Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Ацы дунейы хицау ӕцӕгӕй чи у?

Ацы дунейы хицау Хуыцау куы уаид, уӕд зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ уаид?

Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ацы дунейы хицау Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ куы уаид, уӕд зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ уаид? (Дыккаг закъон 32:4, 5). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй дуне ис Фыдбылызы къухы. (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.)

Фӕлӕ цымӕ афтӕ куыд рауад? Зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд иу зӕд Хуыцауы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы дӕр йӕ зондыл акодта (Райдиан 3:1–6). Уыдон уыцы зӕды, ома Хӕйрӕджы, коммӕ бакастысты, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хицау сси. Ӕрмӕстдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн ис уый бар, цӕмӕй хицау уа. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм йӕ коммӕ кӕсой, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 6:6; 30:16, 19). Хъыгагӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр равзӕрстой, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цы фӕндаг равзӕрстой, уый. (Бакӕс Раргомад 12:9.)

Адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй чи фервӕзын кӕндзӕн?

Цымӕ Хуыцау Хӕйрӕгӕн бар ратдзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ кӕнон кӕна? Нӕ! Йӕ Фырт Чырыстийы фӕрцы Хӕйрӕджы фыдхъуыддӕгтӕн тагъд кӕрон скӕндзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 3:8.)

Хуыцауы хъаруйы фӕрцы Чырысти Хӕйрӕджы фесафдзӕн (Ромӕгтӕм 16:20). Уый фӕстӕ Хуыцау адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст кӕндзӕн, ома амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзысты. (Бакӕс Раргомад 21:3–5.)