Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых

Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых

«Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых» (1 КОР. 1:24).

1. Павел афтӕ цӕмӕн загъта, Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых, зӕгъгӕ?

ЙЕГЪОВӔ Йесо Чырыстийы уылты диссаджы хуызы равдыста, цы стыр тых ӕм ис, уый. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ. Уыцы диссӕгтӕй иуӕй-иуты тыххӕй фыст ис Библийы, ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕ нӕ уырнындзинад тынг фидар кӕнынц (Матф. 9:35; Лук. 9:11). Ӕцӕгдӕр, Йесо цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй рабӕрӕг Йегъовӕйы стыр тых. Ӕмӕ апостол Павел дӕр хуымӕтӕджы нӕ загъта: «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых» (1 Кор. 1:24). Фӕлӕ цымӕ, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

2. Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты?

2 Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый кой кодта апостол Петр дӕр (Хъуыд. 2:22). Цымӕ нын уыцы хъомысджын хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыдоны фӕрцы ӕмбарӕм, Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цы сараздзӕн, уый. Уыцы рӕстӕг Йесо сараздзӕн ноджы стырдӕр диссӕгтӕ ӕмӕ уыдон пайда ӕрхӕсдзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма уыцы диссӕгты фӕрцы нӕ бон у базонын, Йесомӕ ӕмӕ йӕ Фыдмӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый дӕр. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй ӕртӕмӕ, ӕмӕ базондзыстӕм, уыцы диссӕгтӕ нын абон цӕуыл дзурӕг сты ӕмӕ нын фидӕны тыххӕй цы ӕргом кӕнынц, уый.

РӔДАУДЗИНАДЫЛ НӔ ЧИ АХУЫР КӔНЫ, УЫЦЫ ДИССАГ

3. а) Йесойы йӕ фыццаг диссаг саразын цӕмӕн бахъуыд? б) Йесо рӕдау кӕй у, уый Канӕйы куыд рабӕрӕг?

3 Йесо йӕ фыццаг диссаг сарӕзта, горӕт Канӕйы чындзӕхсӕвы куы уыди, уӕд. Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ чындзӕхсӕвы сӕн не сфаг – ӕвӕццӕгӕн, фысымтӕм адӕм, ӕнхъӕл цас уыдысты, уымӕй фылдӕр ӕрбацыд. Уазджыты ’хсӕн уыди Йесойы мад Марийӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ бирӕ азты дӕргъы хъуыды кодта, йӕ фырты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдоныл, ӕмӕ зыдта, «Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт» ӕй кӕй хондзысты (Лук. 1:30–32; 2:52). Мыййаг, Марийӕ ӕмбӕрста, Йесойӕн йӕ бон диссӕгтӕ аразын кӕй у? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы чындзӕхсӕвы Марийӕ ӕмӕ Йесо сиахс ӕмӕ чындзӕн фӕтӕригъӕд кодтой – нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сыл адӕмы зӕрдӕ фӕхудтаид. Уымӕ гӕсгӕ Йесо 380 литры бӕрц дон диссаджы хуызы «хорз сӕн» фестын кодта. (Бакӕс Иоанны 2:3, 6–11.) Цымӕ Йесо хӕсджын уыди, цӕмӕй уыцы диссаг сарӕзтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо афтӕ бакодта, адӕмыл кӕй тыхсти ӕмӕ йӕ рӕдау Фыды кӕй фӕзмыдта, уый тыххӕй.

4, 5. а) Йесойы фыццаг диссаг нын цӕуыл дзурӕг у? б) Йесо Канӕйы цы диссаг сарӕзта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

4 Йесо диссаджы хуызы скодта, бирӕ адӕмы фаг чи суыдаид, уыйбӕрц сӕн. Уыцы диссаг нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойӕн дӕр ӕмӕ йӕ Фыдӕн дӕр сӕ бон кӕй у адӕймаджы тыхст бамбарын. Уыцы хабар ма хорз ӕвдисы, куыд цӕстуарзон сты, уый. Стӕй ма нӕ уый фӕрцы фидарӕй уырны, Йегъовӕ ног дунейы йӕ тыхӕй кӕй спайда кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн фаг хӕринаг уа. (Бакӕс Исайы 25:6.)

