Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у», уыцы адӕм

«Сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у», уыцы адӕм

«Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (ПС. 144:15).

1. Хуыцауӕн зӕххыл хицӕн адӕм хъуамӕ уа ӕви нӕ, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы хъуыды кӕнынц?

АБОН бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дунейы сӕйраг динтӕ адӕмӕн ницы ӕххуыс сты, фӕнды чырыстон динтӕ уой, фӕнды иннӕ динтӕ. Иуӕй-иутӕ та хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй Хуыцау уыцы динтӕй разы уа, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕй сӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй худинаг кӕнынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уырны, алы дины дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцау уыцы адӕмы кӕй уыны ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй нымайы. Афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй ахӕм адӕм мӕнг дин ныууадзой ӕмӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕной. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау дӕр афтӕ хъуыды кӕны? Дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, Фыстады Йегъовӕйы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.

ХУЫЦАУ БАДЗЫРД КӔИМӔ СКОДТА, УЫЦЫ АДӔМ

2. Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм чи систы ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй цӕмӕй хицӕн кодтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Иу-4 000 азы размӕ Йегъовӕ зӕххыл йӕхицӕн адӕм  равзӕрста. Авраамы тыххӕй Библийы фыст ис, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» у, зӕгъгӕ. Авраамӕн йӕ хӕдзаронтӕ уыдысты цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы (Ром. 4:11; Райд. 14:14). Ханааны йӕ нымадтой «Хуыцауӕй ӕвзӕрст хистӕр лӕгыл» ӕмӕ йын кад кодтой (Райд. 21:22; 23:6). Йегъовӕ Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтимӕ скодта бадзырд (Райд. 17:1, 2, 19). Хуыцау Авраамӕн загъта: «Демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ кӕй скодтон ӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат, уыцы бадзырд у ахӕм: алы нӕлгоймаг дӕр уӕм хъуамӕ ӕрцӕуа сунӕтгонд... уый уыдзӕн нысан, уемӕ цы бадзырд скодтон, уымӕн» (Райд. 17:10, 11). Уымӕ гӕсгӕ Авраам ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон сунӕтгонд ӕрцыдысты (Райд. 17:24–27). Авраамы байзӕддӕгтӕ сунӕтгонд кӕй уыдысты, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты.

3. Авраамы байзӕддӕгтӕй стыр адӕм куыд рауад?

3 Авраамы фырты фырт Иаковӕн, кӕнӕ Израилӕн, уыди дыууадӕс фырты (Райд. 35:10, 22ӕ–26). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд уыдон систы Израилы дыууадӕс мыггаджы хистӕртӕ (Хъуыд. 7:8). Ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иаков йӕ хӕдзаронтимӕ Египетмӕ ацыд. Уым фараон Иаковы фырт Иосифӕн йӕ бӕрны бакодта ӕгас Египеты хор ӕмӕ Иосиф сси фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг (Райд. 41:39–41; 42:6). Иаковы байзӕддӕгтӕ Египеты сбирӕ сты ӕмӕ сӕ стыр адӕм рауад (Райд. 48:4; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 7:17).

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ АДӔМЫ ССӔРИБАР КОДТА

4. Райдианы египетӕгтӕ ӕмӕ Иаковы байзӕддӕгтӕ куыд цардысты?

4 Иаковы байзӕддӕгтӕ Египеты фесты дыууӕ ӕнусӕй фылдӕр ӕмӕ цардысты Гесемы зӕххыл, Нилы цӕугӕдон денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран (Райд. 45:9, 10). Уыцы рӕстӕгӕн йе ’мбис египетӕгтимӕ хӕларӕй цардысты. Израилӕгтӕ цардысты гыццыл горӕтты, хызтой фыстӕ ӕмӕ стуртӕ. Иосифы чи зыдта ӕмӕ йын чи аргъ кодта, уыцы фараон сӕм хорз цӕстӕй каст (Райд. 47:1–6). Фыстӕ чи хызта, ахӕм адӕмы египетӕгтӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой (Райд. 46:31–34). Фӕлӕ фараоны бардзырдмӕ гӕсгӕ израилӕгты нӕ хъыгдардтой.

5, 6. а) Хуыцауы адӕмы уавӕр Египеты куыд фӕивта? ӕ) Моисей гыццылӕй мӕлӕтӕй куыд аирвӕзт ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта?

