Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы ӕмкусӕг кӕй дӕ, уымӕн аргъ кӕн!

Йегъовӕйы ӕмкусӕг кӕй дӕ, уымӕн аргъ кӕн!

«Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 КОР. 3:9).

1. Йегъовӕ кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕны?

ЙЕГЪОВӔ цы фӕаразы, уымӕй йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕны (Пс. 135:6; Иоан. 5:17). Ӕмӕ цӕмӕй зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы цинӕй хайджын уой, уый тыххӕй сын бахӕс кӕны, зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ ӕхсызгонӕй кӕй кӕной, ахӕм куыст. Зӕгъӕм, Дун-дуне куы фӕлдыста, уӕд йӕ фыццаг Фырт дӕр йемӕ куыста. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:15, 16.) Библийы фыст ис, Йесо зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд Хуыцауимӕ уӕлӕрвты «дӕсны кусӕг» кӕй уыди (Ӕмб. 8:30).

2. Цӕмӕй бӕрӕг у, зӕдтӕ алкӕддӕр ахсджиаг ӕмӕ ӕхсызгон куыст кӕй фӕкӕнынц?

2 Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис, Йегъовӕ-иу йӕ уӕларвон фырттӕн цавӕрдӕр куыст кӕй бахӕс кодта, уымӕн. Зӕгъӕм, Райдианы чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд сӕ Хуыцау Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта ӕмӕ «Едемы цӕхӕрадоны скӕсӕнырдыгӕй сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама, цӕмӕй царды бӕласмӕ бацӕуӕн ма уыдаид» (Райд. 3:24). Раргомады 22:6 та кӕсӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «рарвыста йӕ зӕды, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдӕттӕ».

 АДӔМӔЙ ТА ЦЫ ИС ЗӔГЪӔН?

3. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ Фыды куыд бафӕзмыдта?

3 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ӕхсызгонӕй кодта, Йегъовӕ йын цы куыст бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахсджиаг куыст бахӕс кодта. Цӕмӕй уыцы куыстмӕ зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтаиккой, уый тыххӕй сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ» (Иоан. 14:12). Уыцы куыст ӕвӕстиатӕй аразын кӕй хъӕудзӕн, уый бамбарын кӕныны тыххӕй та загъта: «Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ кӕнӕм, мӕн чи рарвыста, уый хъуыддӕгтӕ. Ӕрцӕуы ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн» (Иоан. 9:4).

4–6. а) Ной ӕмӕ Моисей сӕ хӕслӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кодтой, уый тыххӕй сӕ бузныг цӕмӕн стӕм? ӕ) Хуыцау адӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕны, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?

4 Йесо зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ дӕр-иу Йегъовӕ адӕмӕн цавӕрдӕр куыст бахӕс кодта. Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцау сын цы бахӕс кодта, уый нӕ сӕххӕст кодтой, уӕддӕр уый фӕстӕ бирӕтӕ Хуыцауы ныхас ӕххӕст кодтой (Райд. 1:28). Зӕгъӕм, Йегъовӕ Нойӕн бӕстон бацамыдта, нау куыд хъуамӕ сарӕзтаид, уый, цӕмӕй Доны хъаймӕты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр ма фесӕфтаиккой. Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, мах дӕр абон уый фӕрцы цӕрӕм (Райд. 6:14–16, 22; 2 Пет. 2:5).

5 Моисейӕн та Хуыцау бахӕс кодта, цӕмӕй сарӕзтаид ӕмбырды цатыр, ӕмӕ дзы сауджынтӕй чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уый фӕдыл дӕр ын радта бӕлвырд амындтӕ. Ӕмӕ Моисей, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, раст афтӕ бакодта (Рац. 39:32; 40:12–16). Йӕ хӕслӕвӕрд бӕстон кӕй сӕххӕст кодта, уый абон махӕн дӕр пайда хӕссы. Цы хуызы? Апостол Павел бамбарын кодта, уыцы цатыр ӕмӕ сауджынтӕ «фидӕны хорздзинӕдтӕм» кӕй амыдтой (Дзут. 9:1–5, 9; 10:1).

