Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Моисейы уырнындзинад фӕзмут

Моисейы уырнындзинад фӕзмут

«Моисей куы сыстыр, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын» (ДЗУТ. 11:24).

1, 2. а) Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд цавӕр уынаффӕ рахаста? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Моисей Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын цӕмӕн равзӕрста?

МОИСЕЙ зыдта, Египеты йӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ каст. Йӕ алыварс уыдта хъӕздгуыты стыр ӕмӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Йӕхӕдӕг та уыд фараоны бинонтӕй, нымад уыд фараоны чызджы фыртыл. «Моисейӕн бацамыдтой ӕгас Египеты зонд», ӕмӕ уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты астрономи, математикӕ, архитектурӕ ӕмӕ ӕндӕр наукӕтӕ дӕр (Хъуыд. 7:22). Йӕ къухы ӕнцонтӕй бафтыдаиккой, иннӕ египетӕгтӕ сӕ фыны дӕр кӕй нӕ федтаиккой, ахӕм хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бартӕ.

2 Фӕлӕ Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд ахӕм уынаффӕ рахаста, ӕмӕ фараон ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, арвы цӕфау фесты. Египеты цӕргӕйӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдаид, уыдоныл йӕ къух систа. Мыййаг ӕй хуымӕтӕг египетӕгты цард кӕнын бафӕндыд? Нӕ, Моисей равзӕрста цагъартимӕ ӕфхӕрд ӕййафын! Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый уыд фидар уырнындзинады хицау. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–26.) Уырнындзинады фӕрцы Моисей, йӕ алыварс цы дуне уыд, ӕрмӕст уый нӕ уыдта. Уый фидарӕй ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл». Стӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл дӕр (Дзут. 11:27).

3. Ацы статьяйы дзуапп цавӕр ӕртӕ фарстайӕн базондзыстӕм?

3 Моисейау мах дӕр, нӕ алыварс цы дуне ис, ӕрмӕст уый хъуамӕ ма уынӕм. Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад (Дзут. 10:38, 39). Ӕмӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар кӕнӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Дзуттӕгтӕм 11:24–26 стихты Моисейы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ. Уыцы стихтыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн ацы  фарстатыл: Моисейӕн йӕ уырнындзинад куыд баххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ алыварс адӕм цӕмӕ бӕллыдысты, уымӕ ма бӕллыдаид? Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр ын уырнындзинад куыд баххуыс кодта, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уымӕн аргъ кодтаид? Ӕмӕ «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр... цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл» цӕмӕн уыдысты?

ЙӔ АЛЫВАРС АДӔМ ЦӔМӔ БӔЛЛЫДЫСТЫ, УЫМӔ НӔ БӔЛЛЫД

4. «Тӕригъӕд... цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый тыххӕй Моисей цы зыдта?

4 Моисей алцӕмӕдӕр уырнындзинады цӕстӕй каст, ӕмӕ ӕмбӕрста, «тӕригъӕд... цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый» рӕстӕгмӕ кӕй у. Иннӕтӕ та, чи зоны, афтӕ хъуыды кодтой: «Кӕд египетӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынц ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнынц, уӕддӕр Египет сси хъомысджын дунеон паддзахад, Йегъовӕйы адӕм та сты цагъартӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц». Фӕлӕ Моисей зыдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у уавӕр бынтондӕр фӕивын. Кӕд афтӕ зынди, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон ӕнтыстджын сты, уӕддӕр Моисейы уырныдта, фыдгӕнджытӕм хорзӕй кӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый йӕ йӕ фӕдыл нӕ асайдта.

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый нӕ йӕ фӕдыл ма асайа?

5 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», уый дӕ йӕ фӕдыл ма асайа? Макуы рох кӕн, уыцы ӕхсызгондзинад тагъд кӕй ӕрбайсӕфы. Алцӕмӕдӕр уырнындзинады цӕстӕй кӕс, цӕмӕй ӕмбарай, «дуне дӕр [кӕй] фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр» (1 Иоан. 2:15–17). Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Уыдон лӕууынц «бырынцъаг ран» ӕмӕ «бӕллӕхы ӕвиппайды... фесӕфдзысты» (Пс. 73:18, 19). Исчи кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Мӕ зӕрдӕ мӕхицӕн цавӕр фидӕн зӕгъы?»

