Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ куыд снысан кӕнынц?

Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы апостол Павел, Ефесы ӕмбырды чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыд. 20:28). Цымӕ абон сыгъдӕг тых куыд ӕххуыс кӕны хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ нысан кӕнынӕн?

Фыццаг уый, ӕмӕ сыгъдӕг тых Библийы фысджыты сразӕнгард кодта, цӕмӕй ныффыстаиккой, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй. 1 Тимофеймӕ 3:1–7 фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм чи хъуамӕ уа, ӕхсӕрдӕс ахӕм миниуӕджы тыххӕй. Ӕндӕр миниуджыты тыххӕй ма фыст ис Титмӕ 1:5–9 ӕмӕ Иаковы 3:17, 18 дӕр. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй та фыст ис 1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12, 13 стихты. Дыккаг та уый, ӕмӕ, кӕцыдӕр ӕфсымӕрӕн рекомендаци чи фӕдӕтты, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ стӕй чи снысан кӕны, уыдон дӕр Йегъовӕмӕ фӕкувынц, цӕмӕй йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бамбарой, Библийы цы миниуджыты кой ис, уыдон уыцы ӕфсымӕрмӕ сты ӕви нӕ, уый. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕрӕн хъуамӕ йӕ царды бӕрӕг уа, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ хауы, уыдон иууылдӕр баст сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл.

Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕрты бӕлвырдӕй чи снысан кӕны? Ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕныны тыххӕй раздӕр фыстой бӕстӕйы филиалмӕ. Уым-иу, Разамонӕг совет уыцы хъуыддаг кӕмӕн бахӕс кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ рекомендацитӕм ӕркастысты, ӕмӕ-иу, аккаг чи уыд, уыдоны снысан кодтой. Уый фӕстӕ-иу филиал хабар фехъусын кодта хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн, уыдон та – кӕй снысан кодтой, уыцы ӕфсымӕрӕн, ӕмӕ-иу ӕй бафарстой, уыцы хӕс ӕй йӕхимӕ райсын фӕнды, стӕй йӕ бон у ӕви нӕ, уымӕй. Ӕппынфӕстаг-иу хабар ӕмбырды дӕр фехъусын кодтой.

Фӕлӕ-иу фыццаг ӕнусы та хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты куыд снысан кодтой? Хатт-иу ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты бӕлвырд хъуыддаджы сӕргъы сӕвӕрдтой апостолтӕ. Зӕгъӕм, уыдон сӕвӕрдтой, идӕдзтӕн алы бон дӕр хӕринаг чи хъуамӕ уӕрстаид, уыцы авд лӕджы (Хъуыд. 6:1–6). Фӕлӕ уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыдысты.

Фыццаг ӕнусы-иу хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты куыд снысан кодтой, уый тыххӕй Библийы алцы бӕстон фыст нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, цы хабӕрттӕ дзы ис фыст, уыдонӕй ис базонӕн, уыцы хъуыддаг куыд арӕзтой, уый. Зӕгъӕм, Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ фыццаг уацамындон балцӕй фӕстӕмӕ  куы здӕхтысты, уӕд «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Павел ӕмӕ Варнавӕ ком фӕдардтой ӕмӕ фӕкуывтой, ӕмӕ афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты, кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы бар бакодтой» (Хъуыд. 14:23). Бирӕ азты фӕстӕ Павел йе ’мбӕлццон Титмӕ ныффыста: «Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ алы горӕты дӕр сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Тит. 1:5). Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм бар лӕвӕрд уыд Тимофейӕн дӕр, апостол Павелимӕ балцыты бирӕ чи фӕцыд, уымӕн (1 Тим. 5:22). Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕфсымӕрты-иу апостолтӕ кӕнӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй не снысан кодтой, фӕлӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ.

Библийы ахӕм хабӕрттӕ кӕй ис фыст, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет фӕивта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ куыд ӕвӕрд цӕуынц, уыцы хъуыддаг. 2014 азы 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ ӕфсымӕрты нысан кӕндзысты афтӕ: алы районон цӕстдарӕг дӕр-иу лӕмбынӕг ӕркӕсдзӕн, йӕ районы ӕмбырдтӕй цы рекомендацитӕ райста, уыдонмӕ. Ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кӕна, уӕд-иу бацархайдзӕн уыцы ӕфсымӕрты хуыздӕр базоныныл ӕмӕ-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, семӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр ацӕудзӕн. Районон цӕстдарӕг-иу хистӕр нӕлгоймӕгты советимӕ сӕ рекомендациты фӕдыл куы аныхас кӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн, йӕ районы цы ӕмбырдтӕ ис, уым хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ снысан кӕнын. Афтӕмӕй ацы хъуыддаг, фыццаг ӕнусы йӕ куыд арӕзтой, уый хуызӕн тынгдӕр уыдзӕн.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ районон цӕстдарӕгимӕ ныхас кӕнынц, рекомендаци кӕмӕн радтой, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй (Малави)

