Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цард баиу кӕн «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ». Уымӕн ма гӕнӕн ис?

Дӕ цард баиу кӕн «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ». Уымӕн ма гӕнӕн ис?

«Ӕмбырды мӕхицӕн цардӕмбал ссарын мӕ бон нӕу, ӕмӕ тӕрсын, иунӕгӕй куы базӕронд уон».

«Ацы дунейы иуӕй-иу лӕппутӕ сты хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. Мӕ дины ныхмӕ никуы фӕдзурынц, ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма иуӕй-иу ӕфсымӕртӕй хуыздӕр сты».

Афтӕ фӕзӕгъынц, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Уыдон зонынц, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ цард баиу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ (1 Кор. 7:39). Фӕлӕ цымӕ уӕд ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн фӕзӕгъынц?

ЦӔМӔН ФӔДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ?

Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ахӕм ныхӕстӕ фӕзӕгъынц, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ организацийы хотӕ ӕфсымӕртӕй фылдӕр сты. Ӕмӕ бирӕ бӕстӕты хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у. Зӕгъӕм, Корейы, йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕй 57 проценты сты хотӕ, 43 проценты та – ӕфсымӕртӕ. Колумбийы та хотӕ сты 66 проценты, ӕфсымӕртӕ та – 34 проценты.

Иуӕй-иу бӕстӕты, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыцы ныййарджытӕ, сӕ чызджытӕ куы фӕмой кӕнынц, уӕд ирӕдӕн фӕдомынц бирӕ ӕхца кӕнӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алкӕй бон нӕ вӕййы ахӕм лӕвӕрттӕ скӕнын. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хотӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц, чырыстӕтты ’хсӕн искуы цардӕмбал ссардзысты ӕви нӕ, ууыл *.

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔУУӔНДЫН ӔНӔМӔНГ У

Кӕд дӕм искуы ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд зон, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй зоны ӕмӕ кӕй ӕмбары, куыд зын дын у, уый (2 Аз. 6:29, 30).

Библийы нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ цард баиу кӕнӕм, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй рахӕссӕм, масты хос нын чи фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕнамонд кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕ. Неемийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ куырдтой, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм сылгоймӕгты. Уымӕ гӕсгӕ сын Нееми сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Соломоны хабар куыд рауад, уый. «Хуыцау... [Соломоны] уарзта, ӕмӕ йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ уый дӕр, йӕхицӕн иннӕ адӕмтӕй цы устытӕ ӕрхаста, уыдон тӕригъӕды бафтыдтой» (Неем. 13:23–26). Йегъовӕ зоны, йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ӕмӕ чырыстӕтты дӕр уымӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ цард баиу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ (Пс. 19:7–10; Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ дзы мах тынг бузныг стӕм, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нын разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд февдисӕм, нӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нын амона, куыд цӕргӕ нын у, уый (Ӕмб. 1:5).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу нӕ фӕнды, цӕмӕй «уӕззау ӕфсондзы» бын фӕуай, ома дӕ цард баиу кӕнай, Йегъовӕйӕ кӕй тыххӕй адард уыдзынӕ, ахӕм адӕймагимӕ (2 Кор. 6:14). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ адӕмӕн алкӕддӕр уыдысты стыр ӕххуыс. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсынц, ӕмӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, уый ӕппӕты растдӕр кӕй у. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ Йегъовӕмӕ нӕ байхъусынц.

НӔ РӔСТӔДЖЫ ДӔР УЫМӔН ГӔНӔН ИС

Австралийӕ иу хо, Мэгги *, зӕгъгӕ, ӕмбӕлын райдыдта, Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм лӕппуимӕ. Мэгги загъта: «Цӕмӕй-иу мӕ рӕстӕг йемӕ арвыстаин, уый тыххӕй-иу арӕх ӕмбырдтӕ фӕцух кодтон. Мӕ уырнындзинад тынг тагъд ӕрлӕмӕгъ». Индийӕ дӕр иу чызг, Ратанӕ, зӕгъгӕ, райдыдта йе ’мкъласонимӕ ӕмбӕлын. Уыцы лӕппу Библи ахуыр кодта, фӕлӕ фӕстӕдӕр рабӕрӕг, Библи ахуыр кӕнын ӕрмӕстдӕр Ратанӕйы тыххӕй кӕй райдыдта. Ӕппынфӕстаг Ратанӕ рӕстдзинад ныууагъта ӕмӕ уыцы лӕппумӕ смой кӕныны тыххӕй ӕндӕр диныл ныххӕцыд.