6. а) Моисейы цӕуылнӕ бафӕндыд «фараоны чызджы фырты ном хӕссын»? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Моисей раст уынаффӕ рахаста?

6 Моисеймӕ уырнындзинад кӕй уыд, уый ма йын баххуыс кодта, йӕ цард куыд сараздзӕн, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн дӕр. Библийы уый тыххӕй кӕсӕм: «Моисей куы сыстыр, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын» (Дзут. 11:24). Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, фараоны хӕдзары цӕргӕйӕ дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мӕ бартӕй спайда кӕндзынӕн, цӕмӕй ме ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнон. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта, ӕмӕ йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ лӕггад кодтаид (Дык. з. 6:5). Цы уынаффӕ рахаста, уый фӕрцы йӕхи бирӕ мӕстытӕй бахызта. Кӕд Моисей Египеты хӕзнатыл йӕ къух систа, уӕддӕр фӕстӕдӕр уыцы хӕзнатӕй бирӕ цыдӕртӕ израилӕгты баисты (Рац. 12:35, 36). Фараон та фегад ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ мӕлӕт ссардта (Пс. 136:15). Моисейӕн та йӕ хабар куыд рауад? Хуыцау ӕй ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ разамонӕг сси ӕмӕ сын ӕдас кӕм уыдаид, ахӕм бынатмӕ сӕ акодта. Уӕдӕ Моисей ахӕм цард кӕй равзӕрста, уый тыххӕй фӕсмойнаг нӕ фӕци.

7. а) Матфейы 6:19–21 стихтӕм гӕсгӕ, ӕнусон фидӕныл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? ӕ) Хӕзнатӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты ӕмбырд кӕнын хуыздӕр кӕй у, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

7 Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс, уӕд дын уырнындзинад царды фӕндаг равзарынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? Дӕ фидӕныл рагацау ахъуыды кӕн. Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕнд ӕмӕ «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕн» рӕстӕгмӕйы цардӕн нӕ, фӕлӕ ӕнусон цардӕн. (Бакӕс Матфейы 6:19–21.) Раст афтӕ бакодта Софи, балеты бирӕ кӕмӕн ӕнтыст, иу ахӕм чызг. Иугонд Штатты балеты театртӕй йын бирӕты зӕрдӕ ӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ балеты скъолайы ахуыр кӕнай, уӕдмӕ дын дӕ ахуырӕн фиддзыстӕм ӕмӕ дын стӕй нӕ театры хорз бынат ратдзыстӕм. Софи мӕнӕ цы зӕгъы: «Иннӕты цӕсты мын ахӕм кад кӕй уыд, уый мын ӕхсызгон куыннӕ уыди. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕнӕй хуыздӕр ничи кафы. Фӕлӕ уӕддӕр амондджын нӕ уыдтӕн». Иубон Софи бакаст видеофильммӕ «Вопросы молодежи. Чему посвятить свою жизнь?». Ӕмӕ мӕнӕ цы дзуры: «Ӕз бамбӕрстон, кӕд мын ацы дунейы бирӕ ӕнтыст ӕмӕ мын адӕмы цӕсты дӕр кад уыди, уӕддӕр мын уый зынаргъ кӕй слӕууыд – мӕ бон нӕ уыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ Хуыцаумӕ уый тыххӕй зӕрдиагӕй фӕкуывтон. Гъемӕ ӕппынфӕстаг балет ныууагътон». Софи ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста,  ууыл цымӕ фӕсмон кӕны? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Мӕ раздӕры цард ӕппындӕр нӕ мысын. Ныр куыд амондджын дӕн, афтӕ никуыма. Мӕ цардӕмбалимӕ иумӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм. Зындгонд не стӕм, стӕй нӕм ӕхца дӕр бирӕ не ’фты. Фӕлӕ махӕн ис Йегъовӕ ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, ахӕм адӕм, стӕй ма нын Хуыцауы хъуыддаджы ис бирӕ хорз нысӕнттӕ. Ӕз ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнын».

8. Ӕрыгӕттӕн царды раст фӕндаг равзарынӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн?

