Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг

Алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг

«Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 ПЕТ. 1:15).

1, 2. а) Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

АПОСТОЛ Петр йӕ фыстӕджы ныффыста, Левиты чиныджы сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы ныхӕстӕ ис, уыдон ӕмӕ бамбарын кодта, чырыстӕттӕ дӕр алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой. (Бакӕс 1 Петры 1:14–16.) «Сыгъдӕг Хуыцау» Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр ӕппӕт хъарутӕй архайой, сыгъдӕг куыд уой, ууыл. Ӕмӕ хъуамӕ сыгъдӕг уой ӕрмӕст кӕцыдӕр хъуыддӕгты нӕ, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр! (Иоан. 10:16).

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Левиты чиныгӕй цалдӕр ахсджиаг хъуыдымӕ. Уыдоны руаджы ноджы хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Йегъовӕ сыгъдӕгыл цы нымайы, уый ӕмӕ нӕ цард уымӕ гӕсгӕ араздзыстӕм. Мах аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: адӕмы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты ахизӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Левиты чиныгӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй хъуамӕ лӕууӕм, уый тыххӕй? Израилӕгтӕ Хуыцауӕн цы нывӕндтӕ хастой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

АДӔМЫ ЗӔРДӔ БАЛХӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ ХУЫЦАУЫ УАГӔВӔРДТЫ СӔРТЫ МАКУЫ АХИЗ

3, 4. а) Чырыстӕттӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты цӕуылнӕ хъуамӕ хизой? ӕ) Иннӕтӕй нӕ маст исӕм кӕнӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм, уый раст цӕуылнӕ у?

3 Кӕд нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ йӕ  закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм, табуйагыл сӕ нымайӕм ӕмӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрты макуы ахизӕм. Абон мах Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, фӕлӕ дзы цы фыст ис, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, Хуыцауы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау израилӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс. Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Йегъовӕ» (Лев. 19:18).

4 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй нӕ маст ма исӕм ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм (Ром. 12:19). Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты куы хизӕм, уӕд Хӕйрӕг цинӕй мӕлдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ном та худинаг кӕндзыстӕм. Исчи нӕ барӕй дӕр куы бафхӕра, уӕд дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы мастӕн бынат ма скӕнӕм. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Библийы барст цӕуынц, зынаргъ хӕзна кӕй мидӕг ис, ахӕм «ӕлыг мигӕнӕнтимӕ», уыцы хӕзна та у нӕ лӕггад (2 Кор. 4:1, 7). Ӕмӕ ахӕм зынаргъ хӕзна кӕй мидӕг ис, уыцы мигӕнӕн маст хӕссынӕн ӕвгъау у!

5. Аароны бинонтыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Левиты 10:1–11 стихты фыст ис, Аароны бинонтӕ цы уӕззау фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты, уый тыххӕй. Уӕларвӕй арт куы ’рцыд ӕмӕ Аароны фыртты, Надав ӕмӕ Авиуды, ӕмбырды цатыры раз куы аныхъуырдта, уӕд ӕгас бинонтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, арвы цӕфау фесты. Уый фӕстӕ Йегъовӕ Ааронӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, цӕмӕй сӕ зианыл ма хъыг кодтаиккой. Ӕмӕ сын уый стыр фӕлварӕн куыннӕ уыдаид! Мыййаг, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой? Семӕ куы нӕ ныхас кӕнай, уӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдзынӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:11.)

6, 7. а) Аргъуаны чи уыдзӕн, ахӕм чындзӕхсӕвмӕ ацӕудзыстӕм ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? (Кӕс фиппаинаг.) ӕ) Не ’нӕуырнӕг хӕстӕджытӕй нӕ исчи аргъуанмӕ йӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд ын нӕ бон куыд у бамбарын кӕнын, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?

6 Аарон ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы уӕззау фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты, ахӕм фӕлварӕныл мах, чи зоны, ма сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ, зӕгъӕм, не ’нӕуырнӕг хиуӕттӕй кӕмӕндӕр уыдзӕн чындзӕхсӕв, ӕмӕ зонӕм, аргъуаны кӕй уыдзӕн, уый. Ахӕм чындзӕхсӕвмӕ нӕ куы фӕхоной ӕмӕ нын дзы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ куы бахӕс кӕной, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Библийы уый фӕдыл бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕ рахӕссынӕн *.

7 Ахӕм уавӕрты мах фӕфӕнды Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕгӕй баззайын, фӕлӕ нӕ не ’нӕуырнӕг хӕстӕджытӕ, чи зоны, ма ӕмбарой (1 Пет. 4:3, 4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕ ма фӕхъыг кӕнӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ семӕ ныхас кӕндзыстӕм ӕргом, фӕлӕ уӕзданӕй. Ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр уыдзӕн, семӕ рагацау куы аныхас кӕнӕм. Нӕ бон сын у зӕгъын, тынг ӕхсызгон нын кӕй у, кӕй нӕ фӕхуыдтой, уый. Стӕй сын нӕ бон у бамбарын кӕнын, динимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдзыстӕм ӕмӕ уый та, чи зоны, иннӕты зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕтыхсой. Афтӕ куы архайӕм, уӕд, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрты нӕ ахиздзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХИЦАУДЗИНАДЫ ФАРС ЛӔУУ

8. Левиты чиныгӕй куыд зыны, нӕ хицау Йегъовӕ кӕй у?

8 Левиты чиныг нын не ’ргом здахы, нӕ Хицау Йегъовӕ кӕй у, уымӕ. 30 хаттӕй фылдӕр дзы ис фыст, цы закъӕттӕ дзы ис, уыдон Йегъовӕ кӕй радта. Моисей дӕр уый зыдта, ӕмӕ алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ йын цы дзырдта, уый (Лев. 8:4, 5). Мах дӕр хъуамӕ алкӕддӕр аразӕм, нӕ Хицау Йегъовӕ нын цы зӕгъы, уый. Ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны Хуыцауы организаци. Фӕлӕ, чи зоны, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуа, иунӕгӕй куы уӕм, уӕд. Йесойы хабар дӕр афтӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд (Лук. 4:1–13). Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс куы лӕууӕм, уӕд нӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты  ничи ахизын кӕндзӕн ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзыстӕм (Ӕмб. 29:25).

9. Адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй се сӕфт цӕмӕн уынынц?

9 Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейы адӕм нӕ ныхмӕ цӕуынц. Ӕмӕ, уӕвгӕ, афтӕ хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «[Адӕм] уӕ кӕндзысты фыдӕвзарӕнты хай ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Кӕд нӕ адӕм се сӕфт уынынц, уӕддӕр хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм. Фӕлӕ кӕд ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайӕм, сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ бӕстӕйы закъӕттӕ нӕ халӕм, уӕд нӕ адӕм се сӕфт цӕмӕн уынынц? (Ром. 13:1–7). Уымӕн ӕмӕ нӕ иунӕг Хицауыл нымайӕм Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы! Мах «ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм» ӕмӕ йӕ раст закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты адӕмы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй никуы ахиздзыстӕм (Матф. 4:10).

10. Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты чи ахызт, иу ахӕм ӕфсымӕрыл цавӕр хабар ӕрцыд?

10 Мах «ацы дунейӕ не стӕм». Уымӕ гӕсгӕ хӕстмӕ нӕ цӕуӕм ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайӕм. (Бакӕс Иоанны 15:18–21; Исайы 2:4.) Фӕлӕ йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдонӕй чидӕртӕ уыцы уагӕвӕрды сӕрты ахызтысты. Фӕстӕдӕр сӕ бирӕтӕ ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты (Пс. 51:17). Ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ не ’рфӕсмон кодтой. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Венгрийы хицауад иу горӕты ӕрӕмбырд кодта, сӕ бӕстӕйы ӕнаххосӕй ахӕстӕтты чи бадт, уыцы Ӕвдисӕнты. Уыдысты 160 адӕймаджы ӕмӕ сыл цыди 45 азы онг. Уым сын загътой, цӕмӕй ӕфсадмӕ ацыдаиккой. Сӕ фылдӕр не сразы сты, фӕлӕ дзы фарастӕй ард бахордтой, сӕ фыдыбӕстӕйы сӕрыл кӕй тох кӕндзысты, ӕмӕ ӕфсӕддон дарӕс скодтой. Дыууӕ азы фӕстӕ уыцы фараст ӕфсымӕрӕй сӕ иу бахауд тынг зын уавӕры – арвыстой йӕ, иузӕрдион Ӕвдисӕнты чи хъуамӕ фехстаид, уыцы ӕфсӕддонты къордимӕ. Ӕмӕ кӕй хъуамӕ фехстаиккой, уыдоны ’хсӕн уыд йӕ хӕрзӕфсымӕр дӕр! Фӕлӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы Ӕвдисӕнты нӕ амардтой.