Нденкей у Камерунӕй. 19 азы йыл куы цыд, уӕд смой кодта, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм лӕппумӕ. Сӕ чындзӕхсӕвы размӕ йын лӕппу зӕрдӕ бавӕрдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй кӕй нӕ хъыгдардзӕн. Фӕлӕ чындзӕхсӕвӕй дыууӕ къуырийы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ йын загъта, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕй кӕй нал уадзы. Нденкей загъта: «Уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма иунӕгӕй аззадтӕн, ӕмӕ фӕкуыдтон. Бамбӕрстон, мӕ цардыл мӕ бар кӕй нал цӕуы. Ахӕм къахдзӕф кӕй сарӕзтон, ууыл тынг фӕсмон кодтон».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу чырыстӕттӕн се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕ сты. Фӕлӕ дӕ цард ӕнӕуырнӕгимӕ куы баиу кӕнай ӕмӕ хорз адӕймаг куы разына, уӕддӕр-ма ахъуыды кӕн: уыцы хъуыддаг, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн? Хуыцау дын дӕхи пайдайӕн цы фӕдзӕхст радта, уымӕ кӕй нӕ байхъуыстай, уый зонгӕйӕ дӕхи куыд ӕнкъардзынӕ? Ӕппӕты ахсджиагдӕр та, афтӕ куы бакӕнай, уӕд уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн? (Ӕмб. 1:33).

Ӕгас зӕххыл дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ чи байхъуыста ӕмӕ йӕ цард «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ» чи баиу кодта, уыдон ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнынц. Йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыдонӕн сӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕной, сӕ цард йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ кӕй баиу кӕндзысты, уымӕй. Японийӕ иу хо, Мичико, зӕгъгӕ, йӕхицӕн фидарӕй загъта, уыцы хъуыддаджы Хуыцауы коммӕ кӕй бакӕсдзӕн, кӕд ын йӕ хиуӕттӕ дзырдтой, цӕмӕй ӕнӕуырнӕгмӕ смой кодтаид, уӕддӕр. Йӕ зыныл ма йын зын уый дӕр ӕфтыдта, ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ зонгӕтӕй чидӕртӕ ӕмбырды сӕхицӕн цардӕмбӕлттӕ ссардтой, уый та – нӕ. Мичико загъта: «Мӕхицӕн-иу дзырдтон, зӕгъын, кӕд Йегъовӕ „амондджын Хуыцау“ у, уӕд дӕ амонд, бинонтӕ дын ис ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Фидарӕй ма зыдтон уый дӕр, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Уӕдӕ кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй йын бинонтӕ уа, фӕлӕ цардӕмбал нӕ ары, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, иунӕгӕй уал куы уа» (1 Тим. 1:11). Цасдӕры фӕстӕ Мичико замманай ӕфсымӕрмӕ смой кодта, ӕмӕ тынг амондджын у, йӕ рӕстӕджы кӕй нӕ фӕтагъд кодта, уый тыххӕй.

Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ дӕр бинонтӕ не скодтой, цалынмӕ, хорз цардӕмбал сын чи уыдаид, ахӕм адӕймаджы не ссардтой, уӕдмӕ. Зӕгъӕм, Австралийӕ иу ӕфсымӕр, Билл, зӕгъгӕ, радзырдта, йӕ зӕрдӕмӕ-иу кӕй фӕцыдысты, ӕмбырдӕй чи нӕ уыд, ахӕм сылгоймӕгтӕ. Фӕлӕ Билл архайдта, цӕмӕй-иу семӕ ма балымӕн уыдаид. Цӕмӕн? Уый йӕ зӕрдыл дардта Павелы фӕдзӕхст, «уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сарӕзтаид. Хотӕй дӕр-иу йӕ зӕрдӕмӕ чидӕртӕ фӕцыд, фӕлӕ-иу Билл уыдоны зӕрдӕмӕ нӕ цыди. Билл 30 азы фенхъӕлмӕ каст, цалынмӕ йын иухуызон нысӕнттӕ кӕимӕ уыди, ахӕм хойы не ссардта, уӕдмӕ. Билл дзуры: «Мӕ бинойнагимӕ иумӕ уацамынды фӕцӕуӕм, иумӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм. Уый стыр арфӕдзинад у. Ӕхсызгон ма мын вӕййы мӕ бинойнаджы ӕмбӕлттимӕ иумӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Мах нӕ бинонты царды мӕсыг фидар кӕнӕм Библийы уагӕвӕрдты руаджы».

