Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут»

«Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут»

«Уе ’ппӕт дӕр мӕм байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут» (МАРЧЫ 7:14).

1, 2. Йесойы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕмбӕрстой?

АДӔЙМАГ нын исты куы фӕдзуры, уӕд ын фӕхъусӕм йӕ хъӕлӕс, стӕй ма бафиппайӕм, цы хъӕлӕсы уагӕй дзуры, уый дӕр. Фӕлӕ, цы дзуры, уый куы не ’мбарӕм, уӕд нын йӕ ныхӕстӕ ницы пайда уыдзысты (1 Кор. 14:9). Йесо-иу мингай адӕмимӕ ныхас кодта сӕ мадӕлон ӕвзагыл, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый се ’ппӕт не ’мбӕрстой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут» (Мар. 7:14).

2 Йесо кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕй йӕ бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕмбӕрстой? Уымӕн ӕмӕ дзы кӕмӕндӕрты, Йесо цӕй кой кодта, уый фӕдыл сӕхи хъуыды уыд, кӕмӕндӕрты та сӕ зӕрдӕйы раст фӕндтӕ нӕ уыд. Уыцы адӕмы тыххӕй Йесо загъта: «Хорз ӕфсӕнттӕ ссарут, цӕмӕй уе ’гъдӕутты тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхстыты сӕрты ахизат» (Мар. 7:9). Уыдон нӕ архайдтой, Йесойы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бамбарыныл. Нӕ сӕ фӕндыд, цы ’гъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон ныууадзын ӕмӕ сӕ хъуыды аивын. Уыцы адӕм сӕ хъустӕй хъуыстой, фӕлӕ, цы хъуыстой, уый сӕ зӕрдӕтӕм нӕ хъардта. (Бакӕс Матфейы 13:13–15.) Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Йесо цы амыдта, уый ӕмбарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм?

ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ НЫН ПАЙДА КӔД УЫДЗЫСТЫ

3. Йесо цы дзырдта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕй фӕрцы ӕмбӕрстой?

3 Мах хъуамӕ уӕм Йесойы сӕрныллӕг ахуыргӕнинӕгты хуызӕн. Йесо сын загъта: «Сымах амондджын стут, уымӕн ӕмӕ цӕстӕй дӕр уынут ӕмӕ хъусӕй дӕр хъусут» (Матф. 13:16). Иннӕ адӕмӕй уӕлдай уыдон Йесойы ныхӕстӕ цӕй фӕрцы ӕмбӕрстой? Фыццаг уый, ӕмӕ йӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ архайдтой, йӕ ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бамбарыныл (Матф. 13:36; Мар. 7:17). Дыккаг уый, ӕмӕ сӕ фӕндыд, уӕдмӕ цы базыдтой, уымӕй уӕлдай ног цыдӕртӕ базонын. (Бакӕс Матфейы 13:11, 12.) Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайдтой, ӕмӕ уый пайда хаста сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (Матф. 13:51, 52).

4. Цӕмӕй Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ аразӕм?

4 Йесойы ахуыргӕнинӕгтау мах дӕр хъӕуы ӕртӕ хъуыддаджы аразын, цӕмӕй йын йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбарӕм. Фыццаг уый, ӕмӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстыл ахъуыды кӕнынӕн. Стӕй ма-иу хъуамӕ фылдӕр ӕрмӕг дӕр бацагурӕм ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, Йесойы ныхӕстӕ хуыздӕр кӕй фӕрцы бамбардзыстӕм, ахӕм фарстатыл. Уый фӕрцы ссардзыстӕм зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 2:4, 5). Дыккаг уый, ӕмӕ-иу хъуамӕ бамбарӕм, цы базыдтам, уый куыд баст у, уӕдмӕ цы зыдтам, уыимӕ ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, цы пайда нын хӕссы, ууыл дӕр. Уый фӕрцы нӕм уыдзӕн ӕмбарындзинад (Ӕмб. 2:2, 3). Ӕртыккаг уый, ӕмӕ хъуамӕ нӕ царды пайда кӕнӕм, цы базыдтам, уымӕй. Ӕмӕ уый та уыдзӕн зондыл дзурӕг (Ӕмб. 2:6, 7).

5. Цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кӕн, зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зонд цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый.