Цымӕ ацы хъуыддаджы кӕмӕн цавӕр хӕстӕ ис? «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» сӕйраг хӕс у, цӕмӕй «хӕдзаронтӕн» хӕринаг дӕтта (Матф. 24:45–47). Ӕмӕ уый тыххӕй «цагъар» сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй Фыстад фӕиртасы, цӕмӕй, ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ цӕуой арӕзт, уый фӕдыл сын Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ разамынд дӕтта. Ӕууӕнкджын цагъар ма снысан кӕны районон цӕстдарджыты ӕмӕ филиалты комитетты уӕнгты дӕр. Филиалтӕ та ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнынц, цы разамынд райсынц, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгты советыл ис стыр хӕс: хъуамӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, рекомендаци кӕмӕн дӕттынц, уыцы ӕфсымӕртӕм, Библимӕ гӕсгӕ сӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон сты ӕви нӕ, ууыл. Алы районон цӕстдарӕгыл дӕр ис ахсджиаг хӕс, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ скува ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ӕркӕса, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы рекомендацитӕ радтой, уыдонмӕ ӕмӕ стӕй, аккаг чи уа, уыцы ӕфсымӕрты снысан кӕна.

Бӕрнон ӕфсымӕрты куыд снысан кӕнынц, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг тых куыд стыр ӕххуыс у, уый. Ӕмӕ уӕд, чырыстон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдоныл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм (Дзут. 13:7, 17).

 Раргомады 11 сӕры цы дыууӕ ӕвдисӕны кой ис, уыдон чи сты?

Раргомады 11:3 фыст ис, дыууӕ ӕвдисӕны 1 260 боны кӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уый фӕстӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ сыл сырд «фӕтых... уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн». Фӕлӕ «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ» уыцы дыууӕ ӕвдисӕны райгас уыдзысты, ӕмӕ сӕм чи кӕса, уыдон ууыл дис кӕндзысты (Рарг. 11:7, 11).

Чи сты уыцы дыууӕ ӕвдисӕны? Уый бамбарыны тыххӕй бӕстондӕр ӕркӕсӕм, Раргомады 11 сӕры уыцы дыууӕ ӕвдисӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ. Фыццаг уал дзы кӕсӕм, зӕгъгӕ, «уыдон ӕвдисынц дыууӕ оливӕбӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны» (Рарг. 11:4). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, пехуымпар Захари цы цырагъдарӕн ӕмӕ цы дыууӕ оливӕбӕласы кой кодта, уыдон. Захарийӕн загъд уыд, уыцы оливӕбӕлӕстӕ кӕй амонынц «дыууӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ» – хицау Зоровавелмӕ ӕмӕ хистӕр сауджын Йесомӕ, «ӕгас зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыдонмӕ» (Зах. 4:1–3, 14). Дыккаг та уый, ӕмӕ уыцы дыууӕ ӕвдисӕны арӕзтой, Моисей ӕмӕ Илийа цавӕр диссӕгтӕ арӕзтой, ахӕмтӕ. (Абар Раргомад 11:5, 6 ӕмӕ Нымӕцтӕ 16:1–7, 28–35; 1 Паддзӕхты 17:1; 18:41–45.)

Раргомады 11 сӕры ӕмӕ Захарийы 4:1–3, 14 стихты иумӕйагӕй цы ис? Дыууӕ раны дӕр дзырд цӕуы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджыты тыххӕй, Хуыцауы адӕмӕн уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны тыххӕй. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар, уӕд, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг хъусын кодтой «хъисыны». Афтӕмӕй сӕххӕст, Раргомады 11 сӕры цы фыст ис, уый.

Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ «хъисыны» куы хъусын кодтой, уый фӕстӕ сӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «амардтой» – ахӕстоны сӕ бакодтой. Ахӕстоны фесты ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕгӕй къаддӕр – «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг». Хуыцауы адӕмы знӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ куыст бынтондӕр ӕрлӕууыд, ӕмӕ ууыл тынг цин кодтой (Рарг. 11:8–10).

Фӕлӕ пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕ уыцы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ дыууӕ ӕвдисӕны райгас сты – уыцы сӕрст чырыстӕтты ахӕстонӕй рауагътой. 1919 азы Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты бахӕс кодта стыр хъуыддаг – уыдон систы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», цӕмӕй фӕстаг бонты Хуыцауы адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ се ’хсӕн уыдысты, ахӕстонӕй кӕй рауагътой ӕмӕ иузӕрдионӕй чи баззад, уыдон дӕр (Матф. 24:45–47; Рарг. 11:11, 12).

Цымыдисаг у, Раргомады 11:1, 2 стихты уыцы хабӕрттӕ баст кӕй сты, ӕнӕуынгӕ кувӕндон барст куы ӕрцыд, уыцы рӕстӕгимӕ. Малахийы 3 сӕры дӕр дзырд цӕуы, ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзысты ӕмӕ йӕ стӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзысты, уый тыххӕй (Мал. 3:1–4). Уыцы хабӕрттӕ цас рӕстӕг ахастой? 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг. Раргомады 11 сӕры кӕй кой ис, уыцы 1 260 боны (42 мӕйы) дӕр ӕмӕ «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг» дӕр хауынц уыцы рӕстӕгмӕ.

Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй сарӕзта, цӕмӕй йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм! (Тит. 2:14). Уымӕй уӕлдай ма тынг аргъ кӕнӕм, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг сӕхимӕ разамынд кӕй истой ӕмӕ афтӕмӕй «дыууӕ ӕвдисӕны» хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодтой *.

^ 18 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс брошюрӕ «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», 22 фарс, 12 абзац.