ЙЕГЪОВӔЙӔН ДӔТТ, ХУЫЗДӔРӔЙ ДӔМ ЦЫ ИС, УЫЙ

11, 12. Рагон израилӕгтӕ Хуыцауӕн цавӕр нывӕндтӕ хастой, уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Моисейы закъоны бӕлвырд фыст уыд, израилӕгтӕ цавӕр нывӕндтӕ хъуамӕ хастаиккой, уый (Лев. 9:1–4, 15–21). Нывӕндтӕ хъуамӕ уыдаиккой ӕнӕсахъат, уымӕн ӕмӕ амыдтой Йесойы ӕххӕст нывондмӕ. Уымӕй уӕлдай ма алы нывонд дӕр хъуамӕ хастаиккой бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Ӕркӕсӕм-ма, сывӕллон-иу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаг-иу цы хъуамӕ сарӕзтаид, уымӕ. Левиты 12:6 фыст ис: «Йӕ лӕппуйы кӕнӕ йӕ чызджы тыххӕй сыгъдӕггӕнӕн бонтӕ куы фӕуой, уӕд хъуамӕ ӕмбырды цатыры бахизӕнмӕ сауджынмӕ ӕрбакӕна, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм фыркъа судзинаг нывондӕн, ӕмӕ лӕппын бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн». Кӕд Хуыцау бӕлвырдӕй загъта, нывондӕн ӕрхӕссын цы хъуыди, уӕддӕр Моисейы закъонӕй зыны, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый. Сылгоймагӕн-иу йӕ бон нывондӕн фыркъа ӕрхӕссын куы нӕ уыди, уӕд ын бар уыд, цӕмӕй ӕрхастаид дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны (Лев. 12:8). Кӕд мӕгуыр уыд, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уарзта ӕмӕ йын аргъ кодта, стыр нывонд-иу чи ’рхаста, уыдоны куыд уарзта ӕмӕ сын куыд аргъ кодта, афтӕ. Уыцы закъонӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауӕн хастаиккой «кады нывонд» (Дзут. 13:15). Мах Хуыцауӕн кады нывонд фӕхӕссӕм, адӕмӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг номы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Хуыцауӕн уыцы кады нывонд фӕхӕссынц къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рахизын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыцы чырыстӕттӕ та  Хуыцауы кадджын кӕнынц, писмотӕ кӕй фӕфыссынц, телефонӕй кӕй фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ сӕм хӕдзармӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй фӕдзурынц, уымӕй. Куыд ӕй кадджын кӕндзыстӕм, уый баст у не ’нӕниздзинадыл ӕмӕ нӕ фадӕттыл. Фӕлӕ йын цы фӕдӕттӕм, уый хъуамӕ алкӕддӕр уа, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый (Ром. 12:1; 2 Тим. 2:15).

13. Уацамынды хыгъд дӕттын цӕмӕн хъӕуы?

