ. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, уырнындзинады фидар кӕй дӕ, уый сбӕлвырд кӕнын, цӕмӕй дӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсай ӕмӕ дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа.

МӔГУЫР ИДӔДЗ УС

8, 9. а) Мӕгуыр идӕдз ус цы уавӕры уыд, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? ӕ) Уыцы сылгоймаг йӕхинымӕр цытӕ хъуыды кодтаид?

8 Йесо Иерусалимы кувӕндоны куы уыд, уӕд йӕ хъус ӕрдардта иу мӕгуыр идӕдз усмӕ. Уыцы  сылгоймаджы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа, кӕд, нӕхи цас фӕнды, уыйбӕрц аразын нӕ бон нӕу, уӕддӕр. (Бакӕс Лукайы 21:1–4.) Ахъуыды-ма кӕн уыцы идӕдз усы уавӕрыл. Иуӕй, йӕ сӕрыхицау кӕй амард, ууыл маст кодта. Иннӕмӕй та уыцы рӕстӕг дины разамонджытӕ «идӕдз устытӕн сӕ муртӕ хордтой», ӕххуыс сын нӕ кодтой, фӕлӕ. Ӕмӕ йын уый дӕр йӕ цард зындӕр кодта (Лук. 20:47). Уыцы сылгоймаг афтӕ мӕгуыр уыд, ӕмӕ мысайнагӕн йӕ бон раттын уыди, ӕххуырст кусӕг фынддӕс минутмӕ цас бакуыстаид, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц.

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы идӕдз ус кувӕндоны кӕртмӕ куыд бахызт, йӕ къухы ӕрмӕстдӕр дыууӕ лыстӕг ӕхцайы, афтӕмӕй. Цымӕ цытӕ хъуыды кодтаид? Мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, мӕ сӕрыхицау ма ӕгас куы уыд, уӕд цас лӕвӕрдтон, ӕмӕ ныр та куыд гыццыл дӕттын, зӕгъгӕ? Йӕ разӕй иннӕтӕ мысайнагӕн куыд бирӕ лӕвӕрдтой, уый уынгӕйӕ йӕм, мыййаг, афтӕ каст, ӕмӕ йӕ мысайнаг ӕппындӕр ницы у? Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй, мыййаг, ныппарын дӕр ӕфсӕрмы кодта? Кӕд ӕм ахӕм хъуыдытӕ уыд, уӕддӕр раст дины номыл, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта.

10. Йесо куыд бамбарын кодта, Йегъовӕ идӕдз усӕн тынг кӕй аргъ кодта?

10 Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ уыцы идӕдз усӕн дӕр ӕмӕ йӕ мысайнагӕн дӕр тынг кӕй аргъ кӕны. Йесо загъта, уыцы сылгоймаг хъӕздгуытӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр кӕй ныппӕрста. Йӕ мысайнаг иннӕты мысайнӕгты ’хсӕн зынгӕ дӕр нӕ ракодтаид, фӕлӕ Йесо ӕрмӕстдӕр уыцы идӕдз усӕй раппӕлыд. Фӕстӕдӕр мысайнӕгтӕ чи нымадтаид, уыдонӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдаид, Йегъовӕйӕн уыцы дыууӕ лыстӕг ӕхцайы дӕр ӕмӕ сӕ чи ныппӕрста, уыцы адӕймаг дӕр куыд зынаргъ сты, уый. Фӕлӕ сӕйрагдӕр уыди, Хуыцау цы хъуыды кодта, уый, идӕдз ус йӕхӕдӕг йе та адӕм цы хъуыды кодтой, уый нӕ, фӕлӕ. Дӕ бон нӕ уаид ацы цӕвиттоныл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, цӕмӕй базонай, уырнындзинады фидар дӕ ӕви нӕ?

Мӕгуыр идӕдз усы хабар дын цӕуыл дзурӕг у? (кӕс 8–10 абзацтӕ)

11. Идӕдз усы хабар дын цӕуыл дзурӕг у?