5 Ахъуыды-ма кӕн, уый цӕй диссаг уыдзӕн! Йегъовӕ нӕ схайджын кӕндзӕн, нӕ зӕрдӕ хорзӕй цыдӕриддӕр зӕгъы, уыдӕттӕй. Алы адӕймагӕн дӕр уыдзӕн хорз хӕдзар ӕмӕ хӕрзад хӕринаг. Нӕ рӕдау Хуыцау Йегъовӕ нӕ Дзӕнӕты цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц.

Иннӕтӕн нӕ рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд махӕй дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, Йесойау рӕдау кӕй стӕм (кӕс 6 абзац)

6. Йесо йӕ тыхӕй куыд пайда кодта ӕмӕ махӕн нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йесойау рӕдау уӕм?

6 Йесомӕ диссӕгтӕ аразыны тых кӕй уыди, уымӕй йӕхи тыххӕй никуы спайда кодта. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта ӕмӕ йын дуртӕй дзултӕ куы аразын кодта, уӕд ӕм Йесо нӕ байхъуыста, кӕд ын тынг ӕххормаг уыд, уӕддӕр (Матф. 4:2–4). Фӕлӕ иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй алкӕддӕр цӕттӕ уыди уыцы тыхӕй спайда кӕнынмӕ. Цымӕ мах та цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесойау удуӕлдай уӕм? Чырысти загъта, цӕмӕй, цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн «дӕттӕм» (Лук. 6:38). Зӕгъӕм, нӕ бон у искӕй нӕхимӕ сихормӕ фӕхонын. Нӕ бон ма у, ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕй искӕмӕн йӕ бон у, раныхас чи цӕттӕ кӕны, уыцы ӕфсымӕрмӕ байхъусын ӕмӕ йын зӕгъын, фӕхуыздӕр кӕнын ӕй цы хъӕуы, уый. Йе та, чи зоны, кӕмӕдӕр хъӕуы уацамынды фӕкӕсын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕна. Иннӕтӕн-иу, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд мах дӕр Йесойау рӕдау уыдзыстӕм.

«ИУУЫЛДӔР БАХОРДТОЙ ӔМӔ БАФСӔСТЫСТЫ»

7. Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ адӕм цавӕр зындзинадыл ӕмбӕлдзысты?

7 Мӕгуырдзинад ног цыдӕр нӕу. Рагзаманты Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, «уӕ зӕххыл мӕгуыртӕ алкӕддӕр уыдзӕн», зӕгъгӕ (Дык. з. 15:11). Уымӕй сӕдӕгай азтӕ фӕстӕдӕр Йесо загъта: «Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты» (Матф. 26:11). Мыййаг, уый кой кодта, ӕмӕ зӕххыл мӕгуыр адӕм алкӕддӕр уыдзӕн? Нӕ. Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ мӕгуырдзинад дӕр уыдзӕн. Фӕлӕ ног дуне куы ралӕууа, уӕд хабар бынтон ӕндӕрхуызон уыдзӕн! Уӕд мӕгуырдзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Алкӕмӕн дӕр хӕринаг уыдзӕн фагӕй фылдӕр ӕмӕ адӕм ӕппындӕр ницы цух уыдзысты!

8, 9. а) Йесойы мингай адӕмы бафсадын цӕмӕн бахъуыд? б) Йесо мингай адӕмы кӕй бафсӕста, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

8 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16). Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд растдӕр йӕ Фыды хуызӕн архайдта, ӕмӕ адӕмӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта. Ӕмӕ афтӕ уый тыххӕй нӕ кодта, цӕмӕй йӕ тых равдыстаид, фӕлӕ адӕмыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсти, уый тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Матфейы 14:14–21 цы фыст ис, ууыл. (Бакӕс сӕ.) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ хибар ранмӕ куы ацыд, уӕд горӕттӕй дуне адӕм йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты (Матф. 14:13). Куы ӕризӕр, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, адӕм бафӕлладысты ӕмӕ сӕххормаг сты, ӕмӕ сӕ арвит, цӕмӕй сӕхицӕн хӕринаг балхӕной. Цымӕ Йесо цы сарӕзта?

9 Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы фӕрцы Йесо бафсӕста иу-5 000 лӕджы ӕмӕ ма дзы цы сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыди, уыдоны дӕр. Йесо уыцы диссаг цӕмӕн сарӕзта? Уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзта ӕмӕ сыл тыхсти. Куыд зыны, афтӕмӕй хӕринаг тынг бирӕ уыди, уымӕн ӕмӕ уыйбӕрц адӕм се ’ппӕт дӕр «бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты». Уый руаджы сӕм фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхыны фаг хъарутӕ фӕзынди, цӕуын та сӕ бирӕ хъуыди (Лук. 9:10–17). Адӕм иууылдӕр куы бафсӕстысты, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой, цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон, ӕмӕ рауадысты 12 чыргъӕды.

10. Тагъд рӕстӕджы мӕгуыр адӕмӕн сӕ уавӕр куыд фӕивдзӕн?

10 Нӕ рӕстӕджы ӕнӕфсис ӕмӕ гӕртамхор хицӕутты аххосӕй сӕдӕгай милуантӕ мӕгуыр цард кӕнынц. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр кӕмӕндӕрты уый фадат нӕй, цӕмӕй, «сӕ зӕрдӕ цы зӕгъы», уый хӕрой. Фӕлӕ тагъд, Йегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, уыдон цӕрдзысты, мӕгуыр кӕм ничиуал уыдзӕн ӕмӕ гӕртамхортӕн сӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, ахӕм дунейы. Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ бон у афтӕ саразын, стӕй йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй иу адӕймаг дӕр мацы цух уа. Уый нын зӕрдӕ ӕвӕры, адӕмы хъизӕмӕрттӕн тынг тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн! (Бакӕс Псалом 72:16.)

11. Фидарӕй дӕ цӕмӕн уырны, тагъд рӕстӕджы Чырысти ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕны?

11 Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд диссӕгтӕ арӕзта ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг (Матф. 15:24). Фӕлӕ мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын (Пс. 72:8). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕрцы фидарӕй зонӕм, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй нын йӕ тыхы фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕива. Йесойӕ уӕлдай махӕн нӕ бон нӕу диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ нӕ бон у адӕмӕн зӕрдиагӕй хъусын кӕнын, Библи нын зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, уый нӕ хӕс дӕр у (Ром. 1:14, 15). Тагъд рӕстӕджы Чырысти цы сараздзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурӕм (Пс. 45:1; 49:3).

ЙЕГЪОВӔ ӔМӔ ЙЕСОЙӔН СӔ БАР ЦӔУЫ ӔРДЗЫ ТЫХТЫЛ

12. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо хорз зоны, зӕхх куыд конд у, уый?

12 Хуыцау зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый куы фӕлдыста, уӕд Йесо дӕр уыди «йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:22, 30, 31; Кол. 1:15–17). Уымӕ гӕсгӕ Йесо тынг хорз зоны, зӕхх куыд конд у, уый. Йесо зоны, ӕрдзы тыхтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый.

Йесо йе стыр тыхӕй куыд пайда кодта, уый дӕм диссаг цӕмӕн кӕсы? (кӕс 13, 14 абзацтӕ)

13, 14. Йесойӕн йӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

13 Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, йӕ бар ӕрдзы тыхтыл дӕр кӕй цӕуы, ӕмӕ афтӕмӕй дӕр раргом кодта «Хуыцауы тых». Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, иухатт Йесо тыхдымгӕ куыд ныссабыр кодта, уый. (Бакӕс Марчы 4:37–39.) Иу библииртасӕг загъта: «[Марчы 4:37 стихы «тыхдымгӕ»-йӕ кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы] грекъаг дзырд амоны карз дымгӕ кӕнӕ уадмӕ. Уый, иу хатт чи радымдта, ахӕм дымгӕ нӕу... фӕлӕ, сау мигътӕ ӕмӕ тӕрккъӕвда чи ’рхӕссы ӕмӕ бӕстӕ чи сӕмтъеры кӕны, ахӕм тыхджын дымгӕ».

