Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст ис»

«Хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст ис»

Джордж Янг Рио-де-Жанейромӕ ӕрцыд 1923 азы мартъийы

ХАБАР уыди 1923 азы Сан-Паулуйы. Драмон ӕмӕ музыкалон консерваторийы залы къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд! Дӕ хъустыл-ма ауайын кӕн Джордж Янгы тыхджын хъӕлӕс. Йӕ раныхас ын хъуыдыйад хъуыдыйады фӕдыл тӕлмац кӕнынц португайлаг ӕвзагмӕ. Залы ис 585 адӕймаджы, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕмбынӕг хъусынц. Библийы стихтӕ проекторӕй экраныл ӕвдисынц португайлаг ӕвзагыл. Раныхасы кӕрон адӕмӕн байуӕрстой сӕдӕ буклеты, «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты!», зӕгъгӕ, португайлаг, немыцаг ӕмӕ италиаг ӕвзӕгтыл. Раныхас адӕмы зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта! Хабар айхъуыст, ӕмӕ та дыууӕ боны фӕстӕ уыцы залмӕ ӕфсымӕры раныхасмӕ ӕрбацыд дуне адӕм. Фӕлӕ цымӕ уый размӕ та цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

1867 азы Сарӕ Беллоне Фергусон йӕ бинонтимӕ Иугонд Штаттӕй цӕрынмӕ алыгъд Бразилимӕ. 1899 азы йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иугонд Штаттӕй Бразилимӕ ӕрхаста Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Сарӕ йӕ куы бакасти, уӕд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта. Кӕсын бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ рафыста «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» англисаг ӕвзагыл. Библийы хабар йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ӕфсымӕр Чарлз Расселмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, адӕймаг кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр ӕм ацы хабар фӕхӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ уымӕн ӕз дӕн удӕгас цӕвиттон.

«Удӕгӕстӕн сӕ бон у мӕрдтимӕ ныхас кӕнын?» (португайлаг ӕвзагыл)

Сарӕ Фергусон, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Библийы хабар иннӕтӕн хъусын кодтаид. Фӕлӕ арӕх хъуыды кодта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр, стӕй ма Бразилийы цы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ис, уыдонӕн дарддӕр чи ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. 1912 азы йӕм Бруклины Вефилӕй ныффыстой, Сан-Паулумӕ сӕм чидӕр кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕрхӕсдзӕн цалдӕр мин буклеты, «Чи амард, уыдон кӕм сты?», зӕгъгӕ, португайлаг ӕвзагыл. Иухатт, 1915 азы, Сарӕ загъта, зӕгъгӕ мӕм алкӕддӕр диссаг каст, Библииртасджытӕй бирӕтӕ уый ӕнхъӕл кӕй уыдысты, ӕмӕ тагъд уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты. Цӕмӕн, уый тыххӕй Сарӕ ныффыста: «Ӕмӕ уӕд Бразили ӕмӕ ӕгас Хуссар Америкӕ та?! [...] Хуссар Америкӕ куыд ӕнахуыр стыр у, ууыл куы ахъуыды кӕнат, уӕд ӕй бамбардзыстут:  хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст ис». Ӕцӕгдӕр, уым нырма тынг бирӕ куыст уыди!

