Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

Йесо Чырысти кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

«[Йесо] райгас» (МАТФ. 28:6).

1, 2. а) Дзуттаг дины разамонджыты цы фӕндыд базонын ӕмӕ сын Петр цы загъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) ӕ) Петр дины разамонджытимӕ ныфсджынӕй цӕй фӕрцы ныхас кодта?

ХАБАР уыд, Йесо Чырысти куы амард, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ. Апостол Петр лӕууыд дзуттаг дины разамонджыты раз, Йесойы чи амарын кодта ӕмӕ ныр Петрмӕ дӕр мӕстӕй чи фыхт, уыдоны раз. Петр сдзӕбӕх кодта, йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, иу ахӕм лӕджы, ӕмӕ дины разамонджытӕ Петрӕй домдтой, цӕмӕй сын загътаид, «уыцы хъуыддаг кӕй хъаруйӕ ӕмӕ кӕй номӕй бакодта», уый. Апостол сын фидарӕй загъта: «Ацы лӕг уӕ разы дзӕбӕхӕй лӕууы назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы, сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый номы фӕрцы!» (Хъуыд. 4:5–10).

2 Уый размӕ, Йесойы куы ’рцахстой, уӕд, Петр афтӕ фӕтарст, ӕмӕ Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Мар. 14:66–72). Уӕдӕ цымӕ ныр дины разамонджытимӕ афтӕ ныфсджынӕй цӕй фӕрцы ныхас кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Петрӕн ӕххуыс кодта сыгъдӕг тых, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай уый фидарӕй зыдта, Йесо кӕй райгас, уый дӕр. Цымӕ Петр уыцы хабарыл афтӕ фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕндыд? Ӕмӕ йыл махӕн дӕр нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?

3, 4. а) Марды райгас кӕнӕн кӕй ис, уый Йесойы апостолтӕн ног хабар цӕуылнӕ уыд? ӕ) Йесо кӕй райгас кодта?

 3 Марды райгас кӕнӕн кӕй ис, уый Йесойы апостолтӕн ног хабар нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд, апостолтӕ куы нӕма райгуырдысты, уӕд дӕр. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ Илийа ӕмӕ Елисейы ахӕм хъаруйӕ кӕй схайджын кодта, цӕмӕй марды райгас кодтаиккой (1 Пад. 17:17–24; 2 Пад. 4:32–37). Иухатт ма суанг ахӕм хабар дӕр ӕрцыд, ӕмӕ, иу адӕймаджы куы ныгӕдтой, уӕд ӕй баппӕрстой, Елисей кӕм ныгӕд уыд, уыцы зӕппадзы, ӕмӕ мард куыддӕр Елисейы стджытыл андзӕвыд, афтӕ райгас (2 Пад. 13:20, 21). Уыцы хабӕртты тыххӕй фыст уыди Сыгъдӕг Фыстады, ӕмӕ сыл фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕууӕндыдысты. Раст афтӕ мах дӕр уырны, Хуыцауы Ныхасы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уый.

4 Йесо йӕхӕдӕг дӕр мӕрдты ӕгас кодта, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, махӕй алкӕй зӕрдӕ дӕр тынг агайынц. Идӕдз усӕн йӕ иунӕг фырты куы райгас кодта, уӕд ма уыцы сылгоймаджы дисӕн кӕрон кӕм уыдаид (Лук. 7:11–15). Ӕндӕр хатт та Йесо райгас кодта 12-аздзыд чызджы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ зӕрдӕрыст ныййарджытӕ сӕ хъӕбулы удӕгасӕй куы федтой, уӕд куыд цин кодтаиккой! (Лук. 8:49–56). Стӕй, Лазӕры зӕппадзӕй удӕгасӕй рахизгӕ чи федта, уыдон дӕр куыд дис кодтаиккой! (Иоан. 11:38–44).

ЙЕСО КУЫД РАЙГАС, УЫЙ УӔЛДАЙ ДИССАГ ЦӔМӔН УЫД

5. Йесо куыд райгас, уый цӕмӕй хицӕн кодта, уый размӕ-иу иннӕтӕ куыд райгас сты, уымӕй?