13 Мах Хуыцауӕн кады нывонд хӕссӕм зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзӕм (Матф. 22:37, 38). Фӕлӕ нӕ цымӕ алы мӕй дӕр уацамынды хыгъд дӕттын цӕмӕн хъӕуы? Уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Хыгъд кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый (2 Пет. 1:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕрмӕст уый тыххӕй ма хъусын кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хыгъды фылдӕр сахӕттӕ ныффыссӕм. Зӕгъӕм, азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой кӕнӕ йе ’нӕниздзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у сӕ хыгъды 15 минуты дӕр ныффыссын. Йегъовӕ уыцы минуттӕн дӕр тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ зоны, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй сарӕзтой. Йегъовӕ ма зоны, уыцы хъусынгӕнджытӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ, йе ’вдисӕнтӕ кӕй сты, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц. Рагон Израилы суанг мӕгуыртӕн дӕр сӕ бон уыди Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссын. Раст афтӕ абон дӕр, Йегъовӕйы адӕмӕй йӕ бон бирӕ лӕггад кӕнын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн дӕр сӕ бон у хыгъд дӕттын. Махӕй алкӕй хыгъд дӕр хаст ӕрцӕуы ӕппӕтдунеон хыгъдмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ организацийӕн йӕ бон вӕййы хъусын кӕныны хъуыддаг дарддӕр пълан кӕнын. Уӕдӕ алы мӕй дӕр хыгъд уый тыххӕй фӕдӕттӕм.

БИБЛИ АРФ ИРТАСӔМ ӔМӔ ХУЫЦАУӔН КАДЫ НЫВОНД ХӔССӔМ

14. Бамбарын кӕн, цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, ууыл.

14 Левиты чиныгӕй цалдӕр ахсджиаг хъуыдымӕ кӕй ӕркастыстӕм, уый фӕрцы ныр, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр ӕмбарыс, ацы чиныг Библимӕ хаст цӕмӕн ӕрцыд, уый (2 Тим. 3:16). Ныр дӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уай ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Ӕмӕ дӕ уый аразын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ дӕм Йегъовӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ ма Хуыцау уый аккаг кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Ацы дыууӕ статьяйӕ Левиты чиныджы тыххӕй цы базыдтай, уый руаджы дӕ, ӕвӕццӕгӕн, Фыстад ноджы арфдӕр иртасын бафӕндыд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5.) Уӕдӕ хорз уаид, Йегъовӕмӕ куы скувис ӕмӕ куы ахъуыды кӕнис, Библи куыд фӕахуыр кӕныс, ууыл. Куыннӕ дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ кады нывонд Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уа. Мыййаг дӕ цавӕрдӕр телепередачӕтӕ, видеохъӕзтытӕ, ирхӕфсӕнтӕ кӕнӕ спорт дӕ уырнындзинад фидар кӕнын хъыгдарынц? Кӕд о, уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, апостол Павел йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдоныл куы ахъуыды кӕнай.

Библи дӕ бинонтимӕ кӕнӕ дӕхӕдӕг ахуыр кӕнай, уый дын ахсджиаг у? (кӕс 14 абзац)

15, 16. Павел дзуттӕгтимӕ афтӕ ӕргом цӕмӕн ныхас кодта?

15 Павел дзуттӕгтимӕ кодта ӕргом ныхас ӕмӕ нӕ тарсти, зӕгъгӕ сӕм мӕ ныхӕстӕ хъыг куы фӕкӕсой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:7, 11–14.) Павел сын загъта, зӕгъгӕ, «хъусынхъом», кӕнӕ ӕмбарынхъом, нал стут. Цымӕ семӕ афтӕ ӕргом цӕмӕн ныхас кодта? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕйау уарзта ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ рысти. Уыцы чырыстӕттӕн сӕ хӕринаг ӕрмӕстдӕр  «ӕхсыр» уыди, ома Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын сӕхицӕн фагыл нымадтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын ахсджиаг у. Фӕлӕ цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы «хъӕбӕр хӕринаг» хӕрын, ома Библийы арф хъуыдытӕ иртасын.

