Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Тынг ахсджиаг рӕстӕг»

«Тынг ахсджиаг рӕстӕг»

1870 азы Питтсбурджы (Аллегейни, Пенсильвани, АИШ) иу гыццыл къорд, сӕ сӕргъы Чарлз Тейз Расселл, афтӕмӕй, райдыдта Фыстад иртасын. Уыдон бӕстон раиртӕстой, Библийы Чырыстийы нывонды тыххӕй цы фыст ис, уый, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстой, Йегъовӕ йӕ фӕнд уыцы нывонды фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны. Сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, куы йӕ базыдтой, уыцы нывонды руаджы адӕмӕн, уыимӕ, Чырыстийы тыххӕй зонгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн дӕр, фервӕзыны фадат кӕй ис! Уыдон Хуыцауӕй тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ сӕ уый сразӕнгард кодта, цӕмӕй алы аз дӕр Йесойы мӕлӕт бӕрӕг кодтаиккой (1 Кор. 11:23–26).

Ӕфсымӕр Расселл райдыдта журнал «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын, ӕмӕ-иу дзы дзырд цыди, Чырыстийы нывонд ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн кӕй у, Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уымӕн. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн боны тыххӕй фыст уыд, зӕгъгӕ, уый у «тынг ахсджиаг рӕстӕг». Ӕмӕ журналрауадзджытӕ кӕсджыты разӕнгард кодтой, цӕмӕй уыцы хабар сбӕрӕг кӕнынмӕ Питтсбургмӕ ӕрцӕуой кӕнӕ йӕ ӕндӕр искуы къордтӕй сбӕрӕг кӕной. «Уырнындзинад кӕмӕ ис, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ахӕм адӕймаджы дӕр дзы куы уа»,– йе та иу адӕймаг дӕр,– «уӕд дӕр Чырысти уыдзӕн семӕ».

Питтсбургмӕ-иу Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рцыд, уыдоны нымӕц азӕй-азмӕ фылдӕр кодта. Хуынды гӕххӕтты фыст уыд, «ам уыл зӕрдиагӕй бацин кӕндзысты», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, бынӕттон Библииртасджытӕ-иу сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй батыхстысты – цӕрӕнбынат ӕмӕ-иу сын хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтой. 1886 азы сын Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ цалдӕр боны дӕргъы уыди «Иумӕйаг фембӕлд». «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ӕрцӕут, Хицауы, йе ’фсымӕрты ӕмӕ йын йӕ рӕстдзинад ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи уарзы, уыдон иууылдӕр».

Лондоны цатыр кӕй хуыдтой, уыцы агъуысты Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ куыд хӕссын хъуыди, уый пълан

Цалдӕр азы дӕргъы-иу Питтсбурджы Библииртасджытӕ суазӕг кодтой, Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ-иу Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацыд, уыдоны. Библииртасджыты нымӕц куыд фылдӕр кодта, афтӕ фылдӕр кодта, ӕгас зӕххыл дӕр-иу Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацыд, уыдоны нымӕц дӕр. Чикагойы аргъуанӕй (ома ӕмбырдӕй) иу ӕфсымӕр, Рей Бопп, куыд радзырдта, афтӕмӕй-иу 1910-ӕм азты Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ дӕтгӕйӕ цалдӕр сахаты рацыд, уымӕн ӕмӕ-иу, цы сӕдӕгай адӕм ӕрбацыд, уыдонӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алчидӕр нысӕнттӕй ахуыста.

Цымӕ-иу уыцы рӕстӕг Ӕрымысӕн изӕры цавӕр нысӕнттӕ уыди? Кӕд Библииртасджытӕ зыдтой, Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры сӕнӕй кӕй спайда кодта, уӕддӕр-иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, хуыздӕр уыдзӕн, ногтынд сӕнӕфсиры кӕнӕ чисмисы сокӕй куы пайда кӕной, цӕмӕй, «йӕ буары лӕмӕгъдзинад» кӕмӕн ис, уыдоны ма сцыбӕл кӕной. Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кодта, «сӕнӕй спайда кӕнын хъӕуы», зӕгъгӕ, уыдонӕн та-иу сӕн радтой. Фӕстӕдӕр Библииртасджытӕ бамбӕрстой, ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг сырх сӕн кӕй амоны Йесойы тугмӕ.