5 Фӕлӕ стӕй Хуыцауы адӕмы уавӕр цӕхгӕр фӕивта. «Уӕдмӕ Египеты сӕргъы ӕрлӕууыд ног паддзах. Уый Иосифы нӕ зыдта. Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: „Кӕсут-ма, Израилы фырттӕ сты махӕй фылдӕр ӕмӕ махӕй тыхджындӕр“. Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕй скодтой цагъартӕ ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой. Тыхкуыстӕй сын сӕ цард сӕнад кодтой – аразын сын кодтой ӕлыджы змӕст ӕмӕ самандуртӕ, кусын сын кодтой быдыры дӕр. О, египетӕгтӕ сын цагъартау алы куыст кӕнын кодтой ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой» (Рац. 1:8, 9, 13, 14).

6 Фараон ма суанг ахӕм бардзырд дӕр радта, цӕмӕй-иу дзуттӕгты ноггуырд лӕппуты амардтаиккой (Рац. 1:15, 16). Уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей. Ӕртӕ мӕйы йыл куы цыди, уӕд ӕй йӕ мад Нилы цӕугӕдоны был хъӕзты ’хсӕн бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уым фараоны чызг ссардта. Фӕстӕдӕр дзы йӕхицӕн фырт загъта. Цалынмӕ Моисей гыццыл уыд, уӕдмӕ йӕ хъомыл кодта йӕ мад Иохаведӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг сси (Рац. 2:1–10; Дзут. 11:23–25). Йегъовӕ «федта» йӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ сфӕнд кодта израилӕгтӕн Моисейы разамонӕгӕй сӕвӕрын ӕмӕ сӕ Египетӕй ракӕнын (Рац. 2:24, 25; 3:9, 10). Ӕмӕ израилӕгтӕ систы, Йегъовӕ кӕй «фервӕзын кодта, уыцы адӕм» (Рац. 15:13; бакӕс Дыккаг закъон 15:15).

 ИЗРАИЛӔГТӔ СИСТЫ ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ АДӔМ

7, 8. Йегъовӕйы адӕм сыгъдӕг адӕм куыд систы?

7 Кӕд Йегъовӕ израилӕгтӕн закъӕттӕ нӕма радта, уӕддӕр сӕ йӕ адӕмыл нымадта. Уымӕ гӕсгӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй фараонӕн загътаиккой: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры мӕ номыл бӕрӕгбон скӕной“» (Рац. 5:1).

8 Фӕлӕ фараоны израилӕгты ауадзын нӕ фӕндыд. Цӕмӕй йӕ адӕм ссӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта ӕмӕ фараоны йе ’фсадимӕ Сырх денджызы фесӕфта (Рац. 15:1–4). Уыцы хабарӕй ӕртӕ мӕйы фӕстӕ Синайы хохы цур Йегъовӕ израилӕгтимӕ бадзырд скодта ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм... сыгъдӕг адӕм» (Рац. 19:5, 6).

9, 10. а) Дыккаг закъоны 4:5–8 стихтӕм гӕсгӕ израилӕгтӕ Закъоны фӕрцы иннӕ адӕмтӕй куыд хицӕн кодтой? ӕ) Израилӕгтӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг адӕм» уыдаиккой?

9 Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бинонты хистӕртӕ уыдысты разамонджытӕ дӕр, тӕрхонгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ сауджынтӕ дӕр. Ӕмӕ цалынмӕ Египеты цагъартӕ нӕ систы, уӕдмӕ дӕр сын разамынд лӕвӕрдтой бинонты хистӕртӕ. (Райд. 8:20; 18:19; Иов 1:4, 5). Фӕлӕ Йегъовӕ израилӕгты куы ссӕрибар кодта, уӕд сын Моисейы уылты радта, иннӕ адӕмтӕй кӕй фӕрцы хицӕн кодтой, уыцы Закъон. (Бакӕс Дыккаг закъон 4:5–8; Пс. 147:19, 20.) Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сын ныр уыди сауджынты къорд, ӕмӕ сын тӕрхонгӕнджытӕ та уыдысты «хистӕр лӕгтӕ», адӕм сӕ зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинады тыххӕй кӕмӕн аргъ кодтой, уыдон (Дык. з. 25:7, 8). Израилӕгтӕн Закъон бӕлвырдӕй амыдта, Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кодтаиккой ӕмӕ сӕ цард куыд хъуамӕ арӕзтаиккой, уый.

10 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд сын Йегъовӕ йӕ закъӕттӕ ногӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта. Моисей сын загъта: «Йегъовӕ... сымах сразӕнгард кодта, цӕмӕй абон зӕгъат, сымах кӕй уыдзыстут йӕ адӕм, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кӕндзыстут. Уый уӕ сӕвӕрдзӕн, кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмтӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрзонддӕр, ӕмӕ уыдзыстут йӕ кад, йӕ намыс ӕмӕ йӕ фидыц, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн уыдзыстут сыгъдӕг адӕм» (Дык. з. 26:18, 19).