11 Йегъовӕйы тыххӕй дӕ бон саразын цы у, уый сӕйраджыдӕр кӕнгӕ у дӕ уавӕртӕй. Зӕгъӕм, ацӕргӕтӕн кӕнӕ, цавӕрдӕр низӕй рынчын чи у, уыдонӕн сӕ бон бирӕ хъусын кӕнын нӕу. Цымӕ раст уыдзӕн, афтӕ куы хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, цас балӕггад кодтон, уый хыгъды  ныффыссыны аккаг дӕр нӕу? Ӕмӕ кӕд бынтон ацӕргӕ нӕ дӕ ӕмӕ де ’нӕниздзинадӕй дӕр нӕ хъаст кӕныс, уӕддӕр дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ ды цас балӕггад кӕныс, уый, Хуыцауы адӕм афӕдзы дӕргъы цас балӕггад кӕнынц, уым зынгӕ дӕр нӕ ракӕны. Фӕлӕ мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ уыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ номы тыххӕй цыдӕриддӕр аразынц, уый. Сӕ фыдӕбонӕн сын тынг аргъ кӕны, уӕлдайдӕр та йын зын уавӕрты куы фӕлӕггад кӕнынц. Йегъовӕйӕн фӕстаг аз куыд балӕггад кодтай, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Мыййаг дын афтӕ уыди, ӕмӕ дӕ иу сахат балӕггад кӕныны тыххӕй дӕр дӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын бахъуыд? Кӕд о, уӕд дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, уыцы сахаты дӕргъы йӕ номыл цы сарӕзтай, уымӕн. Уӕдӕ кӕд ды дӕр уыцы мӕгуыр идӕдз усау Йегъовӕйы хъуыддаджы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, уӕд ӕй зон, уырнындзинады фидар кӕй дӕ.

«АЙС МЫН МӔ ЦАРД»

12–14. а) Илийайӕн ӕнцой цавӕр хъуыдытӕ нӕ лӕвӕрдтой? ӕ) Илийамӕ ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн фӕзындаид?

12 Пехуымпар Илийа уыд Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йӕ уырнындзинад уыд фидар. Фӕлӕ иухатт йӕхимӕ ахӕм ницӕйаг ӕркаст, ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта. Илийа куывта: «Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард» (1 Пад. 19:4). Ахӕм тыхст уавӕры чи никуы уыд, уымӕ, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Илийа кодта «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» (Иов 6:3). Фӕлӕ пехуымпар ӕцӕгдӕр тынг тыхсти. Ӕмӕ-ма дӕ хъус ӕрдар: Йегъовӕ Илийамӕ не смӕсты, йӕхицӕн мӕлӕт кӕй куырдта, уый тыххӕй, фӕлӕ ма йын ӕххуыс дӕр бакодта.

13 Илийамӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн фӕзынд? Уымӕй размӕ Илийа цы диссаг сарӕзта, уый фӕрцы сбӕлвырд, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у. Уый фӕстӕ, Ваалӕн чи куывта, уыцы 450 пехуымпары мӕлӕты тӕрхон баййӕфта (1 Пад. 18:37–40). Ӕвӕццӕгӕн, Илийа афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ ныр Хуыцауы адӕм раст динмӕ раздӕхдзысты, фӕлӕ хабар афтӕ нӕ рауад. Фыдзӕрдӕ ус-паддзах Йезавел Илийамӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой, маргӕ йӕ кӕй кӕндзӕн. Пехуымпар йӕхицӕн тынг фӕтарст, ӕмӕ хуссарырдӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд, йӕ фӕндаг Иудӕйы зӕххыл акодта, афтӕмӕй (1 Пад. 19:2–4).

14 Илийа ӕдзӕрӕг быдыры иунӕгӕй куы уыди, уӕд афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ лӕггад ницы у. Илийа Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Ӕз мӕ фыдӕлтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн». Илийайы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ мард фыдӕлтӕй куыд ницы пайда уыд, афтӕ уымӕй дӕр. Йӕхимӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ ницӕйаг у ӕмӕ нӕдӕр Йегъовӕйы хъӕуы, нӕдӕр ӕндӕр искӕй.

