Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ФИДӔНЫ ЦЫ УЫДЗӔН, УЫЙ ИСЧИ ЗОНЫ?

Сӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ сӕххӕст вӕййы, фӕлӕ бирӕ нӕ

Сӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ сӕххӕст вӕййы, фӕлӕ бирӕ нӕ

Фидӕны цы уыдзӕн, уый базонын дӕ нӕ фӕнды? Уый бирӕты фӕнды. Фидӕны хабӕрттӕ рагацау базоныныл чи архайы, уыдон гыццыл не сты, фӕлӕ, цы фӕзӕгъынц, уый кӕнӕ сӕххӕст вӕййы, кӕнӕ нӕ. Ӕркӕсӕм, дӕлдӕр цы фыст ис, уымӕ.

  • АХУЫРГӔНДТӔ алы диссаджы прибортӕй пайда кӕнынц ӕмӕ бирӕ ӕхца хардз кӕнынц, цӕмӕй-иу рагацау базоной, зӕгъӕм, ӕрдз кӕй чъизи кӕны, уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн кӕнӕ райсом уардзӕн ӕви нӕ.

  • АНАЛИТИКТӔ архайынц, цӕмӕй, бизнес ӕмӕ политикӕйы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн, уый базоной. Зӕххы къорийы ӕппӕты хъӕздыгдӕр адӕмӕй иуӕй, Уоррен Баффетӕй, арӕх фӕзӕгъынц, йе уӕны кӕсы, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ, экономикӕйы уавӕры тыххӕй рагацау цы фӕзӕгъы, уый арӕх сӕххӕст вӕййы. Ӕндӕр аналитик Нейт Сильверӕн та статистикӕйы бӕрӕггӕнӕнты фӕрцы йӕ бон у алцыдӕр рагацау зӕгъын – Америкӕйы политикӕйӕ райдай ӕмӕ, Голливуды кинофестивалы кӕй схорзӕхджын кӕндзысты, уымӕй фӕу.

  • РАГОН КЪУХФЫСТЫТӔ иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ сты пехуымпарӕдтӕ. 16 ӕнусы цӕрӕг Мишель де Нострдам (Нострадамус) цы ӕнахуыр хабӕрттӕ фыста, уыдон кӕмӕдӕрты гӕсгӕ сты, нӕ рӕстӕгмӕ чи хауы, ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Майӕйы къӕлиндар та 2012 азы 21 декабрмӕ йеддӕмӕ кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл стыр бӕллӕхтӕ цӕуын райдайдзӕн.

  • ДИНЫ РАЗАМОНДЖЫТӔ иуӕй-иу хатт фӕдзурынц, тагъд цавӕрдӕр стыр бӕллӕх уыдзӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй сӕм фылдӕр адӕм цӕуын райдайа. Иу ахӕм пехуымпар Гарольд Кемпинг йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ алы ран дӕр хъусын кодта, 2011 азы зӕхх кӕй фесӕфдзӕн. Фӕлӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй зӕхх абон дӕр йӕ бынаты лӕууы.

  • ДӔСНЫТӔ дзурынц, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоныны курдиат сӕм кӕй ис. Эдгар Кейси ӕмӕ Джин Диксон рагацау загътой, 20 ӕнусы ӕцӕгдӕр чи ӕрцыд, уыцы хабӕрттӕй цалдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныхӕстӕн сӕ фылдӕр нӕ сӕххӕст сты. Зӕгъӕм, Диксон загъта, 1958 азы кӕй уыдзӕн ӕртыккаг дунеон хӕст, Кейси та загъта, Нью-Йорк 1970 азты ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын кӕй фӕуыдзӕн.

Уӕдӕ фидӕны цы уыдзӕн, уый цымӕ куыд ис базонӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын ахсджиаг у. Фидӕны хабӕрттӕ базонын дӕ бон куы уаид, уӕд, гӕнӕн ис, дӕ цард тынг аивид.