5 Апостолтӕ зыдтой, Йесо куыд райгас, уый кӕй хицӕн кодта, уый размӕ-иу иннӕтӕ куыд райгас сты, уымӕй. Уымӕй размӕ-иу чи райгас, уыдон-иу райгас сты туг ӕмӕ стӕгӕй конд буары ӕмӕ та-иу ӕппынфӕстаг амардысты. Йесо та райгас уӕларвон буары ӕмӕ сси ӕнӕмӕлгӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 13:34.) Петр Йесойы тыххӕй ныффыста: «Адӕймаг уӕвгӕйӕ йӕ амардтой, фӕлӕ райгас уӕларвон буары». Уымӕй уӕлдай, «Йесо ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты, хицӕутты ӕмӕ барджынты» (1 Пет. 3:18–22). Уый размӕ-иу чидӕртӕ кӕй райгас сты, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, диссаг уыд, фӕлӕ уыцы хабӕрттӕй иу дӕр нӕй абарӕн, Йесо кӕй райгас, уыимӕ.

6. Йесо кӕй райгас, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд фӕзынд?

6 Йесо кӕй райгас, уый йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг бафидар кодта. Йе знӕгтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ мард у, фӕлӕ Йесо уыд ӕгас. Уый сси хъомысджын уӕларвон удгоймаг, ӕмӕ йын ныр иу адӕймаг дӕр ницыуал ракодтаид. Кӕй райгас, уымӕй сбӕлвырд, Хуыцауы Фырт кӕй у. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый кӕй зыдтой, уый фӕрцы сӕ маст цинӕй раивта, сӕ зӕрдӕты тас нал уыд ӕмӕ сӕ стыр ныфс бацыд. Ӕцӕгдӕр, Йесо куы нӕ райгас уыдаид, уӕд Хуыцауы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдаид ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын дӕр ницы пайда уыдаид.

7. Абон Йесо цы аразы ӕмӕ цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп ссарын?

7 Мах зонӕм, Йесо ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг кӕй уыд. Фӕлӕ ма зонӕм уый дӕр, ӕмӕ абон ӕгас у ӕмӕ йӕ хъус дары, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы, уымӕ. Йесо у Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы зӕххыл фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. Уый ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты (Лук. 23:43). Уыцы хабӕрттӕй иуӕн дӕр ӕрцӕуӕн нӕ уыдаид, Йесо куы нӕ райгас уыдаид, уӕд. Уӕдӕ Йесо кӕй райгас, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у? Стӕй, кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

ЙЕГЪОВӔ РАВДЫСТА, МӔЛӔТЫЛ ЙӔ БАР КӔЙ ЦӔУЫ

8, 9. а) Дзуттаг дины разамонджытӕ Пилатӕй цӕмӕн куырдтой, цӕмӕй Йесойы зӕппадзы раз хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтаид? ӕ) Сылгоймӕгтӕ зӕппадзмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд цы федтой?

8 Йесойы куы амардтой, уый фӕстӕ хистӕр  сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ Пилатмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ буц хицау, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы цӕстфӕлдахӕг ма ӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта, ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ зӕгъ, цӕмӕй йын ӕртыккаг бонмӕ йӕ ингӕн хъахъхъӕной, науӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцӕудзысты, адавдзысты йӕ ӕмӕ стӕй дзурдзысты: „Мӕрдтӕй райгас!“ Уӕд фӕстаг сайд фыццаг сайдӕй фыддӕр уыдзӕн». Ӕмӕ сын Пилат загъта: «Хъахъхъӕнджытӕ уӕм ис, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ йӕ хъахъхъӕнут». Уыдон дӕр растдӕр афтӕ бакодтой (Матф. 27:62–66).

9 Йесойы мард бавӕрдтой къӕдзӕхы къахт зӕппадзы, йӕ бахизӕны та йын бафӕлдӕхтой стыр дур. Дзуттаг дины разамонджыты фӕндыд, цӕмӕй Йесо ӕнустӕм уыцы зӕппадзы баззадаид. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ бынтон ӕндӕр фӕнд уыди. Ӕртыккаг бон Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ иннӕ Марийӕ зӕппадзмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ зӕппадзы дур фӕлдӕхт, йӕ уӕлӕ та зӕд бады. Уыцы зӕд сылгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй зӕппадзмӕ мидӕмӕ бакастаиккой ӕмӕ сӕхи цӕстӕй федтаиккой, афтид кӕй у. Зӕд сын Йесойы тыххӕй загъта: «Ам нӕй – райгас» (Матф. 28:1–6). Йесо уыд ӕгас!

10. Йесо кӕй райгас, уымӕн Павел цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста?

10 Уый фӕстӕ 40 боны дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон бӕлвырд кодтой, Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас. Уыцы хабӕртты тыххӕй апостол Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Ӕз уын фыццаджыдӕр фехъусын кодтон, мӕхӕдӕг цы базыдтон, уый: Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ. Ӕмӕ фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ. Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты, чидӕртӕ та дзы амард. Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ, цыма афонӕй раздӕр райгуырдтӕн, афтӕ» (1 Кор. 15:3–8).

