Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?

«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?

«Уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (ДЗУТ. 11:27).

1, 2. а) Афтӕ цӕмӕн зынди, ӕмӕ Моисей тӕссаг уавӕры ис? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Моисей «паддзахы фыдӕхӕй» цӕуылнӕ фӕтарст?

ФАРАОН уыди хъомысджын хицау ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ нымадтой хуыцауыл. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй фараон египетӕгты цӕсты уыд, «зӕххыл удӕгасӕй цы ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр зондджындӕр ӕмӕ хъаруджындӕр» (When Egypt Ruled the East). Цӕмӕй фараон, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы адӕмы тас уагътаид, уый тыххӕй дардта, сызгъӕрин кобрӕ кӕуыл уыд, ахӕм кадыхуд. Уыцы кобрӕ афтӕ конд уыд, цыма дыл ныртӕккӕ йӕхи ныццӕвдзӕн, ӕмӕ уый египетӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, паддзахы знӕгтӕ уайтагъд кӕй ӕрбайсӕфдзысты. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, Моисей куыд фӕуыдаид, Йегъовӕ йын афтӕ куы загъта: «Ныр [дӕ] ӕрвитын фараонмӕ, ӕмӕ мын ды мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ» (Рац. 3:10).

2 Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Моисей Египетмӕ ацыд ӕмӕ йын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый фараонӕн фехъусын кодта. Уӕд фараонӕн йӕ маст рафыхт. Хуыцау Египеты зӕххыл фараст бӕллӕхы куы ’руагъта, уый фӕстӕ фараон Моисейӕн загъта: «Куыннӕуал дӕ фенон, афтӕ бакӕн! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзынӕ» (Рац. 10:28). Моисей дӕр ацыд, фӕлӕ уал уый размӕ загъта, фараонӕн йӕ фыццаг фырт кӕй амӕлдзӕн (Рац.  11:4–8). Уый фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр аргӕвстаиккой сӕныкк кӕнӕ уӕрыкк ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кодтаиккой. Египетӕгтӕ та фыр нывондӕн хастой сӕ хуыцау Райӕн, ӕмӕ йӕ нымадтой сыгъдӕг фосыл (Рац. 12:5–7). Фӕлӕ Моисей ӕппындӕр нӕ тарст, фараон уыцы хабӕрттӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, уымӕй. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы «паддзахы фыдӕхӕй» нӕ фӕтарст ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ бакаст – «уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:27, 28.)

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад афтӕ фидар у, цыма «Хуыцауы уыныс»? (Матф. 5:8). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уа ӕмӕ, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уынӕм, уый тыххӕй Моисейы цӕвиттоныл аныхас кӕнӕм. Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй адӕмӕй ма тарстаид? Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый куыд равдыста? Ӕмӕ, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» кӕй уыдта, уый дзы ныфс куыд бауагъта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр тынг тӕссаг уавӕры куы бахаудысты, уӕд?

«ПАДДЗАХЫ ФЫДӔХӔЙ» НӔ ФӔТАРСТ

4. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Моисейӕн фараоны ныхмӕ йӕ бон исты уыд?

4 Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Моисейӕн хъомысджын фараоны ныхмӕ йӕ бон ӕппындӕр ницы уыд. Фараонӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ йӕ ӕрмӕст ӕфхӕргӕ нӕ, фӕлӕ ма суанг маргӕ дӕр акодтаид. Моисей йӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйӕн афтӕ загъта: «Ӕз чи дӕн, цӕмӕй фараонмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕнон?» (Рац. 3:11). Уымӕй иу-40 азы размӕ Моисей Египетӕй лидзинаг фӕци. Ӕмӕ ныр, чи зоны, хъуыдытӕ кодта: «Фӕстӕмӕ Египетмӕ куыд хъуамӕ аздӕхон? Фараон мыл йӕ маст нӕ ныккалдзӕн?»

5, 6. Моисейӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй фараонӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ тарстаид?