15. Йегъовӕ Илийайӕн куыд равдыста, тынг ын кӕй аргъ кӕны?

15 Фӕлӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Илийамӕ касти ӕндӕр цӕстӕй. Йегъовӕ Илийайӕн раздӕрау тынг аргъ кодта, ӕмӕ йын уый хъуыддагӕй дӕр равдыста. Хуыцау Илийамӕ йӕ зӕды ӕрбарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн дзул ӕмӕ дон дӕр радта, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы хъарутӕ фӕзынд, цӕмӕй 40 боны дӕргъы хуссарырдӕм Хоривы хохмӕ фӕцыдаид. Уымӕй уӕлдай ма, Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ уый йеддӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион ничиуал у, фӕлӕ йын Хуыцау фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, уый афтӕ кӕй нӕу. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ Илийайӕн ног хъуыддаг бахӕс кодта. Йегъовӕ Илийайӕн кӕй баххуыс кодта, уый фӕрцы йӕм ног тыхтӕ фӕзынд, ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ лӕггадмӕ бавнӕлдта (1 Пад. 19:5–8, 15–19).

16. Йегъовӕ-иу дын куыд баххуыс кодта?

16 Илийайы хабар дын баххуыс кӕндзӕн, уырнындзинады фидар кӕй дӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд дӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕ циндзинад не ’рмынӕг уыдзӕн. Фыццаджыдӕр ахъуыды кӕн, Йегъовӕ-иу дын куыд баххуыс кодта, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстон, зын сахат дӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд (Гал. 6:2). Ӕмӕ-иу Библийы кӕнӕ нӕ литературӕйы фӕрцы, стӕй ӕмбырдты фӕрцы дӕр куыннӕ банкъардтаис, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы, уый. Иннӕ хатт-иу ахӕм уавӕры дӕ зӕрдыл дар, уый дын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ-иу ын бузныг зӕгъын ма ферох кӕн (Пс. 121:1, 2).

17. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цӕй тыххӕй аргъ кӕны?

 17 Дыккаджы та, дӕ зӕрдыл дар, хатт адӕймаг йӕхимӕ ӕвзӕр цӕстӕй дзӕгъӕлы кӕй фӕкӕсы. Сӕйрагдӕр у, Хуыцау нӕ цы хъуыды кӕны, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:4.) Йегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый ууыл баст нӕу, ӕмӕ нын бирӕ бантыст ӕви нӕ. Уый нын аргъ кӕны, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, уый тыххӕй. Чи зоны, ӕмӕ Илийайау ды дӕр Йегъовӕйы тыххӕй, дӕхӕдӕг куыд ӕнхъӕл дӕ, уымӕй фылдӕр сарӕзтай. Чи зоны йӕ дӕхӕдӕг зонгӕ дӕр нӕ бакодтай, афтӕмӕй ӕмбырды кӕмӕндӕрты баххуыс кодтай. Йе та, гӕнӕн ис, де ’мбырд кӕм хъусын кӕны, уым чидӕртӕ хорз хабар дӕ фӕрцы фехъуыстой.

18. Йегъовӕ дын дӕ бар цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодта, уый цӕуыл дзурӕг у?

18 Ӕртыккаджы та, Йегъовӕ дын дӕ бар цы хъуыддӕгтӕ бакӕны, уыдонӕй дын алкӕцы дӕр ууыл дзурӕг уӕд, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ ис (Йер. 20:11). Чи зоны, дӕумӕ дӕр Илийайау афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ лӕггад ницы тыллӕг хӕссы йе та дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы никуы бафтдзысты, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асаст. Фӕлӕ уӕддӕр уый зон, ӕмӕ ды хайджын дӕ ӕппӕты стырдӕр кадӕй – хъусын кӕныс хорз хабар ӕмӕ хӕссыс Хуыцауы ном. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион у. Ӕмӕ уӕд, Йесо куыд загъта, афтӕ, ды дӕр «цин кӕндзынӕ дӕ хицауимӕ» (Мф. 25:23).