ӔРЦӔУӔГГӔГТӔН ДӔР СӔ БОН УЫДИ ХУЫЦАУӔН ЙӔ АДӔМИМӔ ЛӔГГАД КӔНЫН

11–13. а) Хуыцауӕн йе ’взӕрст адӕмимӕ лӕггад кӕнын чи райдыдта? ӕ) Ӕндӕр адӕмтӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон цы хъуамӕ арӕзтаиккой?

11 Кӕд Йегъовӕ йӕхицӕн Израилы адӕмы равзӕрста, уӕддӕр, израилаг чи нӕ уыд, уыдонӕн дӕр бар радта, цӕмӕй йын лӕггад кодтаиккой. Зӕгъӕм, йӕ адӕмы Египетӕй куы ракодта, уӕд семӕ рацыд «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй», уыимӕ египетӕгтӕ дӕр (Рац. 12:38). Ӕвдӕм бӕллӕхы рӕстӕг «фараоны лӕггадгӕнджытӕй» кӕйдӕрты Йегъовӕйы ныхас тас бауагъта ӕмӕ уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, израилӕгтимӕ Египетӕй рацыдысты (Рац. 9:20).

12 Цалынмӕ израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоны сӕрты Ханааны зӕхмӕ нӕ ахызтысты, уӕдмӕ сын Моисей загъта, зӕгъгӕ, «хъуамӕ уарзат ӕрцӕуӕггаджы» (Дык. з. 10:17–19). Хуыцауы адӕм хъуамӕ се ’хсӕн цӕрыны бар лӕвӕрдтаиккой, ӕндӕр адӕмтӕй Моисейы  закъоны сӕйраг фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн (Лев. 24:22). Ӕндӕр адӕмтӕй чидӕртӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр райдыдтой. Зӕгъӕм, моаваг Руф израилаг Ноеминӕн загъта: «Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр» (Руф 1:16). Уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ-иу дзуттаг дин райстой ӕмӕ-иу сӕ нӕлгоймӕгтӕ сунӕт скодтой (Рац. 12:48, 49). Уыдоны дӕр-иу Йегъовӕ йӕ адӕмыл банымадта (Ным. 15:14, 15).

Израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгты уарзтой (кӕс 11–13 абзацтӕ)

13 Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд, израилаг чи нӕ уыд, уыдоны тыххӕй дӕр скуывта: «Дӕ адӕм Израилӕй чи нӕу, ахӕм ӕндӕрбӕстаг дард бӕстӕйӕ де стыр номы тыххӕй, дӕ фидар къух ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы тыххӕй куы ’рцӕуа, о, куы ’рцӕуа ӕмӕ ацы хӕдзармӕ кӕсгӕйӕ куы скува, уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу сараз, ӕндӕрбӕстаг дӕм цӕй тыххӕй кува, уыдон иууылдӕр, цӕмӕй дын зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр дӕ ном зоной ӕмӕ дӕ тӕрсой, дӕ адӕм Израил дӕ куыд тӕрсынц, афтӕ, ӕмӕ йӕ цӕмӕй зоной, ацы хӕдзар, ӕз кӕй сарӕзтон, уый, дӕ ном кӕй хӕссы» (2 Аз. 6:32, 33). Йесойы рӕстӕг дӕр, израилаг чи нӕ уыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон ын хъуамӕ лӕггад кодтаиккой йе ’взӕрст адӕмимӕ иумӕ (Иоан. 12:20; Хъуыд. 8:27).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ӔВДИСӔНТӔ ЧИ УЫДЫСТЫ, УЫЦЫ АДӔМ

14–16. а) Израилӕгтӕ иннӕ адӕмты раз Йегъовӕйӕн ӕвдисӕн куыд лӕууыдысты? ӕ) Абон Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

14 Израилӕгтӕ куывтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, иннӕ адӕмтӕ та – сӕхи хуыцӕуттӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди сбӕлвырд кӕнын, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый. Пехуымпар Исайы рӕстӕг Йегъовӕ загъта, уыцы хъуыддаг, тӕрхоны кӕй февзарынц, ахӕм хъуыддӕгты хуызӕн равзарын кӕй хъӕуы. Йегъовӕ загъта, цӕмӕй ӕндӕр адӕмты хуыцӕуттӕ сбӕлвырд кӕной, ӕцӕгӕйдӕр хуыцӕуттӕ кӕй сты, уый. Хуыцау загъта: «Адӕмтӕ иууылдӕр иу ранмӕ ӕрцӕуӕнт, адӕмыхӕттытӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уӕнт. Се ’хсӕн [сӕ хуыцӕуттӕй] ахӕм исчи ис, адӕттӕ чи радзура? Науӕд нын, тагъд рӕстӕджы цы уыдзӕн, уый сӕ бон фехъусын кӕнын у? Ӕрбакӕнӕнт се ’вдисӕнты, цӕмӕй, раст кӕй сты, уый сбӕлвырд уа. Кӕннод сын се ’вдисӕнтӕ  сӕ ныхӕстӕ фехъусӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт: „Ӕцӕгдӕр афтӕ у!“» (Ис. 43:9).

