Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ разындзынӕ?

Цӕттӕ разындзынӕ?

«Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (МАТФ. 25:13).

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл куыд бады ӕмӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ куыд кӕсы, уый. Йемӕ сты йӕ апостолтӕй цыппар – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн. Йесо сын дзуры, фидӕны цы диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕм уыдон та лӕмбынӕг хъусынц. Йӕ ныхӕстӕй базонӕн ис, ацы фыддунейы фӕстаг бонты, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы уа, уыцы рӕстӕг, цы цӕудзӕн, уый тыххӕй. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, уыцы ахсджиаг рӕстӕг зӕххыл йӕ номӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй архайдзӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл кӕй дӕтдзӕн (Матф. 24:45–47).

1, 2. а) Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы радзырдта? ӕ) Цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

2 Йесо фӕстаг бонты кой куы кодта, уӕд ма радзырдта фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй дӕр. (Бакӕс Матфейы 25:1–13.) Ацы статьяйы равзардзыстӕм ӕртӕ фарстайы: 1) Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у? 2) Сӕрст чырыстӕттӕ уыцы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ куыд архайынц ӕмӕ сын уый фӕрцы цы бантыст? 3) Абон махӕй алчидӕр Йесойы фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕны?

ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАСӔН ЙӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У?

3. Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕдыл-иу раздӕр нӕ литературӕйы цы фыст уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

3 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, ӕууӕнкджын цагъар фӕстаг азты Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕнын кӕй райдыдта. Ныр нын ӕууӕнкджын цагъар не ’ргом фылдӕр здахы, уыцы хабӕрттӕ цӕмӕ амонынц кӕнӕ фидӕны куыд хъуамӕ сӕххӕст уой, уымӕ нӕ, фӕлӕ дзы нӕ бон зондӕн райсын цы у, уымӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм, Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Раздӕр-иу нӕ литературӕйы фыст уыд, цырӕгътӕ, сой ӕмӕ дурынтӕ цӕмӕдӕр кӕнӕ кӕмӕдӕр кӕй амонынц. Фӕлӕ, не ’ргом лыстӕг хабӕрттӕм кӕй здӕхтам, уый тыххӕй, мыййаг, уыцы фӕсномыг ныхасы ахсджиаг хъуыды аууоны нӕ аззад? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын ӕнӕмӕнг у.

4. Кӕцӕй зонӕм, Йесойы фӕсномыг ныхасы: а) сиахс чи у, уый? ӕ) дӕс чызджы чи сты, уый?

4 Ӕркӕсӕм-ма, ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у, уымӕ. Фыццаг уал ахъуыды кӕнӕм, кӕй кой дзы цӕуы, уыдон кӕмӕ амонынц, ууыл. Сиахс чи у? Йесо Чырысти. Афтӕ зӕгъӕн уымӕн ис, ӕмӕ иухатт Йесо сиахсы тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕхи кой кодта (Лук. 5:34, 35). Чызджытӕ та кӕмӕ амонынц? Уыдон та сты сӕрст чырыстӕтты «гыццыл дзуг». Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ацы фӕсномыг ныхасы дӕс чызджы хъуамӕ сиахсы ’рбацыдмӕ цӕттӕ уыдаиккой, сӕ цырӕгътӕ сыгъдаиккой, афтӕмӕй. Ӕмӕ Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн дӕр загъта: «Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт, ӕмӕ ут, чындзӕхсӕвӕй йӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн» (Лук. 12:32, 35, 36). Стӕй апостол Павел дӕр сӕрст чырыстӕтты абарста ӕнӕцыд чызджытимӕ (2 Кор. 11:2). Уӕдӕ бӕрӕг у, Матфейы 25:1–13 стихты цы фӕсномыг ныхас фыст ис, уый фӕрцы Йесойы кӕй фӕндыд йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхсын.

5. Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхас цы рӕстӕгмӕ хауы, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

5 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо цы рӕстӕджы кой кодта, ууыл дӕр. Уый базонӕн ис, йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон цы загъта, уымӕй. Йесо загъта: «Сиахс ӕрбахӕццӕ» (Матф. 25:10). Ахуыргӕнӕн брошюрӕйӕ, «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», зӕгъгӕ, мах базыдтам, Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты фыст пехуымпарады аст хатты кӕй ис Йесойы ӕрцыды кой. Ӕмӕ дзы алы ран дӕр дзырд цӕуы, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕг ацы фыддунейӕн стӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ фесафынмӕ куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Уӕдӕ нӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ, Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый хауы фӕстаг бонтӕм, уыцы фӕсномыг ныхасы кӕрон цы хабӕртты кой ис, уыдон та – стыр бӕллӕхы рӕстӕгмӕ.

6. Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у?

6 Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Библийы уый размӕ цы фыст ис, уый. Матфейы 24 сӕры Йесо дзырдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын» цагъары тыххӕй. Уыцы цагъар хъуамӕ уыдаид сӕрст нӕлгоймӕгты гыццыл къорд, фӕстаг бонты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн разамынд чи лӕвӕрдтаид, уый. Йесо бамбарын кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ кӕронмӕ иузӕрдион кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Матфейы 25 сӕры та Йесо, дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы бафӕдзӕхста, фӕстаг бонты чи цардаид, уыцы сӕрст чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр. Уыдон хъуамӕ «ма бафынӕй уыдаиккой», цӕмӕй сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуыдаиккой (Матф. 25:13). Цӕй уӕдӕ ныр ацы фӕсномыг ныхас лӕмбынӕгдӕр равзарӕм ӕмӕ базонӕм, сӕрст чырыстӕттӕ уыцы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ куыд архайынц, уый.

СӔРСТ ЧЫРЫСТӔТТӔ ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАСМӔ ГӔСГӔ КУЫД АРХАЙЫНЦ?

7, 8. а) Зондджын чызджытӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы разындысты? ӕ) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ цӕттӕ сты?

7 Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы бамбарын кодта, ӕнӕзонд чызджытӕй уӕлдай, зондджын чызджытӕ сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ кӕй разындысты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ рагацау сӕхи бацӕттӕ кодтой ӕмӕ уыдысты къӕрцхъус. Уыцы дӕс чызджы се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ма бафынӕй уыдаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сӕ цырӕгътӕ ахуыссын ма бауагътаиккой. Ӕнӕзонд чызджытӕй уӕлдай, фондз зондджын чызджы сӕ цырӕгътимӕ дурынты рахастой сой дӕр, ӕмӕ уый руаджы уыдысты цӕттӕ. Цымӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ дӕр Йесойы ӕрцыдмӕ цӕттӕ разындысты?

8 О, сӕрст чырыстӕттӕ дӕр цӕттӕ сты сӕ хӕслӕвӕрд кӕронмӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыдон ӕмбарынц: цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕхи фӕцух кӕной, Хӕйрӕджы дунейы адӕймагӕн ӕнӕмӕтӕй цӕрынӕн цы фадӕттӕ ис, уыдонӕй. Фӕлӕ уыдонӕн уӕддӕр сӕ фидар фӕнд у Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ кӕрон ӕввахс у, фӕлӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ Фырты дӕр кӕй уарзынц, уый тыххӕй. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхи хъахъхъӕнынц ацы дунейы ӕхцауарзаг, ӕнӕгъдау ӕмӕ хиуарзон зондахастӕй, ӕмӕ уый фӕрцы сты ӕнаипп. Зондджын чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ ахуыссын кӕнын куыд нӕ бауагътой ӕмӕ цӕттӕ куыд уыдысты, афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ рухсгӕнӕнтау ӕрттивынц ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Сиахсы ’рцыдмӕ, кӕд афтӕ зыны, ӕмӕ фӕстиат кӕны, уӕддӕр (Фил. 2:15).

9. а) Йесо дӕс чызджы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, «се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Сӕрст чырыстӕттӕ, сиахс кӕй ӕрбацӕуы, уый куы бамбӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд архайынц? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

9 Зондджын чызджытӕ ма сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ разындысты, къӕрцхъус кӕй уыдысты, уый фӕрцы дӕр. Фӕлӕ Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы загъта, сиахс куы нал ӕмӕ куы нал зынди, уӕд дӕс чызгӕй алкӕуылдӕр хуыссӕг кӕй фӕтых ӕмӕ кӕй ӕрфынӕй сты. Ӕмӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй дӕр исчи «ӕрфынӕй уа», ома, Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты аздаха? О, ис уый гӕнӕн. Йесо зыдта, йе ’рцыдмӕ йын тынг чи бӕллы, уымӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ къӕрцхъус мауал уа. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй ма бафынӕй уой. Ома куыд? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, чидӕр куы ныхъхъӕр кодта, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, уӕд чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты. Фӕлӕ дзы цӕттӕ разындысты ӕрмӕстдӕр зондджын чызджытӕ (Матф. 25:5, 6; 26:41). Раст афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр фӕстаг бонты, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, куы фехъуыстой, уӕд «фестадысты». Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ бамбӕрстой, Йесо тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йе ’рцыдмӕ цӕттӕ сты *. Цӕй ӕмӕ ныр та ӕркӕсӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон кӕй тыххӕй загъта ӕмӕ бӕлвырд рӕстӕгмӕ чи хауы, уыцы хабӕрттӕм.