5 Цалынмӕ Моисей фӕстӕмӕ Египетмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг. Уый тыххӕй фӕстӕдӕр Моисей йӕхӕдӕг ныффыста Иовы чиныджы: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонд» (Иов 28:28). Цӕмӕй Моисей адӕмӕй ма тарстаид ӕмӕ зондӕй архайдтаид, уый тыххӕй йын Йегъовӕ бамбарын кодта, адӕймагӕй цас хъомысджындӕр у, уый. Загъта йын: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый?» (Рац. 4:11).

6 Цымӕ уыцы ныхӕстӕ Моисейӕн хъуамӕ цӕуыл дзурӕг уыдаиккой? Моисейы ӕрвыста Йегъовӕ, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй хъуыди тӕрсын. Йегъовӕ йын баххуыс кодтаид, цӕмӕй фараонӕн фехъусын кодтаид, цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхста, уый. Фараонӕн Йегъовӕйы ныхмӕ йӕ бон ӕппындӕр ницы уыд саразын. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн-иу Египеты уый размӕ дӕр уыди тӕссаг. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Моисей хъуыды кодта, Йегъовӕ Авраамы ӕмӕ Иосифы, стӕй Моисейӕн йӕхи дӕр куыд фервӕзын кодта, Египеты уый размӕ чи уыд, уыцы паддзӕхты къухӕй (Райд. 12:17–19; 41:14, 39–41; Рац. 1:22–2:10). Моисей, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл» кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы фараоны раз ныфсджынӕй ӕрлӕууыд ӕмӕ йын фехъусын кодта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый.

7. Нӕ хотӕй иу Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый йын куыд баххуыс кодта?

7 Нӕ хо Эллӕ дӕр, Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы адӕмӕй нӕ фӕтарст. 1949 азы Эстонийы КГБ-йы кусджытӕ Эллӕйы ӕрцахстой, сбӕгънӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй милицӕйы ӕрыгон кусджыты раз фӕлӕууын кодтой. Эллӕ радзырдта: «Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ цъыфы сӕвдылдтой. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы скуывтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр». Уый фӕстӕ Эллӕйы ӕртӕ боны камерӕйы иунӕгӕй фӕбадын кодтой. Эллӕ загъта: «Милицӕйы кусджытӕ мыл хъӕр кодтой: „Мах афтӕ бакӕндзыстӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы ном Эстонийы хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн! Фӕлӕуу, мӕнӕ дӕ лагермӕ арвитӕм, иннӕты та Сыбыры балӕууын кӕнӕм“. Мӕстӕй мӕ мардтой ӕмӕ мын дзырдтой: „Гъа-ма, кӕм ис дӕ Йегъовӕ?“». Цымӕ Эллӕ адӕмӕй фӕтарст  ӕви йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардта? Афтӕ йын куы загътой, зӕгъгӕ, куы нал хъусын кӕнай, уӕд дӕ ссӕрибар кӕндзыстӕм, уӕд сын ныфсджынӕй загъта: «Ӕз ацы хъуыддагыл дзӕбӕх ахъуыды кодтон. Цӕйнӕфӕлтау ссӕрибар уон ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуон, фӕлтау ахӕстоны баддзынӕн». Эллӕ Йегъовӕйыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, раст ӕй цыма йӕхи цӕстӕй уыдта, уыйау. Йӕ уырнындзинады фӕрцы Эллӕ уыцы зын уавӕрты иузӕрдионӕй баззад.

8, 9. а) Цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсай, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразай? ӕ) Адӕмӕй куы тӕрсай, уӕд дӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарай?

