Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахадыл фидарӕй ӕууӕнд!

Хуыцауы Паддзахадыл фидарӕй ӕууӕнд!

«Уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (ДЗУТ. 11:1).

1, 2. а) Хуыцау йӕ фӕнд йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм? ӕ) Ефесӕгтӕм 2:12 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нын бадзырдтӕ нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

МАХ арӕх фӕзӕгъӕм, зӕгъгӕ нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы ахсджиаг хабар иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй фӕхъусын кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ цымӕ фидарӕй уырны, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у ӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕнд уый фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн? Хуыцауы Паддзахадыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у? (Дзут. 11:1).

2 Йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Уыцы Паддзахад у ӕнӕфӕцудгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кодта, уый, ома Йегъовӕ, у Дун-дунейы хицау. Хуыцауы Паддзахады паддзах чи уыдзӕн? Йемӕ ма чи хицауиуӕг кӕндзӕн? Сӕ дӕлбар чи ӕмӕ цы уыдзӕн? Ацы ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдон фидаргонд ӕрцыдысты бадзырдты руаджы, скодтой сӕ Йегъовӕ кӕнӕ йӕ Фырт, Йесо Чырысти. Уыцы бадзырдтыл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый. Стӕй ма фендзыстӕм, йӕ Паддзахадыл нӕ бон  фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у, уый дӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:12.)

3. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Библийы фыст ис, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст чи у, ӕхсӕз ахӕм бадзырды тыххӕй. Уыцы бадзырдтӕ сты: 1) Авраамимӕ арӕзт бадзырд, 2) Закъоны бадзырд, 3) Давидимӕ арӕзт бадзырд, 4) Мелхиседекы хуызӕн сауджын кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл бадзырд, 5) ног бадзырд ӕмӕ 6) Паддзахады тыххӕй бадзырд. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы бадзырдтӕй алкӕцы дӕр Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у ӕмӕ, Йегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны. (Кӕс ӕрмӕг 12 фарсыл, « Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн».)

ХУЫЦАУ ЗӔРДӔ ЦӔМӔЙ БАВӔРДТА, УЫМӔЙ БӔРӔГ У, ЙӔ ФӔНД КУЫД СӔХХӔСТ УЫДЗӔН, УЫЙ

4. Райдианы чиныджы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау цавӕр уынаффӕтӕ рахаста?

4 Йегъовӕ нӕ диссаджы зӕхх цӕрынӕн куы бацӕттӕ кодта, уӕд рахаста ӕртӕ уынаффӕйы: 1) адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдисдзӕн, 2) адӕм ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт кӕй сараздзысты ӕмӕ йӕ рӕстгӕнджытӕй кӕй байдзаг кӕндзысты ӕмӕ 3) адӕмӕн хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй хӕрӕн кӕй нӕ уыдзӕн (Райд. 1:26, 28; 2:16, 17). Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый уыцы ӕртӕ уынаффӕйы фӕрцы дӕр сӕххӕст уыдаид. Фӕлӕ ма уӕд Хуыцауы бадзырдтӕ скӕнын цӕмӕн бахъуыд?

5, 6. а) Хӕйрӕг Хуыцауы фӕнд ныкъкъуылымпы кӕнынмӕ куыд хъавыд? ӕ) Йегъовӕ куыд бакодта, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд?

5 Хӕйрӕг рацыд Хуыцауы ныхмӕ, цӕмӕй йын йӕ фӕнд ныкъкъуылымпы кодтаид. Уый тыххӕй адӕмы Хуыцауы ныхасы сӕрты ахизын кодта – Евӕйы хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласы дыргътӕм смондаг кодта, ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта (Райд. 3:1–5; Рарг. 12:9). Хӕйрӕг афтӕ кӕй бакодта, уымӕй сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн Хицау уа. Фӕстӕдӕр ма Хӕйрӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц (Иов 1:9–11; 2:4, 5).

6 Цымӕ Йегъовӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд? Змӕнтджыты куы фесӕфтаид, уӕд уыцы хабарӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрон скодтаид. Фӕлӕ уӕд, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыд, уый нӕ сӕххӕст уыдаид, ома зӕхх Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй нӕ байдзаг уыдаид. Йегъовӕ змӕнтджыты уыцы тӕккӕ нӕ фесӕфта, фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта ахсджиаг хъуыддагӕй. Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый у ахсджиаг пехуымпарад. Уыцы пехуымпарад бӕлвырд кодта, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый лыстӕг хабӕртты онг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. (Бакӕс Райдиан 3:15.)

7. Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй куыд рабӕрӕг, калм ӕмӕ йӕ байзӕддагмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый?

7 Уыцы пехуымпарады фӕрцы Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, калмы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы, ома Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ фарс чи ис, уыдоны, мӕлӕты тӕрхон кӕй баййафдзӕн. Уыцы хъуыддаг Хуыцау бакодта сылгоймагӕн йӕ байзӕддаджы бар. Афтӕмӕй, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны цы пехуымпарад загъта, уымӕй рабӕрӕг, Хӕйрӕгӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, уый аххосӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн дӕр кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыцы пехуымпарадӕй ма бӕрӕг у, Хуыцау уыцы хъуыддаг куыд сараздзӕн, уый дӕр.

8. Сылгоймаг ӕмӕ йӕ байзӕддаг чи хъуамӕ уыдаиккой, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

8 Сылгоймаджы байзӕддаг чи хъуамӕ суыдаид? Уыцы байзӕддаг хъуамӕ калмы сӕр ныцъцъӕл кодтаид, ома Сайтан Хӕйрӕгӕн, уӕларвон удгоймагӕн, «йӕ тых асастаид» (Дзут. 2:14). Уымӕ гӕсгӕ уыцы байзӕддаг йӕхӕдӕг дӕр уӕларвон удгоймаг хъуамӕ уыдаид. Ӕмӕ уӕд, байзӕддаг кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уый дӕр хъуамӕ ӕнӕуи сылгоймаг  ма уыдаид. Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны уыцы пехуымпарад куы загъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ калмы байзӕддаг кодта фылдӕрӕй-фылдӕр, сылгоймаг ӕмӕ йӕ байзӕддаг чи сты, уый та 4 000 азы бӕрц бӕрӕг нӕ уыд. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы Йегъовӕ скодта цалдӕр бадзырды, ӕмӕ уыдоны фӕрцы уыди базонӕн, уыцы байзӕддаг чи уыдзӕн, уый. Базонӕн ма дзы уыд, уыцы байзӕддаджы фӕрцы Хуыцау фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн, Хӕйрӕджы аххосӕй адӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдонӕй.

БАЙЗӔДДАДЖЫ БАЗОНӔН КӔЙ ФӔРЦЫ УЫД, УЫЦЫ БАДЗЫРД

9. Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый йӕ тыхы кӕд бацыд?

9 Хуыцау Хӕйрӕгӕн куы стӕрхон кодта, уымӕй дыууӕ мин азы бӕрц куы рацыд, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта, цӕмӕй горӕт Уры йӕ хӕдзар ныууагътаид ӕмӕ Ханааны зӕхмӕ ацыдаид (Хъуыд. 7:2, 3). Йегъовӕ йын загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар, ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу. Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад. Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн, ӕмӕ дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр» (Райд. 12:1–3). Библийы Авраамимӕ арӕзт бадзырды тыххӕй фыццаг хатт ацы ран ис фыст. Йегъовӕ Авраамимӕ уыцы бадзырд фыццаг хатт кӕд скодта, уый мах бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, уыцы бадзырд йӕ тыхы кӕй бацыд нӕ эрӕйы размӕ 1943 азы, 75-аздзыд Авраам Харранӕй куы рацыд ӕмӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уӕд.

10. а) Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый куыд равдыста? ӕ) Йегъовӕ сылгоймаджы байзӕддаджы тыххӕй сабыргай цавӕр хабӕрттӕ раргом кодта?

10 Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй ма йын уый фӕстӕ  цалдӕр хатты загъта ӕмӕ-иу алы хатт дӕр фӕбӕлвырддӕр кодта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр куыд раарфӕ кӕндзӕн, уый (Райд. 13:15–17; 17:1–8, 16). Авраам Йегъовӕйы ныхасыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд, ӕмӕ цӕттӕ уыди йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ дӕр. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ дзырд радта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. (Бакӕс Райдиан 22:15–18; Дзуттӕгтӕм 11:17, 18.) Авраамимӕ бадзырд йӕ тыхы куы бацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ сабыргай ӕргом кодта сылгоймаджы байзӕддаджы тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ: байзӕддаг хъуамӕ рацыдаид Авраамӕй, хъуамӕ сбирӕ уыдаид, хъуамӕ йӕм уыдаид паддзахы бартӕ, хъуамӕ фесӕфтаид Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр, стӕй ма уый фӕрцы хъуамӕ тынг бирӕ адӕм арфӕгонд ӕрцыдаиккой.

