Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы чъизи дунейы дӕр нӕ бон у, ӕмӕ сыгъдӕг уӕм

Ацы чъизи дунейы дӕр нӕ бон у, ӕмӕ сыгъдӕг уӕм

«Ныхсут уӕ къухтӕ... ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕнут» (ИАК. 4:8).

1. Ацы дунейы адӕм ӕнӕгъдаудзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

МАХ цӕрӕм тынг ӕнӕгъдау дунейы. Адӕймаг гомосексуалист уа кӕнӕ, йӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат ӕрцӕуа, уый бирӕтӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайынц. Кинонывтӕ, чингуытӕ, зарджытӕ ӕмӕ рекламӕ йедзаг сты ӕнӕгъдаудзинадӕй (Пс. 12:8). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы ацы хӕлд дунейы дӕр нӕ бон у, ӕмӕ сыгъдӕг, ӕгъдауджын цард кӕнӕм. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–5.)

2, 3. а) Ӕнӕгъдау фӕндтимӕ цӕмӕн хъуамӕ тох кӕнӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, йе сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уыны, уымӕй. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзына ӕмӕ нӕ сӕ фӕдыл асайой, растдӕр, кӕсагахсӕн ӕнгуырыл цы бакӕнынц, уый кӕсаджы йӕхимӕ куыд ӕрбасайы, афтӕ. Уӕдӕ адӕймагмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд сӕ хъуамӕ уайтагъд йӕ сӕрӕй фӕсура. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд йӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ сцырен уыдзысты, ӕмӕ йын фадат куы фӕзына, уӕд тӕригъӕд дӕр ракӕндзӕн. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Фӕнд... уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ». (Бакӕс Иаковы 1:14, 15.)

3 Ӕвзӕр фӕндтӕ тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ зӕрдӕйы цавӕр фӕндтӕ фӕзыны, уымӕ. Ӕнӕгъдау фӕндтӕн-иу нӕ зӕрдӕйы уидаг ауадзыны бар куы нӕ раттӕм, уӕд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ се ’взӕр фӕстиуджытӕй хызт уыдзыстӕм (Гал. 5:16). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ: 1) Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, 2) йӕ Ныхасы фыст уынаффӕтӕ ӕмӕ 3) фӕлтӕрдджын чырыстӕтты ӕххуыс.

«БАВВАХС УТ ХУЫЦАУМӔ»

4. Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи зӕгъы: «Ныхсут уӕ къухтӕ... ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕнут» (Иак. 4:8). Йегъовӕйы нӕ хуыздӕр Хӕларыл куы нымайӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй йын ӕхсызгон уой ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма нӕ хъуыдытӕ дӕр. Нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг куы уой, уӕд нӕ зӕрдӕ дӕр уыдзӕн сыгъдӕг (Пс. 24:3, 4; 51:6; Фил. 4:8). Йегъовӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕм иуӕй-иу хатт ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕр кӕй фӕзыны. Фӕлӕ ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты зонгӕ-зонын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзыстӕм (Райд. 6:5, 6). Уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй-иу уыцы ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй фӕсурӕм. Ацы хъуыддаг нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ноджы тынгдӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой.

5, 6. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нын ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн?

5 Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йӕ разы сыгъдӕг уӕм. Уӕдӕ-иу Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд-иу ын зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй йын дӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уой (Пс. 19:14). Сӕрныллӕгӕй дзы кур, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ басгара ӕмӕ базона, тӕригъӕдмӕ дӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм ӕвзӕр фӕндтӕ дӕм ис ӕви нӕ (Пс. 139:23, 24). Ӕдзухдӕр дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ дӕр ма фӕрӕдийай ӕмӕ дӕхи ма фӕчъизи кӕнай (Матф. 6:13).

6 Рӕстдзинад куы нӕма зыдтам, уӕдмӕ, чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цыди, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, цӕмӕй фӕивӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Зӕгъӕм, паддзах Давид Вирсавиимӕ ӕмуат куы ’рцыд, уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ... ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Пс. 51:10, 12). Уӕдӕ дӕ кӕд ныр дӕр ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнын фӕхъӕуы, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнда йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын. Чи зоны, цавӕрдӕр ӕнӕгъдау фӕндтӕ нӕ зӕрдӕйы ахӕм арф уидӕгтӕ ауагътой, ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма ныл тых кӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын хъарутӕ радта, цӕмӕй нӕ хъуыдытыл нӕ бар цӕуа ӕмӕ ныл «мацы ӕвзӕрдзинад фӕтых уа» (Пс. 119:133).

Нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕнд рӕзын куы райдайа, уӕд ӕй хъуамӕ уайтагъд бындзарӕй стонӕм (кӕс 6 абзац)

«УЫЦЫ ДЗЫРД ӔХХӔСТ ДӔР КӔНУТ»

7. Хуыцауы Ныхас нын ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

7 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп фӕдӕтты, зӕгъӕм, йӕ Ныхас Библийы уылты. Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уый «фыццаджыдӕр у сыгъдӕг» (Иак. 3:17). Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ-иу цы бакӕсӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм сыгъдӕг хъуыдытӕй (Пс. 19:7, 11; 119:9, 11). Стӕй ма Библийы ис, ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм цӕвиттонтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ.

8, 9. а) Ӕмбисӕндты 7 сӕры кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппу хӕлд сылгоймагимӕ ӕмуат цӕмӕн ӕрцыд? б) Уыцы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ абон къӕрцхъус цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм?

8 Хуыцауы Ныхас нӕ Ӕмбисӕндты 5:8 стихы фӕдзӕхсы: «Дӕхи... [хӕлд сылгоймагӕй] дард лас, йӕ хӕдзары къӕсӕрмӕ йын хӕстӕг дӕр ма цу». Уыцы уынаффӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын куыд тӕссаг у, уый ирдӕй зыны Ӕмбисӕндты 7 сӕры фыст хабарӕй. Иу ӕрыгон лӕппу изӕрыгон фӕцӕйцыд ӕнӕгъдау сылгоймаджы хӕдзары рӕзты. Сылгоймаг лӕууыд уынджы тигъыл, йӕ конд уыди «хӕтаг сылгоймаджы конд». Ӕмӕ лӕппу йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм сылгоймаг бауад, рацахста йӕ, апъа йын кодта ӕмӕ йын йӕ адджын ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕнд сцырен кодта. Лӕппу уыцы ӕвзӕр фӕнды фӕдыл ацыд, ӕмӕ сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕппуйӕн ӕнӕгъдау хъуыддаг саразын йӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, фӕлӕ йӕ уӕддӕр сарӕзта. Ӕмӕ йӕхиуыл бавзӕрста, уыцы ӕнӕзонд ми йӕ цы ӕвзӕр фӕстиуджытӕм ӕркодта, уыдон. Бӕргӕ, уыцы хӕтаг сылгоймаджы хӕдзарӕй йӕхи дард куы ластаид! (Ӕмб. 7:6–27).

9 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр уыцы ӕрыгон лӕппуйау нӕхи ахӕм уавӕры баппарӕм, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ сцырен уой? Зӕгъӕм, ӕхсӕвыгон телевизоры арӕхдӕр февдисынц алыхуызон ӕнӕгъдау передачӕтӕ ӕмӕ кинотӕ, ӕмӕ ахӕм рӕстӕг тӕссаг вӕййы телевизоры каналтӕ ракъӕпп-бакъӕпп кӕнын, цымӕ дзы цы ’вдисынц, зӕгъгӕ. Тӕссаг ма у, Интернеты цавӕрдӕр сайты цы ис, уый бӕлвырдӕй куы нӕ зонай, афтӕмӕй дзы куы бахизай. Уый зӕгъӕн ис, ӕнӕгъдау рекламӕ кӕм вӕййы, стӕй, порнографийы сайттӕм чи кӕны, уыцы социалон сетьтӕ ӕмӕ сайттӕй дӕр. Ахӕм телепередачӕты, киноты ӕмӕ сайтты, гӕнӕн ис, ӕмӕ фенӕм, нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕй тыххӕй фӕзындзӕн, ахӕм нывтӕ, ӕмӕ нын уӕд тӕссагдӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы раз куы фӕрӕдийӕм, уымӕй.

10. Чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Библи ма нын амоны, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзиимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый дӕр. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:2.) Чырыстон хъуамӕ уарзоны цӕстӕй кӕса ӕрмӕстдӕр йӕ цардӕмбалмӕ кӕнӕ, йӕ цард баиу кӕнынмӕ кӕимӕ хъавы, уымӕ. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ искӕимӕ дӕхи афтӕ куы дарай, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ уый дӕ ныхасы уагӕй, дӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ де уӕнгты змӕлдӕй куы ’вдисай, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис, къухӕй йӕм ма ’внал, уый йеддӕмӕ. Фӕлӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи ахӕм уагахастӕй хизой, уымӕн ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы сӕхи афтӕ куы дарой, уӕд сӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзындзӕн, ӕмӕ сӕ уый та, чи зоны, хӕтындзинадмӕ дӕр ӕркӕна. Ахӕм хабӕрттӕ-иу раздӕр дӕр ӕрцыд, ӕмӕ ныр дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрцӕуой.

11. Иосиф нын фӕзминаг цӕмӕй у?

11 Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Иосиф. Потифары ус ыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ йын дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Иосиф ын нӕ разы кодта, фӕлӕ йӕ уый уӕддӕр уӕгъд нӕ уагъта – алы бон дӕр ын дзырдта, цӕмӕй «йемӕ иунӕгӕй... баззадаид» (Райд. 39:7, 8, 10). Иу библииртасӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Потифары усы ныфс уыди, иунӕгӕй куы баззайой, уӕд Иосифы кӕй бафӕнддзӕн йемӕ ӕмуат ӕрцӕуын. Фӕлӕ йын Иосиф йӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыста ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сылгоймаджы ’ргом йӕхимӕ не здӕхта. Уый фӕрцы Иосиф нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзындаид. Иубон Потифары ус Иосифӕн йӕ дарӕсыл ныххӕцыд, зӕгъгӕ йӕ тыхӕй дӕр мемӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕндзынӕн. Фӕлӕ Иосиф рахъуыды-бахъуыды нӕ кодта, «йӕ дарӕс сылгоймаджы къухы фӕуагъта ӕмӕ ӕддӕмӕ алыгъди» (Райд. 39:12).

12. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цӕмӕ фӕкӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕйыл фӕзыны?

12 Чырысти куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, адӕймаг цӕмӕ фӕкӕсы, уый йӕ зӕрдӕйыл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕвӕййы. Адӕймаг, цӕмӕ фӕкӕсы, уымӕ йӕ хъус куы нӕ дара, уӕд йӕ зӕрдӕйы фӕзындзӕн кӕнӕ та сцырен уыдзӕн ӕнӕгъдау фӕнд. Йесо загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:28). Раст ахӕм хабар ӕрцыд паддзах Давидыл. Иухатт «хӕдзары сӕрӕй федта иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ» (2 Сам. 11:2). Фӕлӕ йӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм нӕ азылдта ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр нӕ сарӕзта. Ӕмӕ кӕд уыцы сылгоймаг кӕйдӕр ус уыди, уӕддӕр ӕм Давид монцӕй ссыгъд ӕмӕ ӕппынфӕстаг йемӕ ӕмуат ӕрцыд.

13. Нӕ цӕстытимӕ «бадзырд» цӕмӕн хъуамӕ скӕнӕм ӕмӕ уый куыд бакӕнӕн ис?

13 Цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бафӕзмӕм Иовы. Уый загъта: «Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд» (Иов 31:1, 7, 9). Иовау мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, искӕмӕ кӕсгӕйӕ нӕ сӕрмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ кӕй нӕ бауадздзыстӕм. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, компьютеры, рекламӕйы, журналы кӕнӕ ӕндӕр искуы ӕнӕгъдау ныв федтам, уӕд-иу нӕ цӕстытӕ уайтагъд иннӕрдӕм азилдзыстӕм.

14. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм?

14 Кӕуыл аныхас кодтам, уыцы хъуыддӕгтыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд, чи зоны, бамбарай, цавӕрдӕр ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнгӕйӕ дӕ ноджы фылдӕр архайын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ дӕ кӕд цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд уыцы хъуыддагмӕ ӕвӕстиатӕй бавнал! Хуыцауы Ныхасы фыст уынаффӕтӕм куы хъусай, уӕд дӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй бахиздзынӕ ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уыдзынӕ. (Бакӕс Иаковы 1:21–25.)