8 Йегъовӕйыл куы ӕууӕндай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн дӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсурын. Хицӕуттӕ дын Хуыцауӕн лӕггад кӕныны бар куы нӕ дӕттой, уӕд, чи зоны, афтӕ зына, цыма дӕ цард сӕ къухы ис. Чи зоны дӕм ахӕм хъуыды дӕр фӕзына: «Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр куыд лӕггад кӕнон? Хицӕуттӕ мыл сӕ маст нӕ ныккалдзысты?» Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: Хуыцауыл куы ӕууӕндай, уӕд адӕмӕй нӕ тӕрсдзынӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25.) Йегъовӕ дын зӕгъы: «Ау, куыд хъуамӕ тӕрсай, чи амӕлдзӕн, уыцы зӕххон адӕймагӕй, цъӕх кӕрдӕджы бон кӕуыл акӕндзӕн, уыцы адӕймаджы фыртӕй?» (Ис. 51:12, 13).

9 Дӕ цӕстыты раз алкӕддӕр уӕд дӕ хъомысджын уӕларвон Фыд. Уый уыны, хицӕуттӕ ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдоны се ’ппӕты дӕр, йӕ зӕрдӕ сыл риссы ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр кӕны (Рац. 3:7–10). Стыр хицӕутты раз дӕ дӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын куы хъӕуа, уӕддӕр-иу, «цы зӕгъай ӕмӕ куыд зӕгъай, ууыл ма тыхс – уыцы сахат, цы зӕгъай, уый зондзынӕ» (Матф. 10:18–20). Зӕххон хицӕуттӕн Йегъовӕйы ныхмӕ сӕ бон ӕппындӕр ницы у. Дӕ уырнындзинад ныр куы фидар кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ уыдзӕн удӕгас Хуыцау ӕмӕ фидарӕй зондзынӕ, кӕй дын баххуыс кӕндзӕн.

ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔВӔРДТЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНДЫД

10. а) Н. э. размӕ 1513 азы нисаны мӕйы Йегъовӕ израилӕгтӕн цы бафӕдзӕхста? ӕ) Моисей Йегъовӕйы ныхасмӕ цӕмӕн байхъуыста?

10 Н. э. размӕ 1513 азы нисаны мӕйы Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисей ӕмӕ Аароны уылты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕнӕсахъат уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк аргӕвстаиккой ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кодтаиккой (Рац. 12:3–7). Израилӕгтӕ уый размӕ ахӕм хъуыддаг никуы арӕзтой. Фӕлӕ уӕддӕр, фӕстӕдӕр апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Моисей «йӕ уырнындзинады фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ тугӕй бапырх кодта, цӕмӕй зӕд Хуыцауы адӕмы фыццаг хъӕбултӕм ма бавнӕлдтаид» (Дзут. 11:28). Моисей зыдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, египетӕгтӕн сӕ фыццаггуырд фыртты тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

11. Моисей израилӕгты цӕмӕн бафӕдзӕхста?

11 Моисейӕн йӕхи фырттӕ уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, Мадиамы уыдысты, ӕмӕ сын уыцы зӕд зиан нӕ ракодтаид (Рац. 18:1–6). Фӕлӕ Моисей израилӕгты уарзта ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, сӕ фыццаггуырд фырттӕн тӕссаг кӕй у. Гъемӕ йын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ израилаг бинонтӕн бацамыдта, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Библийы фыст ис: «Моисей уайтагъд фӕдзырдта Израилы хистӕр лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут, ӕмӕ уӕ алчидӕр... Куадзӕны нывонд аргӕвдӕд“» (Рац. 12:21).

12. Йегъовӕ нын цавӕр ахсджиаг хабар бахӕс кодта хъусын кӕнын?

12 Абон Йегъовӕйы адӕм зӕдты ӕххуысӕй хъусын кӕнынц ахӕм ахсджиаг хабар: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат! Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Рарг. 14:7). Уыцы хабар хъӕуы ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын. Хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй Стыр Вавилонӕй рацӕуой, ӕмӕ сыл «йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой» (Рарг. 18:4). Сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ ма семӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр, адӕмӕн дзурынц, цӕмӕй «Хуыцауимӕ бафидауой» ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой (Иоан. 10:16; 2 Кор. 5:20).