14 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл хойынц ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй йедзаг кӕны. Абухгӕ денджыз ӕмӕ тыхдымгӕйы уынӕрӕй ницыуал хъуысы, уылӕнтӕ бӕлӕгъ хус къӕцӕлау дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕнынц, Йесо та фынӕй кӕны, уымӕн ӕмӕ тынг бафӕллад. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты, райхъал ӕй кодтой ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Хицау... сӕфӕм!» (Матф. 8:25). Йесо сыстад ӕмӕ тыхдымгӕ ӕмӕ денджызӕн загъта: «Банцай! Ныссабыр у!» (Мар. 4:39). Ӕмӕ уӕд тыхдымгӕ банцад ӕмӕ «бӕстӕ ныссабыр». Ӕцӕгдӕр, Йесомӕ уыди диссаджы тых!

15. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйӕн йӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы?

15 Чырыстимӕ цы тых уыди, уый йын Йегъовӕ радта. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый. Зӕгъӕм, Доны хъаймӕты размӕ Йегъовӕ загъта: «Авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы» (Райд. 7:4). Рацыды 14:21 стихы та фыст ис: «Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта». Ионӕйы 1:4 стихы дӕр кӕсӕм: «Йегъовӕ денджызы тыхджын дымгӕ сыстын кодта. Гъемӕ денджызы ахӕм уад сыстад, ӕмӕ нау, гыццыл ма, ӕмӕ ныппырх уыдаид». Куыд ӕхсызгон нын у, ног дунейы Йегъовӕ ӕрдзы тыхтӕм йӕ хъус кӕй дардзӕн!

16. Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн сӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы, уый нын ныфсы хос цӕмӕн у?

16 Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн сӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы, уый нӕ стыр ныфс уадзы. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд, зӕххыл чи цӕра, уыдонӕн тӕссаг ницӕмӕйуал уыдзӕн. Тӕссаг нал уыдзӕн алыхуызон ӕрдзон бӕллӕхтӕй, зӕгъӕм, тайфунтӕй, цунамитӕй ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕй. Ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн зиан нал хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы цатыр уыдзӕн адӕмы ’хсӕн»! (Рарг. 21:3, 4). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, миназон хицаудзинады рӕстӕг Йегъовӕ Йесойӕн уыцы хъомыс кӕй ратдзӕн, цӕмӕй ӕрдзы тыхтыл йӕ бар цӕуа.

ХУЫЦАУЫ ӔМӔ ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔЗМӔМ

17. Нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы бафӕзмын?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай, махӕн ӕрдзы тыхтыл нӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ нӕ бон у, Ӕмбисӕндты 3:27 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын. (Бакӕс ӕй.) Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи цавӕрдӕр бӕллӕхы куы бахауа, уӕд сӕм нӕ бон у истӕмӕй фӕкӕсын, стӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауын (Ӕмб. 17:17). Ахӕм ӕххуыс сӕ бахъӕуы, зӕгъӕм, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ. Тыхдымгӕйы фӕстӕ йӕ хӕдзар цалцӕг кӕнын кӕмӕн бахъуыд, иу ахӕм идӕдз хо загъта: «Ӕз тынг амондджын дӕн, Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ зын сахат мӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдысты, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг дӕн. Ӕмӕ сӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дӕ бузныг, фӕлӕ ма мын мӕ уырнындзинад кӕй бафидар кодтой, уый тыххӕй дӕр». Моймӕдзыд чи нӕу, иу ахӕм хойӕн дӕр тыхдымгӕ йӕ хӕдзар ныппырх кодта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс асаст. Ӕфсымӕртӕ йын ӕй куы сцалцӕг кодтой, уӕд хо загъта: «Уый стыр диссаг у! Мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый уын мӕ бон зӕгъын дӕр нӕу! [...] Бузныг дын, Йегъовӕ!» Ӕцӕгдӕр, тынг ӕхсызгон нын у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийыл афтӕ зӕрдиагӕй кӕй тыхсынц. Ноджы стырдӕр цины хос та нын у, Йегъовӕ ӕмӕ ныл Йесо Чырысти кӕй тыхсынц, уый.

18. Йесойы диссӕгтӕ аразынмӕ цы разӕнгард кодта? Уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

18 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ хъуыддӕгты уылты раргом «Хуыцауы тых». Фӕлӕ Йесо уыцы тыхӕй йӕхи пайдайӕн кӕнӕ иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй никуы пайда кодта. Уыцы тыхы фӕрцы цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон арӕзта, адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Ӕмӕ ууыл бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.