1920 азы Бразилийӕ аст ӕрыгон наутӕрӕджы уыдысты Нью-Йорчы, ӕмӕ сын цалынмӕ сӕ нау цалцӕг кодтой, уӕдмӕ ӕмбырдмӕ цалдӕр хатты бафтыдысты. Фӕстӕмӕ Рио-де-Жанейромӕ куы ’рцыдысты, уӕд, Библийӕ цы базыдтой, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр райдыдтой дзурын. Цасдӕры фӕстӕ, 1923 азы мартъийы, Рио-де-Жанейромӕ ӕрцыд Джордж Янг. Уый уыди пилигрим, ома цӕуӕг цӕстдарӕг. Ӕфсымӕр Янг федта, уыцы ран бирӕты кӕй фӕнды Библи хуыздӕр базонын, ӕмӕ батыхст, цӕмӕй цалдӕр публикацийы португайлаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтаиккой. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Янг ацыд Сан-Паулумӕ, уӕд дзы царди 600 мин адӕймаджы бӕрц. Уым радзырдта раныхас ӕмӕ апарахат кодта буклеттӕ, «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты!», зӕгъгӕ, ӕмӕ растдӕр уыцы хабары кой уыди статьяйы райдианы. Джордж Янг ныффыста: «Иунӕгӕй кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ газеты хъусинаг радтон, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕй кӕнгӕ уыди, раныхасмӕ исчи ӕрбацӕудзӕн ӕви нӕ». Стӕй ма ныффыста, зӕгъгӕ, уыцы раныхӕстӕ уыдысты, «Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ассоциацийы номӕй Бразилийы цы раныхӕстӕ радзырдтой, уыдонӕй фыццӕгтӕ» *.

Ӕфсымӕр Янгы раныхӕсты рӕстӕг Библийы стихтӕ проекторӕй экраныл ӕвдыстой

1923 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, Бразилийы хабӕрттӕ куыд цыдысты, уый тыххӕй: «Куыст 1 июны кӕй райдыдта ӕмӕ уыцы рӕстӕг литературӕ дӕр кӕй нӕ уыд, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд диссаг куыннӕ у, Хицау уыцы куыстӕн куыд раарфӕ кодта, уый». Журналы ма фыст уыди, зӕгъгӕ, ӕфсымӕр Янгӕн 1 июнӕй 30 сентябрмӕ уыди 21 раныхасы. Уыдонӕй дыууӕ бакаст Сан-Паулуйы. Ӕфсымӕр Янгы раныхӕстӕм ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 3 600 адӕймаджы. Рио-де-Жанейройы хорз хабар сабыргай парахат кодта. Ӕмӕ ӕрмӕст цалдӕр мӕймӕ португайлаг ӕвзагыл байуӕрстой 7 000 публикацийӕ фылдӕр! Уымӕй уӕлдай ма 1923 азы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ноябрь-декабры номырӕй фӕстӕмӕ райдыдта португайлаг ӕвзагыл цӕуын.

Сарӕ Беллоне Фергусон; Бразилийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» англисаг ӕвзагыл ӕппӕты фыццаг уый рафыста

Джордж Янг бабӕрӕг кодта Сарӕ Фергусоны дӕр, ӕмӕ уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Хо йӕм къомнӕтмӕ рацыд ӕмӕ иуцасдӕр ницы дзырдта. Уый фӕстӕ ӕфсымӕр Янгы къух райста ӕмӕ йӕм нымдзаст. Ӕмӕ стӕй загъта: „Ӕцӕгдӕр пилигрим дӕ? Удӕгас пилигрим?“» Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Сарӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй цалдӕр донаргъуыд райстой. Сарӕ донаргъуыд райсынмӕ фенхъӕлмӕ каст 25 азы! 1924 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, Бразилийы донаргъуыд кӕй райста 50 адӕймаджы, сӕ фылдӕр – Рио-де-Жанейройы.

Абон, 90 азы фӕстӕ, ахӕм фарста никӕмӕ фӕзындзӕн: «Ӕмӕ уӕд Бразили ӕмӕ ӕгас Хуссар Америкӕ та?!» Бразилийы хорз хабар хъусын кӕнынц 760 мин Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Хуссар Америкӕйы хорз хабар фехъусӕн ис португайлаг, испайнаг ӕмӕ бирӕ бынӕттон ӕвзӕгтыл. Уӕдӕ 1915 азы Сарӕ Фергусон дзӕгъӕлы нӕ загъта, хуымгӕрдӕны нырма бирӕ куыст кӕй уыд. (Нӕ архивтӕй Бразилийы.)

^ 6 абз. Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ассоциаци у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты раздӕры ном.