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндай, уӕд хорз хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзынӕ (кӕс 13 абзац)

13. Хорз хабар ныфсджынӕй цӕй фӕрцы хъусын кӕндзыстӕм?

13 Мах фидарӕй зонӕм, «тӕрхоны сахат» кӕй ралӕууыд. Стӕй нӕ фидарӕй уырны уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы, ӕвӕстиатӕй  хъусын кӕнын кӕй хъӕуы. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «цыппар зӕды зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл» (Рарг. 7:1). Уырнындзинады цӕстӕй уыныс, уыцы зӕдтӕ стыр бӕллӕхы зианхӕссӕг дымгӕтӕ суадзынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый? Кӕд о, уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын.

14. Цы нӕ разӕнгард кӕны фыдгӕнджыты фӕдзӕхсынмӕ, «цӕмӕй се ’взӕр фӕндаг ныууадзой»?

14 Мах ныридӕгӕн дӕр стӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ нӕ фидар ныфс ис, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Фӕлӕ уый дӕр ӕмбарӕм, ӕмӕ нӕ хӕс у фыдгӕнджыты фӕдзӕхсын, «цӕмӕй се ’взӕр фӕндаг ныууадзой ӕмӕ удӕгасӕй баззайой». (Бакӕс Йезекилы 3:17–19.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, цӕмӕй ныл искӕй туг ма уа. Мах уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы, ӕмӕ хъусын дӕр уый тыххӕй кӕнӕм. Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы бамбарын кодта, ӕцӕг уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый. Уӕдӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Самариаг лӕджы хуызӕн дӕн ӕви сауджын ӕмӕ левиты хуызӕн? Алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнон ӕви мӕхицӕн ӕфсӕнттӕ ссарын, цӕмӕй-иу сын мацы зӕгъон?» (Лук. 10:25–37). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм ӕмӕ адӕмы куы уарзӕм, уӕд зӕрдиагӕй хъусын кӕндзыстӕм, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ.

«СӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ ФӔРЦЫ СЫРХ ДЕНДЖЫЗЫЛ АХЫЗТЫСТЫ»

15. Израилӕгтӕм афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты?

15 Моисей ӕууӕндыд, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауыл», ӕмӕ йын уый баххуыс кодта, израилӕгтӕ тынг тӕссаг уавӕры куы бахаудысты, уӕд. Уый уыд, Египетӕй куы рацыдысты, уый хӕдфӕстӕ.  Библийы фыст ис: «Израилы фырттӕ акастысты, ӕмӕ сӕ уӕртӕ египетӕгтӕ ӕрбасурынц. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзтой» (Рац. 14:10–12). Цымӕ сын уыцы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы уыд? Афтӕ зӕгъӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый размӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз фараоны йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асурдзӕн. Уӕд ӕз фараоны ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи скадджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ» (Рац. 14:4). Фӕлӕ израилӕгтӕ хабармӕ кастысты адӕймаджы цӕстӕй. Уыдон уыдтой, разӕй сын сӕ фӕндаг Сырх денджыз кӕй ӕрӕхгӕдта, фӕстейӕ сӕ фараоны ӕфсад кӕй ӕрбаййафы ӕмӕ сын фӕндаг та 80-аздзыд фыййау кӕй амоны! Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты.

16. Израилӕгтӕ Сырх денджызы раз куы лӕууыдысты, уӕд Моисейӕн йӕ уырнындзинад куыд баххуыс кодта?