8 Йегъовӕ зоны, хуыздӕр дын цы у, уый. Моисей загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай, уарзай йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай, ӕххӕст кӕнай Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, цӕмӕй дын уа хорз – ӕндӕр ма дӕм истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» (Дык. з. 10:12, 13). Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ царды ахӕм фӕндаг равзар, цӕмӕй дӕ бон уа Йегъовӕйӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй» лӕггад кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, кӕй йӕ уарзыс, уый ӕвдисын. Ахӕм фӕндаг куы равзарай, уӕд дын ӕнӕмӕнгдӕр «уыдзӕн хорз».

ХУЫЦАУӔН КӔЙ ЛӔГГАД КОДТА, УЫМӔН АРГЪ КОДТА

9. Моисейӕн йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид?

9 Моисей «Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг уӕвгӕйӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфта, уый» (Дзут. 11:26). Ацы ран Моисей «Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг» уымӕн хуыйны, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ равзӕрста, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид. Моисей зыдта, уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмбӕрста, ӕфхӕрд дӕр кӕй баййафдзӕн, ома йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты. Уый размӕ дӕр израилӕгтӕй иу чидӕр Моисейӕн бафидис кодта: «Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?» (Рац. 2:13, 14). Фӕстӕдӕр Моисей йӕхӕдӕг Йегъовӕйӕн загъта: «Фараон [мӕм] куыд байхъусдзӕн?» (Рац. 6:12). Йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый зонгӕйӕ Моисей Йегъовӕйӕн радзырдта, цӕмӕй тарст ӕмӕ йӕ цы тыхсын кодта, уый тыххӕй. Цымӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта уыцы зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн?

10. Йегъовӕ Моисейӕн куыд баххуыс кодта йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн?

10 Фыццаг, Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ» (Рац. 3:12). Дыккаг, бамбарын ын кодта йӕ номы нысаниуӕджы фӕзилӕнтӕй сӕ иу, ӕмӕ дзы афтӕмӕй ныфс бауагъта. Йегъовӕ загъта: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» * (Рац. 3:14). Ӕртыккаг, Моисейы ахӕм хъаруйӕ схайджын кодта, ӕмӕ йӕ бон уыди диссӕгтӕ аразын, ӕмӕ уый фӕрцы бӕрӕг уыд, Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у (Рац. 4:2–5). Цыппӕрӕм, Йегъовӕ Моисейӕн радта, йӕ бӕсты чи дзырдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕджы, Аароны (Рац. 4:14–16). Моисей, царды цы федта, уый фӕрцы фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн цыфӕнды хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ царды кӕрон йӕ бон уыд Йесо Навинӕн фидарӕй зӕгъын: «Дӕ разӕй цӕуы Йегъовӕ. Уый уыдзӕн демӕ. Нӕ дӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс» (Дык. з. 31:8).

11. Моисей, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уымӕн тынг цӕмӕн аргъ кодта?

11 Моисей зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ кӕд йӕ хӕслӕвӕрд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ын аргъ кодта ӕмӕ йӕ «Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл» нымадта. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ абаргӕйӕ фараонӕн лӕггад кӕнын цы уыди? Йегъовӕйы «сӕрст лӕггадгӕнӕг» уай, уыимӕ абаргӕйӕ, Египеты хицау уай, уымӕн цӕй аргъ уыд? Моисей, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уымӕн афтӕ тынг кӕй аргъ кодта, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд. Йегъовӕимӕ уыди тынг ӕнгом, ӕмӕ, израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы кодта, уӕд ын Хуыцау ахӕм хъару радта, цӕмӕй «хъомысджын хъуыддӕгтӕ равдыстаид» (Дык. з. 34:10–12).

12. Йегъовӕ нын нӕ бӕрны цавӕр кадджын хӕстӕ бакодта?

12 Хуыцауы махӕн дӕр радта хӕслӕвӕрд. Йӕ Фырты уылты нӕ апостол Павелау ӕмӕ иннӕ чырыстӕттау «сӕвӕрдта лӕггадгӕнджытӕй», ома нын бахӕс кодта хорз хабар хъусын кӕнын. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:12–14.) Ӕмӕ уыцы кадджын  хъуыддаджы махӕй алчидӕр архайы (Матф. 24:14; 28:19, 20). Чидӕртӕ нӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг. Фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ ӕмбырды лӕггад кӕнынц кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Фӕлӕ дын, чи зоны, де ’нӕуырнӕг бинонтӕ ӕмӕ иннӕтӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ дын гъеныр уыдӕттӕ цы пайда сты. Кӕнӕ та, Йегъовӕйы тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кӕныс, уый тыххӕй дын, чи зоны, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц (Матф. 10:34–37). Кӕд дын сӕ ныхӕстӕй дӕ ныфс сӕттынц, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайай, ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у кӕнӕ дӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын дӕ бон нӕу. Ахӕм уавӕры дын уырнындзинад куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай?

13. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, нӕ бӕрны нын цы кадджын хӕстӕ бакодта, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн?

13 Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнд, дӕ куывдтытӕ дын кӕй фехъусдзӕн. Цӕмӕй тӕрсыс ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй-иу ын радзур. Йегъовӕ дын уыцы кадджын хӕстӕ дӕ бӕрны йӕхӕдӕг бакодта, ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнай. Куыд? Моисейӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ. Фыццаг, Йегъовӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10). Дыккаг, дӕ зӕрдыл дын лӕууын кӕны, йӕ ныхас ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн: «Ӕз... [уынаффӕ] рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн» (Ис. 46:11). Ӕртыккаг, хайджын дӕ кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕнай (2 Кор. 4:7). Цыппӕрӕм, ӕгас зӕххыл дӕр дын ис, «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс [чи] ӕфтауы ӕмӕ кӕрӕдзийы [чи] фидар кӕны», бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ дын уыдоны фӕрцы дӕр Йегъовӕ ӕххуыс кӕны дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн (1 Фес. 5:11). Хуыцау дын куыд ӕххуыс кӕны, уый куы уынай, уӕд дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ дын дӕ бӕрны цы кадджын хӕстӕ бакодта, уыдонӕн ацы дунейы хӕзнатӕй тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ.

«ЙӔ ХЪУЫДЫТӔ ИУУЫЛДӔР УЫДЫСТЫ, ЦЫ ХӔРЗИУӔГ ӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КАСТ, УУЫЛ»

14. Моисейы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, йӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзӕн?

14 Моисейӕн «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл» (Дзут. 11:26). Кӕд фидӕны тыххӕй бирӕ нӕ зыдта, уӕддӕр, цы зыдта, уый йын ӕххуыс кодта раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Йӕ фыдӕл Авраамау уый дӕр фидарӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мӕрдты райгас кӕнын (Лук. 20:37, 38; Дзут. 11:17–19). Моисейы бахъуыд ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ алидзын ӕмӕ уым 40 азы фӕцӕрын. Уый фӕстӕ та 40 азы фӕци ӕдзӕрӕг быдыры. Фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын уыцы азтӕ дзӕгъӕлы ацыдысты. Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый кӕд лыстӕг хабӕртты онг нӕ зыдта, уӕддӕр уырнындзинады  цӕстӕй уыдта, фидӕны йӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ каст, уый.

15, 16. а) Нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр нӕ хӕрзиуӕгыл цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдонӕй дӕ тынгдӕр кӕцытӕ фӕнды фенын?

15 Дӕуӕн дӕр «дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр... цы хӕрзиуӕг дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл» сты? Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй мах дӕр Моисейау алцы лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм. Зӕгъӕм, нӕ зонӕм, стыр бӕллӕх кӕд райдайдзӕн, уый (Мар. 13:32, 33). Фӕлӕ уӕддӕр, фидӕны зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый тыххӕй Моисейӕ бирӕ фылдӕр зонӕм. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй нын Йегъовӕ фаг раргом кодта, цӕмӕй «нӕ хъуыдыдтӕ иууылдӕр» уыцы цардыл уой. Ног дуне нӕ цӕстыты раз куы лӕууа, уӕд нӕ зӕрдиагӕй фӕнддзӕн фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕн: цавӕрдӕр хӕдзар ӕлхӕнынмӕ куы хъавай, фӕлӕ, уыцы хӕдзар цавӕр у, уый бӕлвырд куы нӕ зонай, уӕд ӕй балхӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Раст афтӕ, фидӕны дӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бӕлвырд куы нӕ зонай, уӕд ӕм зӕрдиагӕй нӕ тырндзынӕ. Уырнындзинады фӕрцы хъуамӕ ирдӕй уынӕм, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы цард уыдзӕн, уый.

