Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЙЕСО ЧЫРЫСТИ АДӔМЫ ИРВӔЗЫН КӔНЫ. ЦӔМӔЙ?

Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинад. Дӕумӕ куыд хауынц?

Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинад. Дӕумӕ куыд хауынц?

«Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 16:31).

Ацы ныхӕстӕ Павел ӕмӕ Силӕ загътой ахӕстонгӕсӕн македойнаг горӕт Филиппты. Сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Цымӕ Йесойыл ӕууӕндын ирвӕзындзинадимӕ куыд баст у? Фыццаг уал базонӕм, адӕм мӕлын цӕмӕн райдыдтой. Ӕркӕсӕм, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

Адӕм хъуамӕ ма мардаиккой

«Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны, цӕмӕй йӕ куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид. Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау адӕймагӕн бафӕдзӕхста: „Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ“» (Райдиан 2:15–17).

Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны. Уый йедзаг уыди диссаджы алыхуызон цӕрӕгойтӕй ӕмӕ зайӕгойтӕй. Цы алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ дзы зади, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр Адамӕн йӕ бон уыди хӕрын. Ӕрмӕстдӕр ын иу бӕласӕй хӕрӕн нӕ уыд, ӕмӕ цӕуылнӕ, уый йын Йегъовӕ Хуыцау бӕлвырд бамбарын кодта. Бафӕдзӕхста йӕ, куы дзы бахӕра, уӕд кӕй амӕлдзӕн.

Цымӕ йын Адам йӕ ныхас бамбӕрста? Мӕлӕт цы у, уый зыдта, уымӕн ӕмӕ, цӕрӕгойтӕ куыд мардысты, уый уыдта. Адаммӕ дӕр мӕлӕт куы ӕнхъӕлмӕ кастаид, уӕд Хуыцауы фӕдзӕхст дзӕгъӕлы уыдаид. Адам ӕй хорз зыдта, Хуыцауы коммӕ куы кӕса ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй куы нӕ бахӕра, уӕд кӕй никуы амӕлдзӕн ӕмӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн.

Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы бӕлас амыдта ӕмуат ӕрцӕуынмӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыды раст нӕу, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн йӕхӕдӕг загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райдиан 1:28). Уӕдӕ Хуыцау Адамӕн кодта ӕцӕг бӕласы кой, схуыдта йӕ, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас». Уыцы бӕлас амыдта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис, уымӕ. Адам дзы куы нӕ бахордтаид, уӕд равдыстаид, коммӕгӕс кӕй у ӕмӕ йӕ чи сфӕлдыста ӕмӕ йӕ уыйбӕрц хорздзинӕдтӕй чи схайджын кодта, уымӕй бузныг кӕй у.

Адам амард, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста

«[Хуыцау] Адамӕн загъта: „Афтӕ [дын] цы бӕласӕй загътон, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уымӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ... [...] дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ“» (Райдиан 3:17, 19).

Адам бахордта, хӕрӕн ын кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй. Фӕлӕ уый гыццыл рӕдыд схонӕн нӕ уыди. Афтӕ кӕй бакодта, уымӕй рацыд Йегъовӕйы ныхмӕ. Ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ йын хорзӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдонӕн кӕй нӕ саргъ кодта. Уыцы дыргъ куы бахордта, уӕд Йегъовӕйӕ аздӕхт ӕмӕ равдыста, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын ӕй кӕй фӕнды. Уый стыр бӕллӕхтӕм ӕркодта.

Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, хабар афтӕ рауад – Адам фӕстагмӕ амард. Хуыцау Адамы скодта сыджытӕй ӕмӕ йын загъта, фӕстӕмӕ сыджытмӕ кӕй аздӕхдзӕн. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ Адам ӕндӕр буары кӕнӕ ӕндӕр ран цӕрын нӕ райдыдта. Цы сыджытӕй конд уыди, уым цард куыд нӕй, афтӕ йӕ мидӕг дӕр цард нал уыд (Райдиан 2:7; Екклесиаст 9:5, 10).

Мах мӕлӕм, Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй

«Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12).

Адам ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, ома тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уымӕн уыд тынг ӕвзӕр фӕстиуджытӕ. Тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй ӕнӕхай фӕци ӕнусон цардӕй, 70–80 азы цӕрӕнбонӕй нӕ, фӕлӕ. Уымӕй уӕлдай ма Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕххӕст адӕймаг нал уыди ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕнӕххӕстдзинад сӕ туджы хӕссын райдыдтой.