5 Цымӕ зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зонд цӕмӕй хицӕн кӕнынц? Уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн иу цӕвиттон. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма фӕндаджы астӕу лӕууыс ӕмӕ дӕ ныхмӕ автобус ӕрцӕуы. Фыццаг федтай, уый автобус кӕй у – уый у зонындзинад. Стӕй ахъуыды кодтай, фӕндаджы астӕу куы лӕууай, уӕд дӕ кӕй скъуырдзӕн – уый у ӕмбарындзинад. Ӕмӕ уӕд фӕндагӕй алыгътӕ – уый та у зонд. Уӕдӕ нын Библи дзӕгъӕлы нӕ дзуры, цӕмӕй «фидар хӕцӕм куырыхон зондыл», уымӕн ӕмӕ нын уый нӕ цард хъахъхъӕны! (Ӕмб. 3:21, 22; 1 Тим. 4:16).

6. Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй авдыл ныхас кӕнгӕйӕ цавӕр цыппар фарстайыл ахъуыды кӕндзыстӕм? (Кӕс  рамкӕ 8 фарсыл.)

6 Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй авдмӕ. Ӕмӕ ахъуыды кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: ацы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны? (Уый фӕрцы ссардзыстӕм зонындзинӕдтӕ.) Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? (Уый фӕрцы нӕм уыдзӕн ӕмбарындзинад.) Цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда хӕсса? (Уый фӕрцы зондӕй архайдзыстӕм.) Ӕмӕ дзы Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

ХЪЫЦЪЫЙЫ НӔМЫГ

7. Йесо хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны?

7 Бакӕс Матфейы 13:31, 32. Йесо хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны? Хъыцъыйы нӕмыг амоны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ дӕр ӕмӕ чырыстон ӕмбырдмӕ дӕр. Нӕ эрӕйы 33 азы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд уыди тынг гыццыл, тауинӕгтӕй ӕппӕты гыццылдӕр чи у, уый хуызӕн. Фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы цыбыр рӕстӕгмӕ тынг сырӕзт. Бирӕтӕ ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдысты, афтӕ тагъд ӕмӕ афтӕ тынг кӕй сырӕздзӕн (Кол. 1:23). Йесо загъта, зӕгъгӕ, мӕргътӕ «йӕ къалиутыл сӕхицӕн бынат скӕнынц». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, хорз зӕрдӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн чырыстон ӕмбырд свӕййы ӕмбӕхсӕн бынаты хуызӕн, ссарынц дзы уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ удӕнцой. (Абар Йезекилы 17:23.)

8. Йесо хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

8 Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? Йесо бамбарын кодта, хъыцъыйы нӕмыг куыд тынг сырӕзы, Хуыцауы Паддзахад дӕр афтӕ кӕй сырӕздзӕн, стӕй, йӕ дӕлбар чи уа, уыдоны кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр кӕй ахиздзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы организацийы зӕххон хай куыд тынг рӕзы, уый диссаг у! (Ис. 60:22). Ӕмбырды чи ис, уыдонӕн Хуыцауы организаци ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бахъахъхъӕной, Йегъовӕимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый (Ӕмб. 2:7; Ис. 32:1, 2). Ӕмӕ знӕгтӕн сӕ бон нӕу, ӕмбырдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уыцы хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын (Ис. 54:17).

9. а) Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

9 Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Мах кӕм цӕрӕм, уым, чи зоны, Ӕвдисӕнтӕ бирӕ не сты кӕнӕ ӕмбырдтӕ сындӕггай рӕзынц. Фӕлӕ хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ бон кӕй у цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр ахизын. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар лӕууӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Эдвин Скиннер 1926 азы Индимӕ куы ’рцыд, уӕд уыцы бӕстӕйы Ӕвдисӕнтӕ армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Лӕггад кӕнын дзы зын уыди, уымӕн ӕмӕ хъусынгӕнджыты нымӕцыл тынг гыццыл ӕфтыд. Фӕлӕ ӕфсымӕр Эдвин уӕддӕр хъусын кодта ӕмӕ уыдта, Хуыцауы Паддзахад стыр цӕлхдурты сӕрты кӕй хизы. Абон Индийы ис 37 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр ӕмӕ 2013 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 108 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕфсымӕр Эдвин Индимӕ цы аз ӕрцыд, уыцы аз ма хъусын кӕнын райдыдтой Замбийы дӕр. Уыцы бӕстӕйы ныр ис 170 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр ӕмӕ 2013 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 763 915 адӕймаджы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Замбийы алы 18 адӕймагӕй иу ӕрбацыд Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у!

ӔНХЪИЗӔН

10. Ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны?

