Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сымах стут Хуыцауы адӕм

Сымах стут Хуыцауы адӕм

«Сымах кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут йӕ адӕм» (1 ПЕТ. 2:10).

1, 2. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон цавӕр ахсджиаг хабар ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы ног адӕм чи систы? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм бон Йегъовӕйы адӕмы историйы ӕрцыд ахсджиаг хабар. Уыцы бон Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы йӕхицӕн скодта ног адӕм – уӕларвон Израил, кӕнӕ «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16). Авраамы замантӕй фӕстӕмӕ израилаг нӕлгоймӕгтӕ сунӕт кодтой, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, Хуыцауы адӕм кӕй сты, уый. Фӕлӕ Хуыцауы ног адӕмы тыххӕй Павел ныффыста, сыгъдӕг тыхы фӕрцы сунӕтгонд кӕй ӕрцыдысты сӕ зӕрдӕтӕ (Ром. 2:29).

2 Хуыцауы ног адӕмӕй фыццӕгтӕ систы апостолтӕ ӕмӕ Чырыстийы иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр. Уыдон Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ афтӕмӕй систы Хуыцауы фырттӕ (Хъуыд. 1:12–15; Ром. 8:15, 16; 2 Кор. 1:21). Уыцы хабарӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ Чырыстийы нывонд кӕй айста ӕмӕ Закъоны бадзырд ног бадзырдӕй кӕй баивта (Лук. 22:20; бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:15). Афтӕмӕй уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ систы Йегъовӕйы ног адӕм. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ бон уыд алыхуызон ӕвзӕгтыл хъусын кӕнын, зӕгъӕм, Ромы паддзахады алы рӕттӕй Иерусалиммӕ чи ’рцыд, уыцы дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн. Уыцы  адӕм ӕрцыдысты Къуыриты бӕрӕгбон, кӕнӕ Фӕндзайӕм бон, сбӕрӕг кӕнынмӕ. Уыдон сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл хъуыстой ӕмӕ ӕмбӕрстой, сыгъдӕг тыхы фӕрцы чырыстӕттӕ «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» цы дзырдтой, уый (Хъуыд. 2:1–11).

ХУЫЦАУЫ НОГ АДӔМ

3–5. а) Фӕндзайӕм бонмӕ чи ӕрӕмбырд, уыцы дзуттӕгтӕн Петр цы загъта? ӕ) Фыццаг ӕнусы Хуыцауы ног адӕм цӕй фӕрцы фылдӕр кодтой?

3 Йегъовӕ апостол Петрӕн бабар кодта ахсджиаг хъуыддаг – дзуттӕгтӕн ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы ног адӕмӕй, ома чырыстон ӕмбырдӕй, суыдаиккой. Фӕндзайӕм бон Петр дзуттӕгтӕн хъӕбатырӕй фехъусын кодта, кӕй хъуамӕ баууӕндой Йесойыл, «хъӕдыл кӕй байтыгътой», ууыл, уымӕн ӕмӕ «уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти». Адӕм Петры куы бафарстой, цы кӕнгӕ нын у, зӕгъгӕ, уӕд сын уый загъта: «Цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл донаргъуыд райсӕд. Ӕмӕ уӕд райсдзыстут лӕвар – Хуыцауы сыгъдӕг тых» (Хъуыд. 2:22, 23, 36–38). Уыцы бон ноджыдӕр 3 000 мин адӕймаджы бӕрц баиу сты Хуыцауы ног адӕммӕ – уӕларвон Израилмӕ (Хъуыд. 2:41). Уый фӕстӕ апостолтӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой (Хъуыд. 6:7). Ног адӕм кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр.

4 Фӕстӕдӕр хъусын кӕныны хъуыддаг аххӕссыд Самарийы онг дӕр. Самариӕгтӕй бирӕтӕ хорз хабарыл баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой, фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй не схайджын сты. Иерусалимы цы разамонӕг совет уыд, уый апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанны уыцы самариаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм арвыста, ӕмӕ-иу сыл уыдон «сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты» (Хъуыд. 8:5, 6, 14–17). Афтӕмӕй уыцы самариӕгтӕ дӕр систы уӕларвон Израилӕй.

