Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныфсджын у, Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!

Ныфсджын у, Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!

«Нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг“» (ДЗУТ. 13:6).

1, 2. Ӕндӕр бӕстӕйӕ йӕ хӕдзармӕ чи ӕрыздӕхы, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ИУ НӔЛГОЙМАГ, Эдуардо *, ӕндӕр бӕстӕйы хорз ран куыста ӕмӕ стыр мызд иста. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд бамбӕрста, йӕ бинонты ӕхцайӕ тынгдӕр ӕндӕр цыдӕр кӕй хъӕуы. Уыдоны хъуыди, цӕмӕй сӕ фарсмӕ уыдаид. Гъемӕ Эдуардо фӕстӕмӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхт (Еф. 6:4).

2 Эдуардо зыдта, йӕ бинонтӕм кӕй ӕрыздӕхт, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кодта. Фӕлӕ, айразмӕйы статьяйы цы Мэрилины кой кодтам, уыйау Эдуардойы дӕр хъуыди бафыдӕбон кӕнын, цӕмӕй та йӕ бинонтимӕ раздӕрау ӕнгом суыдаид. Стӕй мӕгуырдӕр бӕстӕйы кӕй цардысты, уый тыххӕй йын йӕ бинонты фӕдарын дӕр зын уыдаид. Уӕдӕ ныр цардамӕлттӕ куыд хъуамӕ кӕна? Ӕмбырды йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ истӕмӕй баххуыс кӕндзысты?

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ТА БИНОНТӔ КӔРӔДЗИИМӔ ӔМӔ ЙЕГЪОВӔИМӔ ӔНГОМ СУОЙ?

3. Ныййарджытӕй исчи йӕ бинонтӕй дард куы фӕцӕры, уӕд уый сывӕллӕттыл куыд фӕзыны?

3 Эдуардо зӕгъы: «Мӕ сывӕллӕтты мӕ уынаффӕ ӕмӕ мӕ рӕвдыд ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыд, уӕд сӕ фарсмӕ нӕ уыдтӕн. Библийы радзырдтӕ сын нӕ кастӕн, семӕ иумӕ нӕ куывтон, семӕ нӕ хъазыдтӕн ӕмӕ-иу сӕ мӕ хъӕбысы дӕр нӕ акодтон» (Дык. з. 6:7). Йӕ хистӕр  чызг Аннӕ дзуры: «Нӕ фыд немӕ кӕй нӕ цард, уый тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ нӕ уарзы. Фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд ма йӕ йӕ цӕсгом ӕмӕ йӕ хъӕлӕсӕй цы зыдтам, ӕндӕр нын ӕцӕгӕлонӕй уӕлдай нӕ уыд. Куы-иу мын ахъӕбыс кодта, уӕд-иу мӕм куыддӕр ӕнахуыр каст».

4. Нӕлгоймаг йӕ бинонтӕй дард куы фӕцӕры, уӕд йӕ бон цӕуылнӕ вӕййы бинонты хистӕры хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын?

4 Нӕлгоймаг йӕ бинонтӕй дард куы цӕра, уӕд йӕ бон нӕ уыдзӕн бинонты хистӕры хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Эдуардойӕн йӕ бинойнаг Руби афтӕ зӕгъы: «Мӕ сывӕллӕттӕн уыцы иу рӕстӕг мад дӕр уыдтӕн ӕмӕ фыд дӕр. Ӕмӕ-иу исты уынаффӕ рахӕссын куы хъуыди, уӕд-иу ӕй фылдӕр хатт мӕхӕдӕг рахастон. Эдуардо фӕстӕмӕ нӕхимӕ куы ’рыздӕхт, уӕд хъуамӕ мӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын сахуыр уыдаин, чырыстон сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Ныр дӕр ма мӕ хатгай мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын фӕхъӕуы, мӕ сӕрыхицау ам кӕй ис» (Еф. 5:22, 23). Эдуардо дӕр дзуры: «Нӕ чызджыты-иу исты саразын куы фӕндыд, уӕд-иу бар сӕ мадӕй ракуырдтой. Фӕлӕ мах Рубиимӕ ӕмбӕрстам, нӕ сывӕллӕттӕ кӕй хъуамӕ уыной, сӕ мад ӕмӕ сӕ фыд иу хъуыдыйыл хӕст кӕй сты. Стӕй ма хъуамӕ сахуыр уыдаин разамынд мӕхимӕ исын, чырыстон бинонты хистӕрӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ».