6 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алыхуызон хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕны, цӕмӕй йӕ фӕнд ӕххӕст кӕна. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕн сӕ нысан алы хатт дӕр вӕййы Йегъовӕ Хуыцауы скадджын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн пайда ӕрхӕссын. Ахӕм нысан уыд, Йесо уӕлӕрвты ӕмӕ уый фӕстӕ зӕххыл дӕр цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕн дӕр (Иоан. 4:34; 17:4). Абон Йегъовӕ махӕн цы куыст бахӕс кодта, уый дӕр ын кад хӕссы (Матф. 5:16; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

ЦЫ КУЫСТ ДЫН БАХӔС КӔНЫНЦ, УЫМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔС

7, 8. а) Радзур, абон чырыстӕттӕ цы кадджын куыстыты архайынц, уый тыххӕй. ӕ) Йегъовӕйы разамындмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

7 Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмы ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йе ’мкусджытӕ уой (1 Кор. 3:9). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ Ной ӕмӕ Моисейау архайынц арӕзтадон куыстыты – аразынц Конгрессты залтӕ, Паддзахады залтӕ ӕмӕ филиалтӕ. Кӕд ды дӕр Паддзахады зал цалцӕг кӕнынӕн ӕххуыс кӕныс кӕнӕ Уорвичы (штат Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады арӕзтады архайыс, уӕд аргъ кӕн, цы кад дӕм ӕрхауд, уымӕн. (Кӕс сӕйраг хайады проекты нывмӕ статьяйы райдианы.) Уый дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ хауы. Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр архайынц ӕндӕр куысты – хъусын кӕнынц хорз хабар. Уыцы куыст дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕны ӕмӕ адӕмӕн пайда хӕссы (Хъуыд. 13:47–49). Куыд хъусын кӕнӕм, уый фӕдыл нын разамынд дӕтты Хуыцауы организаци. Ӕмӕ уыцы разамындмӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт нӕ лӕггады цыдӕртӕ фӕивы.

8 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр фӕфӕнды йӕ разамындмӕ хъусын.  (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Чи зоны, фыццаг кӕронмӕ нӕ фембарӕм, нӕ лӕггады нын цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕмӕн скодтой, уый. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм уый, ӕмӕ, Йегъовӕ цы ивындзинӕдтӕ скӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уый стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн.

9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн фӕзминаг цавӕр хъуыддаджы сты?

9 Хистӕр нӕлгоймӕгты Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уый бӕрӕг у, хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайынц, уымӕй (2 Кор. 1:24; 1 Фес. 5:12, 13). Уыдон зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнынц, организацийы разамындмӕ хъусынц ӕмӕ архайынц, хъусын кӕнынӕн цы ног мадзӕлттӕ фӕзыны, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ кӕд хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ фыццаг сӕ ныфс нӕ хастой телефонӕй хъусын кӕнынмӕ, стӕй наулӕууӕнты кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым хъусын кӕнынмӕ дӕр, уӕддӕр уый фӕстӕ федтой, уыцы мадзӕлтты фӕрцы сын бирӕ кӕй бантыст. Зӕгъӕм, Германийы цыппар пионеры сфӕнд кодтой, бирӕ рӕстӕг кӕм ничи хъусын кодта, уыцы куыстуӕтты хорз хабар фехъусын кӕнын. Ӕфсымӕр Михаель загъта: «Куыстуӕтты цалдӕр азы дӕргъы нӕ хъусын кодтам, ӕмӕ уый тыххӕй тынг тыхстыстӕм. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ уый уыдта, ӕмӕ нын раарфӕ кодта. Уыцы райсом нӕм адӕм афтӕ хорз байхъуыстой, ӕмӕ диссаг. Куыд хорз у, „Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы“ цы разамынд уыд, уымӕ кӕй байхъуыстам ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардтам!» Уӕ территорийы хъусын кӕнынӕн цы ног мадзӕлттӕ фӕзыны, уыдонӕй фӕпайда кӕныс?

10. Фӕстаг азты нӕ организацийы цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд?