10 Бакӕс Матфейы 13:33. Йесо ӕнхъизӕны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны? Ацы фӕсномыг ныхас амоны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабармӕ ӕмӕ, уыцы хабар адӕмы цард куыд ивы, уымӕ. «Хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй» амоны ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. Куыд ӕнхъизы, уый та амоны, уацамынды фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар куыд парахат кӕны, уымӕ. Хъыцъыйы нӕмыг куыд рӕзы, уый фенӕн вӕййы, фӕлӕ хыссӕ куыд ӕнхъизы, уый та фыццаг рӕстӕг нӕ фӕзыны. Кӕй сӕнхъызт, уый фенӕн вӕййы ӕрмӕстдӕр цасдӕры фӕстӕ.

11. Йесо ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

11 Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? Йесо бамбарын кодта, хорз хабарӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» аххӕсса ӕмӕ адӕмы зӕрдӕты ивындзинӕдтӕ скӕна (Хъуыд. 1:8). Уыцы ивындзинӕдтӕ мах фыццаг нӕ бафиппайӕм, фӕлӕ уӕддӕр хорз хабар адӕмы зӕрдӕты йӕ куыст фӕкӕны. Ӕгас зӕххыл дӕр бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ удыхъӕд фӕивы (Ром. 12:2; Еф. 4:22, 23).

12, 13. Йесойы фӕсномыг ныхасы цы ӕнхъизӕны кой ис, уыйау хъусын кӕныны хъуыддаг куыд парахат кӕны, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

12 Бирӕтӕн сӕ удыхъӕд фӕивы, хорз хабар фыццаг хатт куы фехъусынц, уымӕй азтӕ куы рацӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, Франц ӕмӕ Маргит, иу бӕстӕйы Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм бинонтӕ, 1982 азы лӕггад кодтой Бразилийы филиалы. Уыцы рӕстӕг уыдон хъусын кодтой иу гыццыл горӕты. Библи дзы кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕй иу уыди, цыппар сывӕллоны кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Уыцы сылгоймагӕн йӕ хистӕр лӕппуйыл уӕд цыди 12 азы ӕмӕ, тынг ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй уыди, уый тыххӕй-иу арӕх ахуыры размӕ бамбӕхст. Франц ӕмӕ Маргиты ӕндӕр ранмӕ куы снысан кодтой, уӕд сын уыцы бинонтимӕ Библи ахуыр кӕныны фадат нал уыд. 25 азы фӕстӕ та ногӕй уыцы горӕты куы уыдысты ӕмӕ дзы ӕмбырд кӕй фӕзынд, уый куы базыдтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Уыцы ӕмбырды уыди 69 хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ уыдонӕй 13 уыдысты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ, ӕмбырд та кодтой ногарӕзт Паддзахады залы! Кӕддӕры ӕфсӕрмыгӕнаг лӕппу та дзы уыди хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор! Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы ӕнхъизӕны кой кодта, уымӕй хыссӕ куыд ссӕуы, уыйау Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар дӕр уыцы ран апарахат ӕмӕ бирӕты цард фӕивта.

13 Сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, суанг уыцы бӕстӕты дӕр хорз хабарӕн йӕ бон у адӕмы цард ивын. Ахӕм бӕстӕты хорз хабар куыд тынг парахат кӕны, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд арӕх дис дӕр фӕкӕнӕм. Зӕгъӕм, Кубӕмӕ хорз хабар бахӕццӕ 1910 азы, ӕмӕ 1913 азы уыцы бӕстӕ бабӕрӕг кодта ӕфсымӕр Расселл. Фӕлӕ дзы фыццаг рӕстӕг хъуыддаг размӕ нӕ цыд. Цымӕ дзы абон та хабар куыд у? Ныр дзы ис 96 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр ӕмӕ 2013 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 229 726 адӕймаджы, ома алы 48 адӕймагӕй иу. Суанг, хъусын кӕныны бар кӕм ис, уыцы бӕстӕты дӕр хорз хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ бахӕццӕ, бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй не сты, уыцы рӕттӕм * (Еккл. 8:7; 11:5).

14, 15. а) Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

14 Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? Йесойы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд бамбарӕм иу хъуыддаг: кӕд хорз хабар нырма милуантӕ нӕ фехъуыстой, уӕддӕр нӕ ууыл тыхсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ алцӕмӕдӕр йӕ хъус дары. Фӕлӕ уӕд махӕн та нӕ хӕс цы у? Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, мыггаг кӕм ссӕудзӕн – ам ӕви уым, ӕви дыууӕ раны дӕр» (Еккл. 11:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн арфӕ кӕна, уӕлдайдӕр та нын сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар кӕм нӕй, уыцы бӕстӕты (Еф. 6:18–20).