Ацы гӕххӕтты гӕбаз ӕмӕ кърандас Никарагуайы ахӕстоны иу камерӕйӕ иннӕмӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй ныффыстаиккой, Ӕрымысӕн изӕры цал адӕймаджы уыд, уый

Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыди Чырыстийы нывондыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр ӕмбырдты Чырыстийы мӕлӕты бон куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу, зианы рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ ӕнкъард уыдысты, ӕмӕ-иу фембӕлд куы фӕци, уӕд-иу сӕ ныхас дӕр не схауд, афтӕмӕй ацыдысты. Фӕлӕ, 1934 азы чи рацыд, уыцы чиныджы, «Йегъовӕ», фыст уыд, зӕгъгӕ, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, Йесо удхайраг мӕлӕтӕй кӕй амард, ууыл «хъыг кӕныны» бӕсты хуыздӕр уыдзӕн, 1914 азӕй фӕстӕмӕ Паддзах кӕй у, ууыл куы «цин кӕнӕм».

Тыхкуыст кӕнын кӕм кодтой, ахӕм лагеры чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаиккой (Мордови, Уӕрӕсе, 1957 аз)

1935 азы Йегъовӕйы адӕм иу ахсджиаг хъуыддаг хуыздӕр кӕй бамбӕрстой, уый тынг фӕзынди, уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр куыд фӕбӕрӕг кӕнынц, ууыл. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хуыздӕр бамбӕрстой, Раргомады 7:9 стихы цы «тынг бирӕ адӕмы» кой цӕуы, уыдон кӕмӕ амонынц, уый. Уӕдмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уыдон сты, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, фӕлӕ йын зынгзӕрдӕйӕ чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ ныр бамбӕрстой, уыцы бирӕ адӕм кӕй амонынц, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм. Ӕфсымӕр Расселл Поггенси уыцы хъуыддагыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодта, уӕд загъта: «Йегъовӕ мын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бамбарын кодта, уӕларвон ныфс мын кӕй нӕй». Ӕфсымӕр Поггенси ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ нысӕнттӕй нал ахуыстой, фӕлӕ-иу уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыдысты.

Уыцы «тынг ахсджиаг рӕстӕг»-иу цы зиу уыд, уый фӕрцы Библииртасджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыди равдисын, Чырыстийы нывондӕн куыд тынг аргъ кӕны, уый. 1932 азы «Бюллетень» чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц, уымӕй уӕлдай ма рӕстдзинады хабар дӕр хъусын кӕной. 1934 азы «Бюллетень»-ы фыст уыд: «Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕм 1 000 ӕххуысгӕнӕг пионеры уыдзӕн?» Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй та «Информатор»-ы фыст уыд: «Сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг уыдзысты, Паддзахады тыххӕй куы хъусын кӕной, ӕрмӕстдӕр уӕд». Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ уыцы ныхӕстӕ зӕгъӕн уыд, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй дӕр *.

Харольд Кинг ахӕстоны Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй ныффыста ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ зарджытӕ

Йегъовӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр Ӕрымысӕн изӕр у афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар. Уыдон ӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, суанг зын уавӕрты куы вӕййынц, уӕд дӕр. 1930 азы Перл Инглиш ӕмӕ йӕ хо Орӕ Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ фӕцыдысты 80 километры бӕрц. Миссионер Харольд Кинг ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй куы бадт, уӕд Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй ныффыста ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ зарджытӕ, сау хъӕлӕрдзыйӕ ӕмӕ пырындзӕй та скодта Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ. Скӕсӕн Европӕйӕ суанг Централон Америкӕ ӕмӕ Африкӕмӕ хъӕбатыр чырыстӕттӕ Йесойы мӕлӕты бон бӕрӕг кодтой хӕсты рӕстӕг дӕр ӕмӕ-иу сӕ фӕдыл куы зылдысты, уӕд дӕр. Кӕмфӕнды ма уӕм ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы скадджын кӕнӕм.

^ 10 абз. «Бюллетень» фӕстӕдӕр схуыдтой «Информатор», ныр та хуыйны «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг».