Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ ныхас. Куы дын «о» вӕййы, куы та – «нӕ»?

Дӕ ныхас. Куы дын «о» вӕййы, куы та – «нӕ»?

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм хабар. Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты чи ис, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг иу ӕрыгон ӕфсымӕримӕ баныхас кодта, хуыцаубоны райсомӕй хъусын кӕнынмӕ кӕй ацӕудзысты. Фӕлӕ уыцы райсом хистӕр нӕлгоймагмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы иу ӕфсымӕр телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ йын загъта, йӕ бинойнаг аварийы кӕй бахауд ӕмӕ ныр рынчындоны кӕй ис. Ӕфсымӕр загъта, йе ’ххуыс ӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй, ӕнӕ тугӕй чи хос кӕны, ахӕм дохтыры ссарой. Гъемӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕрыгон ӕфсымӕрӕн загъта, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн йемӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ баххуыс кӕна, тыхст уавӕры чи ис, уыцы бинонтӕн.

Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ. Йӕ дыууӕ сывӕллоны иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм хойы йе ’мбырдӕй иу бинонтӕ сӕхимӕ фӕхуыдтой, уыцы ӕмӕ нӕм уыцы бон изӕрӕй ӕрбацӕут, зӕгъгӕ. Йӕ сывӕллӕттӕн ӕй куы загъта, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд, ӕмӕ уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты. Фӕлӕ ма уымӕ иу бон куы хъуыд, уӕд уыцы бинонтӕ хойӕн загътой, ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ сӕ пълӕнттӕ фӕивын кӕй бахъуыд ӕмӕ сӕ сӕ бон кӕй нал у фӕхонын. Фӕстӕдӕр уыцы хо базыдта, афтӕ цӕмӕн бакодтой – куы йӕ фӕхуыдтой, уый фӕстӕ сын сӕхи дӕр се ’мбӕлттӕ уыцы изӕр сӕхимӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ адон дӕр сразы сты.

Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ ныхасӕн хицау уӕм. Кӕд «о» загътам, уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй нын стӕй «нӕ» ма рауайа (2 Кор. 1:18). Фӕлӕ ацы дыууӕ цӕвиттонӕй куыд зыны, афтӕмӕй уавӕртӕ иухуызон нӕ вӕййынц. Хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ нӕ, цӕуыл баныхас кодтам, уый аивын бахъӕуы. Иухатт апостол Павел дӕр ахӕм уавӕры уыд.

ПАВЕЛЫ ФӔАХХОСДЖЫН КОДТОЙ, ЙӔ НЫХАС РАИВ-БАИВ КӔНЫ, ЗӔГЪГӔ

Нӕ эрӕйы 55 азы апостол Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕг уыд Ефесы. Уӕд хъавыд Эгейы денджызыл Коринфмӕ ацӕуын, уырдыгӕй та – Македонимӕ. Фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ здӕхгӕйӕ фӕнд кодта Коринфы ӕмбырд дыккаг хатт бабӕрӕг кӕнын – ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй, цӕмӕй сын сӕ «рӕдау лӕвар» Иерусалимы цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фӕхӕццӕ кодтаид (1 Кор. 16:3). Уый бӕрӕг у 2 Коринфӕгтӕм 1:15, 16 стихтӕй. Павел ныффыста: «Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ уӕм раздӕр дӕр хъавыдтӕн ӕрцӕуынмӕ, цӕмӕй та дыккаг хатт дӕр фӕцин кодтаиккат. Мӕ зӕрды уыди сымахмӕ иуцасдӕр баззайын, уый фӕстӕ Македонимӕ ацӕуын, стӕй уӕм Македонийӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын, цӕмӕй мӕ иу гыццыл Иудейӕмӕ ахизын кодтаиккат».

Куыд зыны, афтӕмӕй Павел коринфаг ӕфсымӕртӕм йӕ пълӕнтты тыххӕй уымӕй размӕ дӕр ныффыста (1 Кор. 5:9). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Павел Хлойӕйы хӕдзаронтӕй  базыдта, Коринфы ӕмбырды чидӕртӕ кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕй кӕнынц (1 Кор. 1:10, 11). Уӕд Павел йӕ фӕнд аивта, ӕмӕ ныффыста, абон мах Фыццаг фыстӕг коринфӕгтӕм кӕй хонӕм, уыцы фыстӕг. Уым сын Павел уынаффӕтӕ дӕр радта ӕмӕ сын уайдзӕф дӕр бакодта. Йӕ фыстӕджы ма ныффыста, йӕ пълӕнттӕ кӕй фӕивта ӕмӕ уал фыццаг Македонимӕ кӕй ацӕудзӕн, уый фӕстӕ та – Коринфмӕ (1 Кор. 16:5, 6) *.

Куыд зыны, афтӕмӕй йын Коринфы ӕмбырд йӕ фыстӕг куы райста, уӕд ӕй ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ аххосджын кӕнын райдыдтой, йӕ ныхас раив-баив кӕны, зӕгъгӕ. Уыдон сӕхи Павелӕй хуыздӕр ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Павел схуыдта «диссаджы апостолтӕ». Павелы бахъуыд йӕхи сӕрыл сдзурын, ӕмӕ сӕм радта ахӕм фарстатӕ: «Гъеныр мӕм ахӕм фӕнд кӕй уыди, уымӕй, мыййаг, исты ӕнӕрхъуыды ми бакодтон? Науӕд мӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон буары фӕндтӕ сты, ома фыццаг „о, о“ кӕнын, стӕй та „нӕ, нӕ“?» (2 Кор. 1:17; 11:5).

Цымӕ Павелӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕцӕгдӕр «ӕнӕрхъуыды ми бакодта»? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Дзырд «ӕнӕрхъуыды»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, адӕймаг йӕ хъуыды кӕй фӕраив-баив кӕны, ома йыл ӕууӕнк кӕй нӕй ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй нӕу, уымӕ. Павел коринфӕгтӕм ахӕм фарста кӕй радта, цы фӕндтӕ мӕм ис, уыдон, мыййаг, буары фӕндтӕ сты, зӕгъгӕ, уый фӕрцы хъуамӕ бамбӕрстаиккой, йӕ фӕнд уый тыххӕй кӕй нӕ аивта, ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау нӕ уыд.

Павел йӕхи сӕрыл дзургӕйӕ фидарӕй загъта: «Хуыцау йӕ ныхас куыд нӕ сайы, афтӕ уын мах цы загътам, уый дӕр нӕ уыди куы „о“, куы та – „нӕ“» (2 Кор. 1:18). Уый йӕ фӕнд уымӕн аивта, ӕмӕ коринфаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ хорзыл хъуыды кодта. Павел загъта: «Ӕз Коринфмӕ абоны онг дӕр уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй уӕхимӕ тынгдӕр ныхъхъуыстаиккат» (2 Кор. 1:23). Афтӕмӕй сын фадат радта, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ сраст кодтаиккой, цалынмӕ сӕм йӕхӕдӕг не ’рцыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Македонийы куы уыд, уӕд ын Тит загъта, йӕ фыстӕг сын тынг кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Ӕмӕ Павелӕн уый уыди стыр цины хос (2 Кор. 6:11; 7:5–7).

ЧЫРЫСТИЙЫ НОМӔЙ ФӔЗӔГЪӔМ «АММЕН»

Павелы чи аххосджын кодта, йӕ ныхас раив-баив кӕны, зӕгъгӕ, уыдоны уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йыл кӕд ӕнӕуи хъуыддӕгты ӕууӕнк нӕй, уӕд ыл хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр нӕй ӕууӕнк. Фӕлӕ Павел коринфӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йесо Чырыстийы тыххӕй сын кӕй хъусын кодта, уый. Загъта сын: «Мах, ома ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей, [сымахӕн] кӕй тыххӕй фехъусын кодтам, уый – Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти, нӕ уыди уыцы иу рӕстӕг „о“ дӕр ӕмӕ „нӕ“ дӕр, фӕлӕ йӕ уавӕры „о“ сси „о“» (2 Кор. 1:19). Цымӕ Йесо Чырыстийӕ афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ йыл ӕууӕнк нӕй? Ницы хуызы! Зӕххыл цӕргӕйӕ ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ алкӕддӕр дзырдта, раст цы у, уый (Иоан. 14:6; 18:37). Уӕдӕ кӕд, Чырысти цы хъусын кодта, уый раст ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг уыд ӕмӕ Павел дӕр уыдӕттӕ хъусын кодта, уӕд Павелы ныхӕстыл дӕр ӕууӕндӕн уыд.

Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ у «рӕстдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5). Уый бӕрӕг у, Павел дарддӕр цы ныффыста, уымӕй дӕр: «Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы [ома Чырыстийы фӕрцы] систы „о“». Зӕххыл уӕвгӕйӕ Чырысти Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Павел дарддӕр фыссы: «Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн „аммен“ дӕр уый номӕй [ома Чырыстийы номӕй] фӕзӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа» (2 Кор. 1:20). Чырысти йӕхӕдӕг у бӕлвырдгӕнӕн, кӕнӕ «аммен», Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн.

Йесо Чырысти ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕдзурынц, раст цы у, уый. Ӕмӕ Павел дӕр афтӕ кодта (2 Кор. 1:19). Уый йӕ  хъуыды нӕ раив-баив кодта. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ-иу искӕмӕн дзырд ратгӕйӕ йӕ «буары фӕндтыл» ацыд (2 Кор. 1:17). Павел «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ каст» (Гал. 5:16). Йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыд, йе ’мчырыстӕтты хорз ӕй кӕй фӕндыд. Дзырд дӕр ыл нӕй, Павелӕн йӕ «о» алы хатт дӕр уыд «о»!

ДӔУӔН ДӔР ДӔ «О» АЛЫ ХАТТ ДӔР «О» ВӔЙЙЫ?

Абон Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕй бирӕтӕ дзырд раттынц, фӕлӕ стӕй сӕ ныхас гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр фӕивынц кӕнӕ та йӕ фӕсайынц, ӕндӕр цыдӕр сӕм хуыздӕр кӕй фӕкӕсы, уый тыххӕй. Куыстимӕ баст хъуыддӕгты дӕр сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕнынц, кӕд гӕххӕттыл сӕ къух ӕрӕвӕрынц, уӕддӕр. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн дзырд кӕй раттынц, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр цӕрӕнбонты иумӕ уыдзыстӕм, зӕгъгӕ, уымӕ дӕр бирӕтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц. Чи ахицӕн вӕййы, ахӕм бинонтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый фехалын сӕм ӕппындӕр кӕй ницы кӕсы (2 Тим. 3:1, 2).

Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Дӕ «о» алы хатт дӕр «о» вӕййы? Статьяйы райдианы куыд федтам, афтӕмӕй адӕймаджы иуӕй-иу хатт бахъӕуы, цӕуыл баныхас кодта, уый аивын – ӕууӕнк ыл кӕй нӕй, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ уавӕртӕ кӕй фӕивынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ дзырд куы раттай, уӕд-иу ӕппӕт хъарутӕй бацархай, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕнай (Пс. 15:4; Матф. 5:37). Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ иууылдӕр зондзысты, ӕууӕнк кӕуыл ис, йӕ ныхасӕн хицау чи у ӕмӕ сайгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм адӕймагӕй (Еф. 4:15, 25; Иак. 5:12). Адӕм уый куы уыной, ӕмӕ дыл ӕнӕуи хъуыддӕгты ӕууӕндӕн ис, уӕд дӕм, чи зоны, хуыздӕр байхъусой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын куы дзурай, уӕд. Цӕй уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ «о» алкӕддӕр уа «о»!

^ 7 абз. Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд Троадӕйы уылты ацыд Македонимӕ. Уым ныффыста Дыккаг фыстӕг коринфӕгтӕм (2 Кор. 2:12; 7:5). Ӕмӕ уый фӕстӕ Коринфмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта.