Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

«МӔ ФЫРТЫ мын кӕй ацух кодтой, уый ӕмбырды куы фехъусын кодтой, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мыл дуне баталынг,– радзырдта Хулиан.– Уый мӕ хистӕр сывӕллон у, ӕмӕ тынг ӕнгом уыдыстӕм, стӕй иумӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзтам. Хорз фырт уыди, фӕлӕ стӕй, чырыстонӕн куыд не ’мбӕлы, йӕхи афтӕ дарын райдыдта. Мӕ бинойнаг ӕдзухдӕр кӕугӕ кодта, ӕмӕ йӕ куыд ӕрсабыр кодтаин, уый нал зыдтон. Хъуыды-иу кодтам, кӕд, мыййаг, нӕхӕдӕг цыдӕр раст нӕ арӕзтам, зӕгъгӕ».

Цымӕ афтӕ зӕгъӕн куыд ис, ӕмӕ, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый уарзондзинадыл дзурӕг у, кӕд ӕмӕ уыцы хабар стыр маст ӕрхӕссы? Фыстадмӕ гӕсгӕ ахӕм мадзал раст цӕмӕн у? Цымӕ адӕймаджы ӕмбырдӕй цӕй тыххӕй ацух кӕнынц?

АДӔЙМАДЖЫ ЦӔЙ ТЫХХӔЙ АЦУХ КӔНЫНЦ

Донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, исты уӕззау тӕригъӕд куы саразы ӕмӕ йыл куы нӕ фӕфӕсмон кӕны, уӕд.

Йегъовӕ зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, фӕлӕ уӕддӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой, ӕмӕ йӕ цӕсты сыгъдӕг уой. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм уӕззау тӕригъӕдтӕй, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинадӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй, давынӕй, адӕмы стигъынӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕй (1 Кор. 6:9, 10; Рарг. 21:8).

Ӕвӕццӕгӕн, разы дӕ, Йегъовӕйы сыгъдӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын зын кӕй нӕу ӕмӕ сӕ адӕймагӕн уый тыххӕй кӕй радта, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕной. Ӕмӕ дӕ куыннӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ алыварс уой фарнуарзаг, ӕгъдауджын ӕмӕ ӕууӕнкджын адӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ растдӕр ахӕмтӕ сты, уымӕн ӕмӕ сӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кодтой, уӕд ын дзырд радтой, йӕ Ныхасы нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты.

Фӕлӕ донаргъуыд чырыстон йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд та? Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ахӕм тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, фӕлӕ-иу сыл Хуыцау йӕ къух нӕ систа. Не ’ппӕт дӕр хорз зонӕм паддзах Давиды хабар. Давид сарӕзта ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ ма адӕймаджы дӕр амарын кодта, фӕлӕ йын пехуымпар Нафан загъта: «Йегъовӕ дын хатыр кӕны дӕ тӕригъӕд» (2 Сам. 12:13).

Хуыцау Давидӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодта (Пс. 32:1–5). Уӕдӕ, абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, куы не ’рфӕсмон кӕны кӕнӕ дарддӕр дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы фӕаразы, ӕрмӕстдӕр уӕд (Хъуыд. 3:19; 26:20). Ахӕм адӕймаджы хъуыддаг чи ’взара, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы уыной, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй нӕ фӕсмон кӕны, уӕд ӕй хъуамӕ ӕмбырдӕй ацух кӕной.

Искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд нӕм райдианы, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ йӕ ӕгӕр карзӕй бафхӕрдтой кӕнӕ уый хӕларзӕрдӕдзинадыл дзурӕг кӕй нӕу, уӕлдайдӕр та нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы уа, уӕд. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыддаг уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у.

АДӔЙМАДЖЫ КӔЙ АЦУХ КӔНЫНЦ, УЫЙ ЦАВӔР ПАЙДА ХӔССЫ

Йесо загъта, зӕгъгӕ, «зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матф. 11:19). Чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый раст вӕййы ӕмӕ хорз дыргътӕ ӕрхӕссы. Цы дыргътӕ ӕрхӕссы, уыдонӕй ӕртӕмӕ ӕркӕсӕм.

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уымӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕны. Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уагахаст йӕ номыл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕвӕййы (Ис. 43:10). Фырт йӕхи куыд дары, уымӕй йӕ ныййарджыты йе кадджын кӕны, йе та – худинаг. Уӕдӕ адӕм Йегъовӕйӕ цы хъуыды кӕндзысты, уый баст у, йӕ ном ын чи хӕссы, уыцы адӕм сӕхи куыд дарынц, ууыл дӕр. Йегъовӕйӕн хорз ном уыдзӕн, йӕ адӕм, уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд. Йезекилы рӕстӕджы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн Йегъовӕйы ном баст уыд дзуттӕгтимӕ (Йез. 36:19–23). Раст афтӕ абон дӕр адӕм Йегъовӕйы ном бӕттынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Уӕдӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд ын йӕ номӕн кад хӕсдзыстӕм.

Фӕлӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг ном худинаг кӕндзыстӕм. Апостол Петр чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг“» (1 Пет. 1:14–16). Уӕдӕ бӕрӕг у, нӕ хорз уагахаст Хуыцауы ном кӕй кадджын кӕны.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд уый тыххӕй, чи зоны, йӕ зонгӕтӕ дӕр базоной. Ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый тыххӕй куы фехъусой, уӕд бамбардзысты, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕг адӕм кӕй сты ӕмӕ, Фыстады сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц. Иухатт Швейцарийы Паддзахады залмӕ ӕрбацыд иу нӕлгоймаг ӕмӕ загъта, Ӕвдисӕн суа, уый йӕ кӕй фӕнды. Йӕ хойы йын ӕнӕгъдаудзинады тыххӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой. Ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг загъта, кӕй йӕ фӕнды, «ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕм нӕ кӕсынц», уыцы организацимӕ бацӕуын.

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый фӕрцы чырыстон ӕмбырд у сыгъдӕг. Апостол Павел Коринфы чырыстӕтты фӕдзӕхста, зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы, ахӕм адӕймаджы ӕмбырды уадзын тӕссаг кӕй у, уымӕй. Ӕвзӕрырдӕм сыл кӕй фӕзындзӕн, уый абарста, ӕнхъизӕнӕй хыссӕ куыд сӕнхъизы, уыимӕ. Павел ныффыста: «Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр... сӕнхъизы». Стӕй сын ахӕм уынаффӕ радта: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут» (1 Кор. 5:6, 11–13).

Павел цы «ӕвзӕргӕнӕджы» кой кодта, уый ӕнӕфсармӕй кодта ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕ суанг йӕ сӕрыл дзурын дӕр райдыдтой (1 Кор. 5:1, 2). Ахӕм уӕззау тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцыдаид, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ дӕр райдыдтаиккой, уыцы ӕнӕгъдау горӕты цӕрджытӕ цы митӕ кодтой, ахӕм митӕ кӕнын. Зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ чи аразы, ахӕм адӕймаджы митӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм (Еккл. 8:11). Уымӕй уӕлдай ма, йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон, чи зоны, суой, «доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн», ӕмӕ сыл ӕмбырды иннӕты «уырнындзинады нау» ныппырх уа (Иуд. 4, 12).

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый фӕрцы, чи зоны, йӕ рӕдыд бамбара. Иухатт Йесо радзырдта, йӕ фыды хӕдзарӕй чи ацыд, ӕнӕгъдау митыл чи бафтыд ӕмӕ йӕ бынтӕ чи бахордта, ахӕм фырты тыххӕй. Сӕфт фырт йӕ фыды хӕдзарӕй куы ацыд, уӕд базыдта, цард куыд ницӕйаг ӕмӕ куыд ӕгъатыр у, уый. Ӕппынфӕстаг фырт йӕ рӕдыд бамбӕрста, ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрыздӕхт (Лук. 15:11–24). Ӕмӕ йӕ фыд тынг фӕцин кодта, йӕ фырт йӕ зондахаст кӕй фӕивта, ууыл. Уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы ӕмбарӕм, адӕймаг йӕ рӕдыдыл куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд Йегъовӕ куыд фӕцин кӕны, уый. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг зӕгъы: «Мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза ӕмӕ цӕра, уый» (Йез. 33:11).

Нӕ хотӕ ӕмӕ нын не ’фсымӕртӕ сты нӕхи бинонтау адджын. Фӕлӕ адӕймаджы ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд уыцы бинонтӕй нал вӕййы, ӕмӕ уый фӕрцы, чи зоны, бамбара, йӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уый. Йӕ тӕригъӕдтӕ йӕ цы ’взӕр фӕстиуджытӕм ӕркодтой, уыдон йӕхиуыл куы ’взара ӕмӕ, Йегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ фӕрнӕй куы царди, уыцы рӕстӕджытӕ куы мыса, уӕд, чи зоны, йӕ рӕдыд бамбара.

Цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы уарзондзинад ӕмӕ фидардзинад. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Рӕстгӕнӕг мӕ куы ныццӕва, уӕд уый уыдзӕн ӕнувыд уарзт, куы мын бауайдзӕф кӕна, уӕд уый уыдзӕн, мӕ сӕрыл мын сой куыд рауадзой, афтӕ» (Пс. 141:5). Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл: дыууӕ бӕлццоны зымӕгон уазал бон хӕххон фӕндагыл фӕцӕуынц. Сӕ иу дзы тынг бафӕллад, ныссалд, ӕмӕ йӕ фыруазалӕй хуыссӕг ахсын райдыдта. Миты куы бафынӕй уа, уӕд амӕлдзӕн. Ӕмӕ цалынмӕ ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕдмӕ йын йе ’мбал рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ рустӕ рацъыччытӕ кӕны, цӕмӕй ма бафынӕй уа. Уыцы цъыччытӕ, чи зоны, риссаг уой, фӕлӕ уый фӕрцы мӕлӕтӕй аирвӕздзӕн. Раст афтӕ Давид дӕр ӕмбӕрста, рӕстгӕнӕг ын куы бауайдзӕф кӕна, уӕд ын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ йын уӕддӕр уыцы уайдзӕф пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн.

Тӕригъӕд чи саразы, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый йын арӕх баххуыс кӕны, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕха. Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы Хулианы фырт иу-дӕс азы фӕстӕ йӕ цард фӕивта, ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ ныр лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Ӕмбырдӕй мӕ кӕй ацух кодтой, уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстон, мӕ царды уаг мӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уый. Ахӕм зондамынд мӕ ӕнӕмӕнг хъуыди» (Дзут. 12:7–11).

КӔЙ АЦУХ КОДТОЙ, УЫДОНЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ РАВДИСӔН КУЫД ИС

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый стыр бӕллӕх вӕййы, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ йӕ бон нӕу Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уымӕн уыцы зондамынд пайда фӕуыдзӕн ӕви нӕ, уый махӕй алкӕуыл дӕр баст у.

Чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой

Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕндзысты, уый тыххӕй йын чи хъуамӕ зӕгъа, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Йегъовӕйы уарзондзинад бафӕзмой. Цы уынаффӕ рахастой, уый тыххӕй адӕймагӕн куы фехъусын кӕной, уӕд хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ ӕмӕ йын бӕстон бамбарын кӕной, цы аразын ӕй хъӕуы, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕха. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ йӕ цард аивыныл чи архайы, уыцы адӕймӕгты бӕрӕг кӕнын, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, сӕ бон куыд у фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын *.

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уымӕн йӕ бинонтӕ уыцы уынаффӕйыл разы куы уой, уӕд равдисдзысты, ӕмбырд дӕр ӕмӕ чи фӕрӕдыд, уыцы адӕймаджы дӕр кӕй уарзынц. Хулиан загъта: «Мӕ фырт раздӕрау мӕ фырт уыди, фӕлӕ нӕ йӕ царды уаг кӕрӕдзийӕ адард кодта».

Ӕмбырды алчидӕр уарзондзинад равдисдзӕн, кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймагӕй йӕхи куы хиза ӕмӕ йемӕ куы нӕ ныхас кӕна, уӕд (1 Кор. 5:11; 2 Иоан. 10, 11). Афтӕ куы кӕной, уӕд, Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты цы зондамынд дӕтты, уымӕн стырдӕр тых уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма стыр уарзондзинад равдисдзысты, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймаджы бинонты фарсмӕ куы балӕууой, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрогдӕр кӕной ӕмӕ сӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ уыдон дӕр се ’мчырыстӕттӕй фӕхицӕн сты (Ром. 12:13, 15).

«Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн,– загъта Хулиан.– Уыцы хъуыддаг кӕд маст хӕссы, уӕддӕр ӕппынфӕстаг хорз дыргътӕ ӕрхӕссы. Мӕ фырты ӕвзӕр уагахастмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы кастаин, уӕд фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ никуы ӕрбаздӕхтаид».

^ 24 абз. Кӕс 1991 азы 15 апрелы «Сторожевая башня», 21–23 фӕрстӕ.