Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз»

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз»

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (МАТФ. 22:37).

1. Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы бауарзтой?

ЙЕГЪОВӔЙЫ Фырт Йесо Чырысти загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Фыд уарзы йӕ Фырты» (Иоан. 5:20). Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ милуангай азтӕ йӕ Фыдимӕ иумӕ архайдта, «куыд дӕсны кусӕг», афтӕ (Ӕмб. 8:30). Йесо Йегъовӕимӕ иумӕ кӕй фыдӕбон кодта, уый фӕрцы йӕ Фыды хорз базыдта, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзта. Ӕмӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ йӕ Йегъовӕ дӕр тынгӕй-тынгдӕр уарзта.

2. а) Давидау мах дӕр Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Псаломзарӕггӕнӕг Давид Хуыцауӕн заргӕйӕ загъта: «Куыннӕ дӕ хъуамӕ уарзон, о Йегъовӕ, мӕ хъару» (Пс. 18:1). Ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕмӕ раст ахӕм зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм. Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕ уый дӕр уарздзӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 7:12, 13.) Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм, кӕд ӕмӕ йӕ уынгӕ нӕ кӕнӕм? Йегъовӕйы уарзай, уый цы нысан кӕны? Цӕмӕн ӕй хъуамӕ уарзӕм? Ӕмӕ, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисын нӕ бон куыд у?

УЫМӔН ГӔНӔН КУЫД ИС, ӔМӔ ХУЫЦАУЫ УАРЗӔМ?

3, 4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйы уарзын?

3 «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ», адӕймагӕн ӕй йӕ бон фенын нӕу (Иоан. 4:24). Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн ис гӕнӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы  уарзӕм. Библи дӕр нын дзуры, цӕмӕй Хуыцауы уарзӕм. Зӕгъӕм, Моисей израилӕгтӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Дык. з. 6:5).

4 Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бон у Хуыцауы уарзын? Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын кувӕм, стӕй нӕ афтӕ скодта, ӕмӕ нӕ бон у уарзын ӕмӕ уыцы уарзт хъуыддагӕй ӕвдисын. Адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр куы базоны, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзы, ӕмӕ уый руаджы амондджындӕр свӕййы. Йесо дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матф. 5:3). Иу фыссӕг, Эйбрахам Моррисон, йӕ чиныджы ныффыста, зӕгъгӕ, адӕм кӕддӕриддӕр Хуыцауы кӕй агуырдтой ӕмӕ сӕ ууыл ӕууӕндын кӕй фӕндыд, уый тынг диссаг у (Man Does Not Stand Alone). Уыцы фыссӕгау абон бирӕтӕ ӕмбарынц, адӕймагӕн йӕ туджы кӕй ис, Хуыцауы зонын ӕй кӕй фӕнды, уый.

5. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон у Хуыцауы ссарын?

5 Цымӕ адӕймагӕн йӕ бон у Хуыцауы ссарын, ома йӕ базонын? Куыннӕ. Хуыцауӕн йӕхи дӕр уый фӕнды. Апостол Павел уый бамбарын кодта, Афинты цӕрджытимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Бирӕтӕ сӕ куывтой ус-хуыцау Афинӕйӕн йӕ номыл арӕзт кувӕндоны. Фӕлӕ сын Павел загъта, сӕ бон кӕй у ӕцӕг Хуыцауы, «дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауы» ссарын. Павел сын бамбарын кодта, Хуыцау «адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты [кӕй] нӕ цӕры». Стӕй ма загъта: «Уый иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты ӕгас зӕххыл цӕрынӕн, снысан сын кодта рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕвӕрдта арӕнтӕ, кӕм цӕрой, уымӕн, цӕмӕй Хуыцауы агурой, агурой йӕ зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:24–27). Ӕцӕгдӕр, адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауы ссарын. Уый бӕрӕг у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хабарӕй, ныртӕккӕ сты авд милуан ӕмӕ ӕрдӕгӕй фылдӕр. Уыдон Хуыцауы ссардтой, ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзынц.

ХУЫЦАУЫ УАРЗАЙ, УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?

6. Йесо «фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» кӕцы схуыдта?

6 Йегъовӕйы куыд хъуамӕ уарзӕм? Иухатт иу фарисей Йесомӕ ахӕм фарста радта: «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Йесо йын загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:34–38).

7. Нӕ бон куыд у Хуыцауы уарзын а) «ӕппӕт зӕрдӕйӕ»? ӕ) «ӕппӕт удӕй»? б) «ӕппӕт зондӕй»?

7 Йесо афтӕ куы загъта, Хуыцауы «уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй», зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? Дзырдбаст «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» амоны, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕ, ома йӕ фӕндтӕм ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕм. Дзырдбаст «ӕппӕт удӕй» амоны адӕймагӕн йӕ цардмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Дзырдбаст «ӕппӕт зондӕй» та амоны адӕймагӕн йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ хъуыдытӕм. Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуамӕ афтӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ йын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕм цы ис, уый дӕр ма ’вгъау кӕнӕм.

8. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

8 Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй куы уарзӕм, уӕд ын йӕ Ныхас лӕмбынӕг иртасдзыстӕм, йӕ фӕндон ын зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайдзыстӕм (Матф. 24:14; Ром. 12:1, 2). Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Иак. 4:8). Хуыцауы цы хъуыддӕгты тыххӕй хъуамӕ уарзӕм, уыдонӕн се ’ппӕтӕн ранымайӕн нӕй. Фӕлӕ дзы иу цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УАРЗӔМ?

9. Не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг Хуыцауы цӕмӕн уарзӕм?

9 Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг. Апостол Павел Йегъовӕйы тыххӕй загъта:  «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыд. 17:28). Йегъовӕ нын радта диссаджы хӕдзар – нӕ Зӕхх (Пс. 115:16). Уымӕй уӕлдай ма нын дӕтты хӕринаг ӕмӕ ма нӕ цардӕн ноджыдӕр цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ Павелӕн йӕ бон уыд, Листрӕйы чи цард ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонӕн зӕгъын: «Удӕгас Хуыцау... йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыд. 14:15–17). Уыдӕтты тыххӕй не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг Хуыцауы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм! (Еккл. 12:1).

10. Хуыцау нын тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат кӕй радта, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

10 Хуыцау нӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (Ром. 5:12). Библийы кӕсӕм: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8). Нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын Хуыцау нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕр Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм! (Иоан. 3:16).

11, 12. Йегъовӕ нын цавӕр ныфс дӕтты?

11 Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы «нӕ зӕрдӕтӕ йедзаг сты цин ӕмӕ фарнӕй» (Ром. 15:13). Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый руаджы нӕ бон вӕййы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй куы зӕгъӕм, уӕд уыдонӕн ис ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (Рарг. 2:10). Иннӕ иузӕрдион чырыстӕттӕн та ныфс ис, ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты (Лук. 23:43). Ахӕм диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? Нӕ зӕрдӕтӕ цин ӕмӕ фарнӕй байдзаг вӕййынц, ӕмӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарзын райдайӕм (Иак. 1:17).

12 Хуыцау нын ныфс дӕтты, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн (Хъуыд. 24:15). Адӕймагӕн йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд тынг фӕмаст кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр махӕн «нӕ зӕрдӕтӕ иннӕ адӕмау, ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонау, нӕ риссынц», уымӕн ӕмӕ зонӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый (1 Фес. 4:13). Йегъовӕ адӕмы уарзы, ӕмӕ йӕ тынг фӕнды мӕрдты райгас кӕнын, уӕлдайдӕр та йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, зӕгъӕм, Иовы (Иов 14:15). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи райгас уа, уыдон та сӕ бинонтимӕ куыд баиу уыдзысты ӕмӕ та се ’мбӕлттыл куыд сӕмбӕлдзысты, уый. Уӕд иууылдӕр куыд цин кӕндзысты! Нӕ уӕларвон Фыд нын ахӕм диссаджы ныфс кӕй дӕтты, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм ӕмӕ йӕ бирӕ уарзӕм!

13. Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

13 Йегъовӕ ныл тыхсы. (Бакӕс Псалом 34:6, 18, 19; 1 Петры 5:6, 7.) Мах фидарӕй зонӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. Мах стӕм, Хуыцау йӕхӕдӕг «кӕй хизы, уыцы фыстӕ», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй тӕрсӕм (Пс. 79:13). Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый ноджы тынгдӕр рабӕрӕг уыдзӕн, йӕ Паддзахады уылты нӕ йӕ хорздзинӕдтӕй куы схайджын кӕна, уӕд. Йе ’взӕрст Паддзах Чырысти адӕмы фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмийӕ, ӕмӕ уӕд коммӕгӕс адӕмӕн сабыр ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард скӕндзӕн (Пс. 72:7, 12–14, 16). Хуыцау нын зӕрдӕ ахӕм диссаджы цардӕй кӕй ӕвӕры, уый тыххӕй йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй куыннӕ хъуамӕ уарзӕм! (Лук. 10:27).

14. Хуыцау нӕ цавӕр кады аккаг скодта?

14 Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уӕм (Ис. 43:10–12). Йегъовӕ нын ахӕм фадат кӕй радта, цӕмӕй йын йӕ Паддзахады фарс лӕууӕм ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн ныфсы хабар дзурӕм, уый тыххӕй дӕр ӕй уарзӕм. Уыцы хабар хъусын кӕнӕм ныфсджынӕй ӕмӕ фидарӕй, уымӕн ӕмӕ у Хуыцауы Ныхас Библийӕ. Ӕмӕ Хуыцау та йӕ ныхас никуы фӕсайы. (Бакӕс Йесо Навины 21:45; 23:14.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ  нӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдонӕн банымайӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

ХУЫЦАУЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ НӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН?

15. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы ’ххуыс уыдзӕн?

15 Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй нын йӕ Ныхас фӕндаг амона (Пс. 119:105). Кӕд, мыййаг, истӕуыл маст кӕнӕм, уӕд нын удӕнцойы хос уыдзысты ацы ныхӕстӕ: «О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ». Стӕй ма нӕ ацы ныхӕстӕ дӕр бафидар кӕндзысты: «Де ’нувыд уарзт [мын], о Йегъовӕ, хъарутӕ лӕвӕрдта. Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 51:17; 94:18, 19). Хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзары, уыдонӕн Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр тынг тӕригъӕд кӕнынц (Ис. 49:13; Матф. 15:32). Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ӕй зондзыстӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Ӕмӕ йӕ уӕд нӕхӕдӕг дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм.

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм?

16 Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр кувӕм. Кувгӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый руаджы Йегъовӕмӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцаумӕ», ӕввахсдӕр кӕнӕм (Пс. 65:2). Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый куы бамбарӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарзын райдайӕм. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхицӕй зоныс, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй нӕ бауадзы, сӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауыдзӕн, ахӕм фӕлварӕны бахауын (1 Кор. 10:13). Истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы раргом кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты «Хуыцауы фарн» ӕрбынат кӕны (Фил. 4:6, 7). Хатт Неемийау нӕхинымӕр скувӕм ӕмӕ стӕй бамбарӕм, Хуыцау нын нӕ куывд кӕй фехъуыста (Неем. 2:1–6). Хуыцаумӕ «ӕппынӕдзух [куы] кувӕм» ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъусы, уый куы фиппайӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм, фӕлварӕнты нын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн (Ром. 12:12).

17. Хуыцауы куы уарзӕм, уӕд ӕмбырдтӕм цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм?

17 Ӕмбырды фембӕлдтӕм ӕмӕ конгресстӕм ӕдзухдӕр цӕуӕм (Дзут. 10:24, 25).  Израилӕгтӕ-иу иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой ӕмӕ йын уый фӕрцы дарддӕр дӕр кад кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ Закъон ӕххӕст кодтаиккой (Дык. з. 31:12). Хуыцауы ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд нын ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуын ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын зын нӕ уыдзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Уӕдӕ уый бар мацӕмӕн раттӕм, цӕмӕй нӕ ӕмбырдтӕм цӕуын къуылымпы кӕна. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕйы райдианы цы уарзтӕй уарзтам, уыцы уарзт нын истӕй тыххӕй ӕрмынӕг уа (Рарг. 2:4).

18. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

18 Иннӕтӕн «рӕстдзинад, ома хорз хабар», зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм (Гал. 2:5). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Армагеддоны Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Чырысти тох кӕндзӕн «рӕстдзинады номыл» (Пс. 45:4; Рарг. 16:14, 16). Адӕмӕн Хуыцауы уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы тыххӕй кӕй дзурӕм, уый нын у стыр цины хос! (Матф. 28:19, 20).

19. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

19 Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн аргъ кӕнӕм (Хъуыд. 20:28). Йегъовӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгты уый тыххӕй радта, ӕмӕ нӕ хорзыл тыхсы. Уыдон сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы цӕугӕдӕттӕ куыд уой, хурсыгъд бӕстӕйы – стыр къӕдзӕхы аууон, уый хуызӕн» (Ис. 32:1, 2). Тыхдымгӕйӕ кӕнӕ тӕрккъӕвдайӕ нӕхи кӕм бамбӕхсӕм, ахӕм бынат куы ссарӕм, уӕд куыннӕ бацин кӕнӕм! Хуры судзгӕ тынтӕй къӕдзӕхы аууоны куы бамбӕхсӕм, уӕд дӕр нын куыннӕ фенцон вӕййы! Ацы цӕвиттонты руаджы нӕ бон у хуыздӕр бамбарын, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, уый – нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц, цӕмӕй нӕ бон уа зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты Хуыцауы «лӕвӕрттӕ», ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сын аргъ кӕнӕм. Стӕй ма афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырыстийы кӕй уарзӕм (Еф. 4:8; 5:23; Дзут. 13:17).

Йегъовӕ нын радта, зӕрдӕйӕ ныл чи тыхсы, ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгты (кӕс 19 абзац)

ХУЫЦАУЫ ЦЫ УАРЗТӔЙ УАРЗЫС, УЫЙ ДЫН ТЫХДЖЫНДӔР КӔНӔД

20. Кӕд Хуыцауы уарзыс, уӕд дӕ Иаковы 1:22–25 фыст ныхӕстӕ цӕмӕ разӕнгард кӕндзысты?

20 Йегъовӕйы чи уарзы, уый йын йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ ма сӕ ӕххӕст дӕр фӕкӕны. (Бакӕс Иаковы 1:22–25.) Ахӕм адӕймагмӕ вӕййы фидар уырнындзинад, ӕмӕ йӕ уый фӕразӕнгард кӕны зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ӕмбырдты дзуапп дӕттынмӕ. Ӕмӕ кӕд ды дӕр Йегъовӕйы уарзыс, уӕд ын йӕ «ӕнаипп закъон» алкӕддӕр ӕххӕст кӕндзынӕ – дӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ араздзынӕ (Пс. 19:7–11).

21. Нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ цӕимӕ ис абарӕн?

21 Йегъовӕ Хуыцауы куы уарзай, уӕд ӕм ӕдзухдӕр зӕрдӕбынӕй кувдзынӕ. Израилы-иу сауджынтӕ Йегъовӕйӕн алы бон дӕр буд сыгътой. Ӕмӕ паддзах Давид Хуыцауӕн заргӕйӕ йӕ куывдтытӕ ахӕм будимӕ абарста. Уый зарыд: «Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау, мӕ лӕгъстӕтӕ – изӕрӕй кӕй ӕрхӕссынц, уыцы хоры кувинагау» (Пс. 141:2; Рац. 30:7, 8). Йегъовӕйӕн Давиды куывдтытӕ ӕхсызгон уыдысты. Мах дӕр Хуыцаумӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы кувӕм ӕмӕ йын бузныг куы дзурӕм, уӕд ын нӕ куывдтытӕ дӕр адджын будау ӕхсызгон уыдзысты (Рарг. 5:8).

22. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

22 Йесо загъта, Хуыцауы кӕй хъуамӕ уарзӕм. Фӕлӕ ма ноджыдӕр загъта, адӕмы дӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм (Матф. 22:37–39). Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ куы уарзӕм, уӕд адӕмы дӕр уарздзыстӕм ӕмӕ сын хорзы цӕудзыстӕм. Ууыл бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.