Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Цӕмӕн хъӕуы кувын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа?

Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды?

Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой, ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад, зӕгъгӕ. Ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад ӕрхӕсдзӕн зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ фарн. Иу хицауадӕн дӕр йӕ бон нӕу тыхми, хӕрамдзинад ӕмӕ низтӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахадӕн уый йӕ бон у ӕмӕ сын ӕцӕгдӕр тагъд кӕрон скӕндзӕн. Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй равзӕрста йӕ Фырт Йесойы. Стӕй ма Йегъовӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй кӕйдӕрты равзӕрста, цӕмӕй Йесоимӕ йӕ Паддзахады паддзӕхтӕ уой. (Бакӕс Лукайы 11:2; 22:28–30.)

Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн, Хуыцау хицау уа, уый ныхмӕ чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уӕдӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕд Хуыцауӕй фӕкурӕм, цӕмӕй адӕмы хицауӕдты бӕсты зӕххӕн разамынд дӕтта йӕ хицауад. (Бакӕс Данелы 7:13, 14; Раргомад 11:15, 18.)

Хуыцауы Паддзахад ӕппӕты хуыздӕр хицауад цӕмӕн уыдзӕн?

Йесо Чырысти у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах, уымӕн ӕмӕ у тӕригъӕдгӕнаг. Йесомӕ, Хуыцауы Фыртмӕ, ахӕм тых ис, цӕмӕй баххуыс кӕна, Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. (Бакӕс Псалом 72:8, 12–14.)

Хуыцауы Паддзахад стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, йе ’рцыды тыххӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи кувы ӕмӕ йӕ цард Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи аразы, уыдонӕн. Библийы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фыст ис, уый куы базонай, уӕд ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. (Бакӕс Лукайы 18:16, 17; Иоанны 4:23.)