Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

«Хъуамӕ уат сыгъдӕг» (ЛЕВ. 11:45).

1. Левиты чиныг нын цавӕр хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн?

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр йӕ цӕсты уой сыгъдӕг. Ӕмӕ Библийы дӕр бирӕ хӕттыты фыст ис сыгъдӕгдзинады тыххӕй. Фӕлӕ уыцы миниуӕджы кой Левиты чиныджы куыд арӕх цӕуы, афтӕ никуы. Уӕдӕ Левиты чиныджы цы фыст ис, уый хорз куы ӕмбарӕм ӕмӕ уыцы чиныгӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд ноджы хуыздӕр зондзыстӕм, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый.

2. Левиты чиныджы цавӕр хабӕрттӕ фыст ис?

2 Левиты чиныг ныффыста пехуымпар Моисей, ӕмӕ уыцы чиныг дӕр хауы, «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн» пайда чи у, уыцы Фыстадмӕ (2 Тим. 3:16). Алы сӕры дӕр дзы иу-дӕс хатты ӕмбӕлы Йегъовӕйы ном. Уыцы чиныджы цы фыст ис, уый хорз куы ’мбарӕм, уӕд нӕхи хиздзыстӕм, Хуыцауы ном кӕй тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй (Лев. 22:32). Левиты чиныджы арӕх ӕмбӕлынц ахӕм ныхӕстӕ, «ӕз дӕн Йегъовӕ», зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕ Дунедарӕг кӕй у ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсӕм. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Левиты чиныджы цы ахсджиаг хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сыгъдӕг уӕм.

 ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ ХЪУАМӔ УОЙ СЫГЪДӔГ

3, 4. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕхи кӕй ныхсадтой, уый цӕмӕ амоны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Бакӕс Левит 8:5, 6. Йегъовӕ Аароны сӕвӕрдта Израилы хистӕр сауджынӕй, йӕ фыртты та йын сӕвӕрдта ӕнӕуи сауджынтӕй. Аарон амоны Йесо Чырыстимӕ, йӕ фырттӕ та – Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕм. Уӕдӕ Аарон йӕхи кӕй ныхсадта, уый, мыййаг, уымӕ амоны, ӕмӕ Йесойы дӕр ссыгъдӕг кӕнын хъуыди? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо ӕнӕтӕригъӕд ӕмӕ «ӕнӕфау» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ сыгъдӕг кӕнын нӕ хъуыди (Дзут. 7:26; 9:14). Фӕлӕ, Аарон йӕхи кӕй ныхсадта, уый амоны, Йесо сыгъдӕг кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы, уымӕ. Аароны фырттӕ сӕхи кӕй ныхсадтой, уый та цӕмӕ амоны?

4 Аароны фырттӕ сӕхи кӕй ныхсадтой, уый амоны, уӕлӕрвты сауджынтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдоны дӕр ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ. Мыййаг, сӕрст чырыстӕттӕ, донаргъуыд куы райсынц, уӕд ссыгъдӕг вӕййынц? Нӕ, уымӕн ӕмӕ донаргъуыд тӕригъӕдтӕй нӕ сыгъдӕг кӕны. Донаргъуыд ӕрмӕстдӕр уый нысан у, ӕмӕ адӕймаг йӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн снывонд кодта. Сӕрст чырыстӕттӕ сыгъдӕггонд цӕуынц «Хуыцауы ныхасы донӕй», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр аразой, Чырысти цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ (Еф. 5:25–27). Уый фӕрцы сӕ Хуыцау сыгъдӕгыл банымайы. Фӕлӕ «ӕндӕр фыстӕй» та цы ис зӕгъӕн? (Иоан. 10:16).

5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййынц?

5 Аароны фырттӕ Йесойы «ӕндӕр фыстӕм», кӕнӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ», нӕ амонынц (Рарг. 7:9). Фӕлӕ уыцы адӕм дӕр Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййынц. Йесойы нывонд куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Библийы куы бакӕсынц ӕмӕ уыцы ныхӕстыл куы баууӕндынц, уӕд сӕ бафӕнды Йегъовӕйӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнын» (Рарг. 7:13–15). Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр уыцы иу хаттӕн не ссыгъдӕг вӕййынц. Уыдон ӕдзухдӕр архайынц, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уой, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй фӕзминаг сты (1 Пет. 2:12). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон у, сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр сыгъдӕг кӕй сты ӕмӕ сӕ Фыййау Йесойы фӕдыл кӕй цӕуынц, уый!

6. Нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын нӕ цӕмӕн фӕхъӕуы?

6 Израилы сауджынтӕн сӕ буар дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уыдаид, уый абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон арӕх бафиппайынц, Хуыцауӕн кӕм фӕкувӕм, уыцы бынӕттӕ сыгъдӕг кӕй вӕййынц, стӕй нӕхӕдӕг дӕр аив конд ӕмӕ сыгъдӕг кӕй вӕййӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕйы бӕрзонд хохмӕ чидӕриддӕр ссӕуы, ома йын лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдонӕн хъуамӕ уа «сыгъдӕг зӕрдӕ» дӕр. (Бакӕс Псалом 24:3, 4; Ис. 2:2, 3.) Уӕдӕ ӕрмӕст нӕ буар нӕ, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг, ӕмӕ Хуыцауӕн афтӕмӕй лӕггад кӕнӕм. Уый тыххӕй фӕхъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ уый фӕстӕ, чи зоны, цыдӕртӕ дӕр фӕивын (2 Кор. 13:5). Зӕгъӕм, донаргъуыд чырыстон зонгӕ-зонын порнографимӕ куы кӕса, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цымӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг дӕн?» Уый фӕстӕ хъуамӕ ӕххуыс бацагура, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууадза (Иак. 5:14).

КОММӔГӔС У, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫ ЦӔСТЫ СЫГЪДӔГ УАЙ

7. Левиты 8:22–24 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

7 Израилы сауджынтӕ ӕвӕрд куы ’рцыдысты, уӕд Моисей райста фыры тугӕй ӕмӕ дзы ацахуырста хистӕр сауджын Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы  стыр ӕнгуылдз, ӕмӕ афтӕ бакодта Аароны фырттӕн дӕр. (Бакӕс Левит 8:22–24.) Уый амыдта, сауджынтӕ Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уымӕ. Уыцы хъуыддаджы сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр фӕзминаг у Хистӕр сауджын Йесо Чырысти. Йесо хъуыста Йегъовӕйы разамындмӕ, ӕххӕст ын кодта йӕ фӕндон ӕмӕ цыди сыгъдӕг фӕндагыл (Иоан. 4:31–34).

8. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр цы хъуамӕ аразой?

8 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ сӕ Хистӕр сауджынау Хуыцауыл иузӕрдион уой. Цӕмӕй «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст ма уадзой», уый тыххӕй хъуамӕ хъусой, Хуыцауы Ныхасы цы разамынд ис, уымӕ (Еф. 4:30). Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй дӕхицӕн «аразай раст фӕндӕгтӕ» (Дзут. 12:13).

9. Разамонӕг советӕн чи ӕххуыс кӕны, ӕртӕ ахӕм ӕфсымӕры цы радзырдтой? Сӕ ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уай?

9 Ӕркӕсӕм-ма, не ’фсымӕртӕй ӕртӕйӕ цы загътой, уымӕ. Се ’ртӕ дӕр дӕсазты дӕргъы ӕххуыс кӕнынц, Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Сӕ иу загъта: «Сӕрст ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕнын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр кад у. Фӕлӕ адӕймаг семӕ ӕнгом куы фӕкусы, уӕд иуӕй-иу хатт фены, уыдон дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы мӕ нысӕнттӕй иу у, цӕмӕй, разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕм хъусон». Иннӕ ӕфсымӕр та загъта: «2 Коринфӕгтӕм 10:5 ӕмӕ ма ӕндӕр стихты дӕр фыст ис, „Чырыстийӕн коммӕгӕс“ кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй. Уыцы стихтӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нын разамынд чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсон ӕмӕ семӕ ӕмгуыст кӕнон. Ӕмӕ уый аразын зӕрдиагӕй». Ӕртыккаг ӕфсымӕр та загъта: «Кӕд, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзыс ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй де сӕфт уыныс, стӕй йын алкӕддӕр йӕ разамынд агурыс ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразыс, уӕд ын йӕ организацийы коммӕ ӕмӕ, зӕххыл йӕ фӕнд кӕй уылты ӕххӕст кӕны, уыдоны коммӕ кӕсдзынӕ». Ацы ӕфсымӕр хъуыды кӕны, Разамонӕг советы лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыцы ӕфсымӕр Нейтан Норры хабар. Ӕфсымӕр Норр растыл нымадта, 1925 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьяйы «Ног адӕм райгуырд» цы хъуыдытӕ уыд, уыдон, кӕд сыл чидӕртӕ разы нӕ уыдысты, уӕддӕр. Нейтан Норр Хуыцауы организацийы разамындмӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъуыста, уый ӕфсымӕры зӕрдӕ тынг бацагайдта. Ацы ӕртӕ ӕфсымӕры ныхӕстыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы коммӕ кӕсын, цӕмӕй йӕ цӕсты сыгъдӕг уӕм.

