Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Цымӕ, чырыстон куы амӕла, уӕд ын кремаци скӕнӕн ис, ома йын йӕ буар басудзӕн ис?

Уыцы хъуыддаг чырыстон бинонтӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной. Библи уый фӕдыл бӕлвырд ницы зӕгъы, фӕлӕ дзы фыст ис, паддзах Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны буӕрттӕ кӕй басыгътой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ кӕй баныгӕдтой (1 Сам. 31:2, 8–13) (bw547, 7 фарс).

Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауӕй кӕй не сты?

Хуыцау алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй. Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты раст, у ӕнувыд ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй ӕмӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ (Дык. з. 32:4; Пс. 145:17; Иак. 5:11) (bp148, 4 фарс).

Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм цӕрынмӕ чи ацӕуы, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

Уыдон сӕмбӕлынц ӕртӕ зындзинадыл: 1) ӕндӕр царды уавӕртӕ; 2) сӕ хиуӕтты фӕмысынц; 3) зын сын вӕййы ног ӕмбӕлттӕ ссарын. Ацы зындзинӕдты сӕрты чи ахызт, уыдонӕй бирӕтӕ арфӕгонд ӕрцыдысты (bw548, 4, 5 фӕрстӕ).

Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдтой?

Иу уый, ӕмӕ Иаков Иосифӕн балӕвар кодта рӕсугъд уӕлӕдарӕс ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, хъулон уарзт ӕй кӕй кӕны. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой (bp149, 11–13 фӕрстӕ).

Ног буклетты фӕрцы уацамынды ӕнтыстджындӕр цӕмӕн стӕм ӕмӕ сӕ пайда кӕнын ӕнцон цӕмӕн у?

Иууылдӕр ӕмхуызон конд сты. Алы буклет дӕр нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу адӕймагӕн Библийы стих бакӕсӕм ӕмӕ-иу нӕ ныхас фарстайӕ райдайӕм. Адӕймаг цыфӕнды дзуапп ма ратта, уӕддӕр ын нӕ бон уыдзӕн буклет рафӕлдахын ӕмӕ йын равдисын, уыцы фарстайы фӕдыл Библи цы дзуры, уый. Нӕ бон ма у адӕймагмӕ раттын, иннӕ хатт кӕуыл уыдзӕн аныхас кӕнӕн, ахӕм фарста дӕр (bw549, 13, 14 фӕрстӕ).

Сириаг «Пешиттӕ» цы у?

Сириаг ӕвзаг у арамейаг ӕвзаджы диалект ӕмӕ апарахат нӕ эрӕйы дыккаг кӕнӕ ӕртыккаг ӕнусы. Куыд зыны, афтӕмӕй Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ фыццаг тӕлмацгонд ӕрцыдысты сириаг ӕвзагмӕ. Сириаг ӕвзагмӕ тӕлмацгонд чи ’рцыд, уыцы Библи хонынц «Пешиттӕ» (bp150, 13, 14 фӕрстӕ).

Чырыстон ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн уой хорз фыййӕуттӕ?

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хорз зонат, уый тыххӕй сӕм хъӕуы лӕмбынӕг хъусын. Архайут, цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй цух ма ӕййафой. Фӕлмӕнӕй сын ӕххуыс кӕнут, зӕгъӕм, кӕцыдӕр ахуырадыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайой, уӕд (bw550, 18–21 фӕрстӕ).

Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд хызт цӕмӕй уыдзыстӕм?

Сӕ кой дӕр нал уыдзӕн низтӕн, мӕлӕтӕн, хӕстытӕн, ӕххормагдзинадӕн ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн, стӕй ӕнӕ куыстӕй дӕр ничи уыдзӕн (bp151, 6, 7 фӕрстӕ).

Цавӕр бадзырды фӕрцы ис гӕнӕн, цӕмӕй иннӕтӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой?

Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт Куадзӕн куы сбӕрӕг кодта, уый фӕстӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтимӕ скодта Паддзахады бадзырд (Лук. 22:28–30). Уыцы бадзырды руаджы уыдон фидарӕй зыдтой, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ иумӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (bw551, 16, 17 фӕрстӕ).

Библийӕ цавӕр дыууӕ хабарӕй у бӕрӕг, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис?

Библийы фыст ис, Хӕйрӕг Йесоимӕ кӕй ныхас кодта, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид. Иовы заманты дӕр Хӕйрӕг ныхас кодта Хуыцауимӕ. Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис (bp152, 4, 5 фӕрстӕ).

Иаков Хъуыддӕгты 15:14 афтӕ кӕмӕй загъта, «йӕ ном ын чи хӕссы, ахӕм адӕм», зӕгъгӕ, уыдон чи уыдысты?

Уыдон уыдысты, Хуыцау йӕхицӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ йын йӕ «диссаджы миниуджыты тыххӕй» чи хъуамӕ хъусын кодтаид, уыцы адӕм. Се ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдон дӕр (1 Пет. 2:9, 10) (bw552, 24, 25 фӕрстӕ).

Горӕт Тимгад кӕм уыди? Чи дзы цард, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зондыл хӕст уыдысты?

Тимгад уыди Ромы империйы стыр горӕттӕй сӕ иу ӕмӕ уыди Цӕгат Африкӕйы (абон уый у Алжиры территори). Йӕ цӕрджытӕ цы зондыл хӕст уыдысты, уый бӕрӕг у, къӕйдуртыл цы рагон фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй. Фыст дзы ис: «Цуаны цӕуын, найын, хъазын ӕмӕ худын – уый дын цард!» Растдӕр ахӕм зондахасты кой ис 1 Коринфӕгтӕм 15:32 стихы дӕр (bp153, 8–10 фӕрстӕ).