Не ’ппӕт дӕр стӕм Адамы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый нӕхи аххос нӕу. Не ’нӕххӕст буар тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй у, ӕмӕ фӕстагмӕ кӕй амӕлӕм, ууыл нӕ бар нӕ цӕуы. Цы уавӕры стӕм, уый хорз зыны апостол Павелы ныхӕстӕй: «Ӕз та дӕн ӕнӕххӕст, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн. Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» Уый фӕстӕ Павел йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ромӕгтӕм 7:14, 24, 25).

Йесо йӕ цард радта, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын

«Фыд йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй суыдаид дунейы Ирвӕзынгӕнӕг» (1 Иоанны 4:14).

Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна, тӕригъӕды аххосӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй ӕмӕ ӕнусон мӕлӕты тӕрхонӕй. Куыд? Хуыцау йӕ уарзӕгой Фырты зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймагӕй райгуырдаид. Фӕлӕ Адамӕй уӕлдай Йесо иу «тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта» (1 Петры 2:22). Ӕххӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты тӕрхон уымӕ нӕ хаудта, ӕмӕ, куыд ӕххӕст адӕймаг, афтӕ йӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын.

Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй знӕгтӕ Йесойы амардтаиккой. Ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ Йегъовӕ уӕларвон буары райгас кодта, ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕдӕр йӕ бон сси уӕлӕрвтӕм ацӕуын. Уӕлӕрвты Йесо йе ’ххӕст царды аргъимӕ йӕ Фыды раз ӕрлӕууыд, цӕмӕй та адӕмӕн ногӕй ныфс фӕзындаид, Адам йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уымӕй. Йегъовӕ уыцы нывонд айста ӕмӕ, Йесойыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат радта (Ромӕгтӕм 3:23, 24; 1 Иоанны 2:2).

Афтӕмӕй нын Йесо фӕстӕмӕ радта, Адамы аххосӕй ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уый. Йесо мах тыххӕй мӕлӕт бавзӕрста, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. Библийы фыст ис: «Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ... мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр» (Дзуттӕгтӕм 2:9).

Йегъовӕ афтӕ кӕй бакодта, уый бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куыд домынц, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕххӕст адӕм сӕхӕдӕг сӕхи никуы балхӕдтаиккой. Йегъовӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты йӕхӕдӕг никуы ахизы, фӕлӕ уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ стыр аргъ бафыста – йӕ Фырты радта адӕмы мӕлӕтӕй балхӕныны тыххӕй (Ромӕгтӕм 5:6–8).

Йесо мӕрдтӕй райгас, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр райгас уыдзысты

«Чырысти ӕцӕгдӕр райгас – чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг. Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:20–22).

Йесо Чырысти зӕххыл кӕй цард ӕмӕ кӕй амард, уый дызӕрдыггаг нӕу. Фӕлӕ цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, мӕрдтӕй кӕй райгас? Ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕй иу уый у, ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд цалдӕр хатты кӕй фӕзынд бирӕ адӕммӕ алыхуызон уавӕрты ӕмӕ алыхуызон бынӕтты. Иу хатт та фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ. Апостол Павел уый тыххӕй коринфӕгтӕм ныффыста, зӕгъгӕ, уыцы хабар чи федта, уыдонӕй чидӕртӕ нырма ӕгас сты. Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы адӕм цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уыдӕтты тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдысты (1 Коринфӕгтӕм 15:3–8).

Павел Чырыстийы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг, зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, фӕстӕдӕр иннӕтӕ дӕр кӕй райгас уыдзысты. Йесо загъта, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).

Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесойыл ӕууӕндӕм

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

Библийы фыццаг сыфтыл бакӕсӕн ис, адӕм мӕлын куы райдыдтой ӕмӕ Дзӕнӕтӕй ӕнӕхай куы фесты, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Йӕ фӕстаг сыфтыл та дзырд цӕуы, мӕлӕт куы нал уа ӕмӕ Хуыцау зӕххыл дзӕнӕт ногӕй куы сараза, уыцы рӕстӕгыл. Адӕм амондджын уыдзысты ӕмӕ сӕ цардӕн кӕрон никуы уыдзӕн. Раргомады 21:4 стихы фыст ис: «Мӕлӕт... нал уыдзӕн». Уыцы зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн нын фидар ныфс дӕттынц 5 стихы ныхӕстӕ: «Ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст». Йегъовӕ истӕмӕй ныфс куы бавӕры, уӕд ӕй ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст кӕны.

Уырны дӕ, «ацы дзырдтӕ... ӕцӕг ӕмӕ раст» кӕй сты, уый? Уӕд Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базон ӕмӕ дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссардзынӕ. Хуыцау дӕ йе стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕндзӕн абон дӕр, ӕмӕ дӕ ныфс уыдзӕн, мӕлӕт, маст, хъарӕг ӕмӕ рыст кӕм нал уыдзӕн, уыцы дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзынӕ.