Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Куыд фӕзынди фыддзинад?

Йесойы чи рӕдийын кодта? (Матфейы 4:8–10)

Адӕмы фӕфӕнды, цӕмӕй уой фарнуарзаг, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Фӕлӕ уӕд ӕгъатырдзинад ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ афтӕ арӕх цӕмӕн сты? Алы бон дӕр хъусӕм, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй сбады, ахӕм хабӕрттӕ. Уыцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынмӕ сӕ исчи ардауы? (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.)

Цымӕ Хуыцау адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц уой? Нӕ, Йегъовӕ Хуыцау адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ уый тыххӕй махӕн дӕр нӕ бон у иннӕты уарзын (Райдиан 1:27; Иов 34:10). Фӕлӕ ма Хуыцау адӕмы схайджын кодта сӕрибардзинадӕй дӕр, ома сӕхи бон уыд скъуыддзаг кӕнын, куыд бакӕндзысты, уый. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕвзӕр фӕндаг куы равзӕрстой, уӕд уымӕй равдыстой, Хуыцауы хуызӕн уой, уый сӕ кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ систы ӕнӕххӕст. Тӕригъӕдмӕ ӕмхиц кӕй стӕм, уый нӕ туджы уыдонӕй рахастам. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4, 5.)

Цымӕ фыддзинад алкӕддӕр уыдзӕн?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй не ’взӕр миниуджытыл уӕлахиз кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уымӕ гӕсгӕ нын амоны, нӕхи ӕвзӕрдзинадӕй куыд хизӕм ӕмӕ куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй амондджын уӕм. Фӕлӕ нырма нӕ бон нӕу, цӕмӕй адӕмы уарзӕм, Хуыцау сӕ куыд уарзы, афтӕ. (Бакӕс Псалом 32:8.)

Кӕд абон нӕ алыварс бирӕ фыддзинад ис, уӕддӕр ӕй Хуыцау рӕстӕгмӕ уадзы, цӕмӕй иууылдӕр феной, уый цӕмӕ кӕны, уый (2 Петры 3:7–9). Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы зӕхх байдзаг уыдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, ахӕм амондджын адӕмӕй. (Бакӕс Псалом 37:9–11.)