ХУЫЦАУ ТУДЖЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗАКЪОН РАДТА, УЫЙ ӔХХӔСТ КӔНӔМ

10. Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

10 Бакӕс Левит 17:10. Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой, «цӕйфӕнды туг» ма уыдаид, уӕддӕр. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ сӕхи хизой тугӕй – фосы туг уа ӕви адӕймаджы (Хъуыд. 15:28, 29). Хуыцау нӕ ныхмӕ суа ӕмӕ нӕ йе ’мбырдӕй «фесафа», ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ баризы. Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ коммӕ кӕсын фӕнды. Ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд дӕр, Йегъовӕйы чи нӕ зоны ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, уыдоны лӕгъстӕтӕ кӕнӕ ӕртхъирӕнтӕм нӕ хъусдзыстӕм. Мах зонӕм, тугӕй нӕхи кӕй хизӕм, уый тыххӕй нӕ чидӕртӕ ӕнӕзонд адӕм кӕй хондзысты. Фӕлӕ нӕ фидар фӕнд у Хуыцауы коммӕ кӕсын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ туг нӕдӕр хӕргӕ кӕнӕм, нӕдӕр ӕй нӕ буары уадзӕм (Иуд. 17, 18). Цымӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ууыл «фидар лӕууӕм»? (Дык. з. 12:23).

11. Сыгъдӕггӕнӕн боны фӕдыл фӕдзӕхстытӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты?

11 Рагон Израилы-иу хистӕр сауджын алы  аз дӕр Сыгъдӕггӕнӕн бон цы сарӕзта, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Тугӕй пайда кодтой ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй – цӕмӕй-иу Йегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид. Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ-иу галтӕ ӕмӕ сӕгъты туг бапырх кодтой бадзырды чырыны сӕры раз (Лев. 16:14, 15, 19). Уый фӕрцы-иу Хуыцауӕн йӕ бон уыд израилӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын. Стӕй ма Йегъовӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, адӕймаг фос хӕринагӕн куы аргӕвда, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза ӕмӕ йӕ сыджыты бын фӕкӕна, уымӕн ӕмӕ, «зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис сӕ туджы» (Лев. 17:11–14). Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты тынг ахсджиаг. Ӕнустӕ раздӕр Йегъовӕ Нойы ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хордтаиккой (Райд. 9:3–6). Цымӕ уый чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?

12. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ туг тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынимӕ куыд баст у?

12 Апостол Павел бамбарын кодта, туг адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй сыгъдӕг кӕны. Уый ныффыста: «Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ алцыдӕр сыгъдӕг кӕны тугӕй, ӕмӕ туг куы нӕ ныккӕла, уӕд тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цӕуынц» (Дзут. 9:22). Фӕлӕ фосы нывӕндтӕ адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ сӕрибар кодтой. Павел куыд загъта, афтӕмӕй уыцы нывӕндтӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ сӕ стырдӕр нывонд кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг уой. Ӕцӕгдӕр, «Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... уыд» ӕмӕ «уыцы хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг йӕ мидӕг» нӕ уыдысты (Дзут. 10:1–4). Уӕдӕ адӕм тӕригъӕдтӕй бынтондӕр цӕй фӕрцы ссӕрибар уыдаиккой?