16 Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн хъуамӕ сӕ бон уыдаид иннӕты ахуыр кӕнын, фӕлӕ сын ӕцӕгӕй та нырма сӕхи хъуыди ахуыр кӕнын. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «хъӕбӕр хӕринаг» нӕ хордтой. Махӕй дӕр алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Библийы арф хъуыдытӕ иртасын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын? Уыцы хъуыддаг фӕаразын? Ӕви Йегъовӕмӕ арӕх нӕ фӕкувын ӕмӕ Библи дӕр арф нӕ фӕиртасын? Кӕд афтӕ у, уӕд, мыййаг, хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Библи лӕмбынӕг иртасын ахуыр нӕ дӕн?» Махӕн нӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20).

17, 18. а) Ӕдзухдӕр «хъӕбӕр хӕринаг» цӕмӕн хъуамӕ хӕрӕм? ӕ) Ӕмбырды размӕ нуазӕн ис ӕви нӕ, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

17 Бирӕтӕн нӕ, чи зоны, Библи ахуыр кӕнын ӕнцон нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын йӕ ныхас тыхӕй нӕ ахуыр кӕнын кӕны. Фӕлӕ, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр «хъӕбӕр хӕринаг» хӕрӕм. Уый тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм.

18 Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Фыстад лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ нын Хуыцау цы дзуры, уый кӕнӕм. Нӕ зӕрдыл та ӕрлӕууын кӕнӕм Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуды хабар. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, нозтджынӕй, Хуыцауы размӕ ӕрбахастой, «чи не ’мбӕлд... ахӕм зынг», ӕмӕ сӕ уый тыххӕй мӕлӕты тӕрхон баййӕфта (Лев. 10:1, 2). Дӕ хъус-ма ӕрдар, уый фӕстӕ Хуыцау Ааронӕн цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Левит 10:8–11.) Мыййаг нын уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕппындӕр нӕй нуазӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм цалдӕр хабарыл. Мах Моисейы закъоны дӕлбар не стӕм (Ром. 10:4). Ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты не ’мчырыстӕттӕ хӕрды рӕстӕг иу гыццыл ануазынц, кӕд сӕ стӕй ӕмбырдмӕ цӕуын фӕхъӕуы, уӕддӕр. Дзуттӕгтӕ-иу Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу фӕйнӕ цыппар нуазӕны сӕн банызтой. Йесо дӕр, Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй банызтаиккой, йӕ тугмӕ чи амыдта, уыцы сӕнӕй (Матф. 26:27). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библимӕ гӕсгӕ фыднозт кӕнын у тӕригъӕдджын хъуыддаг (1 Кор. 6:10; 1 Тим. 3:8). Ӕмӕ бирӕ чырыстӕттӕн се ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй иу гыццыл дӕр бануазой, кӕд сӕ уый фӕстӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгты архайын хъӕудзӕн, уӕд. Фӕлӕ ӕгъдӕуттӕ бӕстӕйӕ-бӕстӕмӕ хицӕн кӕнынц. Чырыстӕттӕн ахсджиаг у, цӕмӕй, «табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу... уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной» ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уой.

19. а) Нӕ бинонтимӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг Библи арфдӕр цӕй фӕрцы иртасдзыстӕм? ӕ) Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕрдиагӕй дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уай?

19 Хуыцауы Ныхас арф куы иртасай, уӕд ма дзы бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ссардзынӕ. Уӕдӕ нын Библи иртасынӕн цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн, цӕмӕй дӕ бинонтимӕ кӕнӕ дӕхӕдӕг Библи арфдӕр иртасай. Архай, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй ноджы фылдӕр базонай. Ӕввахсдӕр ӕм кӕн (Иак. 4:8). Псаломзарӕггӕнӕгау Хуыцаумӕ кув: «Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй уынон, дӕ закъоны цы диссӕгтӕ ис, уыдон» (Пс. 119:18). Адӕмы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй-иу Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты макуы ахиз. Цӕр «Сыгъдӕг Хуыцау» Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй архай «табуйаг хъуыддаджы» – хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн (1 Пет. 1:15; Ром. 15:16). Ацы фыддунейы фӕстаг бонты мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгӕй баззайӕм. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы хицаудзинады фарс лӕууӕм!

^ 6 абз. Кӕс 2002 азы 15 майы «Сторожевая башня», «Вопросы читателей».