Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Раздӕр-иу нӕ литературӕйы арӕх уыд, Библийӕ кӕцыдӕр хабӕрттӕ фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амыдтой, уый кой. Фӕлӕ фӕстаг азты уый кой стӕм хатт вӕййы. Цӕмӕн?

1950 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, иуӕй-иу хатт Библийы цавӕрдӕр адӕймаг, цавӕрдӕр хабар кӕнӕ цавӕрдӕр дзаума фидӕны стырдӕр цӕмӕдӕр кӕй фӕамоны. Раздӕр-иу нӕ литературӕйы фыст уыд, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Деворӕ, Елиуй, Йеффай, Иов, Раав, Ревеккӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ, сӕрст чырыстӕттӕм кӕнӕ «тынг бирӕ адӕммӕ» кӕй амыдтой (Рарг. 7:9). Зӕгъӕм, куыд хъуыды кодтам, афтӕмӕй Йеффай, Иов ӕмӕ Ревеккӕ амыдтой сӕрст чырыстӕттӕм, Деворӕ ӕмӕ Раав та – тынг бирӕ адӕммӕ. Фӕлӕ фӕстаг азты ахӕм абарстытӕ нал фӕкӕнӕм. Цӕуылнӕ?

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библи йӕхӕдӕг ӕргом кӕны, цы адӕймӕгты кой дзы ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фидӕны ӕндӕр кӕмӕдӕр кӕй амыдтой. Зӕгъӕм, Галатӕгтӕм 4:21–31 апостол Павел ныффыста, «фӕсномыг хъуыды» кӕмӕн ис, ахӕм хабары тыххӕй. Уыцы хабар баст у дыууӕ сылгоймагимӕ. Уыцы сылгоймӕгтӕй иу у Агар, Авраамы цагъар-сылгоймаг. Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Агар амыдта Израилы адӕммӕ, Йегъовӕимӕ Моисейы закъоны руаджы баст чи уыд, уыцы адӕммӕ. Иннӕ сылгоймаг та у Авраамы бинойнаг Саррӕ, «сӕрибар сылгоймаг». Ӕмӕ Саррӕ та амыдта Хуыцауы бинойнагмӕ, ома Хуыцауы организацийы уӕларвон хаймӕ. Павел ма фыста, паддзах ӕмӕ сауджын Мелхиседек ӕмӕ Йесо Чырысти ӕмхуызон цӕмӕй сты, уый тыххӕй дӕр (Дзут. 6:20; 7:1–3). Стӕй ма Павел Исайы ӕмӕ йӕ фыртты абарста Йесоимӕ ӕмӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытимӕ (Дзут. 2:13, 14). Павел фыста Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, цы абарстытӕ скодта, уыдон раст кӕй сты.

ФИДӔНЫ ЦӔМӔДӔР АМЫДТА

Израилӕгтӕ-иу Куадзӕны нывондӕн цы уӕрыкк ӕрхастой, уый фидӕны цӕмӕдӕр амыдта (Ным. 9:2).

ЦӔМӔ АМЫДТА, УЫЙ

Павел загъта, Чырысти «нӕ Куадзӕны уӕрыкк» кӕй у (1 Кор. 5:7).

Фӕлӕ кӕд Библийӕ бӕрӕг вӕййы, цавӕрдӕр адӕймаг фидӕны ӕндӕр кӕмӕдӕр кӕй амоны, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы адӕймаджы царды алы лыстӕг хабар дӕр фидӕны цӕмӕдӕр амоны. Зӕгъӕм, Павел бамбарын кодта, Мелхиседек Йесомӕ кӕй амоны. Фӕлӕ, Авраам цыппар паддзахыл куы фӕуӕлахиз, уӕд ын Мелхиседек йӕ размӕ дзул ӕмӕ сӕн кӕй рахаста, уыцы хабары тыххӕй Павел ницы загъта. Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы хабар цӕмӕдӕр амыдта (Райд. 14:1, 18).

Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ ӕнусты дӕргъы иуӕй-иу фысджытӕ тынг рӕдыдысты – Библийы фыст хабӕрттӕй алкӕцыйы дӕр агуырдтой, фидӕны цӕмӕ амыдта, уый. Ориген, Амвросий ӕмӕ Иероним цӕуыл ахуыр кодтой, уый тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Уыдон-иу Библийы фыст хабӕртты, цыфӕнды хуымӕтӕг хабӕрттӕ ма уыдаиккой, уӕддӕр, агуырдтой (ӕмӕ-иу ссардтой), фидӕны цӕмӕ амыдтаиккой, уый. Ӕппӕты гыццыл ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыддаджы тыххӕй дӕр афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ дзы цавӕрдӕр [сусӕг] хъуыды ӕмбӕхст ис». Зӕгъӕм, Йесо Чырысти куы райгас ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, кӕсаг ахсынмӕ куы уыдысты, уыцы ’хсӕв куы фӕзынд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцахстой 153 кӕсаджы. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы энциклопедийы фыст ис: «Суанг уыцы кӕсӕгты нымӕцы дӕр агуырдтой цавӕрдӕр арф хъуыды – цӕмӕ амоны, уый ма куыд не ’мбарын кодтой, ахӕм нал баззад!» (The International Standard Bible Encyclopaedia).