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСГӔЙӔ

Ӕмӕ, зӕгъӕм, ацы хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтай, уӕд дӕхӕдӕг та цы хъуамӕ аразай? Дӕ бон у, ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнай, ныронг дын бинонтӕ цӕуылнӕ ис, ууыл. Кӕд хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ хъусыс, зӕгъгӕ, дӕ цард баиу кӕн, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр уыимӕ, уӕд дӕ фидар ныфс уӕд, Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕ кӕй рухс кӕны (1 Сам. 15:22; Ӕмб. 27:11). Стӕй ма дӕ бон у дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын дӕ зӕрдӕ ӕргом кӕнын (Пс. 62:8). Фӕлварӕнты рӕстӕг-иу фидар куы фӕлӕууай ӕмӕ-иу дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл куы нӕ ацӕуай, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй дӕ, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, стӕй дӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый цух дӕр дӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Хуыцау цардӕмбалӕй зӕрдӕ никӕмӕн ӕвӕры. Фӕлӕ кӕд ӕнӕ цардӕмбалӕй дӕ бон нӕу, уӕд дын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн (Пс. 145:16; Матф. 6:32).

Хатт ды дӕр, чи зоны, вӕййыс, Давид цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры. Давид загъта: «Фӕтагъд кӕн, о Йегъовӕ, дзуапп мын ратт, мӕ уды бон нал у. Ма мӕ бамбӕхс дӕ цӕсгом» (Пс. 143:5–7, 10). Дӕ ныфс асӕттын ма бауадз. Йегъовӕйӕн уый фадат ратт, цӕмӕй равдиса, дӕу тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Йегъовӕйы хъӕлӕсмӕ хъус, ома Библи кӕс ӕмӕ-иу цы бакӕсыс, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Уый фӕрцы зондзынӕ, Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уый. Куы йӕм хъусай, уӕд дӕ фидар фӕнд уыдзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ коммӕ кӕсай.

Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕ ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр тынг зынаргъ сты!

Цы ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цардӕй райгонд уай, цалынмӕ дын бинонтӕ нӕй, уӕдмӕ? Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ йыл иузӕрдион у. Архай, цӕмӕй дӕхицӕн хорз ном скӕнай, цӕмӕй уай рӕдау, ӕнӕзивӕг ӕмӕ ӕнцондзырд. Ацы миниуджытӕ бинонты амондджын цардӕн ӕнӕмӕнг сты (Райд. 24:16–21; Руф 1:16, 17; 2:6, 7, 11; Ӕмб. 31:10–27). Фыццаджыдӕр агур Хуыцауы Паддзахад – уацамынды ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архай. Уый руаджы рӕдыд къахдзӕфтӕй хызт уыдзынӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр Билл, ӕнӕ бинонтӕй цы рӕстӕг цард, уый тыххӕй загъта: «Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйӕн пионерӕй кӕй лӕггад кодтон, уый фӕрцы, азтӕ куыд атахтысты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон!»

Уӕдӕ нӕ рӕстӕджы дӕр уый гӕнӕн ис, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йӕ цард баиу кӕна, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст уыимӕ. Уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд Йегъовӕйы дӕр кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр амондджын уыдзыстӕм. Библи зӕгъы: «Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, йӕ фӕдзӕхстытӕ стыр циндзинад кӕмӕн хӕссынц, уыцы адӕймаг. [...] Йӕ хӕдзары – хорздзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад. Йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм» (Пс. 112:1, 3). Уӕдӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ хъус, ӕмӕ дӕ цард баиу кӕн, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр уыимӕ.

^ 7 абз. Ацы статьяйы ныхас сӕйраджыдӕр цӕудзӕн хотыл, фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон хауынц ӕфсымӕртӕм дӕр.

^ 13 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.