ЗОНДДЖЫНТӔ ХОРЗӔХДЖЫН ӔРЦЫДЫСТЫ, ӔНӔЗӔНДТӔ ТА ӔФХӔРД БАЙЙӔФТОЙ

10. Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты ныхасы фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры?

10 Фӕсномыг ныхасы кӕрон ӕнӕзонд чызджытӕ зондджын чызджытӕй сӕ цырӕгътӕн сой ракуырдтой, фӕлӕ сын уыдон нӕ радтой. (Бакӕс Матфейы 25:8, 9.) Фӕлӕ ӕвзӕры фарста: сӕрст чырыстӕттӕ, ӕххуыс сӕ чи кура, уыдонӕн цӕуылнӕ баххуыс кӕндзысты? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, ацы фӕсномыг ныхас цы рӕстӕгмӕ хауы, уый. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо, ома Сиахс, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцӕудзӕн стыр бӕллӕхы кӕронмӕ ’ввахс. Уӕдӕ чызджыты ’хсӕн цы ныхас рауад, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, уыцы тӕрхоны хӕдразмӕ цы ’рцӕудзӕн, уымӕ. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уӕдмӕ сӕрст чырыстӕттыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн фӕстаг мыхуыр.

11. а) Стыр бӕллӕхы хӕдразмӕ цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Зондджын чызджытӕ ӕнӕзонд чызджыты сой ӕлхӕнынмӕ кӕй арвыстой, уый цӕуыл дзурӕг у?

11 Уӕдӕ стыр бӕллӕхы райдианы размӕ, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн (Рарг. 7:1–4). Ӕмӕ уӕд фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты, уый. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, стыр бӕллӕх куы нӕма райдайа, уыцы рӕстӕгыл. Къӕрцхъус чи нал уа ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сива, уыцы сӕрст чырыстӕттыл цы ’рцӕудзӕн? Уӕларвон хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты ӕмӕ сыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд нал ӕрцӕудзӕн. Стыр бӕллӕхы райдианмӕ уыдоны бӕсты сӕрст ӕрцӕудзысты ӕндӕр иузӕрдион чырыстӕттӕ. Ӕмӕ Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд уыцы чырыстӕттӕ, чи зоны, арвыцӕфау фӕуой. Чи зоны, ӕрмӕстдӕр уӕд бамбарой, Сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ кӕй не сты, уый. Цымӕ уыцы рӕстӕг ӕххуыс куы ракурой, уӕд сӕ хабар куыд уыдзӕн? Уый базонӕн ис Йесойы фӕсномыг ныхасӕй. Зондджын чызджытӕ ӕнӕзонд чызджытӕн сӕ сойӕ нӕ радтой ӕмӕ сӕ уӕйгӕнджытӕм арвыстой. Фӕлӕ «ӕмбисӕхсӕв» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын сой чи рауӕй кодтаид, ахӕм ничи уыд. Байрӕджы сын!

12. а) Сӕрст чи уыд, фӕлӕ йыл цалынмӕ фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдонӕн ма стыр бӕллӕхы рӕстӕг баххуыс кӕнӕн уыдзӕн? ӕ) Ӕнӕзонд чызджыты хуызӕн чи разына, уыдонӕн сӕ хабар куыд рауайдзӕн?