Петр Корнилийӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хорз хабар фехъусын кодта (кӕс 5 абзац)

5 Нӕ эрӕйы 36 азы Хуыцау Петры уылты, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй йӕ ног адӕмӕй суыдаиккой. Уыцы хабар ӕрцыд, апостол Петр ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилийӕн, стӕй йӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕн куы хъусын кодта, уӕд (Хъуыд. 10:22, 24, 34, 35). Библийы фыст ис: «Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъуыста, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр [ома, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоныл] Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд. Ӕмӕ, йемӕ сунӕтгӕндтӕй цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдон дисы бацыдысты, ӕндӕр адӕмтӕ дӕр кӕй схайджын сты Хуыцауы стыр лӕварӕй – сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыд. 10:44, 45). Афтӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕн дӕр фадат фӕзынд, цӕмӕй уӕларвон Израилӕй суыдаиккой.

«ЙӔ НОМ ЫН ЧИ ХӔССЫ, АХӔМ АДӔМ»

6, 7. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йегъовӕйы ном кӕй хастой, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой?

6 Нӕ эрӕйы 49 азы разамонӕг совет куы ӕрӕмбырд, уӕд ахуыргӕнинаг Иаков загъта: «Симеон [Петр] радзырдта, Хуыцау иннӕ  адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъуыд. 15:14). Йегъовӕйы ном чи хаста, уыцы ног адӕмы ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдон дӕр (Ром. 11:25, 26а). Фӕстӕдӕр Петр ныффыста: «Сымах кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут йӕ адӕм». Хуыцау сӕ йӕхицӕн цавӕр хъуыддагӕн равзӕрста, уый тыххӕй Петр загъта: «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „диссаджы миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:9, 10). Уыдон хъуамӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн хъӕбатырӕй ӕвдисӕн лӕууыдаиккой ӕмӕ йӕ иннӕты раз кадджын кодтаиккой.

7 Йегъовӕ зӕххон Израилы тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ загъта уӕларвон Израилы тыххӕй дӕр: «Мӕхицӕн кӕй скодтон, уыцы адӕм, цӕмӕй мӕ кадджын хъуыддӕгты тыххӕй дзурой» (Ис. 43:21). Уыдон хъӕбатырӕй дзырдтой, адӕм кӕмӕн куывтой, уыцы хуыцӕуттӕ мӕнг кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау (1 Фес. 1:9). Уыцы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыдысты «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8; Кол. 1:23).

8. Апостол Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цӕмӕй бафӕдзӕхста?

8 Йегъовӕйӕн хъӕбатырӕй ӕвдисӕн чи лӕууыд, уыдонӕй иу уыди апостол Павел. Мӕнг ахуырӕдтыл хӕст чи уыд, уыцы философтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Павел ӕргом дзырдта, Йегъовӕ кӕй у, «дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста» ӕмӕ «арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг» чи у, уыцы иунӕг ӕцӕг Хуыцау (Хъуыд. 17:18, 23–25). Йе ’ртыккаг уацамындон балцы кӕрон Павел чырыстон ӕмбырд бафӕдзӕхста: «Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзӕн, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ. Уӕхи ’хсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыд. 20:29, 30). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фыццаг ӕнусы кӕрон чырыстон ӕмбырды фӕзынд, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кодта, ахӕмтӕ (1 Иоан. 2:18, 19).

9. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы адӕмыл цы ’рцыд?

9 Апостолты мӕлӕты фӕстӕ, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кодта, уыдон сбирӕ сты ӕмӕ фӕзынд алыхуызон чырыстон аргъуантӕ. Уыдон Йегъовӕйы ном нал хастой ӕмӕ ма йын суанг сӕ Библитӕй дӕр йӕ ном айстой. Уыцы аргъуантӕ Хуыцауы номыл цъыф калдтой ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, ныххӕцыдысты мӕнг динты ӕгъдӕуттыл ӕмӕ амыдтой, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм ахуырӕдтӕ. Уыдон хӕцыдысты алыхуызон хӕстыты ӕмӕ-иу дзырдтой, Хуыцауы номӕй хӕцӕм, зӕгъгӕ. Стӕй ма кодтой алыхуызон чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ дӕр. Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕйӕн зӕххыл йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иу гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты ӕмӕ, йӕ номӕй чи архайдтаид, ахӕм организаци дӕр ын нӕ уыд.