Цӕй стыр цины хос уыдзӕн Моисейы хуызӕн иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ ныхас кӕнын! (кӕс 16 абзац)

16 Цӕмӕй уыцы цард дӕ цӕстыты раз ноджы ирддӕрӕй лӕууа, уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, дзӕнӕты ды куыд цӕрдзынӕ, ууыл. Зӕгъӕм, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдонӕн сӕ царды хабӕрттӕ куы иртасай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, ног дунейы куы райгас уой, уӕд сӕ цӕмӕйты бафӕрсдзынӕ. Ахъуыды-иу кӕн, дӕу та цӕмӕй фӕрсдзысты, ууыл дӕр. Чи зоны дӕ фӕрсой, фӕстаг бонты куыд цардтӕ, уый тыххӕй. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, дӕ рагфыдӕлтӕ куы райгас уой ӕмӕ сын, Хуыцау уыдоны тыххӕй цы сарӕзта, уый куы ӕмбарын кӕнай, уӕд куыд цин кӕндзынӕ. Стӕй ма-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, хъӕддаг сырдты тыххӕй фылдӕр куы базонай, стӕй сӕ куы нал тӕрсай, уӕд ууыл дӕр куыд цин кӕндзынӕ. Ахъуыды-иу кӕн, ӕххӕстдзинадмӕ куыд хӕстӕгдӕр кӕнай, афтӕ Йегъовӕмӕ куыд ӕввахсдӕр кӕндзынӕ, ууыл.

17. Фидӕны нӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ цӕстыты раз куы уа, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

17 Фидӕны нӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ цӕстыты раз куы уа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн, стӕй нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын дӕр. Павел сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста: «Кӕд, цы нӕ уынӕм, уымӕй [нӕ] ис ныфс, уӕд ӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм» (Ром. 8:25). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ хауынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр. Кӕд нӕ хӕрзиуӕг нӕма райстам, уӕддӕр ӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, ӕнӕмӕнг ӕй кӕй райсдзыстӕм. Моисейау мах дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн цы азтӕ фӕлӕггад кодтам, уыдон дзӕгъӕлы ацыдысты. Мах фидарӕй зонӕм: цӕстӕй цы уынӕм, уый рӕстӕгмӕ у, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та – ӕнустӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18.)

18, 19. а) Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй нӕ тох кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

18 Уырнындзинады фӕрцы мах ӕмбарӕм, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» ӕмӕ уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй ис (Дзут. 11:1). Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон цардмӕ уырнындзинады цӕстӕй нӕ кӕсынц ӕмӕ уый тыххӕй не ’мбарынц, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у. Уыдон уыцы кадджын хъуыддаг «ӕнӕзонддзинадыл нымайынц» (1 Кор. 2:14). Стӕй, кӕд мах фидар ныфс ис, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уӕд ацы дунейы адӕмӕн та уыдӕттӕ ӕнӕрцӕугӕ хабӕрттӕ сты. Павелы рӕстӕджы чи цард, уыцы философтӕ йӕ схуыдтой «дзӕгъӕлдзых», ӕмӕ мах дӕр хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕзӕгъынц, уыдон дзӕгъӕл ныхӕстӕ сты, зӕгъгӕ (Хъуыд. 17:18).

19 Мах цӕрӕм, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн, «цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай» (Лук. 22:32). Моисейау ды дӕр макуы рох кӕн, тӕригъӕд адӕймаджы цӕмӕ ӕркӕны, уый. Стӕй дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын стыр кад кӕй у ӕмӕ дӕм разӕй ӕнусон цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Цымӕ Моисейӕ ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, уырнындзинад ын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыдтаид (Дзут. 11:27).

^ 10 абз. Рацыды 3:14 стихы Хуыцау цы ныхӕстӕ загъта, уый тыххӕй иу библииртасӕг ныффыста: «Ахӕмӕй ницы ис, ӕмӕ йӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын бахъыгдара... Ацы ном [Йегъовӕ] израилӕгтӕн хъуамӕ уыдаид сӕ фидар мӕсыг, сӕ ныфсы ӕмӕ сӕ удӕнцойы ӕнӕбайсысгӕ суадон».