5. Эдуардо сӕхимӕ куы ’рыздӕхт, уӕд цы арӕзта, цӕмӕй та йӕ бинонтимӕ раздӕрау ӕнгом суыдаид? Ӕмӕ уый йӕ бинонтыл куыд фӕзынд?

5 Эдуардо ӕппӕт хъарутӕй архайдта, цӕмӕй та йӕ бинонтӕ раздӕрау ӕнгом суыдаиккой ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккой. Уый дзуры: «Мӕ нысан уыд, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад бауарзын кодтаин – ныхасӕй дӕр ӕмӕ мӕхи цӕвиттонӕй дӕр. Архайдтон, цӕмӕй, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый ӕрмӕст дзургӕ ма кодтаин, фӕлӕ йӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдыстаин» (1 Иоан. 3:18). Цымӕ Йегъовӕ Эдуардойы фыдӕбонӕн раарфӕ кодта? Аннӕ йӕ фыды тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы: «Уыдтон ӕй, йӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый кӕй арӕзта, цӕмӕй нын хорз фыд уыдаид ӕмӕ нӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ раздӕрау ӕнгом суыдаиккой. Ӕмӕ йӕм уӕд бынтон ӕндӕр зӕрдӕ дарын райдыдтон. Ӕмбырды хъуыддӕгты куыд зӕрдиагӕй архайы, уый уыдтам, ӕмӕ дзы тынг сӕрыстыр уыдыстӕм. Ацы дуне архайдта, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ фӕиппӕрд кодтаид. Фӕлӕ нӕ ныййарджытӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕй сарӕзтой, уый уынгӕйӕ мах дӕр ууыл архайдтам. Папӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, никуыуал уӕ ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ ныхас нӕ фӕсайдта. Куы та ацыдаид, уӕд абон, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы организацийы нӕ уаин».

НӔ АХХОСЫЛ ХЪУАМӔ БАСӔТТӔМ

6. Балканы бӕстӕты хӕсты рӕстӕг ныййарджытӕй бирӕтӕ цы бамбӕрстой?

6 Балканы бӕстӕты хӕст куы цыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн кусынмӕ цӕуыны фадат нӕ уыд. Ӕмӕ-иу хӕдзары кӕй уыдысты, уый фӕрцы сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстой – семӕ иумӕ хъазыдысты, ныхас кодтой ӕмӕ Библи ахуыр кодтой. Ӕмӕ сывӕллӕттӕ ууыл тынг цин кодтой, кӕд хӕсты тыххӕй уӕззау уавӕрты цардысты, уӕддӕр. Ацы хабарӕй цы ис базонӕн? Сывӕллӕтты ӕхца ӕмӕ лӕвӕрттӕй тынгдӕр хъӕуы, сӕ ныййарджытӕ семӕ уой, уый. Библи дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг куы ’рвитой ӕмӕ сӕ куы ахуыр кӕной, уӕд уый сывӕллӕттӕн стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн (Ӕмб. 22:6).

7, 8. а) Иуӕй-иу ныййарджытӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ сӕхимӕ куы ’рыздӕхынц, уӕд цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц? ӕ) Ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ кӕрӕдзи ӕмбарой?

7 Хъыгагӕн, афтӕ вӕййы, ӕмӕ ныййарӕг ӕндӕр бӕстӕйӕ сӕхимӕ куы ’рыздӕхы, уӕд фены, йӕ сывӕллӕттӕ йӕм мӕсты кӕй кӕнынц йе та йӕм уазал зӕрдӕ кӕй дарынц. Ахӕм уавӕры ныййарӕг йӕ сывӕллӕттӕн, чи зоны, зӕгъа, ӕз сымах тыххӕй куы фыдӕбон кодтон, уӕд афтӕ цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныййарӕг хъуамӕ ӕмбара, хабар афтӕ сӕйраджыдӕр уымӕн кӕй у, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг семӕ нӕ уыд. Уӕдӕ кӕд ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дӕ бон куыд у, уӕ бинонты ’хсӕн цы хид фехӕлд, уый ногӕй саразын?

8 Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй, дӕ бинонтӕ сӕхи афтӕ цӕмӕн дарынц, уый бамбарай. Зӕгъ сын, кӕй сӕттыс, дӕ аххос дӕр дзы кӕй ис, ууыл. Зӕрдиагӕй сӕ хатыр ракур. Дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, ӕдзухдӕр хъуыддаг банывыл кӕныныл кӕй архайыс, уӕд ӕй бамбардзысты, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ  кӕй архайыс. Фӕндфидар ӕмӕ фӕразон у, ӕмӕ дын уӕд дӕ бинонтӕ раздӕрау аргъ кӕндзысты ӕмӕ дӕ уарздзысты.

БИНОНТӔ ДАРЫНЫ ХӔС

9. Ӕдзухдӕр нӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл цӕуылнӕ хъуамӕ архайӕм?

9 Павел ныффыста, ацӕргӕ чырыстӕттӕн сӕхи дарын сӕ бон куы нал уа, уӕд сын сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Ӕмӕ уый фӕстӕ Павел чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кодта, хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрат, уый уын куы уа, уӕд уый фагыл нымайут, зӕгъгӕ. Хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл ма архайӕм, стӕй, нӕ рӕбыны исты уа, ууыл дӕр хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:4, 8; 6:6–10.) Чырыстон йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй хъуамӕ ацы дунейы хъӕздыгдзинадмӕ ма тырна, уымӕн ӕмӕ ацы дуне тагъд аивгъуыйдзӕн (1 Иоан. 2:15–17). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ӕхцайы фӕрцы нӕ бон бауыдзӕн не ’ппӕт зындзинӕдты сӕрты дӕр ахизын. Стӕй хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ бинонтӕ «ацы царды сагъӕстыл [ма] суой» ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕхай ма фӕуой «ӕцӕг цардӕй» – Хуыцауы ног дунейы чи уыдзӕн, уыцы цардӕй (Мар. 4:19; Лук. 21:34–36; 1 Тим. 6:19).

10. Зондыл дзурӕг цӕмӕн уыдзӕн, адӕймаг хӕстӕ куы нӕ иса?

10 Йегъовӕ зоны, цардамӕлттӕ кӕнынӕн нӕ иуцасдӕр уӕддӕр кӕй хъӕуы ӕхца. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы зонд куыд хъахъхъӕндзӕн, ӕхца нӕ афтӕ нӕ бахъахъхъӕндзӕн (Еккл. 7:12; Лук. 12:15). Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдон арӕх кӕронмӕ нӕ фембарынц, уыцы хъуыддаг цавӕр зындзинӕдтӕм ӕркӕндзӕн. Стӕй фидарӕй зӕгъӕн нӕ вӕййы, адӕймаг дзы бирӕ ӕхца кӕй бакусдзӕн. Уӕдӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын бирӕ цӕмӕйдӕрты у тӕссаг. Бирӕтӕ фӕстӕмӕ ноджы фылдӕр хӕстимӕ ӕрыздӕхынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы цагъартӕ нал вӕййынц, фӕлӕ, ӕхца кӕмӕй дарынц, уыдоны цагъартӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:7.) Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, адӕймаг хӕстӕ ӕппындӕр куы нӕ иса.

11. Бинонтӕ се ’хца куыд хардз кӕндзысты, уый куы пълан кӕной, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

11 Эдуардо ӕндӕр бӕстӕйӕ сӕхимӕ куы ’рыздӕхт, уӕд бамбӕрста: цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара, уый тыххӕй йӕ ныр йӕ хъус дарын хъӕуы, се ’хца цӕуыл хардз кӕндзысты, уымӕ. Йӕ бинойнагимӕ ныффыстой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕн цас ӕхца бахъӕудзӕн. Цы ныффыстой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд, раздӕр-иу цас цыдӕртӕ ӕлхӕдтой, уыйбӕрц ӕлхӕнын. Фӕлӕ бинонтӕй алчидӕр архайдта, цӕмӕй ӕхца дзӕгъӕлы ма хардз кодтаид *. Эдуардо зӕгъы: «Иу хъуыддаг уый уыд, ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, фидын кӕм хъуыд, уыцы скъолатӕй ӕнӕуи скъолатӕм ракодтон – уыдон дӕр ӕвзӕр скъолатӕ нӕ уыдысты». Стӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр куывтой, цӕмӕй ссардтаид, Хуыцауы хъуыддӕгты сӕ иумӕ архайын чи нӕ хъыгдардтаид, ахӕм куыст. Цымӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдтытӕ фехъуыста?

12, 13. Цӕмӕй Эдуардойӕн йӕ бинонты дарын йӕ бон уыдаид, уый тыххӕй цы сарӕзта? Сӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

12 «Фыццаг дыууӕ азы цардыл тыххӕй ӕххӕссыдыстӕм,– зӕгъы Эдуардо.– Цы ’хца нӕм уыд ӕвӕрд, уыдонӕй-иу нӕ сисын бахъуыд. Мӕ мызд афтӕ гыццыл уыд, ӕмӕ-иу нын хатт нӕ фаг кодта, стӕй-иу фӕллайгӕ дӕр тынг бакодтон. Фӕлӕ нӕ бон уыд алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын ӕмӕ иумӕ хъусын кӕнын». Эдуардо йӕхицӕн фидарӕй загъта, йӕ бинонты йӕ бирӕ рӕстӕгмӕ ныууадзын кӕй тыххӕй бахъӕуа, ахӕм куыстыл хъуыды дӕр кӕй никуы акӕндзӕн. «Ӕз сахуыр дӕн алыхуызон куыстытӕ кӕнын,– зӕгъы Эдуардо,– ӕмӕ-иу, зӕгъгӕ, иу цавӕрдӕр куыст нӕ уыд, уӕд-иу мӕ бон уыди ӕндӕр куыст кӕнын».

Алыхуызон куыстытӕ кӕнын куы сахуыр уай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ бинонты фӕдарын (кӕс 12 абзац)

13 Эдуардойӕн йӕ хӕстӕ бафидыныл бирӕ рӕстӕг кӕй ацыд, уый тыххӕй йӕ стыр проценттӕ фидын бахъуыд. Фӕлӕ ууыл дӕр разы уыд, ӕрмӕст цӕмӕй йӕ бинонтимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид. «Ӕндӕр бӕстӕйы кусгӕйӕ цас ӕхца истон, уымӕй ныр дӕс хатты къаддӕр исын,– дзуры Эдуардо.– Фӕлӕ къӕбӕрцух не стӕм. Йегъовӕйы къух цыбыр нӕу. Пионертӕй лӕггад кӕнын дӕр ма райдыдтам. Диссаг уый у, ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ бӕстӕйы экономикӕйы уавӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ нын цардамӕлттӕ кӕнын дӕр бирӕ фенцондӕр» (Ис. 59:1).

 ХИУӔТТӔ НӔ СӔ ЗОНДЫЛ КУЫ ЦӔУЫН КӔНОЙ

14, 15. Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, сӕ хиуӕттӕ сӕ сӕ зондыл куы цӕуын кӕной, уӕд? Бинонтӕ раст куы фӕархайынц, уӕд уый хатт сӕ хиуӕттыл куыд фӕзыны?