«ФӔДЗУР ӔМБЫРДЫ ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔМ»

15. Кӕд нын цавӕрдӕр ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнын зын у, уӕд нӕ иннӕтӕй ӕххуыс ракурын цӕмӕн хъӕуы?

15 Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕйы цавӕрдӕр ӕвзӕр фӕндтӕ ис ӕмӕ дын семӕ тох кӕнын зын у, уӕд аныхас кӕн, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ дын Хуыцауы Ныхасӕй хорз уынаффӕ чи ратдзӕн, ахӕм чырыстонимӕ. Чи зоны дын ӕнцон ма уа дӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй искӕимӕ ныхас кӕнын, фӕлӕ ӕххуыс ракурын тынг ахсджиаг у (Ӕмб. 18:1; Дзут. 3:12, 13). Фӕлтӕрд чырыстон дын баххуыс кӕндзӕн, фӕивын дӕ цы хъӕуы, уый бамбарынӕн. Йӕ уынаффӕмӕ йын куы байхъусай ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ куы скӕнай, уӕд Йегъовӕйы уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ.

16, 17. а) Ӕнӕгъдау фӕндтимӕ чи тох кӕны, уыдонӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Порнографимӕ чи фӕкӕсы, уыдоны ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы ӕххуыс ракурын?

16 Уӕлдай тынгдӕр нын баххуыс кӕндзысты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. (Бакӕс Иаковы 5:13–15.) Бразилийӕ иу ӕрыгон нӕлгоймаг бирӕ азты дӕргъы тох кодта ӕнӕгъдау фӕндтимӕ, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Зыдтон ӕй, мӕ хъуыдытӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, фӕлӕ тынг ӕфсӕрмы кодтон уый тыххӕй искӕимӕ аныхас кӕнын». Йе ’мбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймаг бафиппайдта, ӕххуыс ӕй кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтаид. Уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг загъта: «Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мемӕ афтӕ хӕларзӕрдӕ уыдзысты ӕмӕ мӕ афтӕ хорз бамбардзысты. Ӕз мӕхи уый аккагыл нӕ нымадтон. Уыдон мӕм лӕмбынӕг байхъуыстой, Библийы фӕрцы мын бамбарын кодтой, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, ӕмӕ мемӕ кувгӕ дӕр акодтой. Уый фӕрцы мын ӕнцондӕр уыди, Библийӕ мын цы уынаффӕтӕ радтой, уыдонмӕ байхъусын». Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ уыцы ӕрыгон нӕлгоймаг Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс, ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй ӕмбарын, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдты уаргъ иунӕгӕй ма хӕссӕм, фӕлӕ-иу искӕмӕй ӕххуыс ракурӕм».

17 Кӕд порнографимӕ кӕсыныл фӕцахуыр дӕ, уӕд дӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы ӕххуыс ракурын, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Цас фылдӕр фӕстиат кӕнай, уыйас дын тӕссагдӕр уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕнд уидаг куы ауадза ӕмӕ дӕ тӕригъӕдмӕ куы ’ркӕна, уымӕй. Ӕмӕ уӕд иннӕты зӕрдӕтӕ дӕр фӕриссын кӕндзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ном дӕр фӕхудинаг кӕндзынӕ. Бирӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтой ӕмӕ сын сӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной ӕмӕ дарддӕр дӕр чырыстон ӕмбырды уой (Иак. 1:15; Пс. 141:5; Дзут. 12:5, 6).

АЛКӔДДӔР СЫГЪДӔГ У!

18. Дарддӕр дӕ цы аразын фӕнды?

18 Хӕйрӕджы дуне хӕлдӕй-хӕлддӕр кӕны. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр сыгъдӕг уой ӕмӕ ӕгъдауджын цард кӕной. Йегъовӕ сӕ тынг сӕрыстыр у! Цӕй уӕдӕ Хуыцауимӕ алкӕддӕр ӕнгом уӕм ӕмӕ нын йӕ Ныхасы уылты ӕмӕ ӕмбырды уылты цы зонд амоны, уымӕ хъусӕм. Уый фӕрцы не ’фсарм уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Пс. 119:5, 6). Фидӕны та, Хӕйрӕг куы нал уа, уӕд, ӕнустӕм цӕрдзыстӕм Хуыцауы сыгъдӕг ног дунейы.