Йесо 5 000 адӕймаджы хъӕбӕрхорӕй конд фондз дзулӕй ӕмӕ дыууӕ кӕсагӕй кӕй бафсӕста, уыцы хъуыддаг цӕмӕдӕр кӕй амоны, уый тыххӕй та фыста ӕндӕр фыссӕг, Августин, зӕгъгӕ. Августин фыста, зӕгъгӕ, хъӕбӕрхорӕй конд фондз дзулы амонынц Библийы фыццаг фондз чиныгмӕ. Ӕмӕ, дам, хъӕбӕрхор мӕнӕуы хуызӕн кадджын хор кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ «Рагон Фӕдзӕхст» дӕр «Ног Фӕдзӕхсты» хуызӕн кадджын нӕу. Дыууӕ кӕсаджы тыххӕй та цӕмӕдӕр гӕсгӕ фыста, зӕгъгӕ, уыдон амонынц паддзахмӕ ӕмӕ сауджынмӕ. Ӕндӕр ахуыргонд та фыста, Иаков Исавӕй хистӕр фырты бартӕ кӕй балхӕдта, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, сырх хъӕрмхуыпп амоны, Йесо Чырысти йӕ сырх тугӕй адӕмӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕй балхӕдта, уымӕ!

Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, ахӕм цӕуылдӕрты куыд ис ӕууӕндӕн, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбарыс, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый. Библийы цавӕрдӕр хабар фидӕны цӕмӕдӕр амоны ӕви нӕ, уый адӕмӕн сӕхи бон нӕу базонын. Уӕдӕ нын Фыстад йӕхӕдӕг куы ’ргом кӕна, цавӕрдӕр адӕймаг, хабар кӕнӕ дзаума фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амоны, уӕд ууыл сразы уыдзыстӕм. Фӕлӕ Фыстады уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд махӕн дӕр нӕ бон нӕу зӕгъын, Библийы кӕцыдӕр адӕймаг кӕнӕ цавӕрдӕр хабар фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амоны.

Уӕдӕ нӕ бон куыд у Библийы фыст хабӕрттӕй ахуыр кӕнын? Апостол Павел загъта: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Павел фыста, фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм ӕмӕ сын ӕмбарын кодта, Фыстады цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй сӕ бон ахуыр кӕнын куыд у, уый. Фӕлӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр,– раздӕр чи цард ӕмӕ «фӕстаг бонты» чи цӕры, уыдонӕн дӕр, стӕй сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» дӕр,– сӕ бон у ахуыр кӕнын, «раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уымӕй» (Иоан. 10:16; 2 Тим. 3:1).

Библийы фыст хабӕрттӕн сӕ фылдӕр ӕрмӕст иу кӕцыдӕр рӕстӕгмӕ кӕнӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрмӕст иу кӕцыдӕр къордмӕ, зӕгъӕм, сӕрст чырыстӕттӕм кӕнӕ «ӕндӕр фыстӕм», нӕ хауынц. Уыцы хабӕрттӕй сӕ бон у ахуыр кӕнын Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр, раздӕр чи цард, уыдонӕн дӕр ӕмӕ ныр чи цӕры, уыдонӕн дӕр. Зӕгъӕм, Иовы хъизӕмӕрттӕ нӕй ахӕссӕн, сӕрст чырыстӕттӕ Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, ӕрмӕст уыдонмӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр, фӕхъизӕмар кӕнынц, Иов куыд хъизӕмар кодта, афтӕ. Ӕмӕ Иовы хабар кӕй зонынц, уый сын у стыр ӕххуыс. Уыдон зонынц, «Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый» ӕмӕ «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у», уый дӕр (Иак. 5:11).

Абон не ’мбырдты бирӕ ис Деворӕйы хуызӕн иузӕрдион хистӕр хотӕ ӕмӕ Елиуйы хуызӕн ӕмбаргӕ ӕрыгон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Стӕй ма нӕм бирӕ ис Йеффайы хуызӕн зынгзӕрдӕ пионертӕ ӕмӕ, Иовау фӕразон чи у, ахӕм иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ стыр бузныг стӕм, «раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый» абон махӕн дӕр нӕ бон кӕй у кӕсын, цӕмӕй нӕ, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс»!

Уӕдӕ хабар афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах ууыл нӕ архайӕм, цӕмӕй Библийы фыст хабӕрттӕй алкӕцыйы дӕр цавӕрдӕр фӕсномыг хъуыды ссарӕм кӕнӕ, фидӕны цӕмӕ амоны, уый базонӕм. Фӕстаг азты нӕ литературӕйы дзырд фылдӕр фӕцӕуы, Библийы фыст хабӕрттӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у, ууыл.