14 Бирӕ бӕстӕты адӕм сӕ хӕсыл нымайынц сӕ хиуӕттӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын лӕвӕрттӕ кӕнын. «Нӕ адӕммӕ дӕр ахӕм ӕгъдау ис,– зӕгъы Эдуардо.– Ӕмӕ мах дӕр уарзӕм иннӕтӕн хорзы цӕуын. Фӕлӕ се ’ппӕтыл дӕр аххӕссӕн нӕй. Мӕ хиуӕттӕн фӕлмӕнӕй фембарын кӕнын, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сын кӕй ӕххуыс кӕндзынӕн, фӕлӕ фыццаджыдӕр мӕхи бинонтыл кӕй тыхсдзынӕн ӕмӕ сын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзынӕн».

15 Йӕ бинонтимӕ баззайын кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхын чи аскъуыддзаг кӕны, уыдонмӕ сӕ хиуӕттӕ, чи зоны, мӕсты кӕной ӕмӕ сын фидистӕ кӕной, зӕгъгӕ, дӕхи йеддӕмӕ никӕуыл мӕт кӕныс. Ахӕм цӕстӕй сӕм уымӕн ракӕсынц, ӕмӕ сӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, ӕхцайӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзысты (Ӕмб. 19:6, 7). Фӕлӕ Эдуардойы чызг Аннӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нын ӕхцайӕ сӕйрагдӕр кӕй у, уый нӕ хӕстӕджытӕ куы уыной, уӕд, чи зоны, уыдон дӕр искуы бамбарой, чырыстон фӕндагыл цӕуын куыд ахсджиаг у, уый. Фӕлӕ сын сӕ зондмӕ куы хъусӕм, уӕд ӕй куыд бамбардзысты?» (Абар 1 Петры 3:1, 2.)

НӔ ЗӔРДӔ ХУЫЦАУЫЛ ДАРӔМ

16. а) Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймаг йӕхи «мӕнг хъуыдытӕй... сайа»? (Иак. 1:22). ӕ) Йегъовӕ цавӕр уынаффӕтӕн арфӕ кӕны?

16 Иу хо сӕхи бӕстӕйӕ хъӕздыгдӕр бӕстӕмӕ ацыд, йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ та сӕхимӕ баззадысты. Уым ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Цӕмӕй мӕ бон ардӕм ӕрцӕуын уыдаид, уый тыххӕй мӕ бинонтимӕ нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтам. Мӕ сӕрыхицауы ма хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕ ныууадзын дӕр бахъуыд. Ӕмӕ мӕ ныфс ис, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн». Раст у, Йегъовӕ нын арфӕ кӕндзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдон йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы уой, уӕд. Фӕлӕ йӕ фӕндоны ныхмӕ чи у, ахӕм уынаффӕйӕн куыд хъуамӕ раарфӕ кӕна, уӕлдайдӕр та, тынг ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддаджы тыххӕй нӕ кадджын хӕстӕ куы ныууадзӕм, уӕд? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6; 1 Иоанны 5:13–15.)

17. Йегъовӕйы разамынд уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕмӕн хъуамӕ агурӕм ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

17 Йегъовӕйы разамынд агур уынаффӕ рахӕссыны размӕ, уый фӕстӕ нӕ, фӕлӕ. Кур дзы йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ зонд, цӕмӕй бамбарай,  куыд бакӕнын дӕ хъӕуы, уый (2 Тим. 1:7). Дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй мӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ дӕн цӕттӕ? Йӕ фӕдзӕхстмӕ йын хъусдзынӕн ӕмӕ мӕ бинонтимӕ баззайдзынӕн, кӕд нӕ уый тыххӕй нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын бахъӕуа, уӕддӕр?» (Лук. 14:33). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракур ӕмӕ дын Библийӕ уынаффӕ куы раттой, уӕд-иу уымӕ гӕсгӕ бацархай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕххуысыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыс. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕ бӕсты уынаффӕ нӕ рахӕсдзысты, фӕлӕ дын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕ рахӕссынӕн, цӕмӕй фидӕны амондджын уай (2 Кор. 1:24).