Авраам равдыста, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд (кӕс 10 абзац)

11, 12. Библийӕ куыд зыны, Авраамимӕ арӕзт бадзырд ӕрмӕст Авраамы байзӕддӕгтӕм кӕй нӕ хауы? Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Авраамимӕ арӕзт бадзырд фыццаг хатт сӕххӕст, йӕ байзӕддӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бынӕн куы райстой, уӕд. Фӕлӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы бадзырд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид ӕндӕр хуызы дӕр (Гал. 4:22–25). Апостол Павел бамбарын кодта, Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр кӕй у Чырысти. Байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр хауынц 144 000 сӕрст чырыстоны (Гал. 3:16, 29; Рарг. 5:9, 10; 14:1, 4). Байзӕддаг кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы сылгоймаг у «уӕларвон Иерусалим» – Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, ома йӕ иузӕрдион уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ (Гал. 4:26, 31). Авраамимӕ арӕзт бадзырдмӕ гӕсгӕ сылгоймаджы байзӕддаг хъуамӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид ӕппӕт адӕмтӕн дӕр.

12 Авраамимӕ арӕзт бадзырды фӕрцы фидарӕй зӕгъӕн уыд, уӕларвон Паддзахад ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн ӕмӕ Паддзах дӕр ӕмӕ ма йемӕ иумӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон дӕр уыцы Паддзахад бынӕн кӕй райсдзысты (Дзут. 6:13–18). Цымӕ уыцы бадзырд йӕ тыхы цас рӕстӕг уыдзӕн? Райдианы 17:7 стихмӕ гӕсгӕ уый у, Хуыцау «ӕнустӕм... цы бадзырд скодта, уый». Уыцы бадзырд йӕ тыхы уыдзӕн, цалынмӕ Паддзахад Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр нӕ фесафа ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕгонд не ’рцӕуой, уӕдмӕ (1 Кор. 15:23–26). Ӕмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсса, уыдон уыдзысты ӕнустӕм. Авраамимӕ арӕзт бадзырдӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ зӕхх рӕстгӕнджытӕй кӕй байдзаг уыдзӕн (Райд. 1:28).

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ӔНУСТӔМ КӔЙ УЫДЗӔН, УЫЙ ЧИ БӔЛВЫРД КӔНЫ, УЫЦЫ БАДЗЫРД

13, 14. Давидимӕ арӕзт бадзырды фӕрцы нӕ фидар ныфс цӕмӕй ис?

13 Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы хицаудзинад йӕ раст уагӕвӕрдтыл арӕзт кӕй у. Ӕмӕ, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад дӕр арӕзт у уыцы раст уагӕвӕрдтыл (Пс. 89:14). Фӕлӕ цымӕ искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ уыцы Паддзахады хицауад рӕстӕй мауал архайа ӕмӕ йӕ ӕндӕр хицауадӕй баивын бахъӕуа? Ахӕм хабар никуы ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йегъовӕ ма ноджыдӕр цы бадзырд скодта, уымӕй.

14 Уыцы бадзырд у Давидимӕ арӕзт бадзырд. (Бакӕс 2 Самуилы 7:12, 16.) Йегъовӕ рагон Израилы паддзах Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Мессийӕ йӕ байзӕддаг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ бадзырд скодта (Лук. 1:30–33). Уый фӕрцы Йегъовӕ фӕбӕлвырддӕр кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацӕудзӕн, уый. Хуыцау ма загъта, Давиды байзӕддагӕн уый бар кӕй уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах суа (Йез. 21:25–27). Давиды хицаудзинадӕн кӕрон никуы уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг Йесо «уыдзӕн ӕнустӕм, ӕмӕ йӕ  паддзахбадӕн... лӕудзӕн, хур цалынмӕ уа, уӕдмӕ» (Пс. 89:34–37). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Хуыцауы Паддзахады хицауад алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсса, уыдон ӕнустӕм кӕй уыдзысты!