15 Ӕндӕр адӕмты хуыцӕуттӕн сӕ бон нӕ уыд сбӕлвырд кӕнын, хуыцӕуттӕ кӕй сты, уый. Уыдон гуымирытӕ йеддӕмӕ ницы уыдысты, сӕ бон нӕдӕр дзурын уыд, нӕдӕр – цӕуын (Ис. 46:5–7). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕм Израилӕн загъта: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... кӕй равзӕрстон, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй мӕ зонат, ӕууӕндат мыл ӕмӕ цӕмӕй ӕмбарат, ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау кӕй дӕн. Мӕ размӕ Хуыцау нӕ уыд, ӕмӕ мӕ фӕстӕ дӕр афтӕ. Ӕз, ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй... Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... ӕз та дӕн Хуыцау» (Ис. 43:10–12).

16 Тӕрхоны чидӕртӕ кӕмӕндӕр ӕвдисӕн куыд фӕлӕууынц, афтӕ израилӕгтӕ дӕр Йегъовӕйӕн ӕвдисӕн лӕууыдысты, ӕрмӕстдӕр уый кӕй у ӕцӕг Хуыцау. Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон сты, «мӕхицӕн кӕй скодтон, уыцы адӕм, цӕмӕй мӕ кадджын хъуыддӕгты тыххӕй дзурой» (Ис. 43:21). Иннӕ адӕмтӕ сӕ зыдтой, Йегъовӕйы ном чи хаста, уыцы адӕмӕй. Йегъовӕ сӕ Египетӕй кӕй ссӕрибар кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕс уыд, цӕмӕй йӕ коммӕ кастаиккой ӕмӕ йӕ сӕ Хицауыл нымадтаиккой. Ӕмӕ Йегъовӕ абон дӕр йӕ адӕммӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Хуыцауы адӕм цы зондыл хӕст хъуамӕ уой, уый тыххӕй пехуымпар Михей ныффыста: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5).

ИЗРАИЛӔГТӔ СӔ ХУЫЦАУЫЛ СӔ ЗӔРДӔ СИВТОЙ

17. Йегъовӕйы цӕсты израилӕгтӕй «ӕцӕгӕлон сӕнӕфсирбӕласы хъӕддаг таутӕ» куыд рауад?

17 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Иннӕ адӕмтау хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Нӕ эрӕйы размӕ ӕстӕм ӕнусы пехуымпар Оси ныффыста: «Израил у хъӕддаг сӕнӕфсирбӕлас. [...] Фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. [...] Систы цӕстмӕхъус, ӕмӕ ныр аххосджыныл нымад ӕрцӕудзысты» (Оси 10:1, 2). Уымӕй иу-150 азы фӕстӕ Йегъовӕ Йеремийы уылты мӕнгард израилӕгтӕн загъта: «Куы дӕ ныссагътон, уӕд уыдтӕ ӕппӕты хуыздӕр сырх сӕнӕфсиры тала, ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыдтӕ хорз мыггаг. Ӕмӕ дӕ уӕд мӕ разы ӕцӕгӕлон сӕнӕфсирбӕласы хъӕддаг таутӕ куыд рауад? Ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй скодтай, уыцы хуыцӕуттӕ та дын кӕм сты? Уыдон сыстӕнт ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕнӕнт бӕллӕхы бон, кӕд сӕ бон у, уӕд... Мӕ адӕм та мӕ... ферох кодтой» (Йер. 2:21, 28, 32).

18, 19. а) Йегъовӕ куыд бамбарын кодта, йӕхицӕн ног адӕм кӕй равзардзӕн? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

18 Израилӕгтӕ раст динӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ нал уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ хорз дыргътӕ нал хастой, фӕлӕ ӕмбыд дыргътӕ – мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы мӕнгард дзуттаг дины разамонджытӕн загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матф. 21:43). Йегъовӕ «ног бадзырд» кӕимӕ хъуамӕ скодтаид, ӕрмӕстдӕр уыдон уыдаиккой йӕ ног адӕм, уӕларвон Израил. Уыдоны тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм» (Йер. 31:31–33).

19 Израилӕгтӕ иузӕрдион кӕй нӕ разындысты, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ фыццаг ӕнусы равзӕрста ног адӕм – уӕларвон Израил. Фӕлӕ абон та зӕххыл Йегъовӕйы адӕм чи сты? Цымӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты базонын? Ацы фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.