Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Йесо Чырысти адӕмы ӕцӕгдӕр ӕгас кодта?

Йесо ма райгас кодта Лазӕры, йӕ мӕлӕтӕй цыппар боны куы рацыд, уӕд

Библийы комкоммӕ ист фыст, Йесо-иу фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздӕхта, чи амард, ахӕм адӕмы. Уыцы хабӕрттӕ аргъӕуттӕ не сты. Уыдон ӕрцыдысты бӕлвырд бынӕтты ӕмӕ рӕстӕджыты. Цӕвиттон, нӕ эрӕйы 31 азы, сӕрды, Йесоимӕ Капернаумӕй Наинмӕ ацыди бирӕ адӕм. Горӕтмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕмбӕлдысты ӕндӕр къорд адӕмыл. Уый фӕстӕ Йесо марды кӕй райгас кодта, уыцы хабар дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ фыст ис Хуыцауы Ныхасы, Библийы, стӕй йӕ кӕй райгас кодта, уый федтой ӕппӕт уыцы адӕм. (Бакӕс Лукайы 7:11–15.)

Йесо ма райгас кодта йе ’мбал Лазӕры, йӕ мӕлӕтӕй цыппар боны куы рацыд, уӕд. Ацы хабарыл ӕууӕндӕн ис, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд райгас кодта, уый бирӕтӕ федтой сӕхи цӕстӕй. (Бакӕс Иоанны 11:39–45.)

Йесо адӕмы цӕмӕн ӕгас кодта?

Чырысти адӕмы ӕгас кодта, уымӕн ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Стӕй ма афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыд, царддӕттӕг Хуыцау ын ахӕм тых кӕй радта, цӕмӕй мӕлӕтыл йӕ бар цӕуа. (Бакӕс Иоанны 5:21, 28, 29.)

Йесо адӕмы кӕй ӕгас кодта, уый нын нӕ ныфс фидар кӕны, фидӕны тыххӕй цы загъта, уыдӕттӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уый райгас кӕндзӕн тынг бирӕ адӕмы. Уыдонимӕ уыдзысты, Хуыцауы тыххӕй ӕппындӕр чи ницы зыдта, уыцы фыдгӕнджытӕ дӕр. Уыдонӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй базоной ӕмӕ бауарзой Йегъовӕ Хуыцауы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.)