Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Искуы ӕгас зӕххӕн дӕр иу хицауад уыдзӕн?

Дунеон хицауады къухы куыд бафтдзӕн, цӕмӕй адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрой? (Исай 32:1, 17; 54:13)

Ахъуыды-ма кӕн, ӕгас зӕххӕн дӕр иу хицауад куы уаид, уӕд адӕм куыд амондджын уаиккой. Абон иутӕ мӕгуыр цӕрынц, иннӕтӕ та – хъӕздыг. Фӕлӕ зӕххыл иу хицауад куы уаид ӕмӕ се ’ппӕтыл дӕр куы хъуыды кӕнид, уӕд ничи ницы цух уаид. Цымӕ адӕмӕн сӕ бон искуы суыдзӕн ахӕм хицауад скӕнын? (Бакӕс Йеремийы 10:23.)

Историйӕ бӕрӕг у, иу хицауадӕн дӕр йӕ бон кӕй не сси афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ адӕм, уӕлдайдӕр та мӕгуыртӕ, мацы цух уой. Иуӕй-иу хицауӕдтӕ та сӕ адӕмы тынг ӕфхӕрынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Фӕлӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ныфс ӕвӕры, абон цы хицауӕдтӕ ис, уыдон кӕй баивдзӕн иу хицауадӕй. Уыцы хицауады Хицау адӕмыл ӕцӕгдӕр батыхсдзӕн. (Бакӕс Исайы 11:4; Данелы 2:44.)

Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Йегъовӕ Хуыцау ӕгас дунейӕн дӕр равзӕрста диссаджы Хицау – йӕ Фырт Йесойы (Лукайы 1:31–33). Йесо зӕххыл куы цард, уӕд алкӕддӕр адӕмӕн ӕххуыс кодта. Паддзах Йесо афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрдзысты ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕздзысты. (Бакӕс Псалом 72:8, 12–14.)

Чырысти Хицау уа, уый цымӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕудзӕн? Нӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ у фӕразон Хуыцау (2 Петры 3:9). Алкӕмӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй йӕ хъуыды фӕива. Тагъд Йесо зӕххыл иу ӕвзӕр адӕймаг дӕр нал ныууадздзӕн. Зӕххыл уыдзӕн фарн ӕмӕ ничи ницӕмӕйуал тӕрсдзӕн. (Бакӕс Михейы 4:3, 4.)