Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ КЪАДДӔР МӔТ КӔНӔМ?

Истӕмӕй куы тӕрсӕм

Истӕмӕй куы тӕрсӕм

«Сиренӕйы уасын куы фехъусын, уӕд мӕ зӕрдӕ уӕлдай куыст кӕнын райдайы ӕмӕ ӕмбӕхсӕн бынатмӕ лидзынмӕ фӕвӕййын,– дзуры Алёнӕ.– Фӕлӕ уым дӕр не ’рсабыр вӕййын. Мӕ уавӕр ноджы фыддӕр вӕййы, ӕддейӕ, ӕмбӕхсӕн бынат кӕм нӕй, ахӕм ран куы вӕййын, уӕд. Иухатт уынджы фӕцӕйцыдтӕн, ӕмӕ сиренӕйы уасын куы фехъуыстон, уӕд хъӕрӕй кӕуын райдыдтон ӕмӕ мӕ улӕфт сӕхгӕдта. Цалдӕр сахаты фӕстӕ тыххӕй-фыдӕй мӕхимӕ ӕрцыдтӕн, фӕлӕ та уалынмӕ сиренӕ ногӕй скуыста».

Алёнӕ

Фӕлӕ адӕймаг ӕрмӕст хӕстӕй нӕ фӕтӕрсы. Зӕгъӕм, иутӕ фӕтӕрсынц, сӕхимӕ кӕнӕ сын сӕ хиуӕттӕй, йе та се ’мбӕлттӕй искӕмӕ цардӕн тӕссаг низ куы ссарынц, уӕд. Иннӕтӕ та, чи зоны, тӕрсынц, уымӕн ӕмӕ фидӕны цы уыдзӕн, уый нӕ зонынц. Ӕнцой сын нӕ дӕтты ахӕм фарста: «Цымӕ нӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уыдоны сывӕллӕттӕ цавӕр дунейы цӕрдзысты – хӕстытӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕм уыдзӕни, адӕм ӕрдз кӕм чъизи кӕндзысты, климӕт кӕм ивдзӕн ӕмӕ низтӕ кӕм уыдзӕн, ахӕм дунейы?» Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыдӕттыл ма мӕт кӕнӕм?

Ӕвзӕр хабӕрттӕй хызт кӕй ничи у, уый зонгӕйӕ «ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз куы фены, уӕд дзы йӕхи бахизы» (Ӕмбисӕндтӕ 27:12). Ӕмӕ не ’нӕниздзинад куыд хъахъхъӕнӕм, афтӕ хъуамӕ хъахъхъӕнӕм нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр. Тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕм ӕмӕ, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй сбады, ахӕм ног хабӕрттӕм куы кӕсӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр тынгдӕр мӕт кӕндзыстӕм. Уӕдӕ уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ, нӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый зонын нӕ нӕ фӕнды. Хуыцау нын нӕ зонд афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй дзы ӕвзӕр хъуыдытӕ уа. Нӕ зонд афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ дзаг кӕнӕм, «ӕцӕг... раст... сыгъдӕг... уарзинаг» цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын «фарны Хуыцау» нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 4:8, 9).

КУВЫН АХСДЖИАГ У

Ӕцӕг уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы, «ма рох кӕнут кувын», зӕгъгӕ (1 Петры 4:7). Нӕ бон у Хуыцауӕй курын ӕххуыс, стӕй зонд ӕмӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу нӕ уавӕры, хуыздӕр куыд у, афтӕ бакӕнӕм. Ӕрмӕст хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, «цыфӕнды [дзы] ма курӕм, уӕддӕр нӕ кӕй хъусы», ууыл (1 Иоанны 5:15).

Йӕ сӕрыхицау Авиимӕ

Библи нын ӕмбарын кӕны, «ацы дунейы хицау» Хуыцау нӕ, фӕлӕ Сайтан Хӕйрӕг кӕй у ӕмӕ «ӕгас дуне... Фыдбылызы къухы» кӕй ис (Иоанны 12:31; 1 Иоанны 5:19). Уымӕ гӕсгӕ Йесо, кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд ацы ныхӕстӕ ахӕсгӕ хуызы нӕ загъта: «Фыдбылызӕй [нӕ] фервӕзын кӕн» (Матфейы 6:13). «Сиренӕтӕ куы скусынц, уӕд Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, ӕмӕ ма стыхсон,– дзуры Алёнӕ.– Стӕй ма мӕм мӕ цардӕмбал дӕр телефонӕй ӕрбадзуры ӕмӕ мемӕ скувы. Куывд ӕцӕгдӕр ӕххуыс кӕны». Хуыцаумӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи кувы, уыдоны тыххӕй Библийы ис фыст: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Псалом 145:18).

ФИДӔНӔЙ НӔ ЦЫ НЫФС ИС, УЫЙ

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (Матфейы 6:10). Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд адӕм, мӕт цы у, уый нал зондзысты. Хуыцау Йесойы, «Фарны кънйазы», фӕрцы «зӕххы кӕрӕтты онг... хӕстытӕ» бауромдзӕн (Исай 9:6; Псалом 46:9). «Уый [Хуыцау] тӕрхон кӕндзӕн бирӕ адӕмты ’хсӕн. [...] Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты. ...Ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:3, 4). Амондджын бинонтӕ «хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (Исай 65:21). «Ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

Абон нӕхи куыдфӕнды ма хъахъхъӕнӕм, уӕддӕр, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн», уый нӕ зонӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу нӕхи алцӕмӕй бахизын (Екклесиаст 9:11). Ӕнусты дӕргъы куыд уыд, афтӕ абон дӕр хӕстыты, стӕй фыдракӕндты аххосӕй ӕмӕ низтӕй амӕлы дуне хорз адӕм. Цымӕ ма уыдонӕн исты ныфс ис?

Милуангай адӕм та ногӕй цардмӕ раздӕхдзысты. Цас уыдзысты, уый Хуыцауы йеддӕмӕ ничи зоны. Уыцы адӕмӕй иу дӕр Хуыцауӕй рох нӕу, ӕмӕ иууылдӕр мӕрдвынӕй кӕндзысты, цалынмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон нӕ рацӕуой, уӕдмӕ (Иоанны 5:28, 29). Райгасдзинады кой кӕнгӕйӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзуттӕгтӕм 6:19). Ӕмӕ «афтӕ кӕй уыдзӕн, уый [Хуыцау] се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй [Йесойы] кӕй райгас кодта, уымӕй» (Хъуыддӕгтӕ 17:31).

Хуыцауы зӕрдӕ ссарыныл чи архайы, суанг уыдон дӕр нырма цӕуылдӕрты мӕт кӕндзысты. Пол, Джанет ӕмӕ Алёнӕ къаддӕр мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ куырыхон зондӕй архайынц, Хуыцаумӕ кувынц, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнынц, стӕй архайынц, цӕмӕй, Библи фидӕнӕй цы ныфс ӕвӕры, ууыл фидарӕй ӕууӕндой. Уӕдӕ сымахӕн дӕр «ныфсдӕттӕг Хуыцау, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕнӕд цин ӕмӕ фарнӕй» (Ромӕгтӕм 15:13).