10 Иуӕй-иу хатт нӕ организацийы дӕр цыдӕр фӕивын бахъӕуы. Зӕгъӕм, фӕстаг азты кӕцыдӕр филиалтӕ баиу кодтой. Ӕмӕ кӕд, уыцы филиалты чи лӕггад кодта, уыдоны цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ саразын бахъуыд, уӕддӕр, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ федтой, уыцы хъуыддаг алкӕмӕн дӕр пайда кӕй ӕрхаста (Еккл. 7:8). Уыцы лӕггадгӕнджытӕн тынг ӕхсызгон у, Йегъовӕйы адӕм абон цы ахсджиаг хъуыддаг аразынц, уыцы хъуыддаджы кӕй архайынц!

11–13. Нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

11 Кӕй баиу кодтой, уыцы филиалты чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Иуӕй-иутӕ сӕ сӕ бӕстӕйы Вефилы лӕггад кодтой дӕсазты дӕргъы. Зӕгъӕм, Рохелио ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕхи бӕстӕйы лӕггад кодтой гыццыл Вефилы, фӕлӕ сын стӕй загътой, цӕмӕй лӕггад кӕнынмӕ ацыдаиккой Мексикӕйы Вефилмӕ. Ӕмӕ уым та сӕ филиалимӕ абаргӕйӕ лӕггад кӕны 30 хатты фылдӕр адӕм. Рохелио загъта: «Тынг зын нын уыди нӕ хиуӕтты ӕмӕ не ’мбӕлтты ныууадзын». Мексикӕмӕ чи ацыд, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕр, Хуан, загъта: «Мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕивта. Хъуыди мӕ ног ӕмбӕлттӕ ссарын. Стӕй ма хъуамӕ сахуыр уыдаин ног ӕгъдӕуттыл дӕр».

12 Европӕйы иуӕй-иу филиалтӕ куы баиу кодтой, уӕд уыцы филиалтӕй бирӕты лӕггад кӕнынмӕ арвыстой Германийы филиалмӕ. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр ӕнцон нӕ уыд. Швейцарийы чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ мысыдысты Альпӕты рӕсугъд хӕхтӕ. Австрийӕ чи ӕрцыд, уыдон та гыццыл Вефилыл ахуыр уыдысты.

13 Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацыд, уыдон хъуамӕ сахуыр уыдаиккой ног цӕрӕнбынатыл, лӕггад кодтаиккой, раздӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, стӕй ма сӕ кӕйдӕрты ӕндӕр куыстыл ахуыр кӕнын дӕр бахъуыд. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди ног ӕмбырды лӕггад кӕнын ӕмӕ ног территорийы хъусын кӕнын, чи зоны, ӕндӕр ӕвзагыл дӕр. Ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын алкӕмӕн ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ бирӕ вефилӕгтӕ уыдӕттыл сразы сты. Цымӕ цӕмӕн?

14, 15. а) Бирӕтӕ куыд равдыстой, Йегъовӕйы ӕмкусджытӕ кӕй сты, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц? ӕ) Уыцы хотӕ ӕмӕ нын ӕфсымӕртӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

 14 Хо Гретел загъта: «Ӕз сразы дӕн ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныныл, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕ бон уыд равдисын иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый цавӕрдӕр бӕстӕйыл, цавӕрдӕр агъуыстыл кӕнӕ цавӕрдӕр куыстыл баст кӕй нӕу». Хо Дайска та загъта: «Йегъовӕ мӕ кӕй фӕхуыдта, ууыл куы ахъуыды кодтон, уӕд ӕхсызгонӕй сразы дӕн». Андре ӕмӕ Габриелӕ дӕр уыцы ныхӕстимӕ разы сты. Уыдон загътой: «Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы та нын фӕзынд фадат, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйӕн нӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, нӕхицӕн ӕнцондӕр куыд уа, афтӕ нӕ, фӕлӕ». Уыдон фидарӕй зонынц, Йегъовӕйы организаци цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы скӕны, уӕд хуыздӕр кӕй вӕййы, адӕймаг уыцы ивындзинӕдты ныхмӕ куы нӕ фӕцӕуы, фӕлӕ сыл ӕхсызгонӕй куы сразы вӕййы.

Мах хайджын стӕм ӕппӕты стырдӕр кадӕй – Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнӕм!

15 Филиалтӕ куы баиу кодтой, уӕд иуӕй-иу вефилӕгты снысан кодтой пионертӕй. Зӕгъӕм, афтӕ уыд, Данийы, Норвегийы ӕмӕ Швецийы филиалтӕ куы баиу кодтой ӕмӕ сӕ Скандинавийы филиал куы скодтой, уӕд. Флоран ӕмӕ йӕ бинойнаг Аня загътой: «Пионертӕй лӕггад кӕнын нын иуӕй зын у, иннӕмӕй та ӕхсызгон. Уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ пайда кӕна, кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнай, уӕддӕр. Ӕмӕ нӕ Хуыцау стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта!» Кӕд махӕн нӕ фылдӕры ахӕм ивындзинӕдтӕ кӕнын нӕ бахъӕудзӕн, уӕддӕр нӕ бон у уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕзмын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын (Ис. 6:8). Йегъовӕ алкӕддӕр арфӕ кӕны, йемӕ ӕмгуыст чи кӕны ӕмӕ уыцы диссаджы фадатӕн чи аргъ кӕны, уыдонӕн, кӕмфӕнды йын ма лӕггад кӕной, уӕддӕр.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМКУСӔГ КӔЙ ДӔ, УЫЙ ДЫН ДАРДДӔР ДӔР ЦИНЫ ХОС УӔД!

16. а) Галатӕгтӕм 6:4 нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? ӕ) Адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у?

16 Ӕнӕххӕст адӕймаг арӕх йӕхи иннӕтимӕ фӕбары. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас дзуры, цӕмӕй нӕ алчидӕр хъуыды кӕна, йӕхи бон цас у, ууыл. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:4.) Махӕй алкӕмӕн йӕ бон нӕу хистӕр нӕлгоймагӕй, пионерӕй, миссионерӕй кӕнӕ  Вефилы лӕггад кӕнын. Уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кадджын хӕстӕ сты! Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у, уымӕй нӕ алчидӕр кӕй у хайджын – не ’ппӕт дӕр стӕм Йегъовӕйы ӕмкусджытӕ, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ ахӕм стыр кадӕн куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм!

17. Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, фӕлӕ нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

17 Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ, чи зоны, нӕ бон ма уа Йегъовӕйӕн, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕх нӕхицӕй кӕнгӕ нӕ вӕййынц, зӕгъӕм, нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон кӕнӕ не ’нӕниздзинад. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Цыфӕнды зындзинӕдтӕ нын ма уа, уӕддӕр Йегъовӕйы номы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын нӕ бон алкӕддӕр у. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй, нӕ уавӕрты нӕ бон цы у, уый аразӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, йӕ бон махӕй фылдӕр лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйы ном чи кадджын кӕны, уыдонӕй йын алчидӕр зынаргъ кӕй у!

18. Фидӕнмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ ныр дӕр цавӕр стыр кадӕй стӕм хайджын?

18 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ уый бар дӕтты, цӕмӕй йе ’мкусджытӕ уӕм. Ацы фӕстаг бонты нын ахӕм диссаджы фадат кӕй ис, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм! Уӕдӕ нӕм цы бирӕ бӕллицтӕ ӕмӕ фӕндтӕ ис, уыдонӕй уал кӕцыдӕртӕ фидӕнмӕ аргъӕвӕм, уымӕн ӕмӕ ног дунейы, «ӕцӕг цард» куы ралӕууа, уӕд, Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр схайджын кӕндзӕн ӕнусон цард ӕмӕ фарнӕй (1 Тим. 6:18, 19).

Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕныс? (кӕс 16–18 абзацтӕ)

19. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры?

19 Абон ног дунейы къӕсӕрыл кӕй лӕууӕм, уымӕ гӕсгӕ-ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны размӕ Моисей израилӕгтӕн цы загъта, уый: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын уӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн» (Дык. з. 30:9). Армагеддоны фӕстӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ зӕхх бынӕн ратдзӕн, абон йемӕ ӕмгуыст чи кӕны, уыдонӕн. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ нӕ бӕрны бакӕндзӕн ног куыст – ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт саразын!