«ӔФХӔРД АДӔЙМАДЖЫ КУЫВД»

19. 102-ӕм псалом чи ныффыста, уый цы уавӕры уыд?

19 102-ӕм псалом чи ныффыста, уыцы адӕймаг уыди ныфссаст. Йӕхи «ӕфхӕрд адӕймаг» кӕй схуыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын цавӕрдӕр низ йе та цавӕрдӕр сагъӕстӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Цӕуылдӕр афтӕ маст кодта, ӕмӕ йӕ хъару бынтондӕр асаст (Пс. 102, разныхас). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ рыст ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстыл кӕй хъуыды кодта (Пс. 102:3, 4, 6, 11). Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ ма иу гыццыл, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ «йӕхицӕй аппардзӕн» (Пс. 102:10).

20. Ныфссӕттӕг хъуыдытӕ кӕмӕ фӕзыны, ахӕм адӕймаг Хуыцаумӕ куы кува, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

20 Фӕлӕ уӕддӕр псаломзарӕггӕнӕгӕн йӕ бон уыд йӕ цардӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын. (Бакӕс Псалом 102:19–21.) 102 псаломӕй куыд зыны, афтӕмӕй, уырнындзинады фидар чи у, уыдон дӕр хатт цӕуылдӕр фӕмаст кӕнынц ӕмӕ сын зын вӕййы сӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр саразын. Псаломзарӕггӕнӕг йӕхицӕй загъта, зӕгъгӕ, «хӕдзары сӕр иунӕгӕй чи бады, ахӕм цъиуы хуызӕн сдӕн». Афтӕ йӕм каст, цыма иунӕг у, йӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал уыдта (Пс. 102:7). Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры вӕййыс, уӕд-иу псаломзарӕггӕнӕгау дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзур. Уый фӕрцы дын ӕнцондӕр уыдзӕн ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, «йе ’ргом [кӕй] раздахдзӕн, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи фӕци, уыдоны куывдмӕ, сӕ куывдмӕ сын куыдфӕндыйы цӕстӕй [кӕй] нӕ ракӕсдзӕн» (Пс. 102:17). Фидарӕй ӕууӕнд уыцы ныхӕстыл.

21. Ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ чи тох кӕны, уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та йӕ зӕрдӕмӕ рухс бакӕла?

21 102-ӕм псаломӕй ма базонӕн ис, ныфссаст адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та йӕ зӕрдӕмӕ рухс бакӕла. Псаломзарӕггӕнӕг хъуыды кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыди, ууыл, ӕмӕ йын уый баххуыс кодта (Пс. 102:12, 27). Уый зыдта, Йегъовӕ фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ адӕмӕн сӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ӕмӕ йын уый уыди удӕнцойы хос. Уӕдӕ кӕд дӕуӕн дӕр цавӕрдӕр ныфссӕттӕг хъуыдытӕ ӕнцой нӕ дӕттынц ӕмӕ уый аххосӕй Хуыцауы хъуыддаджы, дӕу цас фӕнды, уыйбӕрц нӕ аразыс, уӕд Хуыцаумӕ уый тыххӕй кув. Ӕмӕ дзы ӕрмӕст уый ма кур, цӕмӕй дын зындзинӕдты рӕстӕг хъарутӕ дӕтта, фӕлӕ ма цӕмӕй йӕ ном дӕр хъуыстгонд цӕуа (Пс. 102:20, 21).

22. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

22 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Библийы фӕрцы нӕ бон у сбӕлвырд кӕнын, уырнындзинады фидар кӕй стӕм ӕмӕ нын Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ ацы фыддунейы цӕрӕм, уӕдмӕ ныфссӕттӕг хъуыдытӕй хызт нӕ уыдзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (Матф. 24:13).