ХУЫЦАУӔН ТА ЗӔХХЫЛ АДӔМ ФӔЗЫНД

10, 11. а) Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цы бамбарын кодта? ӕ) Йесойы фӕсномыг ныхас 1914 азы фӕстӕ куыд сӕххӕст?

10 Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй бамбарын кодта, рӕстдзинад кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты ӕмӕ уый аххосӕй раст дин ссарын тынг зын кӕй уыдзӕн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, Адӕймаджы фырт мӕнӕуы мыггӕгтӕ кӕм байтыдта, уым Хӕйрӕг, «адӕм фынӕй куы кодтой, уӕд», хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта. Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг хъуамӕ иумӕ рӕзыдаиккой  «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ». Йесо бамбарын кодта, «хорз мыггаг» кӕй амоны «паддзахады фырттӕм», хӕмпӕлгӕрдӕг та – «Фыдбылызы фырттӕм». Кӕроны рӕстӕджы Адӕймаджы фырт хъуамӕ рарвыстаид йӕ «хуымгӕрдджыты», ома йӕ зӕдты, цӕмӕй хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуӕй фӕхицӕн кодтаиккой. Уый фӕстӕ зӕдтӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кодтаиккой Хуыцауы фыртты (Матф. 13:24–30, 36–43). Цымӕ уыцы хабӕрттӕ куыд ӕрцыдысты? Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауӕн зӕххыл ногӕй иузӕрдион лӕггадгӕнджыты организаци куыд фӕзынд?

11 «Ацы цардӕвӕрды кӕрон» райдыдта 1914 азы. Уыцы аз цы хӕст райдыдта, уыцы хӕсты рӕстӕг «паддзахады фырттӕ», цалдӕр мин сӕрст чырыстоны, уыдысты Стыр Вавилоны уацары. Фӕлӕ сӕ 1919 азы Йегъовӕ ссӕрибар кодта ӕмӕ ирдӕй рабӕрӕг, ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ мӕнг чырыстӕттӕ чи сты, уый. Йегъовӕ «паддзахады фырттӕй» скодта иу адӕм, иу организаци, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ иу бонмӕ бӕстӕ фӕзына? Науӕд ӕнӕхъӕн адӕмыхатт ӕвиппайды райгуыра? Сионӕн та райдыдтой йӕ арыны тухитӕ ӕмӕ йын райгуырд фырттӕ» (Ис. 66:8). Ацы стихы Сион амоны Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хаймӕ, ома йӕ зӕдтӕм. Сионӕн «райгуырд фырттӕ» – Хуыцауӕн зӕххыл фӕзынд хицӕн адӕм, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕ.

12. Цӕмӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ, Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй сты?

12 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау «паддзахады [сӕрст] фырттӕ» дӕр Йегъовӕйы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынц. (Бакӕс Исайы 43:1, 10, 11.) Уыдон иннӕтӕй хицӕн кӕнынц, сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразынц ӕмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй (Матф. 24:14; Фил. 2:15). Ӕмӕ уый фӕрцы милуангай адӕмӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕмӕ баввахс уой. (Бакӕс Данелы 12:3.)

«МАХ ДӔР УЕМӔ ЦӔУӔМ»

13, 14. Цӕмӕй, уӕларвон Израилмӕ чи нӕ хауы, уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразой? Библийы уый тыххӕй цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст?

13 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй рагон Израилы ӕндӕрбӕстӕгтӕн  дӕр сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн кувын, фӕлӕ йын уый тыххӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, бадзырд кӕимӕ скодта, уыцы адӕмимӕ иумӕ (1 Пад. 8:41–43). Афтӕ абон дӕр, уӕларвон Израилмӕ чи нӕ хауы, уыдон Йегъовӕйӕн хъуамӕ лӕггад кӕной йӕ адӕмимӕ, «паддзахады фырттимӕ», ома Йегъовӕйы сӕрст Ӕвдисӕнтимӕ.

14 Бирӕ ӕнусты размӕ Хуыцауы пехуымпартӕ дзырдтой, кӕроны рӕстӕг Йегъовӕйы адӕммӕ бирӕтӕ кӕй ӕрбаиу уыдзысты ӕмӕ йын семӕ иумӕ кӕй лӕггад кӕндзысты. Пехуымпар Исай загъта: «Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл“. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй» (Ис. 2:2, 3). Пехуымпар Захари дӕр загъта, зӕгъгӕ, «бирӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ тыхджын адӕмтӕ Иерусалиммӕ ӕрцӕудзысты, цӕмӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ӕрцагурой ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕной». Захарийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы адӕм уыдзысты «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй» ӕмӕ «иу дзуттаг лӕгӕн», ома уӕларвон Израилӕн, зӕгъдзысты: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Зах. 8:20–23).

15. «Ӕндӕр фыстӕ» уӕларвон Израилимӕ иумӕ цы хуызы «цӕуынц»?

15 «Ӕндӕр фыстӕ» уӕларвон Израилимӕ иумӕ «цӕуынц», ома семӕ иумӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц (Мар. 13:10). Уыдон дӕр сты Хуыцауы адӕмӕй ӕмӕ сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ сты «иу дзуг» ӕмӕ сын ис иу фыййау – Йесо Чырысти. (Бакӕс Иоанны 10:14–16.)

ЙЕГЪОВӔЙЫ АДӔМЫ ’ХСӔН У, ӔМӔ ӔДАС УАЙ

16. Йегъовӕ «стыр бӕллӕхы» фӕстаг хайы рӕстӕг цы сараздзӕн?

16 Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ рацӕудзысты, ӕмӕ нӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы ӕххуыс уӕлдай тынгдӕр хъӕудзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг цы афон снысан кодта, уыцы афон зӕххыл хабӕрттӕ афтӕ рауайын кӕндзӕн, ӕмӕ йын знӕгтӕ йӕ адӕмыл сӕхи ныццӕвдзысты. Уыцы хабарӕй райдайдзӕн «стыр бӕллӕхӕн» йӕ фӕстаг хай, ома Армагеддон (Матф. 24:21; Йез. 38:2–4). Гог рацӕудзӕн, Йегъовӕ йӕхицӕн «алы адӕмты ’хсӕнӕй кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыцы адӕмы» ныхмӕ (Йез. 38:10–12). Ӕмӕ растдӕр уӕд Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Гогӕн ӕмӕ йе ’фсӕдтӕн цы тӕрхон рахаста, уый. Афтӕмӕй Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый ӕмӕ йӕ ном скадджын кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Бирӕ адӕмты цӕстыты раз... мӕхи раргом кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ» (Йез. 38:18–23).

«Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕ ӕнӕмӕнг хъӕудзӕн, цӕмӕй де ’мбырдыл ӕнгом баст уай (кӕс 16–18 абзацтӕ)

17, 18. а) Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд нын Йегъовӕ цавӕр разамынд ратдзӕн? ӕ) Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕна, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

17 Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд нын Йегъовӕ зӕгъдзӕн: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Уыцы рӕстӕг нын Йегъовӕ ратдзӕн, кӕй фӕрцы аирвӕздзыстӕм, ахӕм разамынд. Исай цы «мидӕггаг уӕтты» кой кодта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, баст уыдзысты не ’мбырдтимӕ.

18 Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг бахъахъхъӕна, уӕд хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕн зӕххыл адӕм кӕй ис ӕмӕ сын разамынд ӕмбырдты уылты кӕй дӕтты. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уӕм ӕмӕ не ’мбырдыл ӕнгом баст уӕм. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр псаломзарӕггӕнӕгау зӕрдиагӕй зӕгъӕм: «Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ. Дӕ арфӕдзинад ис дӕ адӕмыл» (Пс. 3:8).