САУДЖЫНЫ ТЫХХӔЙ БАДЗЫРД

15–17. Мелхиседекы хуызӕн сауджыны тыххӕй цы бадзырд ӕрцыд арӕзт, уымӕ гӕсгӕ ма сылгоймаджы байзӕддаг ноджыдӕр цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

15 Авраамимӕ арӕзт бадзырд ӕмӕ Давидимӕ арӕзт бадзырдмӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, сылгоймаджы байзӕддаг паддзах кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ цӕмӕй ӕппӕт адӕм дӕр Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕххӕстӕй схайджын уой, уый тыххӕй ма уыцы байзӕддаг хъуамӕ сауджын дӕр суа. Ӕрмӕстдӕр сауджынӕн у йӕ бон, адӕм тӕригъӕдӕй кӕй фӕрцы ссӕрибар уой ӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй фӕрцы суой, ахӕм нывонд ӕрхӕссын. Ӕмӕ цӕмӕй зӕрдӕвӕрд байзӕддаг сауджын дӕр суыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕ скодта ӕндӕр бадзырд – Мелхиседекы хуызӕн сауджын кӕй уыдзӕн, уый фӕдыл бадзырд.

16 Йегъовӕ паддзах Давиды уылты раргом кодта, Йесоимӕ бадзырд кӕй скӕндзӕн. Уыцы бадзырд арӕзт ӕрцыд дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо хъуамӕ «сбадтаид... [Хуыцауы] рахиз фарс» ӕмӕ йын бар лӕвӕрд ӕрцыдаид, цӕмӕй йе знӕгты се ’ппӕты дӕр фесафа. Дыккаг та уый, ӕмӕ Йесо хъуамӕ суыдаид «Мелхиседекы хуызӕн сауджын». (Бакӕс Псалом 110:1, 2, 4.) Фӕлӕ цымӕ Йесо Мелхиседекы хуызӕн сауджын цӕмӕн хъуамӕ суыдаид? Авраамы байзӕддӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй бирӕ раздӕр горӕт Салимы паддзах Мелхиседек уыд «Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын» (Дзут. 7:1–3). Ахӕм бартӕ йын Йегъовӕ йӕхӕдӕг радта. Ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты ӕрмӕстдӕр Мелхиседекы тыххӕй ис загъд, паддзахы ӕмӕ сауджыны хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта. Уымӕй уӕлдай ма Библийы никуы ис фыст, Мелхиседекӕн йӕ размӕ кӕнӕ йӕ фӕстӕ ӕндӕр чидӕр ахӕм хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ схонӕн ис «сауджын ӕнустӕм».

17 Йегъовӕ Йесоимӕ цы бадзырд скодта, уый руаджы йӕ йӕхӕдӕг сауджынӕй сӕвӕрдта. Ӕмӕ Йесо уыдзӕн «Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм» (Дзут. 5:4–6). Уыцы бадзырдӕй бӕрӕг у, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады руаджы Йегъовӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД АРӔЗТ У, ФИДАР БЫНДУР КӔМӔН ИС, УЫЦЫ БАДЗЫРДТЫЛ

18, 19. а) Ацы статьяйы цы бадзырдтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис базонӕн? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Ацы статьяйы цы бадзырдтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй базыдтам, Хуыцауы Паддзахадмӕ куыд хауынц ӕмӕ уыцы Паддзахадӕн фидар бындур цӕй фӕрцы ис, уый. Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй бӕрӕг уыд, сылгоймагӕн йӕ байзӕддаджы уылты кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Авраамимӕ арӕзт бадзырды фӕрцы рабӕрӕг, байзӕддаг чи хъуамӕ уыдаид ӕмӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый.

19 Давидимӕ арӕзт бадзырды руаджы Йегъовӕ фӕбӕлвырддӕр кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕмӕй рацӕудзӕн, уый. Уыцы бадзырды руаджы ма Йесойӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Паддзах суа ӕмӕ адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсса. Мелхиседекы хуызӕн сауджын кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй цы бадзырд ӕрцыд арӕзт, уымӕй та бӕрӕг уыд, байзӕддаг сауджыны хӕстӕ дӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ Йесо адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ иунӕгӕй не ’ркӕндзӕн. Уыдзӕн ма йын ӕххуысгӕнджытӕ, ӕмӕ уыдон дӕр уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ. Цымӕ уыдон та чи уыдзысты? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.