12 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон нӕ уыдзӕн, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдонӕй искӕмӕн баххуыс кӕнын. Уӕд ӕрӕгмӕ уыдзӕн. Уӕдӕ ахӕм адӕймӕгтӕн сӕ хабар куыд рауайдзӕн? Дӕ хъус-ма ’рдар, сой ӕлхӕнынмӕ чи ацыд, уыцы ӕнӕзонд чызджытӕн сӕ хабар куыд рауад, уымӕ. Йесо загъта: «Сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд». Стыр бӕллӕхы кӕронмӕ ’ввахс Йесо кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты уӕларвмӕ акӕндзӕн (Матф. 24:31; 25:10; Иоан. 14:1–3; 1 Фес. 4:17). Иузӕрдион чи нӕ разына, уыдоныл та «дуар ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн». Ӕмӕ, чи зоны, уыцы ӕнӕзонд чызджытау дзурой: «Сиахс, сиахс, дуар нын бакӕн!» Фӕлӕ сын Йесо зӕгъдзӕн: «Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын» (Матф. 7:21–23; 25:11, 12).

13. а) Афтӕ хъуыды кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ иузӕрдион нӕ разындзысты? ӕ) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

13 Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ иузӕрдион нӕ разындзысты ӕмӕ сӕ бӕсты ӕндӕрты хъӕудзӕн равзарын? Нӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Матфейы 24 сӕры Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй фыдзӕрдӕ цагъар ма суыдаид. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ӕцӕгдӕр хъуамӕ афтӕ рауадаид. Уӕдӕ дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхас дӕр уымӕн радзырдта, цӕмӕй йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхстаид. Дӕс чызгӕй фондз ӕнӕзонд кӕй разындысты, фондз та – зондджын, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн се ’мбис иузӕрдион нӕ разындзысты. Уый ӕрмӕстдӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, иузӕрдион уыдзӕн ӕви нӕ. Апостол Павел дӕр йӕ сӕрст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый кой кодта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:4–9; абар Дыккаг закъон 30:19.) Кӕд Павел семӕ ӕргом дзырдта, уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты, ууыл. Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, уый дӕр сӕрст чырыстӕттыл афтӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. Йесо зоны, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ диссаджы хӕрзиуӕг райсын!

ЧЫРЫСТИЙЫ «ӔНДӔР ФЫСТӔ» ДЗЫ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНЫНЦ?

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй «ӕндӕр фыстӕ» дӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕнынц?

14 Йесойы фӕсномыг ныхас хауы сӕрст чырыстӕттӕм. Фӕлӕ дзы цымӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр истӕуыл ахуыр кӕнынц? (Иоан. 10:16). Куыннӕ! Уыцы фӕсномыг ныхасӕн йӕ сӕйраг хъуыды у бӕлвырд: «Ма бафынӕй ут». Ӕмӕ Йесо иухатт афтӕ загъта: «Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: ма бафынӕй ут!» (Мар. 13:37). Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр уой цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус. Ӕмӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у сӕрст чырыстӕтты фӕзмын ӕмӕ уыдонау Хуыцауы хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, ӕнӕзонд чызджытӕ зондджын чызджытӕй сой кӕй куырдтой, уый дӕр. Сой сын кӕй нӕ радтой, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, мах бӕсты иузӕрдион, цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус кӕй ничи уыдзӕн. Алчидӕр нӕ йӕхӕдӕг ратдзӕн дзуапп Йегъовӕйы ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг Йесо Чырыстийӕн. Уыцы раст Тӕрхонгӕнӕг ӕрцӕудзӕн тынг тагъд, ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уӕм!

Нӕ бӕсты къӕрцхъус ӕмӕ иузӕрдион ничи уыдзӕн

15. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр Йесойы ӕмӕ йӕ чындзаджы чындзӕхсӕвмӕ зӕрдиагӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

15 Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Йесойы фӕсномыг ныхасы цы чындзӕхсӕвы кой ис, уымӕ. Фидӕны, Армагеддоны хӕсты фӕстӕ, сӕрст чырыстӕтты къорд суыдзӕн Йесойы чындзаг (Рарг. 19:7–9). Уӕд уӕлӕрвты цы чындзӕхсӕв уыдзӕн, уый пайда ӕрхӕсдзӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕра, уыдонӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн фӕзындзӕн ӕппӕты хуыздӕр хицауад. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл,– хъуамӕ цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус уӕм. Ӕмӕ уӕд фидӕны схайджын уыдзыстӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы диссаджы цардӕй ӕвӕры, уымӕй!

^ 9 абз. Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, куы ныхъхъӕр кодтой (6 стих), уӕдӕй, сиахс куы ’рбацыд, уӕдмӕ (10 стих) рацыд цасдӕр рӕстӕг. Фӕстаг бонты дӕргъы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Чырысти кӕй «ӕрбацӕуы», ома Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй сси. Фӕлӕ уӕддӕр, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уой.