ЙЕСО КӔЙ РАЙГАС, УЫЙ ЦАВӔР ЦЫППАР ХЪУЫДДАДЖЫ ФӔРЦЫ ЗОНӔМ

11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо райгас, «Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ»?

11 Фыццаг: Йесо райгас, «Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ». Хуыцауы Ныхасы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, Йесо кӕй райгас уыдзӕн, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Давид ныффыста, Хуыцауыл «иузӕрдион... чи у», уый ингӕны кӕй нӕ баззайдзӕн. (Бакӕс Псалом 16:10.) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон апостол Петр бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ Йесомӕ кӕй хауынц, ӕмӕ загъта: «Давид бирӕ раздӕр зыдта, Чырысти кӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ уый кой кодта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау ингӕны нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ буар нӕ бамбийдзӕн» (Хъуыд. 2:23–27, 31).

12. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ йӕ чи федта?

12 Дыккаг: Йесо кӕй райгас, уымӕн уыди бирӕ ӕвдисӕнтӕ. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ 40 боны дӕргъы цалдӕр хатты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Зӕгъӕм, фӕзынд сӕм, кӕм ӕй бавӕрдтой, уыцы зӕппадз цы цӕхӕрадоны уыд, уым, стӕй, Еммаусмӕ чи кодта, уыцы фӕндагыл ӕмӕ ма ӕндӕр рӕтты дӕр (Лук. 24:13–15). Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд хицӕнӕй дӕр, зӕгъӕм, Петрмӕ, ӕмӕ-иу иумӕ куы уыдысты, уӕд дӕр. Иухатт та фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ! Уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн уыд, уыцы хабарыл куыд хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм!

13. Фыццаг чырыстӕттӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕй куыд зыны, Йесойы райгасдзинадыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыдысты?

13 Ӕртыккаг: фыццаг чырыстӕттӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй. Уыцы хъуыддаджы тыххӕй сӕ фӕдыл зылдысты, ӕфхӕрдтой сӕ, кӕйдӕрты та сӕ маргӕ дӕр акодтой. Ӕмӕ кӕд Йесо нӕ райгас, уӕд Петр йӕ цард тӕссаг уавӕры цӕмӕн ӕппӕрста? Йесойӕ  йе сӕфт чи уыдта ӕмӕ йӕ чи амарын кодта, уыцы дины разамонджытӕн Чырыстийы райгасы тыххӕй цӕмӕн хъусын кодта? Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фидарӕй зыдтой, Йесо ӕгас кӕй у ӕмӕ Хуыцауы хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты. Уымӕй уӕлдай ма, Йесо кӕй райгас, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ уыдон дӕр райгас уыдзысты. Зӕгъӕм, Стефан йӕ мӕлӕты размӕ цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, мӕрдты райгасыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд (Хъуыд. 7:55–60).

14. Йесо ныртӕккӕ ӕгас кӕй у, уый дӕ цӕмӕн уырны?

14 Цыппӕрӕм: бӕрӕг у, Йесо ныртӕккӕ Паддзах ӕмӕ чырыстон ӕмбырды Хистӕр кӕй у. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕцӕг чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Цымӕ Йесо куы нӕ райгас уыдаид, уӕд афтӕ уыдаид? Ӕвӕццӕгӕн, уӕд Йесойы тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтаиккам. Фӕлӕ махӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо ныртӕккӕ ӕгас кӕй у ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уымӕн.

ЙЕСО КӔЙ РАЙГАС, УЫЙ МАХӔН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

15. Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы ныфсджынӕй цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

15 Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм. Ныр 2 000 азы дӕргъы Хуыцауы знӕгтӕ алыхуызон «хӕцӕнгӕрзты» руаджы архайынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕной: раст дин чи ныууагъта, уыдон мӕнг ахуырӕдтӕ фӕпарахат кӕнынц, адӕм ныл фӕхудынц, хицӕуттӕ нӕ сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ фӕуадзынц, фыдмитӕ нын фӕкӕнынц, кӕйдӕрты та маргӕ дӕр акӕнынц. Фӕлӕ нӕ ныхмӕ «цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр» хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ бауромдзӕн (Ис. 54:17). Мах нӕ тӕрсӕм, Хӕйрӕг кӕмӕй пайда кӕны, уыцы адӕмӕй. Йесо нын ӕххуыс кӕны, зӕрдӕ нын куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ (Матф. 28:20). Не знӕгтӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр сын ницы бантысдзӕн, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрсын ӕппындӕр ницӕмӕй хъӕуы!

Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (кӕс 15 абзац)

16, 17. а) Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, цыдӕриддӕр амыдта, ууыл? ӕ) Иоанны 11:25 стихмӕ гӕсгӕ, Хуыцау Йесойӕн цавӕр тых радта?

16 Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы ӕууӕндӕн ис, цыдӕриддӕр амыдта, ууыл. Павел фыста, зӕгъгӕ, кӕд Чырысти мӕрдтӕй нӕ райгас, уӕд чырыстон ахуырӕдтыл ӕууӕндын дӕр ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын дӕр дзӕгъӕлы у. Иу библииртасӕг ныффыста: «Кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд... чырыстӕттӕ сты, сайдӕй кӕуыл рацыдысты, ахӕм тӕригъӕддаг ӕнӕзонд адӕм». Йесо куы нӕ райгас уыдаид, уӕд, Евангелиты уый тыххӕй цы фыст ис, уый уыдаид ӕрмӕстдӕр ӕнкъард таурӕгъ, иу хорз ӕмӕ зондджын адӕймаджы йе знӕгтӕ куыд амардтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ Чырысти райгас, ӕмӕ уый фӕрцы ӕууӕндӕн ис, цыдӕриддӕр амыдта, ууыл, уыимӕ, фидӕны тыххӕй цы дзырдта, ууыл дӕр. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:14, 15, 20.)

17 Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:25). Уыцы диссаджы ныхӕстӕ ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст уыдзысты. Йегъовӕ Йесойӕн радта уыцы тых, цӕмӕй райгас кӕна, уӕлӕрвты йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны дӕр ӕмӕ, зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыцы миллиардгай адӕмы дӕр. Йесо йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ стӕй кӕй райгас, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕт нал уыдзӕн. Ӕмӕ уый дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕудзынӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр нӕ тӕрсдзынӕ.

18. Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы нӕ фидар ныфс цӕмӕй ис?

18 Йесо кӕй райгас, уый фӕрцы нӕ фидар ныфс ис, адӕмӕн нӕ уарзӕгой Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй тӕрхон кӕндзӕн. Павел Афинты цӕрджытимӕ куы ныхас  кодта, уӕд загъта: «[Хуыцау] йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон... кӕндзӕн. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй» (Хъуыд. 17:31). Йесо у Хуыцауы ’взӕрст Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сын ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 11:2–4.)

19. Йесо кӕй райгас, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

19 Йесо кӕй райгас, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Йесо йӕхи нывондӕн куы не ’рхастаид ӕмӕ стӕй куы нӕ райгас уыдаид, уӕд уыдаиккам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты дӕлбар (Ром. 5:12; 6:23). Уӕд нӕ ныфс ницӕмӕй уыдаид ӕмӕ мах дӕр загътаиккам: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Кор. 15:32). Фӕлӕ махӕн сӕйраг уый нӕу, ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрӕм. Мах тынг аргъ кӕнӕм, цы ныфс нын ис, уымӕн, ома, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕн. Ӕмӕ нын сӕйраг у алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын.

20. Йесо кӕй райгас, уымӕй куыд зыны, Йегъовӕ хъомысджын Хуыцау кӕй у, уый?

20 Чырысти кӕй райгас, уымӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕ хъомысджын Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ «зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзут. 11:6). Йегъовӕ Йесойы кӕй райгас кодта ӕмӕ йын уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард кӕй балӕвар кодта, уымӕй равдыста йе стыр хъару ӕмӕ зонд. Афтӕмӕй ма Хуыцау равдыста, йӕ бон кӕй у йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын дӕр. Уыцы зӕрдӕвӕрдтӕй иу уыд, «байзӕддаг» кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ, Дун-дунейы хицау чи хъуамӕ уа, уый фӕдыл дзырддаг фарста кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн. Цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Йесо хъуамӕ амардаид ӕмӕ стӕй райгас уыдаид (Райд. 3:15).

21. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

21 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕй, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! Библийы фыст ис: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта». Уыцы диссаджы ныхӕстӕ загъд уыдысты апостол Иоаннӕн. Ӕмӕ ма йын уый фӕстӕ ноджыдӕр загъд уыд: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг». Уыцы диссаджы хабӕрттӕ Хуыцау Иоаннӕн кӕй уылты раргом кодта? Чи райгас, уыцы Йесо Чырыстийы уылты! (Рарг. 1:1; 21:3–5).