Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Бирӕты цӕмӕн уырны, Сфӕлдисӕг кӕй ис?

Цард диссаг у!

Иу-3 000 азы размӕ иу фыссӕг ныффыста: «Куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады» (Псалом 139:14). Иу хуымӕтӕг кълеткӕйӕ сывӕллон куыд сырӕзы, уый дӕ дисы нӕ бафтауы? Бирӕты уырны, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон Сфӕлдисӕджы къухты конд кӕй сты. (Бакӕс Псалом 139:13–17; Дзуттӕгтӕм 3:4.)

Дун-дуне чи сфӕлдыста ӕмӕ Зӕхх цӕрынӕн чи бацӕттӕ кодта, уый радта цард дӕр (Псалом 36:9). Сфӕлдисӕг адӕмимӕ ныхас кодта ӕмӕ нын йӕхи раргом кодта. (Бакӕс Исайы 45:18.)

Цымӕ цӕрӕгойтӕй равзӕрдыстӕм?

Адӕймаджы буары сконд ӕмӕ цӕрӕгойы буары сконды ӕмхуызонӕй бирӕ цыдӕртӕ ис. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Сфӕлдисӕг адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр зӕххыл цӕрынӕн сфӕлдыста. Уый фыццаг адӕймаджы скодта зӕххӕй, цӕрӕгойӕ йӕ нӕ равзӕрын кодта. (Бакӕс Райдиан 1:24; 2:7.)

Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц дыууӕ ахсджиаг хъуыддагӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон у Сфӕлдисӕгимӕ зонгӕ кӕнын, уарзын ӕй ӕмӕ йын аргъ кӕнын. Дыккаг уый, ӕмӕ Хуыцау цӕрӕгойты уый тыххӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой, адӕмы та уый тыххӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ абон адӕм иууылдӕр мӕлынц, уымӕн ӕмӕ фыццаг адӕймагӕй сӕ туджы рахастой мӕлӕт. Уый та Сфӕлдисӕджы разамынд ницӕмӕ ӕрдардта. (Бакӕс Райдиан 1:27; 2:15–17.)