15 Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта, нӕ фыдӕбон уайтагъд тыллӕг куы нӕ ратта, уӕд. «Гыццыл хъуыддӕгтӕ цы бон ӕрцӕуы арӕзт», уыцы бонмӕ хъуамӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй ма кӕсӕм (Зах. 4:10). Чи зоны, нӕ фыдӕбон ӕрхӕсса, хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм стыр тыллӕг! (Пс. 40:5; Зах. 4:7).

СӔУДӔДЖЕР ӔМӔ ӔМБӔХСТ ХӔЗНА

16. Сӕудӕджер ӕмӕ ӕмбӕхст хӕзнайы тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц?

16 Бакӕс Матфейы 13:44–46. Сӕудӕджер ӕмӕ ӕмбӕхст хӕзнайы тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц? Йесойы заманты иуӕй-иу сӕудӕджертӕ дард бӕстӕтӕм дӕр цыдысты ӕппӕты хуыздӕр налхъуыттӕ агурӕг. Йесойы фӕсномыг ныхасы «иу зынаргъ налхъуыт» амоны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинадмӕ. Сӕудӕджер та амоны, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй рӕстдзинад чи агуры, уыдонмӕ. Цӕмӕй сӕудӕджер уыцы зынаргъ налхъуыт балхӕдтаид, уый тыххӕй уайтагъд ауӕй кодта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый. Йесо ма радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр, быдыры чи куыста ӕмӕ «зӕххы ныгӕд» хӕзна чи ссардта, ахӕм лӕджы тыххӕй. Сӕудӕджерӕй уӕлдай, уыцы лӕг хӕзна агургӕ нӕ кодта. Фӕлӕ йӕ куыддӕр ссардта, афтӕ уый дӕр ауӕй кодта, «цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый», цӕмӕй уыцы хӕзна йӕхицӕн баззадаид.

17. Йесо сӕудӕджер ӕмӕ ӕмбӕхст хӕзнайы тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ цӕмӕн радзырдта?

17 Йесо ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасы цӕмӕн радзырдта? Йесо бамбарын кодта, рӕстдзинад алыхуызӕтты ссарӕн кӕй ис. Иуӕй-иутӕ рӕстдзинад сӕхӕдӕг фӕагурынц, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уый тыххӕй сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Иннӕтӕ та рӕстдзинад нӕ фӕагурынц, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ссарынц, зӕгъӕм, хорз хабар сын кӕй фехъусын кӕнынц, уый фӕрцы. Ацы фӕсномыг ныхӕсты кӕй кой ис, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сӕ дыууӕ дӕр бамбӕрстой, цы хӕзна ссардтой, уый тынг зынаргъ кӕй у, ӕмӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, цӕмӕй сӕ къухы бафтыдаид.

18. а) Ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

18 Ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? (Матф. 6:19–21). Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Уыцы дыууӕ лӕджы хӕзнамӕ цы цӕстӕй кастысты, ӕз дӕр рӕстдзинадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын? Ӕз дӕр рӕстдзинад зынаргъ хӕзнайыл нымайын? Цӕттӕ дӕн мӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй уыцы хӕзна ма фесафон, ӕви мын цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, алы бон цы хъуыддӕгтӕ фӕаразын, уыдон, къуылымпыйы хос сты?» (Матф. 6:22–24, 33; Лук. 5:27, 28; Фил. 3:8). Кӕд рӕстдзинад уарзӕм, уӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй нын царды фыццаг бынаты уа.

19. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Цӕй уӕдӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕм кӕй байхъуыстам ӕмӕ, цӕуыл дзурӕг сты, уый кӕй бамбӕрстам. Ӕмӕ нӕ рох ма уӕд, цы нысан кӕнынц, уый зонын фаг кӕй нӕу – цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕргӕ дӕр кӕнӕм. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ноджыдӕр ӕртӕ фӕсномыг ныхасыл ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон дзы зондӕн райсын цы у.

^ 13 абз. Ахӕм хабӕрттӕ ма ӕрцыд Аргентинӕйы (2001 азы «Ежегодник», 186 ф.); Скӕсӕн Германийы (1999 азы «Ежегодник», 83 ф.); Папуӕ – Ног Гвинейы (2005 азы «Ежегодник», 63 ф.) ӕмӕ сакъадах Робинзон-Крузойы (2000 азы 15 июны «Сторожевая башня», 9 ф.).