18. Бинонтӕ дарыны хӕс кӕуыл ис? Уӕззау уавӕры чи бахауы, ахӕм бинонтӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

18 Йегъовӕ бинонты хистӕрыл сӕвӕрдта уыцы хӕс, цӕмӕй йӕ бинонты дара ӕмӕ афтӕмӕй йӕ «хӕссинаг... хӕсса» (Гал. 6:5). Не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕ, ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыны фадат сын куы фӕзыны кӕнӕ сӕ уырдӕм сӕ хиуӕттӕ куы фӕцӕуын кӕнынц, уӕд не сразы вӕййынц. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ уой ӕмӕ сӕ хӕс, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ ӕххӕст кӕной. Ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕппӕлӕм. Не ’мчырыстӕттыл ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ’рцӕуы, зӕгъӕм сын ӕрдзон бӕллӕх зиан куы ’рхӕссы кӕнӕ рынчындонмӕ куы бахауынц, уӕд нын фадат фӕзыны, цӕмӕй хъуыддагӕй равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (Гал. 6:2; 1 Пет. 3:8). Ахӕм уӕззау уавӕры де ’фсымӕр кӕнӕ дӕ хомӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын дӕ бон нӕ уаид? Кӕнӕ йын дӕ бон нӕ уаид, кӕм цӕры, уым куыст ссарынӕн баххуыс кӕнын? Уӕд ӕй, чи зоны, йӕ бинонты ныууадзын ӕмӕ куыст агурӕг ӕндӕр искуыдӕм ацӕуын ма бахъӕуа (Ӕмб. 3:27, 28; 1 Иоан. 3:17).

РОХ ДӔ МА УӔД, ЙЕГЪОВӔ У ДЕ ’ХХУЫСГӔНӔГ!

19, 20. Чырыстӕттӕн сӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн?

19 Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзут. 13:5, 6). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый нӕхи царды куыд уынӕм?

20 Мӕгуыр бӕстӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, хистӕр нӕлгоймаг, загъта: «Адӕм арӕх фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд амондджын адӕм сты, зӕгъгӕ. Бафиппайынц ма, не ’мчырыстӕттӕй мӕгуыр чи у, суанг уыдон дӕр алкӕддӕр аив конд кӕй вӕййынц, ӕмӕ афтӕ дӕр фӕдзурынц, зӕгъгӕ, мӕгуыр кӕй сты, уый сыл бӕрӕг дӕр нӕу». Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры, уыдоныл ӕххӕст кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ (Матф. 6:28–30, 33). Йегъовӕ Хуыцау дӕу дӕр ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты дӕр уарзы ӕмӕ уыл тыхсы. Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый тыххӕй нын дӕтты уынаффӕтӕ бинонты царды фӕдыл ӕмӕ цардамӕлттӕ кӕныны фӕдыл. Уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм. Библийы дӕр афтӕ фыст ис: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоан. 5:3).

21, 22. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дарын?

21 Эдуардо зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ куы нӕ уыдтӕн, уыцы рӕстӕг фӕстӕмӕ раздахӕн нал ис. Фӕлӕ ӕдзухдӕр мӕхи фӕсмонӕй куы хӕрон, уӕд уымӕй ницы фӕивдзӕн. Кӕимӕ куыстон, уыдонӕй бирӕтӕ кӕд хъӕздыг сты, уӕддӕр амондджын не сты. Сӕ бинонты цард хорз нӕ цӕуы. Махӕн та нӕ бинонтӕ сты тынг амондджын!» Стӕй ма загъта: «Бынӕттон ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ мӕгуыр сты, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕрынц. Мах не ’ппӕт дӕр нӕхицӕй зонӕм, Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон раст кӕй сты». (Бакӕс Матфейы 6:33.)

22 Уӕдӕ ныфсджын у! Йегъовӕмӕ хъус ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ дар. Хуыцауы, стӕй дӕ цардӕмбалы ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты кӕй уарзыс, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕн, дӕ бинонты раз дыл цы хӕстӕ ис, уыдон. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн зӕгъын, «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг», зӕгъгӕ.

^ 1 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 11 абз. Кӕс 2011 азы сентябры «Пробудитесь!», «Зачем нужно экономить», 3–9 фӕрстӕ.