13. Йесо йӕ туджы аргъимӕ Йегъовӕйы раз кӕй ӕрлӕууыд, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

13 Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:7. Йесойы дӕр ӕмӕ йын йӕ Фыды дӕр чи уарзы, уыдон тынг аргъ кӕнынц, Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕн (Гал. 2:20). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц,  Йесойы мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады фӕстӕ цы ’рцыд, уый фӕрцы. Йесо уӕд цы сарӕзта, уымӕ амыдта, хистӕр сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон цы сарӕзта, уый. Уыцы бон-иу хистӕр сауджын, нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы фосы тугӕй бахаста хӕсгӕ кувӕндоны цатыры Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, ӕмӕ-иу уый уыд, цыма йӕ Хуыцауы размӕ бахаста, афтӕ (Лев. 16:11–15). Раст афтӕ Йесо дӕр уӕларвмӕ ссыд ӕмӕ Йегъовӕйы раз йӕ туджы аргъимӕ ӕрлӕууыд (Дзут. 9:6, 7, 11–14, 24–28). Мах фидарӕй ӕууӕндӕм, Йесойы туджы фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц ӕмӕ не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у. Ӕмӕ куыд бузныг стӕм уый тыххӕй!

14, 15. Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕмбарын ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

14 Ӕвӕццӕгӕн, ныр хуыздӕр ӕмбарыс, Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, туг хӕрӕн нӕй, «цӕйфӕнды туг» ма уа, уӕддӕр (Лев. 17:10). Хуыцауы цӕсты туг афтӕ табуйаг цӕмӕн у, уый зоныс? Йегъовӕйы цӕсты туг цардыл нымад у (Райд. 9:4). Ды дӕр куыннӕ сразы уыдзынӕ, Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ тугӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм. Йесойы нывондыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ, не Сфӕлдисӕджы цӕсты тугӕн стыр аргъ кӕй ис, уый куы ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн нӕ бон Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕрын (Кол. 1:19, 20).

15 Кӕйфӕнды дӕр нӕ, чи зоны, ӕнӕнхъӕлӕджы бахъӕуа скъуыддзаг кӕнын, йӕ буары туг кӕнӕ туджы фракцитӕ бауадздзӕн ӕви нӕ, йе та, тугимӕ баст чи у, ахӕм хос кӕныны мадзӕлттӕй спайда кӕндзӕн ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ ахӕм фарстаты фӕдыл рагацау ӕрмӕг бацагурын, цӕмӕй ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ уӕм. Уый фӕрцы Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты никуы ахиздзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, Хуыцау нӕ йӕ Ныхасы цӕмӕй фӕдзӕхсы, ахӕм исты саразын ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын. Абон бирӕ дохтыртӕ ӕмӕ иннӕтӕ дӕр адӕмы фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй-иу туг раттой ӕмӕ уый фӕрцы искӕй цард аирвӕзын кӕной. Фӕлӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг адӕм зонынц, ӕрмӕстдӕр Сфӕлдисӕгӕн кӕй ис уый бар, цӕмӕй сын амона, тугӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый. Хуыцауӕн «цӕйфӕнды туг дӕр» табуйаг у. Уӕдӕ хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа, Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын. Нӕ сыгъдӕг уагахастӕй бӕрӕг у, Йесойы тугӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр йӕ туджы фӕрцы цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕмӕ нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 3:16).

Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕндзынӕ? (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔМӔН ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ СЫГЪДӔГ УӔМ

16. Йегъовӕйы адӕм сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?

16 Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Ӕмӕ хъуамӕ уат сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг» (Лев. 11:45). Израилӕгтӕ хъуамӕ уыдаиккой сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау у. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ мах дӕр сыгъдӕг уӕм. Афтӕ кӕй хъуамӕ уа, уый бӕрӕг у Левиты чиныгӕй.

17. Левиты чиныгмӕ ныр цы цӕстӕй кӕсыс?

17 Левиты чиныгӕй цы скъуыддзӕгтӕм ӕркастыстӕм, уыдон нын стыр пайда сты. Ӕвӕццӕгӕн, ныр ацы чиныгӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕныс ӕмӕ хуыздӕр ӕмбарыс, сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм, уый. Фӕлӕ ма Левиты чиныджы ноджыдӕр цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ ис? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй ма дзы цы ис базонӕн? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.