16 Фӕлӕ Моисей нӕ фӕтарст. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уырнындзинады цӕстӕй уыдта, абухгӕ денджызӕй ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕфсадӕй бирӕ хъомысджындӕр чи уыд, уый. Моисей уыдта Йегъовӕйы, ӕмӕ фидарӕй зыдта, Хуыцау израилӕгты тыххӕй тохы кӕй бацӕудзӕн ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс Рацыд 14:13, 14.) Моисейы уырнындзинад Хуыцауы адӕмы ныфс бауагъта. Библийы кӕсӕм: «Израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Сырх денджызыл ахызтысты сур зӕххыл цӕуӕгау, ӕмӕ египетӕгтӕ дӕр уымӕ сӕ ныфс куы бахастой, уӕд уыдон та доны бын фесты» (Дзут. 11:29). Уыцы хабары фӕстӕ «адӕм Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой ӕмӕ баууӕндыдысты Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейыл дӕр» (Рац. 14:31).

17. Фидӕны нӕ уырнындзинад цавӕр уавӕры фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн?

17 Тагъд рӕстӕджы мах дӕр бахаудзыстӕм тынг тӕссаг уавӕры. Стыр бӕллӕхы кӕрон ацы дунейы хицауӕдтӕ, мах динӕй бирӕ стырдӕр чи у, уыцы динтӕй ницыуал ныууадздзысты, бынтондӕр сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:16). Ӕмӕ афтӕ зындзӕн, цыма махӕн дӕр, нӕ сӕрыл чи рахӕца, уый нӕй. Цы тӕссаг уавӕры уыдзыстӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты загъта, зӕгъгӕ, «кӕм цӕрынц, уым сын иу ран дӕр къултӕ нӕй, нӕй сын нӕдӕр дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ, нӕдӕр дуӕрттӕ» (Йез. 38:10–12, 14–16). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зындзӕн, цыма нын фервӕзӕн нӕй. Куыд бакӕндзынӕ уыцы уавӕры?

18. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕджы нӕ бон фидар фӕлӕууын бауыдзӕн?

18 Мах тӕрсын ӕппындӕр нӕ хъӕуы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, йӕ адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабар цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый дӕр нын раргом кодта. «Гог Израилы зӕхмӕ куы ӕрбабырса, уыцы бон,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– фырмӕстӕй мӕ фындзыхуынчъытӕй кӕлдзӕн арт. Ӕмӕ ӕз дзурдзынӕн цӕхӕртӕ калгӕйӕ, мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ» (Йез. 38:18–23). Уӕд Хуыцау фесафдзӕн, йӕ адӕмӕн зиан ракӕнынмӕ чидӕриддӕр хъава, уыдоны. «Йегъовӕйы стыр бон» уыдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм бон. Фӕлӕ дӕ Хуыцау кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндай, уӕд уырнындзинады цӕстӕй уындзынӕ, Йегъовӕ дӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ йыл уый фӕрцы кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзынӕ (Иоил 2:31, 32).

19. а) Моисей Йегъовӕимӕ куыд ӕнгом уыд, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? ӕ) Йегъовӕйы «дӕ алы къахдзӕфыл дӕр» дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд дын куыд арфӕ кӕндзӕн?

19 Уыцы диссаджы хабӕрттӕм дӕхи ныр бацӕттӕ кӕн. Цы дӕ хъӕуы уый тыххӕй? Ды дӕр Моисейау фидар у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кӕныс, афтӕ». Библи ӕдзухдӕр ахуыр кӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕнгомдӕр кӕн. Йегъовӕ Моисейы къухӕй хъомысджын хъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзта, стӕй Моисей йемӕ тынг ӕнгом кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Библи зӕгъы, «Йегъовӕ йӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта», зӕгъгӕ (Дык. з. 34:10). Ӕцӕгдӕр, Моисейы хуызӕн пехуымпар нӕ уыд. Фӕлӕ дӕумӕ дӕр уырнындзинад куы уа, уӕд ды дӕр Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом уыдзынӕ, раст ӕй цыма уынгӕ кӕныс, афтӕ. Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕ ӕвӕры: Йегъовӕйы «дӕ алы къахдзӕфыл дӕр» дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд дын «дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:6).